Ирон авзаджы урок 9 къласы


Ирон æвзаджы урок 9-æм къласы.

Темæ: Афæдзы афонтæ(грамматикон темæ: Миногонты бæрцбарæнтæ.
Урочы нысантæ:
1.Ахуырдзауты хæстæгдæр базонгæ кæнын афæдзы афонты миниуджытимæ.
Сбæрæг кæнын цавæр хицæндзинæдтæ ис афæдзы афонты æхсæн.
Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын2.Æрдзæн аргъ кæнын , хъахъхъæнын æй цæстыгагуыйау.
3.Бакусын минононты бæрцбарæнтыл. Фæцалх кæнын раст грамматикон формæтæ аразын.
Урочы хуыз: Урок-экскурси.
Урочы фæлгонц: компьютер,  дидактикон æрмæг, иллюстрацитæ, нывтæ.
Урочы цыд:
Ι.Бацæттæгæнæн рæстæг.
Æрдзурын урочы нысантыл.
ΙΙ.Ног æрмæгыл куыст.
Ахуыргæнæг:  (презентаци æвдисын)  Нæ урокмæ нын постхæссæг
æрбахаста  фыстæг. Цымæ кæмæй у æмæ дзы цы ис?  Уынут, фыстæджы ис цыппар нывы æмæ уыци -уыци. Байхъусут ма йæм æмæ базонут кæмæй у фыстæг.
                Уыци- уыциДада цыппар фæндаджы астæу бады.
Иу фæндаг сау у, иннæ – урс,
Æртыккаг- цъæх, цыппæрæм- бур.
(Фыстæг у афæдзæй æмæ нын æрбарвыста йæ цыппар фырты  нывтæ ).
Ахуыргæнæг: Уæдæ  афæдзы фыртты нæмттæ куыд хуыйнынц?
(Афæдзы фыртты нæмттæ хуыйнынц  Зымæг, Уалдзæг, Сæрд æмæ Фæззæг).
Ахуыргæнæг: Уæдæ абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм сымахмæ гæсгæ?            (Абон нæ урочы дзурдзыстæм афæдзы афонтыл).
Ахуыргæнæг: Куыд загътат афтæмæй афæдзы афонтæ сты цыппар æфсымæры, æмæ сты алыхуызон, сæ удыхъæдæй дæр æмæ æддаг бакастæй дæр. Æмæ сæ цæмæй хуыздæр базонæм, уый тыххæй ацæудзыстæм уыдонмæ уазæгуаты.
Ребята,  времена года отличаются друг от друга. И чтобы лучше узнать их мы отправимся сегодня с вами в необычное путешествие. Поговорим о явлениях природы. Будем слушать музыку великого русского композитора Петра Ильича Чайковского, читать стихи известных осетинских  поэтов.
УАЛДЗÆГ(Хетæгкаты Къоста)
Мит тайы, их сайы,
Фæхъулон ис зæхх:
Йæ цæгат фæзæйнад,
Йæ хуссар фæцъæх.
Йæ фæдыл нæ хъæдылФæхæцыд сыфтæр;
Нæ хуымтæ кæндтытæ,
Нæ ласæн цъыфдæр.
Цырд лæппу гæлæбуÆрцахста... Зæгъ ын:
Нæ уалдзæг дæ уазæг,
Ныууадз æй цæрын!
 
СÆРД
Хур судзы... УырыдзыХæрынæн бæззы...
Чи хъæдæй рæгъæдæйСырх мæнæргъ хæссы,
Чи халсарæй кæмттыÆргъæмттæ бæтты...
Хуыскъæлæй, æхсæрæйКæм цæуынц рæтты!
Цæвæгæй, мæхъитæй,
Æхсырфæй цæттæ,
Хорз байрай, мæ бæстон,
Кæмдæриддæр дæ!

Фæззыгон хъæды.
Азгъæлди хъæдæй йæ сыфтæр,
Хур дæр æй нал тавы фаг.
Æмæ дзы бон дæр, изæр дæрНал хъуысы мæргъты тъæлланг.
Дымгæ дзы стонг сырдау зилы,
Гом хихтæм уазал хæссы,
  Ахуыргæнæг: (Презентаци æвдисын) Мæнæ æрбахæццæ стæм уазæгуаты хистæр æфсымæры паддзахадмæ. Уæртæ нæ размæ рацыд    йæ æртæ фыртимæ.  Зæгъут ма, чи у  æмæ цы хуыйнынц йæ фырттæ.     Навстречу вышел самый старший брат со своими сыновьями. А кто он и как зовут сыновей.
(Нæ размæ рацыд æфсымæрты хистæр Зымæг. Йæ фырттæ та сты декабрь, январь æмæ февраль).

