Тем?: Цъиу. Агънаты ?хсар. Мырт? ?м? дамгъ?т?.


Темӕ: Цъиу. Агънаты Ӕхсар.
Мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ.
Нысан: Ныхасы рӕзтыл кусын.
Мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтыл бакусын.
Нӕ алфамблай дунемӕ уарзон цӕстӕй кӕсын ахуыр кӕнын.
Урочы цыд.
I Бацӕттӕгӕнӕн хай.
1.Бакӕсут ӕмӕ ратӕлмац кӕнут ӕмбисӕнттӕ:
Ӕнӕ ӕрдзӕй цӕрӕн нӕй.
Ӕрдзыл аудӕг- Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕнӕг.
2.Бакæнын хъомыладон куыст æрдзмæ уазындзинадыл.
3.Скъоладзауты зонгӕ кӕнын урочы темӕимӕ ӕмӕ урочы хӕстимӕ.
4.Ӕмбисӕнтты ссарын кавказаг мыртӕ ӕмӕ сӕ раст зӕгъын.
II Хӕдзары куыст сбӕрӕг кӕнын. (Радзырд «Дзагъындзӕг» аив кӕсын ӕмӕ йӕ тӕлмац кӕнын.)
Дзырдуатон дзырдтӕ афӕлхат кӕнын. Ахуыргӕнӕг дзыры уырыссагау, сывӕллӕттӕ фыссынц иронау: сорока, заранее, подстилка, чувствовать, куст, низко, красота, время, готовить, нора.
Скъоладзаутӕ ӕмбарын кӕнынц дзырдты растфыссынад.
III Ног ӕрмӕг.
1. Дзырдуатмæ: мыр- син. зæл (звук)
фæзмын (подражать)
мырфæзмæн- син. зæлфæзмæн (звукоподражание)
2. -Зæгъут, цал мыры æмæ дамгъæйы ис алы дзырды дæр?
Скъоладзаутæн æмбарын кæнын, цы хонæм мыртæ æмæ дамгъæтæ,уый.
-Дыгай нысантæй цавæр дæмгъæтæ конд сты?
-Дзырды иу мыр цалдæр дамгъæйы кæд фæбæрæг кæны?
3. Дзырдтимæ æрхъуыды кæнын дзырдбæстытæ (зылангон мыр, хорзы фæзмын, аив мырфæзмæн)
Уый фæстæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ. Ныффыссын сæ фæйнæгыл æмæ тетрæдты, равзарын сæ ныхасы хæйттæм гæсгæ.
4. Ахуыргæнæг кæсы Агънаты Æхсары радзырд «Цъиу».
5. Аудирование. -Зæгъут, фæйнæгыл фыст хъуыдыйæдтæй кæцы у уæлдай?: Ды зоныс, мæргътæй дзагъындзæгæй хиндæр нæй?
Ирон адæм мæргътæм фæсидынц афтæ: цъиу, цъиу цъиу…
Цъиутæн зымæгон хъæуы æххуыс кæнын.
6. Скъоладзауты каст.
7.Фарстæн дзуапп раттын: -Абайты Васойы амындмæ гæсгæ дзырд «цъиу» цы амоны?
8. Диалог. Дыууæ скъоладзауы фæйнæджы раз дзурынц мæргъты тыххæй.
IV Урочы кæронбæттæн.
-Цы хонæм мыртæ æмæ дамгъæтæ?
-Дзырдты нысаниуæгтыл стыр куыст чи бакодта?
V Хæдзары куыст: Радзырд аив кæсын, тæлмац кæнын æй зонын.