Открытый урок по осетинской литературе по произведению К. Хетагурова Л?скъдз?р?н


Ирон адæмон сфæлдыстады мотивтæ.
Хетæгкаты Къостайы аргъау «Лæскъдзæрæн»-ы.
Нысан.
Зæрдыл æрлæууын кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ, сбæрæг кæнын литературон аргъауы хицæндзинад адæмон аргъауæй.
Сывæллæтты ахуыр кæнын сæ хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын, аргъауы персонажтæн характеристикæ дæттын.
Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын хæлардзинад, лæгдзинад, хъæбатырдзинады æнкъарæнтæ; рæзын сæм кæнын аргъæуттæ кæсынмæ тырнындзинад, нывкæнынадмæ сæ разæнгард кæнын.
Урочы æрмæг. Зындгонд ирон нывгæнæг Хохты Аслæнбеджы иллюстрацитæ, сывæллæтты конд нывтæ, рагон ирон музыкæ.
Эпиграф. «Цæй диссаг сты ацы аргъæуттæ, цæй!» - А.С. Пушкин
Урочы цыд.
Хъуысы рагон ирон музыкæ. Скъоладзау дзуры Гæдиаты Секъайы аргъау «Куырттатаг гæды лæг». Скъоладзаутимæ йæ æвзарынц фæрстытæм гæсгæ.
Цавæр уацмыс у йæ жанрмæ гæсгæ? – Аргъау
Кæй тыххæй у? – Фыййауы
Цавæр æвзæр миниуæг æм ис? – Сайаг у.
- Сайын хорз нæу. Адæймагыл ничиуал феууæнды. Æмбал ссарын дæр ын йæ царды зын вæййы.
Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм адæмон æмæ литературон аргъæутты хицæндзинæдтæ. Мæ фæрстытæн мын дзуæппытæ раттут:
Цавæр аргъæуттæ зонут? (Адæмон æмæ литературон.)
Цæмæй хицæн кæнæм адæмон аргъау литературон аргъауæй? (Литературон аргъауæн бæлвырд вæййы йæ автор.
Дæнцæгтæ: адæмон аргъæуттæ «Сарты фырт», «Фаззæттæ»,
Къоста «Лæскъдзæрæн»).
Уырыссаг æвзагæй та цæвæр литературон аргъæуттæ зонут? (А.С.Пушкин «Сказка о рыбаке и рыбке», Г-Х. Андерсен «Снежная королева», Ш.Перро «Золушка»)
Уæдæ Къостайы «Лæскъдзæрæн» дæр рауадис ахæм диссаджы уацмыс, дунейы хуыздæр поэтикон уацмыстимæ æрæвæрæн кæмæн ис.
Дзырдуатон куыст – зынæмбарæн дзырдтæн тексты цы нысаниуæг ис, уый раргом кæнын.
Лæскъдзæрæн – фыййауæй æххуырсты цæуын (уыр. пребывание в пастухах)
Лæскъдзæрæг (уыр. пастух – чабан, пасший скот за определенную долю приплода) – фыййау.
«лæскъ» - амоны лыстæг фос, лæскъдзæрæг фыййауæн-иу йæ мыздмæ лæвæрдтой, цы фос хызта, уыдонæй хай.
Кæфой – лыстæг уистæй быд хæдзары дзаума. Пайда-иу дзы кодтой хор сыгъдæг кæнгæйæ.
Нывыл – куыд æмбæлы, афтæ, бæстон, бæлвырд.
Ахæтын – ам: бæстæтыл азилын, балцы цæуын.
Терк-Турчы бæстæ – ома Теркæй Туркмæ цы бæстæ ис. Арæх æмбæлы ирон адæмон аргъæутты, Нарты кадджыты.
Даредзанты хъæу – Даредзантæ – кадджыты хъайтарты мыггаг. Сæ цард æмæ се сгуыхтдзинæдтæ сюжетон æгъдауæй сты иухуызон нарты эпосы хъайтарты цард æмæ иухуызон сгуыхтдзинæдтимæ.
Мæгатæ – гыццыл цъиу (коростель – живущая в траве)
Бакæсын аргъау (гæнæн ис диалоджы хуызы æртæ скъоладзауы, кæнæ та компьютерæй байхъусын.)
Аргъаумæ байхъусыны фæстæ йæ фæрстыты руаджы равзарын.
Чи сты уацмысы сæйраг архайджытæ?
Цы хуызы æвдыст цæуы уæйыг уацмысы? Цавæр сты йæ удыхъæды сæйраг миниуджытæ?
…Иуцæстон сæтой.
