Разработка на тему приготовление осетинских пирогов


ГАПОУ «СЕВЕРО-КАВКАЗСКИЙ АГРАРНО-ТЕХНОЛОГИЧЕСКИЙ КОЛЛЕДЖ»
«ЧЪИРИТӔ КӔНЫНЫ ТЕХНОЛОГИ»
Бакуыста йыл Габеты М.Д.
Ӕртӕ чъирийы
Ирон ӕртӕ чъирийы ӕнӕмӕнгӕй дӕр кувӕм, не ᾽гдӕуттӕ мысгӕйӕ;
Ӕртӕ къахыг фынг. Уый нысан кӕны нӕ фыдӕлтӕ ӕнӕкъай кӕй уарзтой, уый. Ома (ӕртӕ къах сты ) дон, зӕхх ӕмӕ хур. Уыдон руаджы лӕууы йӕ уӕлӕ нӕ зӕххы къори ӕмӕ цард.

Ирон цыхт у чъирийы сӕйрагдӕр гах.
Фылдӕр ирон чъири кӕнӕм цыхтӕй. Ирон цыхт куы уа сойджын ӕмӕ ӕнӕсӕр ист, уӕд вӕййы тынг хӕрзад.

Ирон адӕмы чъириты хуызтӕ сты ӕртӕ:
- Тымбылтӕ – фыцӕм Стыр Хуыцауӕн кувынмӕ, дзуӕрттӕн, хорз хабӕрттӕн.

Ӕртӕдзыхон чъиритӕ
- Хуыцӕуттӕн, дзуӕрттӕн исы ӕрдзон тыхтӕн фӕкувӕм ӕртӕдзыхон чъиритӕй. Кӕрӕдзиуыл хӕлиуӕй ӕвӕрдӕй нысан кӕнынц фараст тигъон стъалы.
- Дӕргъӕццон (Гуыл)
Фыцӕм ӕй хыссӕйӕ куы аззайы уӕд кӕстӕр сывӕллоны номыл. (рӕвдауынӕн)

(гуылы ныв)

Цы нысан кӕны чъирийы астӕу гом?
Тымбыл нысан кӕны ӕнӕкӕрон цард. Астӕуӕй гом та Стыр Хуыцау иу
у, зӕгъгӕ.

Чъиритӕ аразыны сусӕгдзинад
Чъиритӕ аразыны сусӕгдзинад у диссаг ӕмӕ ӕфсӕдӕн.
Уымӕн нӕ зивӕг кӕны ӕцӕг фысым сӕ кӕнынмӕ.
Сӕ ад у хуымӕтӕг ӕмӕ диссаг, куыд зӕхх афтӕ.
Адӕймаг йын йӕ ад куы бамбары, уӕд ын рохгӕнӕн нал ис.
Ис ын иудзинад хур, зӕхх ӕмӕ донимӕ.
Ӕртӕ цъарӕй конд дӕр уымӕн у, бын, гах ӕмӕ йӕ сӕр.
Фынгыл дӕр ӕвӕрӕм ӕртӕ: дон, зӕхх, хур.
«ЧЪИРИТӔ КӔНЫНЫ ТЕХНОЛОГИ»
Уӕдӕ афтӕ, луарӕм ссад. Астӕуӕй дзыхъхъ аразӕм ӕмӕ дзы кӕнӕм ӕхсыр, уый фӕстӕ ӕфтауӕм дон, цӕхх ӕмӕ ӕнтуан. Ис ыл афтауӕн рӕвдуан. Кӕнӕм хыссӕ. Дон хъарм.


Ма ауӕрд дӕ къухтыл хыссӕ кӕнгӕйӕ!
Хыссӕ кӕнын у ӕнцон! Банхъӕлмӕ кӕс ӕнхъизынмӕ!

Гах уыдзӕнис ногахст цыхт! Ӕфтауӕм ӕм гыццыл цӕхх!

Исӕм хыссӕйӕ къуыбартӕ! Ӕмӕ гахӕй ᾽ркӕн йӕ астӕу. Бассив хыссӕйы дзӕбӕх!

Уый фӕстӕ тӕнӕг кӕнӕм, хыссӕйы къубыртты къухты ӕнгуылдзытӕй, рӕвдз ӕмӕ цӕрдӕг!


Пецыл ӕвӕргӕйӕ чъирийы хъӕуы астӕуӕй хъуынкъ, кӕнын!

Бурфых куы суой - сты цӕттӕ!

Ӕртӕ чъирий ӕвӕрӕм фынгыл !

Кард цӕттӕ дар ӕмӕ аст дихы кӕнӕм нӕ чъири!

Чъиритӕ ис кӕнӕн:
картофӕй, цыхтӕй, цӕхӕрайы сыфтӕй, къабускӕйӕ, дзидзайӕ, насӕй, фӕткъуыйӕ, чылауийӕ, балӕй, сӕкӕрӕй, хъӕдурӕй.
Хӕрут бирӕ ирон чъиритӕ, алчидӕр ӕнӕнизӕй!
Габеты М.Д.