Ахуыргæнæг: Нæ фысымтæ ныл тынг бацин кодтой, равдыстой нын сæ ихджын паддзахад. Бакасут ма нывтæм æмæ зæгъут. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы зымæджы? Какие изменения произошли в природе зимой. 
Ахуырдзаутæ кæсынц зымæджы нывтæм фæйнæгыл æмæ дзуапп дæттынц.
Ахуыргæнæг: Уæдæ ма нæ фысымтæн радзурут, цæмæн афтæ уарзут зымæджы афон æмæ цавæр хъæстытæй фæхъазут.
(Мах зымæджы фæхъазæм къахдзоныгътыл, фæбырæм дзоныгътыл, фæхъазæм хоккейæ, скæнæм митын дадатæ. Зымæджы вæййы нæ уарзондæр бæрæгбон Ног аз).
Ахуыргæнæг:  Сывæллæттæ, хæрзбон зæгъæм зымæгæн æмæ нæ балц дарддæр акæнæм. Хъуысы зарæг « Голубой вагон» Мæнæ æрбахæццæ стæм дыккаг æфсымæры паддзахадмæ. Кæсут,   уый дæр нæ размæ рацыд йæ фырттимæ. Базонут ма чи у дыккаг æфсымæр?
( Дыккаг æфсымæр у уалдзæг, йæ фырттæ та сты март, апрель æмæ май).
Ахуыргæнæг: Уæдæ  та ныртæккæ æрзилдзыстæм уалдзæджы паддзахадыл, æмæ ма уæ хъус æрдарут, цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы, уымæ. Сейчас обойдём, владения весны, и обратите внимание на изменения в природе).
Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.
(Уалдзæджы бонтæ  фæхъармдæр вæййынц, мит атайы, мæргътæ хъарм бæстæй æрбатæхынц, бæлæстæ дидинæг ракалынц)
Ахуыргæнæг: Хæрзбон зæгъæм нæ фысымтæн æмæ дарддæр цæуæм нæ фæндагыл. Зарæг «Балцы зарæг». Мæнæ æрбахæццæ стæм æртыккаг æфсымæры паддзахадмæ. Цымæ чи рацыд нæ размæ?                              Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.
(Нæ размæ рацыд сæрд йæ æртæ фыртимæ. Йæ фырттæ хуыйнынц июнь, июль, август.)
 
Ахуыргæнæг: Раст зæгъут.  Кæсут –ма, цы тынг рæсугъд дарæс сыл ис. Уæдæ сæрд та цæмæн уарзут? Сæрды каникулты куыд фæулæфут,  уый ма радзурут нæ фысымтæн.Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц нывтæм гæсгæ..
(Сæрды вæййы хъарм. Каникулты фæхъазæм футболæй, нæхи фæнайæм цæугæ доны. Бæлæстыл вæййы бирæ дыргътæ.
Ахуыргæнæг: Æмæ та нæ балц дарддæр акæнæм. Хъуысы  «Балцы зарæг». Мæнæ æрбахæццæ стæм æфсымæрты кæстæр Фæззæгмæ.  Цас дыргътæ æмæ нын халсартæ рахастой нæ размæ. Æвæццæгæн æй базыдтой тынг кæй сæххормаг стæм. Акæсут ма куыд рæсугъд у Фæззæджы паддзахад. Куыд  рæсугъ дарæсты сфæлыстой сæхи бæлæстæ.  Сывæллæттæ, нæ балц кæронмæ æрхæццæ. Афæстиат уыдзыстæм нæ фысымтæм. Цымæ цæмæ, куыд уæм кæсы?  Ребята, наше путешествие подошло к концу. Мы некоторое время задержимся в гостях у осени. Как вы думаете, почему?
( Ныр у фæззæг).

Ахуыргæнæг: Раст зæгъыс,  нырттæккæ сымахимæ стæм фæззыгон парчы. Байхъусæм, банкъарæм, фенæм, бамбарæм æмæ хуыздæр базонæм фæззæджы миниуджытæ. Радзурут ма нæ фысымтæн цæмæн уарзут ацы афæдзы афон? Цæмæй хъæздыг у фæззæг?  Послушайте, почувствуйте, лучше узнайте признаки осени. Почему вы любите это время года? Чем богата осень?
Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.
-Хур кæсы, фæлæ тынг нал тавы.
-Фæуазал ис. Адæм сæ хъарм дарæс скодтой.
- Фæззæджы бонтæ фæцыбырдæр сты.
 -Бæлæсты сыфтæртæ  фæбур сты.
-Мæргътæ атæхтысты хъарм бæстæм.
-Адæм æфснайынц халсартæ æмæ дыргътæ.
Ахуыргæнæг: Адæм бирæ халсартæ æмæ дыргътæ кæй бафснайдтой, уый тынг хорз у. Байхъусæм ма Димæ æмæ Алинæмæ цымæ нын цы радзурдзысты дыргътæ æмæ халсарты тыххæй.
                                    Диалог
-Алинæ, ды зоныс дыргътæ тынг пайда сты æнæниздзинадæн, уый. Ис дзы бирæ витаминтæ.
-Зонын Димæ, æз бирæ уарзын фæткъуытæ, кæрдотæ, чылауитæ æмæ алтъамитæ.
-Халсарты дæр бирæ витаминтæ ис æмæ уыдон дæр хæрын хъæуы.
-Мæ мад арæх фæкæны чъиритæ халсартимæ: картофджынтæ, къабускаджынтæ æмæ насджынтæ.
-Æз бирæ уарзын насджынтæ æмæ картофджынтæ.
-Изæры-иу  махмæ уазæгуаты æрбацу, мамæ картофджынтæ æмæ насджынтæ кæндзæн.
-Хорз бацæудзынæн уæм.
-Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн.