Хоры къутуйау йæ тæнтæ
Бинаг был – кæфой.
Фос цæуæт скæнын нæ уагъта,-
Алы бон хæргæ!
Цы домæнтæ æрæвæрдта уæйыг лæскъдзæрæджы раз, цæмæй йæ баурома, уый тыххæй?
«Хорз лæг дæ, бæргæ,-
……………………..
Кæд ды дзырд мæ дзырдмæ сарай,-
Дæу фæуæд мæ фос!»
Куыд æмæ цавæр уавæрты царди лæскъдзæрæг уæйыгимæ?
«Атъæпп уа, цы фыййау хоны
Амондджын йæхи!
Махæн дзы йæ сæфт ыссардта,
Байсысти йæ туг!»
Цæмæн сфæнд кодта йæхи уæйыгæй схицæн кæнын?
Бафæллад…
Куыд æмæ цæй руаджы фæуæлахиз ис мæгуыр лæг уæйыгыл? (Ам хъæуы æрдзурын лæскъдзæрæг æмæ уæйыджы фæлгонцтыл…)
Уæйыг æвдыст у – гуымирыйæ, тызмæгæй, гуыбындзæлæй, æнæхатыр æмæ æфхæрæгæй, зыд æмæ кæрæфæй, расыггæнагæй, схъæлдзырд æмæ хиппæлойæ. Архайы хинæй æмæ тыхæй. Фæлæ цыбыр зонды хицау кæй у, уымæ гæсгæ йæ хинтæ æмæ фыдракæндтæ йæхиуыл æрцыдысты.
«…Адæммæ кæм нæу фыдзæрдæ…
…Артау сыгъд йæ сæр.
…Банызта кæмдæр.
…Дзурын ма зынтæй фæразы
Бухъхъытæ кæнгæ.»
Лæскъдзæрæг – куыстуарзаг, зынтæн фæразон –
…уромы йæ маст.
Уый у зондджын, дзырдарæхст, лæджыхъæд æмæ æхсарæй хайджын. Кæд æмæ дзы уæйыг тыхджындæр у, уæддæр дзы нæ тæрсы, нæ йын бары йæ галиудзинæдтæ æмæ йын æргомæй зæгъы: «ахицæн мæ кæ», «кæд мæнгæй зæгъын,- мæ цуры цавддур фест ды дæр»
Фыййау уæйыджы алы дзырдæн дæр ахæм растдзæф æмæ арфхъуыдыджын дзуæппытæ ссары, æмæ уæйыджы бон ницыуал вæййы сдзурын йæ ныхмæ. Фæсномыг, хъазгæмхъасæнтæй йын æмбарын кæны йæ уæлæнгай зонд, йæ къуымыхдзинад:
«Авд сæры уæйыгыл зайы,
Зондæй та - къæдзæх».
Фыййау ма æвдыст цæуы рæдау адæймагæй дæр:
«Абон дзы мæнæн дæр радта иу нард кусæрттаг.»
Цавæр цæстæнгас дары фыссæг йæхæдæг та ацы персонажмæ?
Зын раиртасæн нæу, фыссæг куыстуарзаг мæгуыр фыййауы фарс кæй у, хъыг кæны йæ уавæртыл.
«Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн,
Удхарæй йæм мард.»
«Махон дзы йæ сæфт ссардта,
Байсысти йæ туг!»
Цин кæны йæ алы æнтыстыл дæр.
«Фервæзт лæг, йæ фос æртардта.»
«Ис æм ныр йæ фаг.»
Ацы дзырдтæй æвдыст цæуы йæ уарзæгой цæстæнгас авторæн.
Ахæм цыбыр характеристикæйы фæстæ сбæрæг кæнынц уацмысы сæйраг хъуыды.
(Хатдзæг кæнынц скъоладзаутæ).
Уæйыджы фæлгонцы Къоста æвдисы, мæгуыр адæмы фæллойæ æдзухæй дæр бæрæгбон цард чи кæны, ахæм хуыскъастæу, фыдзæрдæ, æнæхатыр адæймаджы, фыййауы фæлгонцы та – цыргъзонд, куыстуарзон, хæларзæрдæ, мæгуыр æмæ æфхæрд адæймаджы.
(Нывтæ æвзарын)
Ныхасы рæзтыл куыст, æвзаджы культурæйыл.
Пълан саразын таурæгъон хъуыдыйæдтæй аргъауы мидис арфдæр бамбарын кæныны тыххæй. (Ацы пълан сæ бахъæудзæн хæдзармæ куыстæн дæр).
Пълан.
Лæскъдзæрæджы цард уæйыгимæ.
Уæйыджы ахаст фосмæ.
