Виды сочинений на осетинском языке


ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНИЙЫ АХУЫРАДЫ КУСДЖЫТЫ ЗОНОНДЗИНÆДТÆ УÆЛДÆРГÆНÆН ИНСТИТУТ
Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы кафедрæ
Рефератон куыст
Темæ: «Сочиненийы хуызтæ æмæ сæ ахадындзинад скъоладзауты ныхасы рæзтыл куысты»
Куыст бацæттæ кодта Калоты Ларисæ
Ирон æвзаджы ахуыргæнæг.
Дзæуджыхъæу-2017 аз.
\s
Хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгты бындурыл фыст сочинени.
Скъолайы ахуырты сочиненитæ фæфыссынц куыд æвзаджы урочы, афтæ литерæтурæйы урочы дæр.Уыимæ æвзаджы урочы арæхдæр пайдагонд цæуы хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгты бындурыл фыст сочиненийæ.
Æвзаджы урочы цы фысгæ куыстытæ æххæстгонд цæуынц, уыдон иууылдæр баст сты грамматикон æрмæгтимæ, сæ нысан у рацыд æрмæг хуыздæр бафидар кæнын, скъоладзаутæ æвзаджы иугтæй ныхасы мидæг пайда кæнынмæ куыд арæхсынц, уый сбæрæг кæнын. Арæхдæр сфæлдыстадон фысгæ куыстытæ лæвæрд фæцæуынц рагацау сыл нæ бакусгæйæ, скъоладзауты сæ ныффысынмæ ис сразæнгард кæнгæйæ. Афтæмæй та цæмæй ахуырдзау зæрдиагæй бавнала сочинени фыссынмæ, фæцарæхса лæвæрд темæмæ гæсгæ йæхи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгтæ раргом кæнынмæ, уый тыххæй ахуыргæнæджы фæхъæуы сæрмагонд куыст бакæнын.
Скъолайы ахуырты сочиненитæ фæфыссынц куыд æвзаджы урочы, афтæ литературæйы урочы дæр. Уыимæ æвзаджы урочы арæхдæр пайдагонд цæуы хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгты бындурыл фыст сочиненийæ.
Æвзаджы урочы цы фысгæ куыстытæ æххæстгонд цæуынц, уыдон иууылдæр баст сты грамматикон æрмæгимæ, сæ нысан у рацыд æрмæг хуыздæр бафидар кæнын, скъоладзаутæ æвзаджы иуæгтæй ныхасы мидæг пайда кæнынмæ куыд арæхсынц, уый сбæрæг кæнын. Арæхдæр сфæлдыстадон фысгæ куыстытæ лæвæрд фæцæуынц рагацау сыл нæ бакусгæйæ, скъоладзауты сæ ныффыссынмæ не сразæнгард кæнгæйæ. Афтæмæй та, цæмæй ахуырдзау зæрдиагæй бавнала сочинени фыссынмæ, фæцарæхса лæвæрд темæмæ гæсгæ йæхи ’нкъарæнтæ æмæ фиппаинæгтæ раргом кæнынмæ, уый тыххæй ахуыргæнæджы фæхъæуы сæрмагонд куыст бакæнын.
Сочинени цы темæйыл фыст цæуы, уый скъоладзаутæн хъуамæ æнгом баст уа сæ кар æмæ сæ цæттæдзинадимæ, хæстæг уа сæ цард æмæ дунеæмбарынадмæ.
Скъоладзауты хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгты бындурыл сочинени ныффыссынмæ бацæттæгæнæн ис, куыд иу сæрмагонд урочы, афтæ урокæй-урокмæ дæр.
Хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгты бындурыл сочинени фысгæйæ ахадгæдæр сты экскурситæ, туристон балцтæ. Экскурсийы рæстæг бацархайын фæхъæуы, цæмæй скъоладзаутæ сæ цæст æрдарой æрдзы алы фæзындтытæм, æрдзы ахорæнтæм, йæ рæсугъддзинадмæ,
адæймагæн æхцондзинад цæмæй хæссы, уымæ. Уавæртæ куыд амонынц, афтæмæй фæсурокты рæстæг аразын хъæуы цымыдисаг адæймæгтимæ фембæлдтытæ, этикон æмæ эстетикон темæтыл беседæтæ. Арæхдæр скъоладзауты разæнгард кæнын фæхъæуы бакаст чиныджы (кинонывы, спектаклы) темæйыл аныхас кæнынмæ, хи хъуыдытæ, хи æнкъарæнтæ раргом кæнынмæ цыбæл кæнын. Иу ныхасæй, пайда кæнын фæхъæуы скъоладзауы цымыдисдзинад райрæзынмæн æххуыс чи у, йæ дунеæмбарынад ын парахатдæр чи кæны, ахæм куысты хуызтæй.
