Роль национально — регионального компонента в обучении и воспитании учащихся.













































Мах, ирон аджм, нжхи аджмы хатт хонжм, уымжн жмж нын ис истори, жвзаг, жгъдау, фыды ужзжг жмж национ бжллиц.
Ацы хжрзиуджытжм цы цжстжнгас даржм, куыд сыл ауджм,
куыд сж ахуыр кжнжм, ахжм уавжры уыдзжн нж национ хижмба-
рынад, нж ирондзинад жмж нж бынат дунейы цивилизацийы.
Ацы хъуыддагмж фылджр бар чи дары, тынгджр аразгж кжмжй у, уыдон стжм мах – ирон ахуыргжнджытж. Махжн нж зжрдыл дарын хъжуы Джусойты Н.хъуыды, афтж кжм зжгъы: «Алы аджмжн джр ис йжхи историон фжндаг жмж хъысмжт, йжхи национ жвзаг жмж культурж, йжхи аивадон хъуыдыкжнынад жмж традицитж. Цжмжй дж аджмы удыхъжд хуызджр жмбарай, цжмжй йын йж ивгъуыд джр, йж абон джр жмж йж фиджн джр хуызджр зонай жмж хатай зжрджйж, уый тыххжй йын жнжмжнг хъуамж зонай йж аив культуржйы истори фыццаджы-фыццаг та – йж литературжйы истори».
Ацы хъуыдыимж, жвжццжгжн, разы сты ирон литературжйы программжйы проект аразджытж джр, жмж радих кодтой литературжйы истори ахуыр кжнынжн
9-жм къласы – 4 сахаты
10-жм къласы – 5 сахаты
11-жм къласы – 6 сахаты.
Бжржггонд у ахуырадон жрмжг джр, зжгъжм, дыууж сахаты лжвжрд цжуы ирон литературжйы ржзты периодизацийжн; дыууж сахаты – ирон литературж 30-жм азты жмж а.д.
Программж куыд амоны, афтжмжй лжвжрд сахжтты афжлгжсын хъжуы нж историйы хицжн периодтыл, ужд цы фысджытж куыстой активонджржй, цы уацмыстж жрцыд фыст, куыд сын жрцыд аргъгонд нж критикжйы, цы бынат жрцахстой нж аив литературжйы историйы жмж жнд.
Бжлвырдджр жрлжууын хъжуы программжмж цы уацмыстж хаст жрцыдысты, уыдоныл. Урок ахжм хуызы бацжттж кжнынжн ис жрмжг: Джусойты Нафийы ахуыргжнжн чингуытж 8, 9-жм кължстжн; Ардасенты Хадзыбатыры жмж Хждарцаты Азжйы ахуыргжнжн чиныг 9–10-жм кължстжн. Иннж жрмжг та – Джыккайты Ш. чингуытж «Ирон литературжйы очерк жмж «Ирон литературжйы истори». Ацы ахуыргжнжн чингуыты периодизаци у нж программжйы домжнтимж жмхуызон аржзт.

