ОБОБЩЕНИЕ ПЕДАГОГИЧЕСКОГО ОПЫТА . Вазыгджын номдарт?.


Темæ: Вазыгджын номдартæ. Фæлхат кæныны урок.
Нысан:
Скъоладзауты зонындзинæдтæ ныффидар кæнын.
Скъоладзаутæм хъомыл кæнын фæзминаг миниуджытæ: адæймаджы ном хъахъхъæнын, кадимæ йæ хæссын, кæрæдзимæ фæсномыгæй нæ дзурын.
Ныхасы рæзтыл бакусын.
Урочы цыд.
Организацион хай.
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
- Сывæллæттæ, ныр цалдæр урочы цавæр темæ ахуыр кæнæм?
-Раст, номдар.
- Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, цы у номдар?
- Цал нымæцы ис номдарæн?
- Ирон æвзаджы цал хауæны ис? Цавæртæ сты?
- Куыд арæст цæуынц номдартæ?
-Абон дарддæр хæццæ кæндзыстæм нæ темæ æмæ базонгæ уыдзыстæм вазыгджын номдартимæ.
- Тынг хорз, афыссут нымæц, къласы куыст.
1,2 слайдтæ æвдыст цæуынц.
-Ирон æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ цы хуыйнынц?
-Раст, лексикæ.
Дзырд цы фæбæрæг кæны, уый та цы у?
-Дзырды лексикон нысаниуæг.
- Цы хуыйнынц чингуытæ, кæцыты лæвæрд цæуынц дзырдты лексикон нысаниуджытæ?
-Раст, дзырдуат.Мах дæр нæ урочы скæнæм дзырдуатон куыст. Ацы куысты хуыз тынг пайда у сымахæн , сывæллæттæ.Ныртæккæ дæр бакæндзыстæм цымыдисаг куыст.Фæйнæгыл æвдыст уыдзысты нывтæ, уыцы нывтæй саразын хъæуы дзырдтæ.
3-8 слайдтæ.
- Скæнæм ма хатдзæг, цы сты вазыгджын номдартæ?
9 слайд.
-Афыссут фиппаинаг уæ тетрæдты.
-Ссарут- ма чингуыты 146 фæлтæрæн,46 фарсыл.
Бакусæм фæйнæгыл, скæндзыстæм фыццаг фондз хъуыдыйады.
-Ныр уын фæйнæгыл фыст уыдзысты хъуыдыйæдтæ,бакæсут- ма хæс, цы кæнын хъæуы?
(Сывæллæттæ кусынц фæйнæгыл).
Хæс: Бахахх кæнын вазыгджын номдарты бын.базонын, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ.
Нартыл ныккодта фыдзымæг: æруарыд залты митт.
Нарт фезмæлыдысты æмæ сæм фысвосæй, хъомвосæй, бæхæй цы уыд, уыдон ратымбыл кодтой.
Æз дæм равдисдзынæн дæ лæппуйы æмæ ма йæ кæд базонай, уæд дын æртæ хæрæгуæрдоны хор, стæй дæ фырт дæр.
– Ехх! Мæгуырæй дæр бирæ фæцардтæн, ацы хъæдтæ мын сæндæттæ куы фестиккой!
Иу мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны.
- Кæцæй ист сты ацы хъуыдыйæдтæ? Цавæр жанрмæ хауынц?
- Фæстаг хъуыдыйад та цы у?
- Куыд æмбарут ацы æмбисондæн йæ хъуыды?
- Зондабитæ стут!!!
- Ныр гыццыл аулæфæм, æмæ аныхас кæнæм!
- Зæгъут- ма, октябры цавæр бæрæгбон вæййы æмæ цæмæ гæсгæ у уыцы бон бæрæгбон?
10 слайд – Къостайы къам, Нары хъæу.
(Цыбырæй дзурынц Къостайы тыххæй).
- Къостайы сæйраг чиныг цы хуыйны?
- « Ирон фæндыр ».
11 слайд – «Ирон чиныг».
- Къостамæ ма цавæр курдиат уыди?
- Раст, уыди нывгæнæг!
