Тем? М?ргът? — ?рдзы фидауц


Гом урочы пълан.
Ахуыргæнæг – Гаджиты М.И
5-æм кълас (лæмæгъ къордтæ).
Темæ: Мæргътæ - æрдзы фидауц.
(Диалогон æмæ монологон ныхасы рæзтыл куыст. Грамматикон æрмæг: фæсæвæрдты фæлхат).Урочы нысантæ:
1) фæцалх кæнын ахуырдзауты бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл ныхасы мидæг (монологон æмæ диалогон); практикон æгъдауæй ныффидар кæнын фæсæвæрдты раст æвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты;
2) бакусын ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл ; ахуыр сæ кæнын æрдз æмæ мæргътæ хъахъхъæнын;
3) ахуыр кæнын сывæллæтты хи хъуыдытæ дзурын.
Куысты хуызтæ: лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; хъæзтытæ; диалогыл куыст; интерактивон фæйнæгимæ куыст.
Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст, текстытæ, интерактивон фæйнæг, цæстуынгæ æрмæг,классикон музыкæ.
Урочы цыд.
Организацион хай. Хъуысы классикон музыкæ (Вивальди «Афæдзы афонтæ. Уалдзæг»). Ахуыргæнæджы эмоционалон разныхас уалдзæджы тыххæй.
1 .Хъазт «Хорз æмæ æвзæр синоптик». Ахуырдзаутæй иу раст нæ дзуры боныхъæды тыххæй, иннæ та йæ раст кæны.
Ахуыргæнæг бæтты сывæллæтты ныхæстæ урочы темæимæ, æвæры ахуырдзауты размæ нысантæ.
2. Интерактивон фæйнæгимæ куыст. Ассоциацитæ. Фæйнæгыл æвдыст цæуынц,сывæллæттæ кæй зонынц,уыцы мæргъты нывтæ. Ахуырдзаутæ дзурынц, уыцы маргъимæ цы ассоциацитæ баст сты, уыдон.(Зæгъæм, «кæсаглас» - хæры кæсæгтæ, доны был, даргъ къæхтæ, зылын къубал æмæ а. д.).(Слайд №1).
3. Хъазт «Фыдуаг цъиу».Бæласыл(нывгонд) куы иу ран, куы иннæ ран абады цъиу (магнитыл конд).Скъоладзаутæ хъуамæ дзурой фæсæвæрдтæй пайда кæнгæйæ,кæм бады цъиу,уый. Хъазты размæ сфæлхатын хъæуы грамматикон æрмæг : куыд æвæрд цæуынц фæсæвæрдтæ(раз,цур, фарсмæ, фæстæ размæ,сæр, бын,æхсæн)дзыдбæстыты; цавæр хауæны сты, семæ цы номдартæ баст сты,уыдон.
4. Текстыл куыст. «Сауцъиуты ног хæдзар». Куысты размæ скæнын фонетикон зарядкæ: скъ-тæ иумæ дзурынц кавказаг мыртæ, æмæ цы дзырдты æмбæлынц тексты,уыдон.Хæслæвæрд: текст бакæсын æмæ зæгъын, лæвæрд тексты пълан раст арæзт у æви нæу.(Слайд №2).
Сауцъиуты ног хæдзар.
Аланæн йæ дада æмæ йæ нана цæрынц хъæуы. Сæ кæрты астæу зайы стыр кæрдо бæлас.Фарон уыцы бæласыл лæппу æрцауыгъта цъиутæн гыццыл хъæдын хæдзар. Уалдзæджы дзы æрцардысты сауцъиутæ. Ацы аз дæр та мæргътæ сæ зæронд бынатмæ æртахтысты.
Иу райсом Алан разгъордта кæртмæ. Сауцъиутæ удаистæй хъæр кодтой: фыдуаг сырддонцъиутæ сын сæ хæдзар байстой. Лæппу йæ фыдæн лæгъстæ кæнын райдыдта: «Баба, цæй, æмæ цъиутæн ног хæдзар саразæм». Фыд сразы ис.
Алан райста дзæбуг, зæгæлтæ æмæ фæйнæг. Сихормæ фыд æмæ фырт сæ куыст фесты. Дыккаг бон лæппу касти, сауцъиутæ сæ ног хæдзары сæр куыд цъыбар –цъыбур кæнынц, уымæ, æмæ цин кодта.
