Доклад Ахуырдзауты зонындзин?дт? б?р?г к?ныны мадз?лтт? ?м? с? ф?стиуджыт?


Ахуырдзауты зонындзинæдтæ бæрæг кæныны мадзæлттæ æмæ сæ фæстиуджытæ
Райдайын та хъæуы ирон æвзаг æмæ литературæмæ тынгдæр æргом здахыны разæнгардгæнæн мадзæлттæй.
Арæх хъусæм: "Не ʼвзаг сæфы. ЕГЭ-тæ, алыхуызон тестытæ,фæлварæнты руаджы йæ нæ бауадздзыстæм сæфын".
Скъоладзуæн уал йæхи базонын кæнæм. Йæ фыдæлтæ йын цы уæззау кад ныууагътой. Уый фæстæ бамбардзæн аив литературæ, фыссынад, культурæ нацийы цæсгомæвдисæг фæрæзтæ кæй сты æмæ сæ хъæуы зонын.
Æрхæссдзынæн историйы къæбицæй ист дæнцæгтæ:
" Амы скифтæ хайджын сты сæ адæмы хуыздæр миниуджытæй: сты рæстуд, хæларзæрдæ, нæй сæм кæрæфдзинад..."
(бердзентæ бынæттон скифты тыххæй)
"Махмæ лæгæн аргъ к нынц мулкмæ гæсгæ нæ, фæлæ хъæбатырдзинад æмæ уæздандзинадмæ гæсгæ" (паддзах Атей)
"Цыфæнды уæззау æмæ зындзинад кæнгæйæ, хæххон сылгоймаг нæ фехъуыстаид йæ мойæ æфхæрæн ныхас. Сылгоймагмæ къух сисын та уыд тынг æгад".
(бæлццон-ахуыргæндтæ Кавказы)
Æмæ ма сæ куы ранымайæм суанг Геродотæй абоны онг, нæ фыдæлты цард цымыдисаг кæмæ каст, сеʼ взаг сын чи ахуыр кодта, уыцы бердзенаг, англисаг, немыцаг, францаг, уырыссаг; суанг Дард Хурыскæсæны ахуыргæндтæ- историкты тыххæй, уæд куыд хъуамæ ма цыбæл кæна скъоладзау.
1. Тексттæ:
"Ирон лæджы рагфыдæлы ном айхъуыст æгас дунейыл æртæ хорздзинадимæ: хъæбатырдзинад, сылгоймагæн стыр аргъ кæнын æмæ гуыбыныл уæздан уæвын ".
(Ам цыбыр текст Нарты Батрадзы тыххæй)
"Ирон сылгоймаг - бинойнаг кæмæ бафтыд Кавказы, фæскавказы адæмтæй, уыдон уыдысты кады аккаг - алкæмæн ахæм сæрæндзинад равдисын неʼнтыст. Нæ лæвæрдтой сæ чызджыты æндæр адæмыхæттытæм ирæттæ. Дагъистаны та ма ирон чызджытыл кодтой кады зарджытæ."
"Англисаг лорд æмæ ирон ахуыргонд- лæппу"
Уæрæсейæ æвзагзонынады институтæй Англимæ арвыстой ирон лæппуйы. Йæ æрбацыд базыдта бынæттон цæрæг-лорд. Уый хорз зыдта ирон адæмы истори, сеʼвзаг æмæ йæ тынг бафæндыд ирон ахуыргонды йæ хæдзармæ æрбахонын.
Æрбахуыдта йæ . Ныхас сыл бацайдагъ. Лорд ирон æвзагыл дзуры, фæлæ ирон лæппу дзуапп дæтты англисагау.
Лорд куы бамбæрста, иронау дзурын нæ зоны йæ уазæг, уый, уæд йæ цæсгом фæтар кодта æмæ йæ цæйдæр æфсонæй рафæндараст кодта.
Ахæм тексттæ сты тынг пайдаджын хъомыладон хæс æххæстгæнгæйæ дæр, стæй сыл бакусæн ис грамматикон æгъдауæй.
2. Грамматикæйы чингуыты æмбисæндтæ фагæй фылдæр. Ахъаззагдæр сты æмбисæндтæ, комкоммæ скъоладзаутæм, кæнæ скъолайы цардмæ чи хауы.
Зæгъæм: Къласы лæппу, алкæй дæр хъыгдары, фидисмæ - фыццаг. Мæ размæ фæци газет "Рæстдзинад"-æй æмбисонд:
"Адæмы æхсæн дæр ис сырх цывзытæ, туаг æхсынцъытæ, адджын къафеттæ"
(дзырдтам миногоныл)
Скъоладзаутæ иууылдæр сеʼргом аздæхтой Хъазбегмæ -чи йæм йæм цывзыйæ дзырдта, чи- æхсынцъыйæ. Ныр лæппуйыл цæуы 24 азы, фæлæ дзы нæ ферох ацы хъуыдыйад. Нæ ферох иннæтæй дæр, уæдæ дзы грамматикон хæстæ дæр куыд нæ уыдаид- уыдон дæр хорз бахъуыды кодтой.
3. Ног æрмæг цæугæйæ урочы райдайæны æвæрд æрцæуы хæс: урочы кæронæ скæнын урокæн сæргонд æмæ раттын эпиграф куыстмæ гæсгæ. Скъоладзаутæ вæййынц лæмбынæгдæр æмæ æрмæст ацы хæс æххæст кæнгæйæ дæр бæрæг вæййы темæ куыд бамбæрстой, уый.
Зæгъæм: темæ "Нымæцон" - эпиграфтæ:
"Дæс куысты æвзæр бакæныны бæсты, иу куыст хорз бакæн" Диасамидзе Алик
"Мин хъуыддаджы хорз куы саразай, иу та æвзæр, уæд хорз хъуыддæгтæ ферох вæййынц" Кокайты Сабинæ
Ис мæм тетрад, ахуырдзауты хуыздæр хъуыдытимæ æмæ сыл рæстæг куы рацæуы, уæд сæ фæпайда кæнæм урокты алыхуызон темæтыл кусгæйæ.
4. Ног темæ амонгæйæ, раттын карточкæтæ хæслæвæрдтимæ:
- ссарын дзырдуатон дзырдтæ;
- историон цаутæ уацмысы;
- архайджыты кæцыдæр рахицæнгæнинаг ныхас - Хансиат æмæ Касалы фырты диалог (æрмæст диалогæй скæнын хатдзæгтæ);
Ос-Бæгъатыр æмæ Кетеваны ныхас ( фæтæджы фæлгонцыл дзургæйæ).
Цас фылдæр скъоладзаутæ архайа ацы куысты, уыйас у пайдаджындæр. Уæлдайдæр та литературæйы урокты стыр, вазыгджын уацмыс ахуыргæнгæйæ.
5. Ногдзинад нæу дифференциаци.
Кълас фæдих кæнын тыхджын æмæ лæмæгъ къордтыл (3-5 адæймаджы).
Алкæй дæр бабар кæнын иу тыхджын скъоладзауæн. Урочы мидæг уый фесты, абæрæг сын кæны сæ хæслæвæрд куыд сæххæст кодтой, уый. Арæх йæ къордыл афтæ фæтыхсы æмæ ма сæ уæгъд рæстæг дæр нæ фæуæгъд кæны, фæамоны сын зын æмбарæн æрмæг.
6. Пайдаджын у цæгтæй лæвæрд æрмæг (блоктæй), æнгомбаст темæтæ фыццаг урочы раттын иумæ:
- Ныхасы хæйттæ +хъуыдыйады уæнгтимæ баргæйæ;
- Зылангон, æзылангон, хъæлæсон, æмхъæлæсон раздæр иумæ, стæй та хицæн темæтæй;
- Дзырд - дзырдбаст - хъуыдыйад;
- Хуымтæг - вазыгджын хъуыдыйæдтæ.
7. Сфыстытæ:
Растфыссынадæн у тынг хорз ахуыргæнæн мадзал.
Цæст къамисæнæй уæлдай нæу. Цæст уыны, къух - фыссы æмæ афтæмæй растфыссынад фидар кæны.
Хатдзæгтæ:
1.Æнæмæнгæй практикон ахадындзинадмæ æргом здахын: цы пайда у, кæцы ран бахъæудзæн скъоладзауы цы ахуыр кæны, уыцы æрмæг.