Ахуыргæнæг: Скъоладзаутæ, хорз афæстиат стæм фæззæджы паддзахады дæр æмæ ныр фæстæмæ раздæхæм нæ къласмæ. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм,  хæдзармæ уын цы дзырдтæ лæвæрд уыд ахуыр кæнынмæ,  уыдон.
Къæвда  - дождь
Ирд- яркий
Мынæг- тусклый
Тауын- сеять
Æфснайынц- убирают
Цæттæ кæнын-готовиться.
Ахуыргæнæг: Ратæлмац кæнут ирон æвзагмæ хъуыдыйæдтæ æмæ бафидар кæнут ног дзырдтæ.
Абон уары къæвда.
Сæрды хур вæййы тынг ирд.
Уаты цырагъ у тынг мынæг.
Быдыры тауынц мæнæу.
Ахуырдзаутæ æфснайынц скъолайы кæрт.
Скъоладзаутæ урокты фæстæ сæхи цæттæ кæнынц бæрæгбонмæ.
Ахуыргæнæг: Ныртæккæ  скæндзыстæм ахæм хæслæвæрд.
Бафæлварут раст дзуæппытæ равзарын, антонимтæй пайда кæнгæйæ. Раст хъуыдыйæдтæ тетрæдты ныффыссут.
Скъоладзаутæ  сæ тетрæдты æххæст кæнынц хæслæвæрд.
                                   
                                    бонтæ сты…                   даргъдæр 
                                                                             цыбырдæр                                    бонтæ вæййынц…          хъармдæр
                                                                              уазалдæр
                                         
                                      хур арвыл …                ссæуы бæрзонддæр
                                                                             æрцæуы ныллæгдæр
Фæззæджы                  
   
                                 бæлæсты сыфтæртæ…       фæбурдæр вæййынц
                                                                               фæцъæхдæр вæййынц
                                    сырдтæ дæр…     сæхи сæрдмæ цæттæ кæнынц
                                                                сæхи зымæгмæ цæттæ кæнынц                                     адæм…              æфснайынц хор, дыргътæ
                                                               тауынц хор,  халсартæ
Ахуыргæнæг: Кæцы бæрцбарæны сты миногонтæ: даргъдæр, цыбырдæр, хъармдæр, уазалдæр, ирддæр, мынæгдæр, бæрзонддæр. (Миногонтæ сты барæн бæрцы).

Ахуыргæнæг: Сæвæрут ма сæ уæлахизон бæрцы.
Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц.(Æппæты даргъдæр, æппæты цыбырдæр, тынг хъарм, тынг уазал, æппæты ирддæр, тынг мынæг, æппæты бæрзонддæр).

ΙΙΙ.Урочы хатдзæгтæ.
-Цымæ цы бадардзыстут уæ зæрдыл нæ диссаджы балцæй?
-Уæ зæрдæмæ кæцы афæдзы афон тынгдæр фæцыд?
-Кæцы афоны фæцæут скъоламæ фыццаг хатт?
-Кæцы афоны уæ фæллад фæуадзут?
-Кæд вæййы уæ уарзондæр бæрæгбон?
-Кæд фæнайут уæхи цæугæ доны?
-Кæд атæхынц мæргътæ хъарм бæстæм?
-Цæмæн хъуамæхъахъæнæм æрдз цæстыгагуыйау?
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ абон тынг хорз куыстат æмæ уын стыр бузныг, ныртæккæ та райуардзыстæм фæззæг нын цы дыргътæ сæвæрдта немæ, уыдон. Æмæ сæ улæфты рæстæг бахæрдзыстут.
Мæнмæ гæсгæ, тынг донджын æмæ адджын дыргътæ сты. Ребята, вы хорошо работали на уроке, молодцы. А сейчас я раздам фрукты, которыми нас угостили. Я думаю, они очень сочные и сладкие. А вы здорово проголодались.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрынΙV.Хæдзармæ куыст: Сныв кæнын æрдзы нывтæ искæцы афæдзы афоны.