5.Ф/минуткæ.
6.Нывимæ куыст. Лæвæрд фарстон дзырдтимæ саразын фарстон хъ-тæ,ныффыссын сæ, дзуæппытæ сын раттын.(Слайд №3).
7.Аудировани. Хæслæвæрд: байхъусын аргъаумæ æмæ фæрстытæн дзуæппытæ раттын. Æрхъуыды кæнын аръауæн сæргонд.(Слайд №4).Фæрстытæ: Цæмæн ауагъта лæг булæмæргъы? Кæцы цъиу фæцыдис тынгдæр уæ зæрдæмæ? Цæмæн?
Аргъау.
Иу лæджы хæдзары цардысты тути æмæ булæмæргъ. Тути уыди уардихуыз, йæ базыртæ æмæ йæ къæдзил та уыдысты æрвхуыз.
Маргъ йæхицæй æппæлыди:
-Мæнæй рæсугъддæр æмæ зондджындæр нæй зæххыл. Æз зонын дзурын.
Бинонтæй цыдæр ныхас фехъуыста æмæ йæ бон-изæрмæ дзырдта: - Æххормаг дæн… Æххормаг дæн … Тынг æххормаг дæн…
Тути арæх худтис булæмæргъыл: - Ды та цы маргъ дæ?! Дзурын нæ зоныс… Фыдуынд…
Фæлæ иу бон булæмæргъ ныззарыди.Афтæ рæсугъд уыди йæ зард, æмæ хæдзары хицау загъта: - Атæх,булæмæргъ, æмæ зар дæ диссаджы зарджытæ адæмæн! Лæг ауагъта маргъы.
Тути та ма абон дæр дзуры: - Æххормаг дæн… Æххормаг дæн… Тынг æххормаг дæн…
8.Х/куыст сбæрæг кæнын. Ахуырдзаутæ дзурынц Брытъиаты Аслæнбеджы æмдзæвгæ «Зæрватыкк» зæрдывæрдæй.
Зæрватыкк.
Уалдзæджы мæ рузынгмæ
Сау зæрватыкк бафты.
Зары, зары хъæлдзæгæй,
Ахстон та дзы уафы.
Телы хъæды телтыл та
Улæфы фæлладæй,
Раст цыма уый нотæ у,-
Афтæ сыл æрбады.
Уыдонæй мын адджындæрМæргътæй нæй нæ зæххыл.
Раст цыма мæхæдæг дæрСемæ арвмæ стæхын.
Брытъиаты Аслæнбег
9.Диалогыл куыст. Скъоладзаутæ хъуамæ ахæццæ кæной кæронмæ диалог, æрхъуыды кæной сæхи репликæтæ. (Слайд №5)
10.Хъазт «Цавæр цъиу у?». Чыргъæды æвæрд сты алыхуызон цъиуты нывтæ. Сывæллæттæй иу равзары иу цъиу, иннæтæ та хъуамæ базоной фæрстыты руаджы, цавæр цъиу у,уый. (Уый гыццыл у æви стыр? Йæ къæдзил даргъ у æви цыбыр? Уый хоры гагатæ давы кæртæй? æмæ а.д.). Чи базоны цъиуы ном, уый «дидинæфтауæг бæласыл» æрцауындзы йæ маргъы.
11.Хъомыладон беседæ. Ахуыргæнæг фæрсы сывæллæтты сæ уарзон цъиуты тыххæй. Скъоладзау хъуамæ зæгъа, цæмæн цæуы йæ зæрдæмæ уыцы маргъ, уый. Ахуыргæнæг аразы беседæ сывæллæттимæ, мæргътæн æрдзы цы ахадындзинад ис, уый тыххæй. Скъоладзаутæ хъуамæ ахуыргæнæджы руаджы скæной хатдзæг, мæргътæ хъахъхъæнын кæй хъæуы æмæ сын æххуыс кæй хъæуы, уый тыххæй.(Слайд №6).
12.Кæронбæттæн.
13.Бæрæггæнæнтæ.
14.Х/куыст: хи ныхæстæй цыбырæй дзурын текст.