Тест ирон литератур?й? 7 – ?м кълас?н.


Тест ирон литературæйæ 7 – æм къласæн.
Вариант № 1.
1. Ирон адæмон сфæлдыстады стырдæр хæзна у:
а) таурæгътæ
æ) аргъæуттæ
б) «Нарты кадджытæ»
в) æмбисæндтæ
2. Цал тæны уыд Сырдоны фæндырæн?
а) 12
æ) 10
б) 7
в) 9
3. Кодзырты Таймураз цæмæн амардта æлдæртты?
а) Йæ мады йын ныццавтой.
æ) Йæ фос ын атардтой.
б) Йæ зæхх ын истой.
в) Йæ чындзы йын хъалоны бæсты фæцæйкодтой.
4. Кæй ныхмæ тох кодтой Ларс æмæ Хуха?
а) паддзахы æ) Тæгиаты
б) хицæутты
в) æлдæртты
5. Бæтæйы фырттæн сæ мыггаг кæмæй уыд?
а) Кодзыртæй
æ) Санатæй
б) Хъаныхъуатӕй
в) Алыккатæй
6. Къоста цардмæ цы цæстæнгас дардта, уый йæ фыдæн раргом кодта æмдзæвгæ:
а) «Æнæ хай» - ы æ) «Тæхуды» - йы б) «Ныфс» - ы в) «Сидзæргæс» - ы7. Лæвæрд скъуыддзаг кæй портреты æрфыст у?
« (…) бæрзæй нæ уыди æппындæр; кæд ын уыди бæрзæй, уæддæр дзы æддæмæ ницы зынди; сæр цæрдæвæрдау зынди гуырыл. Чи зоны, исчи уыдаид Беслæныхъæуы æмæ федтаид фæззыгон цæттæ настæ… Уыдонæй иу æрæвæр хосы мæкъуылы сæр, уæд уый дардæй бакæсгæйæ уыдзæн (…) хуызæн. (…) ис худгæ гыццыл цæстытæ. Чи зоны, уыцы цæстытæ фыццаг афтæ гыццыл нæ уыдысты, фæлæ сæ нард алырдыгæй куы балхъывта, уæд ма сæ зынди уынгæг дыууæ хуынчъы.»
а) дæсны Биганоны æ) Сауджын Иосебы б) Арагуийы ерыстау æлдары
в) Сырдоны8. Дзесты Куыдзæджы радзырды кæдæм цыдысты Темсыр æмæ Доди зымæгон тæссаг фæндагыл?
а) хор хæссынмæ сæ хæстæджытæм
æ) цыдæртæ уæй кæнынмæ
б) куыстагур в) уазæгуаты
9. Коцойты Арсен йæ пьесæ «Гæдыйы къах цыбыр у» - йы кæй ныхмæ дзуры?
а) хъæздгуыты
æ) æлдæртты
б) мӕгуырты
в) дины кусджыты10. Цавæр хорз миниуджытæй хайджын уыд Фацбай Нигеры поэмæ «Бадилон симд» -ы. Раргом кӕнут уӕхъуыдытӕ чысыл нывӕцӕны.

Фарсты № Раст дзуаппы № Раст дзуаппæн балты нымæц
1. б 1 б
2. а 2 б
3. в 2 б
4. æ 2 б
5. в 2 б
6. б 2 б
7. а 2 б
8. а 1 б
9. в 1 б
10. Сфæлдыстадон куыст5 б
Æдæппæт 20 баллы
Бæрæггæнæнты критеритæ:
Нысан «5» æвæрд цæуы 17 æмæ фылдæр баллæн.
Нысан «4» æвæрд цæуы 13 баллæй 16 баллы онг.
Нысан «3» æвæрд цæуы 9 баллæй 12 баллы онг.
Нысан «2» æвæрд цæуы 8 æмæ къаддæр баллæн.
Тест ирон литературæйæ 7 – æм къласæн.
Вариант № 2.
1. Нарты хистæртæ хуыздæрыл банымадтой:
а) Уырызмæджы
æ) Сосланы
б) Батрадзы в) Хæмыцы
2. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ:
Авд цуаноны бадынц Айнӕджы ныхыл,
Тынг хъазуатӕй зарынц,
Нал хӕцынц зӕххыл…
а) Къоста «Ныфс»
æ) Къоста «Мæгуыры зарæг»
б) Къоста «Всати»
в) Къоста «Хъуыбады»
3. Цавæр фыдми бакодта Арагуийы ерыстау æлдар Хъуды комы сывæллæттæн?
а) Былӕй сӕ аппӕрста.
æ) Бæхты къӕхты бын сӕ банай кæнын кодта.
б) Доны сæ бакалын кодта.
в) Амардта сæ.

4. Цавæр фау æрхаста Сырдон Нарты иумæйаг хæдзармæ?
а) Хæдзар æгæр стыр уыд.
æ) Хæдзары рудзынг нӕ уыд.
б) Хæдзары астæу къонайы рæхыс нæ уыд.
в) Хæдзар хорз сарæзтой.
5. Нигеры поэмæ «Бадилон симд» - ы цæуыл смæсты Инал Фацбаймæ?
а) Йæ хойы йын аскъæфта.
æ) Йæ хойымæ йын нӕ акафыд.
б) Йæ хойы йын кафгæйæ фæуагъта.
в) Йæ зæронд фыды йын бафхæрдта.
6. Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хорхæссæг» - ы фыд æмæ фырт цы фесты?
а) Æлдæрттæ сæ амардтой.
æ) Абырджытæ сæ амардтой.
б) Доны аныгъуылдысты.
в) Былæй ахаудысты.
7. Фыдыбæстæйы Стыр хæстӕй ацы поэттæй кӕцы нал æрыздæхт:
а) Нигер
æ) Кочысаты Мухарбег б) Плиты Грис в) Цæрукъаты Алыксандр
8. Æмдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæ»-йы автор у:
а) Гæдиаты Цомахъ æ) Хъамбердиаты Мысост б) Калоты Хазби в) Къоста9. Радзырд «Дадолты мæт» - ы Коцойты Арсен цы равдыста?
а) Адæм кӕрӕдзийы куыд нӕ уарзынц.
æ) Æлдæртты фыдмитæ.
б) Ирон адæмы тох фыдгæнджыты ныхмæ.
в) Дæснытæ мæгуыр адæмы куыд сайдтой.
10. Цавæр фыдæлтыккон зианхæссæг æгъдау æвдыст æрцыд Хъайттаты Сергейы радзырд «Ирæд» - ы? Ныффыссут уæ хъуыдытæ ацы æгъдауы тыххæй. Радзырды хабæрттæ абарут абоны цардимæ.
Фарсты № Раст дзуаппы № Раст дзуаппæн балты нымæц
1. б 1 б
2. б 2 б
3. æ 1 б
4. б 2 б
5. б 2 б
6. в 1 б
7. æ 2 б
8. а 2 б
9. в 2 б
10. Сфæлдыстадон куыст5 б
Æдæппæт 20 баллы

Бæрæггæнæнты критеритæ:
Нысан «5» æвæрд цæуы 16 æмæ фылдæр баллæн.
Нысан «4» æвæрд цæуы 12 баллæй 15 баллы онг.
Нысан «3» æвæрд цæуы 8 баллæй 11 баллы онг.
Нысан «2» æвæрд цæуы 7 æмæ къаддæр баллæн.