Хи æнкъарæнтæ æмæ фиппаинæгтæм гæсгæ сочинени ныффыссынæн скъоладзау хъуамæ бамбырд кæна, фысгæйæ цæуыл æнцой кæндзæн, ахæм æрмæг.
Цавæрфæнды нывæцæныл куыст дæр райдайы темæйæ. Темæ у, нывæцæны ныхас цæуыл цæуы, уый æвдисæг, ууыл дзурæг. Ахуыргæнæг хъуамæ арæхса темæ равзарынмæ, йæ нысан æмæ мидис скъоладзаутæн раст бацамонынмæ.
Нывæцæны темæтæ вæййынц уæрæх (иумæйаг) æмæ къуындæг (бæлвырд). Зæгъæм, уæрæх темæ «Уалдзæг», раргом кæнæн ис ахæм бæлвырд темæты фæрцы: «Фыццаг уалдзыгон дидинджытæ», «Фыццаг уалдзыгон бон», «Нæ дыргъдон уалдзæджы», «Не скъолайы кæрт уалдзæджы», «Хъæд райхъал» æмæ а.д. Уæрæх темæ «Фæззæг» раргом кæнынæн спайдагæнæн ис темæтæй: «Фæззыгон дыргъдоны», «Фæззæг ралæууыд йæ рады», «Фæззыгон хъæд», «Хъæд йæ сыгъзæрин пæлæз скодта», «Фæззыгон дидинджытæ», «Цæмæн уарзын æз фæззæг?», «Æнкъард дæн æз …», «Сыфтæрты сусæг ныхас», «Мæ рудзынгæй акастæн иу хатт …» æмæ а.д.
Ахуыргæнæджы бон у иумæйаг (уæрæх) темæ раттын дæр, фæлæ практикæ куыд амоны, афтæмæй скъоладзаутæн йæ ныффыссын зындæр вæййы. Афтæ, æрвылаз дæр ахуыры азы райдайæны ирон æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджытæ скъоладзаутæн бабар кæнынц сочинени темæ «Куыд арвыстон мæ сæрдыгон каникултæ»-мæ гæсгæ ныффыссын. Ахуырдзаутæ æвæндонæй бавналынц ацы куыстмæ, тынг зын сын вæййы сæ хъуыдытæ æххæстæй раргом кæнын. Куыст фæрогдæр кæнынæн ацы уæрæх темæ хуыздæр у цалдæр къаннæг темæйы хуызы раттын. Зæгъæм: «Зæрдылдарæн сæрдыгон бон», «Сæрды фæстаг бонтæ», «Хосгæрдæнты», «Кæсаг ахсынмæ», «Ленк кæнын куыд базыдтон», «Мæ сæрдыгон балц», «Мæ уарзондæр сæрдыгон хъæзтытæ», «Ног æмбæлттæ мын куыд фæзынд» æмæ а.д.
Скъоладзаутæ сочинени фысгæйæ арæх ахизынц лæвæрд темæйæ, кæнæ та, темæ хорз нæ бамбаргæйæ, ныффыссынц бынтон æнтæр темæйыл дзурæг куыст. Ахуырдзауты ахæм рæдыдтытæй бафæдзæхсынæн пайдагæнæн ис куысты хуызтæй:
- ныхмæвæрд темæтæ кæрæдзиуыл абарын, сæ хицæндзинæдтыл сын æрдзурын;
- темæ чи нæ раргом кодта, ахæм текст равзарын, йæ хъæндзинæдтыл ын бæстон æрдзурын, ома цы дзы ис уæлдайæ, темæмæ чи нæ хауы, ахæмæй æмæ а.д.
Скъоладзауты фæцалх кæнын хъæуы темæтæ кæрæдзийæ иртасыныл, сæ хицæндзинæдтæ сын фиппаиныл. Зæгъæм, фæйнæгыл рагацау ныхæй-ныхмæ ныффыссын темæтæ:
«Куыд арвыстон мæ сæрдыгон каникултæ» «Зæрдылдарæн бон»
«Мæ тезгъо хъæдмæ» «Куыд фæдзæгъæл дæн хъæды»
«Сæрдыгон хъæды» «Гагадыргътæ тонынмæ»
«Цæугæдоны был» «Кæсаг ахсынмæ»
Темæтыл дзургæйæ, скъоладзауты бафæрсæн ис сæ хицæндзинæдтæй, ахуыргæнæджы фæрцы бæрæггонд цæуы, галиуæрдыгæй фыст темæтæ уæрæхдæр кæй сты рахизæрдыгæй фыст темæтæй. Афтæ, темæ «Цæугæдоны был» æргом кæнгæйæ, радзурæн ис канд кæсаг ахсыны тыххæй нæ, фæлæ ма цæугæдоны был фæллад куыд фæуадзынц, ленк кæнын куыд ахуыр кæнынц, уый тыххæй дæр. Темæ «Кæсаг ахсынмæ» æргом кæнгæйæ та дзурын хъæуы æрмæст кæсаг ахсыны тыххæй.