- Фæйнæгыл æвдыст цæудзысты Къостайы зындгонд нывтæй цалдæр, уæ хæс у раст базонын нывтæ.
12-14 слайдтæ – Къостайы нывтæ.
Уый фæстæ сывæллæтты бафæрсын:
- Номхуындæй ацы нывтæ цæмæн райстон? Базонут æй!
- Раст, уымæн æмæ сæ нæмтты ис вазыгджын номдартæ.
-Баххах кæнут вазыгджын номдартæ, рахицæн сын кæнут сæ бындуртæ.
-Хорз кусут, сывæллæттæ. Нырта бакусдзыстут хибарæй.
- Алкæмæн дæр уæ ратдзынæн сыфтæ, кæцыты фыст ис хъуыдыйæдтæ.Уæ хæс у, ссарын æмæ рафыссын вазыгджын номдартæ, стæй базонын, кæцæй ист сты ацы скъуыддзæгтæ?
( Сывæллæттæ кусынц хибарæй).
Хатдзæг.
Хæдзармæ куыст. Фæйнæгыл фыст.
…Хъӕдгӕронӕй бахызтысты, ӕмӕ иу тӕрхъус сӕ разӕй фӕци.
Уымӕй фыдлӕгдӕр нӕдӕр зонгӕ кӕнӕм, нӕдӕр хъусгӕ фӕкодтам.
Лӕг ныхъхъус, артдзӕстмӕ йӕ цӕстытӕ ныццавта. Сауи дӕр цавддурау фӕц, стӕй уыцы иу гӕпп фӕласта, карды сӕрыл фӕхӕцыд ӕмӕ фӕхъӕр ласта.
Уалынджы хъӕугӕронӕй адӕмы уынӕр ӕмӕ кӕуын ссыди.
Сӕр сласта, йе ̕ взӕгтӕ йын ракодта, къухмӕрзӕны сӕ бабаста, чызджы рхуыдта, ӕмӕ хъӕумӕ рараст сты.
Адӕм кӕд фыр цинӕй рӕзыдысты, сӕ зӕххытӕ кӕй суӕгъд сты, ууыл, уӕддӕр ӕнӕ суг, ӕнӕ хъӕддзаумайӕ тынг тыхстысты.
________________________________________________
…Баде ӕдзухдӕр уыдта бӕрзонд хӕхтӕ, хъӕдтӕ ӕмӕ комвӕзтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ цӕст бафсӕсти…
- Баназӕм Бадейы цӕрӕнбоны тыххӕй! - ӕвиппайды фӕхъӕр кодта Баде ӕмӕ худӕгӕй бакъӕцӕл…
- Ӕз дӕр ахуыргонд куы уаин, чингуытӕ куы кӕсин…
- Цӕугӕ уӕхимӕ! Сӕрибар дӕ, - загъта Бадейӕн, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыцы тӕлмацгӕнӕг…
…Ӕнувыдӕй хӕры, ӕмӕ зын равзарӕн у, йе ҆ фсины ныхӕстӕ хъусы ӕви нӕ, уый, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр йӕ цӕстӕнгасыл, нӕдӕр йӕ цӕсгомы ӕнгасыл исты зыны…
…Уый уыдис Бердаты Хъӕндил. Бирӕ рахъуыды – бахъуыдыйы фӕстӕ, кӕд ма номӕвӕрджытӕ дызӕрдыг кодтой, уӕддӕр ӕвзӕрст ӕрцыд Чермен…
- Рынчын у, ныхас дӕр ыл нӕй, - ӕмӕ дзы уыцы дзырдтӕ афтӕ сирвӕзтысты, цыма рынчынфӕрсджытӕ ӕппындӕр кӕй нӕма зонынц, ахӕм хабар сын хъусын кодта…
___________________________________________________
Алчи зыдгӕнӕджы
Бирӕгъ фӕхоны.
Бирӕгъ зыд кӕй кӕны,-
Чидӕрид зоны…
Иу цӕст ма фезмӕлыд,
Иннӕ ныдздзагъыр…
Хърихъупп цӕстӕнгасыл
Рагӕй уыд ахуыр…
Сырд дын фӕхъӕр ласта:
Гъа, дзӕгъӕлхӕтӕг!