Лæскъдзæрæджы цыргъзонддзинад.
Уæйыджы фæрстытæ.
Лæскъдзæрæджы уæлахиз.
Аргъауы традицион райдайæн æмæ кæрон.
Аргъауы поэтикон лексикæмæ хъус æрдарын. Уацмысы райдайæн æмæ кæрон адæмон аргъæутты традицийыл арæзт кæй у. Кæд сæм поэт бахаста хицæндзинæдтæ, уæддæр сын сæ адæмондзинад нæ фехæлдта.
Адæмон аргъауы райдайæн
-Раджыма–раджыма цардис лæг æмæ ус…
- Царди æмæ уыди… Къостайы аргъауы райдайæн
- Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн
Иу мæгуыр лæг цард.
Адæмон аргъауы кæрон
- Уыдоны æрцыдмæ дзæбæх æмæ æнæнизæй цæрут.
- Абон дæр ма хæрынц æмæ цæрынц. Къостайы аргъауы кæрон
Уымæй æз куыд дæн æнæ хай,
Афтæ мын ды дæр.
Адæмы хæрзтæй хуыздæрæй
Се 'рцыдмæ фæцæр!
Литературæйы теорийæ раттын хицæн зонындзинæдтæ.
Барæн æмæ гиперболæ.
Къоста уæйыгæй афтæ зæгъы:
«Хоры къутуйау йæ тæнтæ,
Бинаг был - кæфой».
Ам фыссæг уæйыджы тæнтæ æмæ был æвдисы, æцæгæй хъуамæ цæйас уыдаиккой, уымæй дзæвгар стырдæрæй.
Фыссæг, архайд кæнæ архайæг предметы ас, миниуджытæ стырдæр хуызы куы равдисы, уæд ахæм аивадон мадзал хуыйны гиперболæ.
Скъоладзаутæ кæсынц рольтæм гæсгæ æмæ агурынц гиперболæтæ æмæ барæнтæ.
Дзырдтæ «кæфой» æмæ «хоры къуту» сты гиперболæтæ. Ацы дзырдты руаджы сбæрæг ис уæйыджы сурæт.
«Артау сыгъд йæ сæр».
Дзырд артау у барæн. Ома Къоста бары уæйыджы мидуавæр арты сыгъдимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы аивадон мадзал хъæуы цæмæй архайд бæлвырддæр ауайа чиныгкæсæджы цæстытыл.
Адæмон сфæлдыстады, кæнæ аивадон литературæйы иу предмет æндæр предметимæ, кæнæ архайд æндæр архайдимæ цы аивадон мадзалы фæрцы абарынц, уый хуыйны барæн – абарст.
Урочы кæронбæттæны скæнын хатдзæгтæ.
Цымæ цæмæн схуыдта Къоста йæ уацмыс аргъау?
Дзуæппытæ.
Уацмысы райдайæн æмæ кæрон нын нæ зæрдыл æрлæууын кæнынц адæмон аргъæутты традицион райдайæн æмæ кæрон.
Уымæн æмæ дзы ис ирон адæмон аргъæутты арæх чи æмбæлы, ахæм персонаж – уæйыг.
Адæмон аргъауы хуызæн «Лæскъдзæрæн»-ы æмбæлы царды æцæг чи нæ вæййы, ахæм цаутæ, аргъæутты дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ а.д.
Аргъæуттæ вæййынц хъæздыг адæмон сфæлдыстады аив мадзæлттæй - æмбисæндтæ, уыци-уыцитæй.
Æмбисæндтæ:
Фынг æртæкъахыг – уазæгæн йæ фæллад сафы, зианджынæн – йæ хъыг.
Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы
Уыци-уыци:
Цыппар фырты афæдзæн йæ куыст æрвитынц, -
Базон-ма сæ ды.
Æмбисæндтæй спайда кæнгæйæ скæнын хатдзæгтæ:
Уæйыджы ахаст мæгуыр лæгмæ?
Æмбисонд «Донмæ йæ тæры, æмæ йæ æнæ донæй здахы».
Уæйыг йæхицæн цы бакуыста? Цавæр æмбисонд уæ зæрдыл æрбалæууы?
«Мыст къахта æмæ йæхицæн – гæдыйы сæр».
«Дæ хъару æмæ дæ тыхы фæдыл ма цу».
Аргъауы кæрон та куыд зæгъдзыстæм æмбисæндтæй.
«Фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц».
«Къæвдайы фæстæ хур бон дæр скæны».
«Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы».
Хæдзармæ куыст.
Æвзарын зонын фæрстытæм гæсгæ аргъау, скъуыддзаг зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.