·мж кжд сжрмагонджй скъолатжн фыст не сты, уждджр хорз жрмжг сты ахуыргжнджытжн.
Уыдонжй ужлдай пайдагжнжн ис чиныг «Критикон уацтж», зжгъгж, уымжй. Бжлвырдджр та йж разныхас «Ныстуан»-жй. Йж автор Малиты Васо. Ацы жрмжгжй пайдагжнгжйж зын нжу, мжнмж гжсгж, нж литературжйы историйыл ныхас кжнын. Уацмыс хуызджр равзарынжн ахсджиагджр у хицжнжй жркжсын алы уацмысмж джр, сбжржг кжнын йж ахадындзинад нж литературжйы историйы, йж хъомыладон тых жмж нысаниужг. Ахжм хуызы та нжй фаг жркаст нж литературжмж. Фжнды мж иу цалджр ныхасы уый фждыл зжгъын.
Ирон литературжйы истори райдыдта нж фыццаг рухстаужг Иван Ялгъузидзейы уацмыс «Алгъуызы каджг»-жй, кжцы фыст жрцыд ХVIII-жм жнусы кжрон, ирон аджмжн кад скжныны охыл. Уыдон ивгъуыд заманты куыд хъжбатыр, куыд бирж жмж размждзыд аджм уыдысты, уый равдисыны тыххжй. Куыд уынжм, афтжмжй уацмыс фыст жрцыд ирон аджмы ног историйы райдайжны. Ужджй фжстжмж нж истори жмж нж литературж кжрждзийыл аудгжйж рахжццж сты абоны онг.
Нж литературжйы жрмжг фжвжййы Ходы Камалы уацмыс «Ржстдзинады сонет»-жй.
·ртж азы джргъы 9,10 жмж 11-жм кължсты махжй алы ахуыргжнжджы раз джр ис аив литературжйы сжйраг домжнтж, ахуырдзауты зонд жмж зжрджйы ныффидар кжнын, ома, бжллиццаг цардмж жмж бжллиццаг аджймаг сужвынмж тырнын: аджм жмж цард зонын, аивад уарзын кжнын, жмж уыимж разджры кължсты зонындзинждты бындурыл ахуырдзаутжн ужзданджр кжнын сж удыхъжд, се нкъаржнтж, сж ахастытж аджймагмж, жрдзмж, дунемж, цардмж.
·рмжст программжйж кжцыфжнды уацмыс амонгжйж джр ахуыргжнжджы къухы ницы бафтдзжн куы нж уа уый иу чысыл литератор жмж патриот, критик жмж жхсжнадон царды архайжг, ржстдзырд жмж романтик, нывгжнжг жмж актёр, ужвгж, жнж уымжй ахуыргжнжг ужвын зын у.
Фаржстжм къласы литературжйы истори ахуыр кжнгжйж фыццаг урочы литературжйы периодизацийы кой куы кжнжм, ужд зжрдыл дарын хъжуы – нж литературж иртасджытжй биржты хъуыдымж гжсгж нж литературжйы историйжн кжй нжй зонадон жгъдаужй, бынтон жнжзжрджхсайгж периодизаци. Ацы хатдзжг хуымжтжг хъуыддаджы фжстиужг нжу.
Ирон аджм, нымжцжй чысыл ужвгжйж, сж ног историйы джргъы цжрынц биржнацион паддзахады, кжцыйжн йж бжллицтж жмж царды фжзилжнтж алы хатт жмхуызон нж уыдысты ирон аджмы бжллицтимж.Стжй, жмткжй райсгжйж, куыд историмж, афтж литературжмж джр, жгжр тагъд-тагъд ивта жхсжнадон жмж политикон цжстжнгас. Уый та зын кжны паддзахадон жмж национ идейжтж бжлвырд кжнын. Ахжм жбжлвырддзинад, кжй зжгъын жй хъжуы, зынджр кжны ахуыргжнжджы куыст. Зынджр бжржггжнжн у уацмысы идейж, цы у жмж цы ахъаз кжны нж аджмжн,
Нж литературжйы истори амонгжйж нж бон фидаржй загъын у нж литературжйы райдайжнтж кжй сты дыууж егъау къабузы: аджмон сфжлдыстад жмж чырыстон дин. Аджмон сфжлдыстады тыххжй ныхас вжййы кжстжр кължсты, хистжр кължсты та зжгъын хъжуы чырыстон дины фжрцы фжзынд фыццаг ирон алфавит, фыццаг ирон скъола 1753-жм азы, фыццаг ирон чиныг 1798-жм азы, фыццаг жмдзжвгжтж ирон жвзагыл (Колыты Аксойы жртж уацмысы .)
Дин цы ахъаз уыди жмж уыдзжн нж аив литературжйжн, ууыл дзургжйж рох кжнын нж хъжуы, мах ирон аджм кжй уыдыстжм жмж стжм нж ног историйы райдайжнжй нырмж дыууж диныл хжст. Уыимж пысылмон дин джр нж хижмбарынады нж литературжйы райржзты кжй бахаста йе ххуысы хай, жмж у жркжсинаг жмж ржгъмж рахжссинаг хъуыддаг .
Нж литературжйы райржзты сжрмагонд бынат ахсы нж фыццаг профессионалон поэт Мамсыраты Темырболат. Нж аив литературжйжн иужй йж фжзынды периоды кжрон кжй у, иннжмжй та йж райржзты периоды райдайжн. Темырболат бжллыд «Залымимж хжцынмж. Уый фжстж цы фысджытж ралжууыдысты ныхасы нж аджмы раз, уыдонжн сж хъуыды аржзт уыдис афтж, зжгъгж, уырысы паддзахадимж цжрын хъжуы фидыджй. Фжстаг хъуыды жнживгж ныффидар нж аив литературжйы жмж райстжуыд нж царды жцжгдзинаджй. Абайты Васойы загъдау «уый у нж историон хъысмжт».