Ахæм аналитикон куыст бакæнгæйæ, скъоладзаутæн раттæн ис хæслæвæрд: уæрæх темæйæн «Сывæллæтты фæлладуадзæн лагеры» йæ къуындæг темæтæ ранымайын.
Ахуырдзаутимæ аныхас кæныны фæстæ фæйнæгыл фыссæм:
«Сывæллæтты фæлладуадзæн лагеры»:
«Куыд ацыдыстæм балцы»,
«Лагеры ленк кæнын куыд сахуыр дæн»,
«Мыдгæсимæ фембæлд»,
«Ног æмбæлттæ мын фæзынд».
Ахуырдзаутæн раттæн ис хибарæй æххæстгæнæн хæс: уæрæх темæ «Зымæг»-ы бæлвырддæргæнæн темæтæ сбæрæг кæнын. Уыдон уыдзысты:
«Цæмæн уарзын æз зымæг?», «Зымæгон хъæзтытæ», «Зымæгон хъæды», «Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы» (Къ.), «Зымæгон бон», «Иу хатт зымæджы…» æмæ а.д.
Кæрæдзиуыл абарынæн равзарæн ис ахæм темæтæ дæр: «Фæззыгон хъæды рæсугъддзинæдтæ», «Фæззыгон хъæды хъæздыгдзинæдтæ». Фыццаг темæмæ гæсгæ радзурын хъæуы бæлæстæ, зайæгойтæ фæззæджы сæ хуыз кæй скалынц, хъæд алыхуызон ахорæнтæй кæй сæрттивы, уый тыххæй.
Дыккаг темæйыл дзургæйæ зæгъын хъæуы, фæззыгон хъæд рæдау къæбицау йе дзаг кæй вæййы алыхуызон гагадыргътæй, хъæдæй æрхæссæн кæй вæййы хъæддаг фæткъуытæ æмæ кæрдотæ, æхсæртæ, зокъотæ æмæ а.д. Фæззыгон хъæды лæвæрттæ се дзаг сты витаминтæй, стыр пайда хæссынц адæймагæн, æххуыс сты алыхуызон низты ныхмæ тох кæнынæн.
Æмбалдзинадыл дзургæйæ, скъоладзауты размæ рахæссæн ис дыууæ ныхмæвæрд темæйы «Уыимæ кæдæмдæриддæр ацæуин» æмæ «Ахæм адæймаг æрдхордæн нæ бæззы». Диспуты хуызы равзарынæн, уый фæстæ та хъуыдытæ ныффыссынæн хорз сты темæтæ: «Ном лæггæнæг нæу» æмæ «Номæй лæгмæ дзурынц».
Афтæ скъоладзаутæн бацамонæн ис темæйы (сæргонды) нысаниуæг, куыд æй райхалын хъæуы, уый.
Сочиненийы сæйраг хъуыды баст у, автор йæ куысты цы зæгъынмæ хъавы, цæй ныхмæ дзуры, кæнæ та цы хъуыды ныффидар кæныныл архайы, уыимæ.
Мæнæ куыд фыссы скъоладзау йæ цыбыр сочиненийы:
Æхсызгон фембæлд.
Уыцы бон райсомæй уæлдай бæрæгбондæрхуыз уыд нæ хæдзар. Нæ фыд хъæлдзæгæй кæрты зилæнтæ кодта. Нæ мад рагацау арынджы цур балæууыд. Мæ хистæр хотæ сыгъдæг ныммарзтой, бафснайдтой агъуыстытæ. Уаты стъолыл æрвхуыз вазæйы дидинджыты баст дæр фæзындис.
Цавæр бон у, цымæ, абон? Цæмæн афтæ райдзаст у нæ хæдзар? Æрхъуыды йæ кодтон! Абон нæм хохæй уазджытæ уыдзæн, нæ фыды хорз æмбал Аслæнбег йæ фырт Черменимæ æрцæудзысты. Чермен у ме ’мгар лæппу, скъоламæ дæр иу аз бацыдыстæм. Фæлæ хохы кæй цæры, уымæ гæсгæ арæх не ’мбæлæм.