Гас мын кӕй баззадтӕ
Абон дӕхӕдӕг…
- Дада,ӕз дӕ фырт дӕн. Аизӕр дӕм мӕ ахуыргӕнӕг Ох – ох равдисдзӕн мӕн иу мӕхи хуызӕнимӕ…
…Бацыдысты чындзӕхсӕвмӕ. Уастырджи йӕ кӕрцы зӕрондимӕ ӕрбадти дӕлӕуӕз кӕмдӕр, лӕппу та ӕрлӕууыди сиахсы цур ӕмӕ йыл худынц адӕм тыхджын…
Уый кысджытӕ баххуырста ӕмӕ сӕндоны сӕнӕфсиртӕ тонынц, йӕхӕдӕг пылыстӕг бандоны бады…
…Даргъ ӕхсӕв фыдбонӕй
Цардудӕн хуыздӕр…
Рухс цӕуы кӕронӕй,-
Бадынц ма кӕмдӕр…
Артдзӕсты кӕрӕтты,
Фӕныкмӕ ӕнгом
Бадынц сывӕллӕттӕ,-
Чи бӕгънӕг, чи гом…
Уазал ӕмӕ стонгӕй
Бирӕгъ дӕр тӕрсы,-
Удхӕссӕг ӕввонгӕй
Ахӕмты хӕссы…

_____________________________________________
Зебаты хъӕуы нымадӕй ӕртындӕс хӕдзары йеддӕмӕ нӕ уыди. Йӕ тъӕпӕнсӕр бӕстыхӕйттӕ зӕрватычы ахстӕттау баныхӕстысты, комы арфӕй мигъты онг чи фӕцыд, уыцы айнӕджы цъассыты. Къӕдзӕхдурты ӕхсӕнты абухгӕ дон комы бынӕй хъӕумӕ зындис ӕвзист ӕндахы хуызӕн. Алы ран дӕр - къӕдзӕхтӕ, хъуына кӕуыл схӕцыд, ахӕм къӕдзӕхтӕ ӕмӕ гӕмӕх, ӕдзард къӕйдуртӕ.
…Сауи сыфтӕр райста зӕронд усы къухӕй, йӕ сырдтӕн сӕ бырынчъытӕ ракъуырдта, ӕмӕ сырдта тымбыл уирагдуртӕ фестадысты.
Хъӕубӕстӕ куы ауыдтой, иу лӕг ӕд сырдтӕ ӕрбацӕуы, уый, уӕд ӕй Сауи фӕхуыдтой, ӕмӕ дзыллӕ ӕгасӕй дӕр йӕ размӕ ракалдысты.
- Мӕнӕ ацы къахвӕндагыл куы ацӕуай, уӕд ахӕццӕ уыдзынӕ иу лӕбырдмӕ…
___________________________________________________
Ацы хъӕуы цардысты ир, цардысты тынг мӕгуыр, уымӕн ӕмӕ сын нӕдӕр уыгӕрдӕнтӕ уыд, нӕдӕр- хуымзӕххытӕ. Нӕлгоймӕгтӕ цыдысты дзӕбидырдзуан, сылгоймӕгтӕ та хӕдзары куыстытӕ кодтой…
Ӕз уыцы къахвӕндагыл мӕйдар ӕхсӕв тыхджын къӕвдайы куы схызтӕн…
Мыствӕндагыл цӕуын ӕнӕуи дӕр тӕссаг уыд, уӕлдайдӕр та ӕхсӕвыгон…
Ацы хъӕуы цардысты ир, цардысты тынг мӕгуыр, уымӕн ӕмӕ сын нӕдӕр уыгӕрдӕнтӕ уыд, нӕдӕр- хуымзӕххытӕ. Нӕлгоймӕгтӕ цыдысты дзӕбидырдзуан, сылгоймӕгтӕ та хӕдзары куыстытӕ кодтой…
Ӕз уыцы къахвӕндагыл мӕйдар ӕхсӕв тыхджын къӕвдайы куы схызтӕн…
Мыствӕндагыл цӕуын ӕнӕуи дӕр тӕссаг уыд, уӕлдайдӕр та ӕхсӕвыгон…
____________________________________________________