Конспект к уроку осетинского языка на тему Изложени МАД


Темæ: Изложени.
Нысан: 1. Номдары æмæ миногоны тыххæй раздæр цы æрмæг ахуыр кодтой, уый
хуыздæр бафидар кæнын.
2. Æмхæст текст хи ныхæстæй радзурын æмæ ныффыссыныл фæлтæрын.
Урочы цыд.
1. Организацион хай.
2. Дзырдуатон куыст: хъонтхора, дзеджджын, мыртгæ, пуцæлттæ, бидаркæ, тыппыргомау, зындгонд, халас.
3. Текст бакæсын: «Дохтыр».
Дохтыр Степан Давыдович Кротов цард Линейон уынджы дыккаг хæдзары. Зын ссарæн нæ уыд. Зураб дуар куы бахоста, уæд йæ размæ рауад ныллæг æмæ тып-пыргомау зæронд ус. Дохтыры ус Мария Кузьминична дуар бакодта, æмæ уæрдон мидæмæ батылд.
Кæрт уыдис стыр æмæ райдзаст. Æнгуз бæласы бын дзедзырой кодта хуыссæн –херы. Бæрæг уыд, æрæджы дзы чидæр йæ фæллад кæй уагъта, уый. Сарамæ хæс-тæг бидаркæйыл баст уыд кæйдæр бæх æмæ холлаг хордта брезентæй хуыд дзæ-къулæй.
Зураб йæ цæст ахаста хæдзарыл дæр. Уымæн йæ иу тигъæй иннæмæ зæбулæй лæууыдысты сырх цывзыты хæлттæ, хъонтхорайы, дзеджджыны æмæ мыртгæйы пуцалттæ.
Дохтыр бирæ уарзта зæххы куыст. Йæ уæгъд рæстæг кæддæриддæр æрвыста цæхæрадоны. Сæрды фыццаг бонтæй фæстæмæ-иу быдырæй нал цыд: æмбырд-иу кодта алыхуызон кæрдæджытæ хостæн.
Йæ раздæры дæсныйадыл дæр йæ къух нæма систа. Кæд иуæндæсæм аз пенсийы ис, уæддæр ма бирæ рынчынтæ æрбацæуы дохтырмæ. Абон дæр Дзерассæ æмæ Зу-рабы разæй йæ кæрты æрфысым кодтой цалдæр рынчыны.
4. Беседæ:
- Кæм цард дохтыр Кротов?
- Цы федта Зураб дохтыры кæрты?
- Цы уыд зæбултæй хæдзары тигъыл?
- Цы уарзта дохтыр?
- Цæмæн æххуыс кæны дохтыр, кæд пенсийы ис, уæддæр?
5. Саразын пълан текстмæ:
1. Дохтыр Степан Давидович Кротовы царæн бынат.
2. Кротовы кæрт.
3. Зурабы цæст цæуыл æрхæцыд хæдзары тигъыл?
4. Дохтыры уарзт зæххы куыстмæ.
5. Пенсионеры æххуыс адæмæн.
6. Пъланмæ гæсгæ текст фыссынц, куыд æй бахъуыды кодтой, афтæмæй сæ тетрæдты.
7. Урочы кæронбæттæн.