Урок по осетинскому языку на тему Баб?тг?вазыгджын хъуыдый?дты бастдзинады хуызт?(9 класс)


Темæ: Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты бастдзинады хуызтæ.Урочы нысан: бацамонын бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады хуызтæ.Урочы хъомыладон хæс: 1) фæсивæды ахуыр кæнын хæс фидын райгуырæнзæхх – Ирыстонæн.2) фæлтæрты растдзинады, рæсугъддзинадыдомæнтыл хъомыл кæнын.Пълан.I. Организационный момент.II. Бафидар кæнын зонындзинæдтæ.1. Дзырдуатон диктант.III. Ног темæ раргом кæнын.1. Бакусын эпиграфыл.2. Хъуыдыйад равзарын.IV. Ног темæ бафидар кæнын.1. Фæлтæрæн 11.V. Хатдзæгтæ.VI. Хæдзармæ куыст.VII. Бæрæггæнæнтæ.«Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр».Кочысаты М.56Урочы цыд.I. Организацион момент.II. Бафидар кæнын зонындзинæдтæ.- Сæ арæзтмæ гæсгæ куыд дих кæнынц хъуыдыйæдтæ? – Сæ арæзтмæгæсгæ хъуыдыйæдтæ дих кæнынц хуымæтæг æмæ вазыгджын.- Цæмæй баст вæййынц хуымæтæг хъуыдыйæдтæ вазыгджынхъуыдыйады мидæг? – Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ вазыгджынхъуыдыйады мидæг баст вæййынц дыууæ хуызы: интонацийæ,бæттæгтæй, бæттæг дзырдтæй.- Цал къорды дих кæнынц вазыгджын хъуыдыйæдтæ? – вазыгджынхъуыдыйæдтæ вæййынц бабæтгæвазыгджын æмæ домгæвазыгджын.- Цы хонæм бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад – бабæтгæвазыгджынхъуыдыйæдтæ хуыйны бабæтгæ бастдзинады бæттæгтæй баст чи вæййы,ахæм æмсæр хуымæтæг хъуыдыйæдтæй конд вазыгджын хъуыдыйад- Цы хонæм домгæвазыгджын хъуыдыйд – домгæвазыгджын хъуыдыйадхуыйны домгæ бастдзинады бæттæгтæй кæнæ бæттæг дзырдтæй баст чивæйы, ахæм хуымæтæг хъуыдыйæдтæй конд вазыгджын хъуыдыйад.1. Дзырдуатон диктант. (иу скъоладзауы фæйнæгыл фыссы).Орфограммæйыл бакусын, дзырды хæйттæм гæсгæ равзæрын æртæдзырды.Змис, хæдзарттæ, хæххон, лæггаг, ныххудын, фæд-фæдыл,дурвæткъуы, Коцойты Арсен, журнал «Мах дуг»,æмдзуарджын, æмзæрдæдзинад, къахдзоныгътæ.III. Ног темæ раргом кæнын.57Абон мах æрдзурдзыстæм бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдтæфембæлынц бабæтгæ бастдзинады бæттæгтæ.Кæцытæ дих кæнынц æртæ хуызы:- иугæнæг бæттæгтæ: æмæ, дæр, нæ-нæ, нæдæр-нæдæр, стæй, кæм-кæм,налдæр-налдæр.Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад иунæг бæттæгимæ февдисынц уыцыиу рæстæджы кæнæ та кæрæдзийы фæдыл чи цæуы, ахæм архæйдтытæ.Чиныгæй дæнцæгтæ бакæсын. (ф - 9).- ныхмæвæрды бæттæгтæ: фæлæ, та, æндæр, æндæра, кæннод, æрмæстнæ, фæлæ дæр.Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ ныхмæвæрды бæттæгтимæфевдисынц, кæрæдзийы ныхмæ чи вæййы, ахæм хъуыдытæ.- дихон бæттæгтæ: куы – куы, кæнæ, æви, кæнæ-кæнæ, йе – йе, фæнды (-фæнды).Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ дихон бæттæгимæ февдисынц,хуымæтæг хъуыдыйæдты цы архайдтытыл цæуы ныхас уыдон, йекæрæдзийы кæй ивынц, йе дзы æрмæст иуæн кæй ис уæвын.1. Равзарæм эпиграф.«Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр».Кочысаты М.1). Хуымæтæг æви вазыгджын.2). Бæттæг дзы ис æви нæ?3). Цавæр бæттæг бавæрæн ис? – æмæ58Кочысаты Мухарбег райгуырд 1920 азы Ольгинскæйы.Ахуыр кодта ЦИПИ. Фæлæ каст æй нæ фæци, ацыди Фыдыбæстæйыстыр хæстмæ. Амардис 1944 азы.Кочысаты Мухарбег уарзта йæ райгуырæн зæхх, йæ бæстæ, кæннодафтæ хъæбатырæй нæ хæцыдаид.2. Равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.Боныцъæхтæм ныхъхъус ис уарын, æмæ цъæх дарийау сæрттывтаæнæмигъ арв.а) цавæр хъуыдыйад у?æ) цæмæй баст 'рцыдысты хъуыдыйæдтæ? Цавæр бæттæг у?Рвзарут дзырд дарийау (скæнын морфологон æвзæрст).Дарийау – конкрет. номд. р.ф. – дари., иумæйаг, хуыз.х., иу. н.Ног дзырдтæ: ДАРИ, ПЫХС.IV. Ног темæ бафидар кæнын.11-æм фæлтæрæн тетрадты ныффыссут.V. Хатдзæгтæ.Цы базыдтам? Цавæр бæттæгтæ фембæлынц бабæтгæвазыгджынхъуыдыйады?VI. Хæдзармæ куыст.Литературæйы чингуытæй раффыссут 10 бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады.VII. Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.59Зынæмбарæн дзырдтæ:Старц – булава,Фæринк – шашка, вид сабли,Æвæд – бесследно (лучше совсем не иметь потомство, чем плохоепотомство),Раздзог – вождь,