Уалынмæ нын чидæр нæ дуар æрбахоста. Нæ уазджытæ æрхæццæ сты!
Ацы нывæцæны сæйраг хъуыды у – бинонтæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц уазджытæм.
Сæйраг хъуыды раргом кæнынæн скъоладзау фыссы, сæ хæдзар бæрæгбонхуыз кæй у, бинонтæ иууылдæр зилæнтæ кæй кæнынц, хæдзар райдзаст кæй у. Фембæлд æхсызгон кæй уыдзæн, ууыл дзурæг сты тексты хъæрон хъуыдыйæдтæ дæр. Сæйраг хъуыды æргомгонд цæуы мивдисджыты фæрцы дæр: зилæнтæ кодта, бафснайдтой, фæзындис, æрхæццæ сты.
Куыд бафиппайдтам, афтæмæй скъоладзауы куысты сæйраг хъуыды æргомгонд æрцыд алыхуызон лексикон æмæ синтаксисон мадзæлттæй.
Нывæцæны сæйраг хъуыды раргом вæййы йæ сæргондæй дæр – «Æхсызгон фембæлд». Фæлæ ахæм сæргæндтæ, куыд: «Ногæй та скъолайы», «Куыд арвыстон мæ фыццаг бон скъолайы», «Нæ къласы къулын газет», «Мæ фыццаг ахуыргæнæг» нæ дзурынц тексты сæйраг хъуыдыйыл, нæ амонынц, нывæцæн фысгæйæ, хъуыдытæ кæцырдæм саразын хъæуы, уый.
Абарæм-ма темæтæ: «Кæсаг ахсгæйæ хъæрæй дзурæн нæй» æмæ «Кæсаг ахсынмæ», «Хурмæ бирæ бадæн нæй» æмæ «Хур судзы, …» (Къ.), «Мады ныхасæн аргъ кæнын хъæуы» æмæ «Мад». Бафиппайæн ис, се ’ппæт скъоладзауæн кæй не сты æнцон раргомгæнæн, бæлвырддæргонд темæмæ гæсгæ æнцондæр фыссæн кæй у.
Цæмæй скъоладзау раст раргом кæна йæ нывæцæны сæйраг хъуыды, уый тыххæй йын ахуыргæнæг хъуамæ бацамона сæйраг хъуыдыйы æмбарынад, куыд æй раргомгæнæн ис, уый. Ам дæр та хорз у ныхмæвæрддзинадæй пайда кæнын. Зæгъæм, нывæцæны темæ (сæргонд) «Не скъолайы кæрт» ахуырдзаутæн ратгæйæ, фæйнæгыл ныффыссæн ис темæ алыхуызы æргомгæнæг дыууæ хъуыдыйады:
1.Æз уарзын не скъолайы кæрты тезгъо кæнын.
2. Мах хъуамæ бацархайæм, цæмæй не скъолайы кæрт уа хуыздæр.
Афтæмæй ахуыргæнинæгтæ бамбардзысты, темæ дыууæ хуызы раргомгæнæн кæй ис. Сæ иутæ фысдзысты, се скъолайы кæрт бирæ кæй уарзынц æмæ дзы æхсызгонæй кæй фæтезгъо кæнынц, уый тыххæй. Иннæтæ та ныффысдзысты, се скъолайы кæрт зилинаг кæй у, цæуджытæ æмæ дзы машинæтæ кæй рацу-бацу кæнынц, кæй дзы нæй хъазæн фæз, фæлладуадзæн бынат, уый тыххæй.
Сочинени ныффыссынæн хорз æххуыс сты æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ. Уыдон сты, темæ райхалынæн, йæ раргом кæнынæн спайдагæнæн кæмæй ис, ахæм дзырдтæ, дзырдбæстытæ. Зæгъæм, темæ «Мæ хуыздæр æмбал»-мæ гæсгæ раттæн ис æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ: æмбалдзинад, хæлардзинад, зæрдæ дарын, æнæхин адæймаг, хорз æмгар, æрдхæрдтæ, кæрæдзиуыл æууæндын, кæрæдзийы æмбарын, бахъуаджы рæстæг, æнгомæй цæрын æмæ æнд.
Скъоладзауты ацы темæмæ гæсгæ сочинени фыссынмæ бацæттæгæнæн ис ахæм фæлтæрæнты фæрцы: