Диалогон ныхасыл ахуыр к?ныны ф?р?зт?.


Баскаты М.В.п.Рамоновы
скъолайы ахуыргǽнǽг.
Ирон ǽвзаджы урок 5 къласы(ныхасы рǽзтыл куыст)
Урочы темǽ: Хистǽр зондамонǽг у.
Грамматикон темǽ: Диалогон ныхасыл ахуыр кǽныны фǽрǽзтǽ.
Урочы нысантǽ:
1)скъоладзауты зонындзинǽдтǽ ǽмǽ арǽхстдзинǽдтǽ диалоджы архайынǽй рǽзын кǽнын;
2)диалогон ныхасы рǽзтыл бакусын: ирон адǽмы этикеты ǽнǽвербалон (ǽнǽдзургǽ)мадзǽлттǽй пайда кǽнын;
3)мадǽлон ǽвзагмǽ уарзондзинад гуырын кǽнын: ныхасы культурǽйы домǽнтǽм гǽсгǽ салам раттын, хатыр ракурын, фǽндараст зǽгъын;
Цǽстуыегǽ ǽрмǽг: интерактивон фǽйнǽг,презентаци,текст: «Баст уисой»,Толстой Л.Н. «Фыд ǽмǽ фырт», карточкǽтыл хǽслǽвǽрдтǽ, диалог,ǽмбисǽндтǽ,тест.
УААурочы(сǽ фǽстиуджытǽ)
Удгоймагон:урочы активонǽй архайынмǽ разǽнгарддзинад,ахуырадон проблемǽ аиуварс кǽнын;
Коммуникативон:хи хъуыды раст дзурын;иннǽтǽм хъусын;дискуссийы архайын зонын;
Регулятивон;пъланмǽ гǽсгǽ кусын,алы архай дǽр фǽд-фǽдыл ǽвǽрын ,хи ǽмǽ искǽйы ныхас сраст кǽнын зонын;цы къуылымпыдзинǽдтǽн сǽвзǽрд,уыдонǽн аргъ скǽнын,куыд сǽ аиварс кǽнǽн исЮуый раст сбǽрǽг кǽнын зонын.
Урочы эпиграф:
Хистǽр дзуры-кǽстǽр хъусы.(ǽмбисонд)
Хистǽр зондамонǽг у.(ǽмбисонд)
Урочы хуыз: ног ǽрмǽгыл кусыны урок.
Урочы цыд.
1.Бацǽттǽгǽнǽн рǽстǽг.
Ахуыргǽнǽджы ныхас: Абон урочы цǽуыл дзурдзыстǽм уый сбǽрǽг кǽнынǽн нын феххуыс уыдзǽн Къостайы ǽмдзǽвгǽ: «Скъолайы лǽппу»
-Диалогтǽ фылдǽр хатт вǽййынц хǽрз цыбыр ǽмǽ хуымǽтǽг.Диалогон ныхас арǽзт у хуымǽтǽг хъуыдыйǽдтǽй ,хъуыдыйǽдты скъуыддзǽгтǽй ǽмǽ хицǽн дзырдтǽй –фǽрстытǽй ǽмǽ дзуǽппытǽй. Диалоджы хǽйттǽ кǽрǽдзиуыл баст вǽййынц фидар ,иуǽн дзы ǽнǽ иннǽ цǽрǽн нǽй ǽвзаджы ,нǽй сын бамбарǽн хицǽнтǽй.
2.Урочы темǽйыл куыст.
-Цы у диалог,куыд арǽзт у,цǽмǽн хъǽуы ǽмǽ цы ахъаз у нǽ литературон ǽвзагǽн? Нырыккон литературон ǽвзаджы диалог нысан кǽны дзурын хъуыдытǽ дзырдты,ныхасы руаджы ǽмбарын кǽны.Диалог хуыздǽр бамбарынǽн хорз ǽххуыс сты къухǽй ǽмǽ цǽсгомǽй ацамындтǽ.
Францусаг философ Вольтер уый тыххǽй афтǽ загъта : «Хъусǽг адǽймагǽн сǽйрагдǽр у, йǽ дзурǽг ǽмбал йǽ хъуыды куыд ǽргом кǽны,уымǽн ǽмǽ йǽхи хъуыдытǽ дǽр тынг хǽстǽг сты йǽ дзурǽг ǽмбалы хъуыдытǽм.Дзургǽ-дзурын къухǽй ǽмǽ цǽсгомǽй змǽлд хъусǽгǽн хаттǽй-хатт амоны репликǽйы бǽрц.»
Арǽх вǽййы афтǽ дǽр ,ǽмǽ хъусǽг дзырдтǽй дзуапп нал радты,фǽлǽ йǽ сǽр кǽнǽ йǽ къухтǽй бамбарын кǽны ,разы у дзурǽгимǽ ,ǽви нǽ. Ахуыргǽндтǽ куыд зǽгъынц ,афтǽмǽй дзурǽгмǽ куы фǽкǽсǽм ,уǽд ǽй рǽвздǽр ǽмбарǽм.
а)Ǽнǽдзургǽ мадзǽлттǽй пайда кǽнгǽйǽ ,равдисут ахǽм информаци:
Ссардтон раст дзуапп! Дǽхимǽ-ма мын кǽс! Хǽрзбон! Ардǽм рауай! Мǽнǽ цы бакустон! Дызǽрдыг кǽнын Нǽ зонын. Уый та куыд? Цǽй ,цы уа,уый уǽд.Ардыгǽй цǽугǽ кǽн!Мǽнǽ кǽм ис? Ǽцǽг зǽгъыс? Ныууадз мǽ!
ǽ)Чи фылдǽр? Равдисут ,салам дǽтгǽйǽ цы ǽнǽдзургǽ мадзǽлттǽй спайда кǽнǽн ис,уыдон.
-Диалог стыр бынат ахсы нǽ литературǽйы. Диалоджы руаджы ǽвдыст ǽрцǽуы адǽймаджы миддуне,цард.Уымǽ гǽсгǽ алы фыссǽг дǽр пайда кǽны диалогон ныхасы фǽрǽзтǽ ǽмǽ аивадон мадзǽлттǽй.
Ирон литературǽйы бындурǽвǽрǽг Хетǽгкаты Къостайы ǽмдзǽвгǽтǽ дǽр цух не сты диалогон ныхасǽй .Къоста арǽхстджынǽй пайда кодта диалогǽй ,йǽ поэтикон дǽсныйад бǽрǽг у йǽ диалогон ныхасы арǽзтǽй дǽр.Йǽ диссаджы аргъау «Лǽскъдзǽрǽн» кǽрǽй-кǽронмǽ арǽзт у диалогон ныхасы хуызы(рольтǽм гǽсгǽ бакǽсын)

б)Тест: «Кǽцǽй ист у ацы диалог?»
г)Текстыл куыст.
«Фыд ǽмǽ фырт»
Иу лǽппу быдта тǽскъ.Уǽд ǽй йǽ зǽронд фыд фǽрсы:
-Лǽппу,уыцы тǽскъ цǽмǽн бийыс,тǽскъхъуаг куынǽ стǽм?
-Ацы тǽскъ ǽз бийын дǽуǽн.Куы йǽ фǽуон ,уǽд дǽ уым сǽвǽрдзынǽн ǽмǽ дǽ къулǽй атулдзынǽн.
-Хорз,мǽ хур,хорз,фǽлǽ-иу ǽй бавǽр.Уымǽн ǽмǽ ды куы базǽронд уай,уǽд дǽ фырты дǽр бахъǽудзǽн ,-загъта фыд.
Лǽппу ахъуыды кодта уыцы ныхасыл ǽмǽ тǽскъ бийын ныууагъта.
а)Сбǽрǽг кǽнут тексты сǽйраг хъуыды. Ǽрдзурут хистǽртǽ ǽмǽ кǽстǽрты ǽхсǽн ахастдзинǽдтыл.
Фǽлладуадзǽн рǽстǽг. Симды элемент акафын.
г) Тексты репликǽтǽ раст равǽргǽйǽ диалог саразут (къордты куыст)
Чи зоны ,цас фǽцыдаид Суадон . Иу ран йǽ размǽ фǽци стыр Бǽрз бǽлас.
-Зǽгъ-ма, дǽ хорзǽхǽй,кǽуылты тагъддǽр бахǽццǽ уон денджызмǽ?
-Дǽ фǽндаг раст ǽмǽ нǽм ǽгас цу,нǽ зынаргъ бǽлццон.
-Феххуыс нын кǽ,ǽмǽ дын фǽндаг бацамондзынǽн,-загъта Бǽрз.
-Дǽ бон хорз,хǽхты фыдыц Бǽрз! (Айларты Ч.гǽсгǽ)
Ǽркǽсǽм диалоджы растфыссынады ǽгъдǽуттǽм.
д)Бакǽсут ǽмбисǽндтǽ. Ахъуыды кǽнут сǽ мидисыл.
Хистǽр дзуры-кǽстǽр хъусы.
Хистǽр зондамонǽг у.
Дзурǽгмǽ лǽмбынǽг байхъусын дǽр куыст у.
е) Ǽрдзурут,цавǽр ныхасы ситуацийы(чи-кǽмǽн,цǽй тыххǽй,кǽд,кǽм) ис спайда кǽнын ацы арфǽтǽй:
Дǽ лǽппу дǽхи фǽндиаг бахъомыл уǽд!
Дǽ ныййарджытǽ дǽ хурǽй ǽфсǽст уǽнт!
Дǽ хǽдзарыл дзǽбǽхǽй сǽмбǽл!
3.Урочы хатдзǽгтǽ(рефлекси)
-Цы фехъуыстат ногǽй урочы?
Кǽм уǽ бахъǽудзысты уǽ зонындзинǽдтǽ?
Цавǽр хъуыдытыл уǽ бафтыдта абоны урок?
Цавǽр арфǽтǽ уǽ фǽнды зǽгъын нǽ уазджытǽн?
4.Хǽдзармǽ куыст: 1.Ситуацимǽ гǽсгǽ саразын диалог (Арсен ǽмǽ Сослан уынджы ссардтой ǽхцадон . Сǽ ныхас сын ныффысс диалоджы хуызы.
2.Ирон литературǽйы чиныгǽй рафыссын диалог (5-6 репликǽйы)