Нж литературжйы историйы жппжтжй ахсджиагджр период у нуджсжм жнусы кжрон жмж ссждзжм жнусы райдайжн. Ужд фидар бындур жвжрд жрцыд нж аив литературжйжн
Хетжгкаты Къостайы
Брытъиаты Елбыздыхъойы
Гждиаты Секъайы жмж
Коцойты Арсены уацмысты фжрцы.
Фжлж нж литержтуржйы истори жмж ахыр кжныны хъуыддаджы нырма ис жнжвзжрст, жнжркаст темжтж. Фжнды мж уыдонжй дыуужйы кой скжнын.
1. Ирон аив литературж жмж ирон аджмы иторийы бастдзинад. (Ома аивадон уацмысты куыд жмж цас бжлвырд жвдыст цжуынц нж аджмы историйы хабжрттж.)
2. Ивгъуыд ржстжг жмж фиджн. (Ома хистжр фжлтжр жмж кжстжртж. Кжнж маджлтж жмж сж цот).
Кжцы фжнды аивадон уацмыс куы ахуыр кжнжм,
уждджр уый у фыссжджы сфжлдыстадон фантази. Жрмжст царды сжрмагонд миниуджыты бындурыл. Уымж гжсгж аивадон уацмыс амонын хъжуы афтж, цжмжй агайа нж фантази, нж мысынад, нж зжрджйы уиджгтж, не нкъаржнтж. Бынтон раст нж уыдзжн аивадон уацмысы бындурыл фидар кжнын логикон хъуыдыкжнынад жмж зонадон жрмжг.Афтж куы нж уа, ужд литературон ужцмысжн сжфы йж нысаниужг. Цы мж фжнды зжгъын, аивадон уацмыс ахуыргжнгжйж, жнжмжнг, зонын хъжуы жмж амонын йж историон бындур, ужлдайджр нж бындурон уацмыстж ахыргжнгжйж. Зжгъжм «Сидзжргжс» , «Хазби», «Фжндагсар Уастырджи», «Федог», «Хъодыгонд зжд» жмж а.д.
Дыккаг темж «Хистжртж жмж кжстжртж» уый царды ивынады, царды ржзты сжйраг фарст у жмж йын бынат куы нж уа литературжйы историйы, уымжй джр ахуыргжнжн чингуыты жрмжджы, ужд кжй ахуыр кжнжм, цжуыл жй ахуыр кжнжм жмж йж цжмжн ахуыр кжнжм? Кжд фарст раст жвжрын, ужд, фыццаджыджр, ахуыргжнжг йжхжджг хъуамж уа ивгъуыд жмж фиджны жхсжн фидар цжг. Ужд хуызджр уындзжн аив уацмысы дыууж фжлтжры жхсжн цы быцжу жмж бастдзинад вжййы, уый. Ужд саржхсдзжн сж фжстиуджытж ахуырдзауты зжрджты царвы къжрттау жвжрын. Мжнмж афтж кжсы, ацы темжйыл бжлвырд куы не рлжууа ахуыргжнжг, ужд нжй бамбаржн Мамсыраты Темырболаты сфжлдыстаджн, Къостайы жмдзжвгж «Ныфс»-жн, Цжрукъаты Алыксандыры жмдзжвгж «Ныхас авджны сывжллонимж»-йжн жмж а. д.
Ацы фарст стыр у нж аив литературжйы историйы жмж йжм касын хъжуы жмбаргж зонджй жмж рждау зжрджйж.
Фжзжгъынц:
«Чырыстон диныл хжст аджмы фжнджгтж цжуынц Риммж.
Уырысы фжнджгтж – Храммж.
Иры фжрныг фжнджгтж – Дзуары бынмж.»
О, фжлж, ирон ахуыргжнжгжн та йж куысты фжндаг кжджм цжуы? Мызд кжцжй фжджттынц, уыцы къжбицмж? Жви дардджр?
Йж куысты фжндаг жхцайы къжбицыл кжмжн фжвжййы, уый джр йж фжндагжй райгонд ужд.
Нж дзыллжйы фылджр хай джр, хъыгагжн, уыцы фжндагыл лжуд у. Иннжтжн ма цалджр арфжйы ныхасы.
Ирон аджмы фжндаг бжлвырд у: размж, рухсмж, жмж йыл сымахжн джр жнжзивжгжй уж бон тындзын ужд уж ахуырдзаутимж. «Арвы дуаржй» хуры рухс цжст кжцжй кжсы, уырджм, фжрнджын бжлццжттж ут.
Ирон аджмы абоны сжйраг хжс – Къостайы фжстаг ныхжстж: «Ирон аджм, кжрждзи уарзгжйж цжрут». Ацы хъуыддагыл кусын хъжуы зжды зжрджимж. Сымахжй та алкжмжн джр ис ахжм зжрдж, жмж уж алчиджр бафсжджт йж зжрджйы фжндтж жххжст кжнынжй.
Алы ирон ахуыргжнжджы бжллиц джр у ирон скъолайы кусын.
Мж зжрдж уын зжгъы тагъд куыд фжзына ахжм скъола жмж нж хуызджртжн уым бакусын куыд бантыса. Ужд хуызджр иртасын байдайдзыстжм нж литературжйы истори жмж ныфсджынджр уыдзыстжм нж сомбонжй.




















13PAGE 15


13PAGE 14415









Доклад
республикжйы ахуыргжнджыты конференцийы

«Ирон литературжйы историйы уроктж хистжр кължсты».





25-жм скъолайы
ирон жвзаг жмж
литературжйы ахуыргжнжг
Музаты В. Т.