Амдзавга ирон авзаджы барагбонма


Чехойты Зæлинæ. 38-æм скъолайы ирон æвзаджы
ахуыргæнæг.
Æз дæн ирон.
« Æз дæн ирон «сæрыстырæй фæзæгъын
Цæрын Ирæн йæ хъæбысы уæндон.
Йæ уæрæх уынгты зæрдæрухсæй фæцæуын
Мæ дзырд,мæ сулæфт- зæрдæйы фæндон.
Мæ Ирыстон!Дæ ном æмæ дæ кадæн
Дæттын фæстаг сулæфты онг мæ цард.
Дæуæн Ирыстон,куыд мæ ныййарæг мадæн
Фæхæсдзынæн дæ кой дунейыл дард.
Ирон дзырд- мæ хæцæнгарз,мæ хотыхДæуæй ныфсджын ‘ мæ намысджын куы дæн.
Дæуæй цæуынц зæрдæйы рухс,монон тыхДæуыл мæ фæстаг зарæг дæр уыдзæн.
Рæзгæ фæлтæр! Хæссут уæ сæрмæ уастæн
Уæ хъомылгæнæг-мадæлон æвзаг.
Нæй хатыргæнæн дзæгъæл бонты азтæн
Уæ соммæ райсæд алчидæр йæ фаг.