Тема урока: Н?ртон дзырдт?н с? ф?лм?нд?р у Мад!


Урок-семинар Дзæуджыхъæуы 48 скъолайы ирон æвзагæй
4 къласы. Урок бацæттæ кодта Беккуызарты Фатимæ.Урочы темӕ: Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад!(1 слайд)
Грамматикон темӕ:Кӕронбӕттӕн урок номдар ӕмӕ миногонӕй
(3 слайд)
Урочы нысантӕ: 1.Зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, номдарӕй ӕмӕ миногонӕй цы рацыдыстӕм,уый.
2.Скъоладзаутӕм гуырын кӕнын ӕмбарындзинад мады фыдӕбонмӕ.
3.Ӕххӕс ӕмӕ мидисджын дзуӕппытыл фӕлтӕрын, аив дзурыныл ахуыр кӕнын.
4.Сабиты ахуыр кӕнын кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынмӕ тырнындзинадыл.
Ӕххуысгӕнӕн фӕрӕзтӕ: проектор,презентации,зарӕг «Мады зӕрдӕ», текст, ӕмбисӕндтӕ, газетты равдыст.
Урочы эпиграф:
Ныййарӕг мад ,ныййарӕг мад, дӕ номылӔз уарзты гимн, ӕз царды гимн цӕгъдын.(2 слайд)Урочцыд:
1.Орг. хай.
2. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.
3.-Абон урочы цӕуыл дзурдзыстӕм, уый зӕгъдзыстут, зарӕгма куы байхъусат, уӕд.(зарӕг «Мады зӕрдӕ»,слайдтӕ сывӕллӕттӕн сӕхи ӕмӕ сӕ мадӕлты къамтимӕ)
-Кӕй тыххӕй у ацы зарӕг? Слайдты кӕй къамтӕ федтат?
Сабитӕ дзуапп дӕттынц: -Зарӕг у мады тыххӕй. Слайдты та на маматӕ.
- Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис равдыст. Фӕхъӕлдзӕг дӕр стӕм? (сабитӕ хъӕлдзӕг дзуаппытӕ дӕттынц). Куыд уӕм кӕсы, абон нӕ урочы кӕй кой кӕндзыстӕм?
- Мады тыххӕй.
- Бакӕсӕм мА нӕ урочы эпиграф. Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ?
Сывӕллӕттӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынц.
Цыу гимн?
Гимн (др.греч.) – торжественная песня, восхваляющая и прослав- ляющая кого-либо или что- либо(первоначально-божество (4 слайд)
Ахуыргӕнӕг: Зӕххыл ис иунӕг хӕзна цардыӔмӕ уый Мад у,мӕхур, мад.
Йӕ рӕвдыд сау дуртӕм дӕр хъары,
Фӕсуры зӕрдӕйы фӕллад.
О мад, сыгъзӕри нмад, дӕ хӕрзтӕй,
Ды кӕныс кӕстӕрты ӕнгом.
Тӕхуды, зарӕджы ныхӕстӕй
Ӕнусон чи скӕны дӕ ном.
Чеджемты Ӕхсар
- Мад! Куыд цыбыр дзырд у, фӕлӕ дзы ӕппӕт дуне дӕр ба- цӕудзӕн. Ӕдӕппӕтӕй ӕртӕ дамгъӕйӕ конд у ацы дзырд, фӕлӕ дзы цас тых ис, цас рӕсугъд ӕмӕ сыгъдӕг ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕрын кӕны адӕймаджы зӕрдӕйы…Мады фаг хорздзинӕдтӕ ацы зӕххыл нӕй. Никуы ничи бафыста мады фыдӕбӕттӕ. Фӕлӕ сӕ мах буц куы дарӕм, коммӕ сӕм куы кӕсам, ӕххуыс сын куы кӕнӕм, ирон рӕсугъд ӕгъдау сын куы дӕттӕм, уӕд уыдон сӕхи амондджын хондзысты.
- Текстыл бакусыны разӕй уал абоны нымӕц, темӕ ӕмӕ эпиграф афыссӕм.
1 къорд «Номдартӕ»
2 къорд «Миногонтӕ»
-Куыд уӕм кӕсы, цӕман схуыдтон уӕ къордтӕ афтӕ?
Дзуапп: - Абон мА дзурдзыстӕм номдар ӕмӕ миногоныл.
- Уӕдӕ сӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм таблицӕты фӕрцы.
(5 слайд)
Номдар ДзуаппЦы у? Цы ӕвдисы? Фӕрстытӕ Куыд ивы? Уыцы ивынад хуыйныНомдартӕ вӕййынц Миногон ДзуаппЦы у? Цы ӕвдисы Фӕрстытӕ Куыд ивы Уыцы ивынад куыд хуыйныСабитӕй алкӕмӕ дӕр ис ахам таблицӕ. Ӕххӕст ӕй кӕнынц.
Алы къорддӕр дзуапп дӕтты йӕ таблицӕйӕ.
- Тынг хорз бакуыстат. На зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам рацыд ӕрмӕг. Рахизӕм текстмӕ.
Текст кӕсӕм.(6 слайд)
Мады мах нӕ зӕххон стъалы хонӕм,
Мадыл мах нӕ хуыздӕр зарӕг зарӕм.
Мадӕн мах сырх дидинджытӕ тонӕм,
Мады мах сӕуӕхсидимӕ барӕм.
Мадыхуызӕн ничи уарзы уарзын,
Бауарзта – мыггагмӕ уӕд, ӕнусмӕ.
Хъӕбатыр мад, барджын мад, сӕрыстыр,
Уый кӕны, цӕуы ӕрмӕстдӕр рухсмӕ.
Сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын ӕмдзӕвгӕйы мидисыл. Дзырдуатон куыст бакӕнын.(7 слайд)
Сӕуӕхсид – заря,заревоӔнусмӕ – вечно, навеки
Хӕслӕвӕрдтӕ:(8 слайд)
1 къорд «Номдартӕ»
1.Раттын сӕргонд текстӕн.
2. Ссарын ӕмӕ бахахх кӕнын номдартӕ.
3.Фӕбӕрӕг кӕнын номдарты хауӕн ӕмӕ нымӕц.
4.Атасындзӕг кӕнын миногон.
2 къорд «Миногонтӕ»
1.Раттын сӕргонд текстӕн.
2.Бахахх кӕнын миногонтӕ номдартимӕ бастӕй.
3. Дзырдбӕстытӕй иу атасындзӕг кӕнын.
4.Ссарын орфограммӕтӕ.
(9 ӕмӕ 10 слайдты дзуӕппытӕ хӕслӕвӕрдтӕм)
- Тын гхорз, мӕ хуртӕ, ныр-та алы къордӕн дӕр дӕттын карточкӕтӕ хӕслӕвӕрдтимӕ. Цалынмӕ иутӕ кусынц карточкӕтыл, уӕдмӕ иннӕтӕ та ӕмбисӕндтыл бакусдзысты.
(11 слайд)
Ӕмбисӕндтӕ: (12 слайд)
Мады зӕрдӕ адджындӕр ницы ис
Мады бӕллиц лӕг адджынӕн хӕры
Мады рӕвдыдӕй иу сты Мады’хсыр цоты хур Мады къухӕйдзаг зонаг у
Мад ӕмӕ фыдыбӕстӕ хӕлар у
- Алы ӕмбисондӕн дӕр йӕ кӕрон сраст кӕнут. Цымӕ кӕцы къорд сарӕхсдзӕн хуыздӕр.
Сывӕллӕттӕ дзуапп дӕттынц.
- Тынг хорз бакуыстат къордты мидӕг. Ныртӕккӕ та бакусдзыстӕм нывыл. Уӕ хорзӕхӕй, зӕгъут-ма , цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрын кодта ацы ныв? Цавӕр у мад ацы нывы?(13 слайд)
Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ. Дзургӕйӕ пайда кӕнынц миногонтӕй, (рӕсугъд, хъӕлдзӕг, аудӕг, уарзон, мӕтгӕнаг, цингӕнаг, хӕларзӕрдӕ, зондджын…)
- Тынгхорз, уӕдӕ мА уӕ алчидӕр йӕ мады тыххӕй ӕртӕ, цыппар хъуыдыйады ныффыссӕд. « Мӕмад у….»
Сабитӕ кӕсынц сӕ хъуыдыйӕдтӕ.
- Мӕ зӕрдӕ уӕ барухс и! Тынг хорз бакуыстат! Нӕ уазджыты дӕр бахъӕлдзӕг кодтат уӕ хъуыдыйӕдтӕй. Абоны куыстӕн скӕнӕм хатдзӕг. Алы къордмӕ дӕр ист аблицӕ. Баххӕст кӕнут уӕ таблицӕтӕ, сӕвӕрут кӕрӕдзийӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Рефлекси (14 слайд)
№ Урочы куыстытӕ Бӕр-нӕн
1. Таблицӕйыл куыст2. Текстыл куыст3. Ӕмбисӕндтӕ 4. Карточкӕтӕ 5. Нывыл куыстСабитӕ сӕ куыстӕн ӕвӕрынц бӕрӕггӕнӕнтӕ аргументтимӕ.
Хӕдзармӕ куыст. (15 слайд)
Ирыстоны алы районӕн дӕр ис йӕхи газет. Ӕрыдоны районы газет у «Рухс», Алагиры районы газет - «Сӕуӕхсид», Ӕрӕфы районы газет - «Ирӕф»,уӕдӕ газет «Рӕстдзинад» уе’ппӕт дӕр зонут. Ацы газетты ис хай, кӕцы хуыйны «Арфӕйы дзырд». Нӕ телеуынынады дӕр ис равдыст «Фарны хабӕрттӕ». «Арфӕйы дзырд»-ы дӕр ӕмӕ «Фарны хабӕртты» дӕр ӕппӕтӕй арӕхдӕр арфӕтӕ фӕкӕнынц ныййарӕг мадӕн.Тагъд уыдзӕн бӕрӕгбон «Мады бон» , алчи дӕр уӕ ныффыссӕд арфӕйы дзырд йӕ мадӕн. Ӕз дӕр ныффыстон мӕ мадӕн арфӕйы дзырд. Байхъусут ма мӕм.
Арфӕйы дзырдНӕ зынаргъ, нӕ уарзон, нӕ фӕлмӕнтӕдзураг, нӕ фыдӕбонджын мад, бӕрӕгбоны фӕдыл дын зӕрдиаг арфӕтӕ кӕнӕм. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, фыццаджыдӕр, ӕнӕниздзинад. Мах, дӕ цоты, сӕвӕрдтай раст фӕндагыл. Дӕуӕй базыдтам ирон ӕгъдау, ирон ӕфсарм ӕмӕ уӕздандзинад. Ды махӕн дӕ фӕзминаг хистӕр. Нӕ сӕртӕ бӕрзонд хӕссӕм дӕуӕй, нӕ уӕздан, хӕларзӕрдӕ, мӕтгӕнаг мад. Дӕ кӕстӕрты рӕсугъддзинӕдтӕ ӕмӕ цинтӕ дын дуджы фарн ӕмӕ боны рухс хӕссӕнт, ӕмӕ нын бирӕ фӕцӕр!