Урок по теме Ным?цон


МКОУ лицей ст. Змейская
Гом урочы пълан«Ныууагътой нын нæ фыдæлтæ хæзна…»
6 кълас Ахуыргæнæг:
Кереселидзе Р.В
2013 аз
Урочы темӕ: Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ  хӕзна...
Грамматикон темӕ: Нымӕцонты растфыссынад.
Урочы нысантӕ: Нымӕцонты растфыссынадыл дарддӕр бакусын; скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад иронау нымайынмӕ,ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕ,нӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм. Ныхасы рӕзтыл бакусын.
Эпиграф урокмӕ:
Хъæздыг æмæ æвидийгæ у ирон адæмон сфæлдыстад.
Урочы цыд:
1.Организацион хай.
2.Скъоладзаутӕ бадынц къордгай (3 къорды). Сӕ разы гӕххӕтты сыфтӕ дзырдтимӕ: нымӕрдар, дуканигӕс;   экономист, хынцӕг; диктор, банчы кусӕг.
Алы къордӕй дӕр иу ахуырдзау кӕсы дзырдтӕ.
Ахуыргӕнӕджы фарст:
-Зӕгъут-ма, цы дзырдтӕ бакастыстут , уыдон цы иу кӕны?
Дзуапп:
-Сты дӕсныйӕдты нӕмттӕ.
Фарст:
-Ӕмӕ ацы  дӕсныйӕдтӕ цы бар дарынц, цы ныхасы хай ахуыр кӕнӕм, уымӕ?
Дзуапп:
-Ацы дӕсныйӕдты нымӕцон тынг хъӕугӕ ныхасы хай у. Ацы адӕм сӕ  куысты арӕх пайда кӕнынц нымӕцонтӕй, ӕмӕ сӕ хъуамӕ зоной раст  фыссын ӕмӕ дзурын.
Ахуыгӕнӕг:
- Уӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ нымӕцон тынг хъӕугӕ ныхасы хай у. Ӕмӕ ма мын зӕгъут, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм, ӕмӕ нӕ абоны урочы  уӕ куысты нысан цы уыдзӕн, уый.
(Ахуырдзаутӕ кусынц къордгай).
1-аг къорд: -Махмӕ гӕсгӕ, нӕ урочы дзурдзыстӕм нымӕцонтыл, нӕ куысты нысан та у сӕ растфыссынадыл сын дарддӕр бакусын.
2-аг къорд: -Мах дӕр афтӕ ӕнхъӕлӕм, ӕмӕ нӕ урочы темӕ у нымӕцонтыл куыст. Нӕ урочы нысан та у нымӕцонты  растдзурынадыл хуыздӕр бакусын, нӕ ныхасы сӕ раст пайда кӕнын зонын.
3-аг къорд: -Нӕ урочы темӕ мах дӕр  сбӕлвырд кодтам афтӕ: Нымӕцонты растфыссынад. Нӕ нысан та у, цӕмӕй контролон диктант  хорз ныффыссӕм, уый тыххӕй бакусын, раздӕр урокты цы къуыхцытӕ баййӕфтам, уыдон аиуварс кӕныныл.
Ахуыргӕнӕг:
-Бузныг, сывӕллӕттӕ. Разы дӕн уӕ дзуӕппытӕй. (Интерактивон фӕйнӕгыл равдисы урочы темӕ ӕмӕ нысантӕ). Ныр та нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, нымӕцонӕй цы базыдтам, уый:
1.Цы хонӕм нымӕцон?
2.Цавӕртӕ вӕййынц нымӕцонтӕ сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ? Сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ?
3.Хъуыдыйады  мидӕг цавӕр уӕнгтӕ вӕййынц?
Ахуыргӕнӕг:
-Сывӕллӕттӕ, абонмæ уын бацæттæ кодтон ног хæслæвæрд. Æз уын бакæсдзынæн ӕмдзӕвгӕтӕ-хынцинӕгтӕ. Бафæлварут сæ базонын.
Фондз хатты кӕрдотӕ абонНогдзаутӕн дӕсгӕйттӕ радтон.
Ӕз мӕ удварнӕй-ныфсхаст,
Баззад ма мӕ тӕсчъы аст.
Цал мӕм уыди, цал кӕрдотӕ,
Базонут-ма уый, мӕ хотӕ?
Аст чызгыл дыччытӕ ӕз
Байуӕрстон фӕндзай ӕхсӕз.
Радта ма сын уӕд Зӕйнӕ
Ахӕм дыччытӕ фӕйнӕ.
Цал ис иу чызгмӕ ныр дуртӕ,
Уый-ма мын зӕгъут, мӕ хуртӕ?
(Ахуырдзаутӕ хынцынц хынцинӕгтӕ).
Ахуыргӕнӕг:
-Хорз сарӕхстыстут хынцинӕгтӕм.
Ахуыргӕнӕг:
-Ныр та ахӕм хӕс: хынцинӕгты нымӕцонтӕ рафыссын  ӕмӕ сын характеристикӕ раттын.
Ахуырдзаутӕ сӕ дзуӕппытӕ кӕсынц.
Хӕс  Фӕйнӕгыл фыст нымӕцонтӕй саразын алыхуызон нымӕцонтӕ:
авд-ӕвдӕм,ӕвдӕймаг,ӕвдай
аст-ӕстӕм,ӕстӕймаг,ӕстай
Фарст:
-Цы бафиппайдтат нымӕцонты растфыссынады?
Дзуапп:
-Цы нымӕцонтӕ сарӕзтам, уыдонӕн сӕ райдайӕны тыхджын хъӕлӕсон а-йы бӕсты фыссӕм лӕмӕгъ хъӕлӕсон ӕ.
Хӕс Ныффыссын фӕйнӕгыл нымӕцонтӕ 11-19-мӕ. Скӕнын хатдзӕг.
Дзуапп:
-Вазыгджын нымӕцонты дыккаг хайы хъуысы т, фӕлӕ дзы фыссӕм дХӕс  Фӕйнӕгыл фыст нымӕцонтӕ ныффыссын дамгъӕтӕй:
28,345,93. Хатдзӕгтӕ скӕнын.
Дзуапп:
-Ацы нымӕцонтӕ сты амад, сӕ хӕйттӕ сын фыссӕм хицӕнӕй.
Чиныгимӕ куыст, раиртӕстытӕ бакӕсын. 249-ӕм фæлтæрæн баххӕст кӕнын фысгӕйӕ.
Ахуыргӕнӕг:
-Ныр та сбӕрӕг кӕнӕм нӕ хӕдзармӕ куыст. Хъуыдис уӕ ныффыссын ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ уыци-уыцитӕ  нымӕцонтимӕ.
Иу-цалдӕр ахуырдзауы кӕсынц  сӕ уыци-уыцитӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ.
1.Дыууӕ знагæй иу æнæмæнг фæрæдийы.
2. Иу хур дæр у, фæлæ адæмыл æххæссы.
1. Цыппар мадæн фæйнæ фондз фырты, сегасæн дæр – уыцы иу ном. (Æнгуылдзтæ)
2. Иу лæгæн – дыууадæс фырты. (Афæдз)
3.Мин æфсымæрæн – иу рон. (Куырис)
Фарст:
-Зӕгъут-ма, нӕ урочы эпиграф куыд баст у  уӕ хӕдзармӕ куыстимӕ?
Дзуапп:
-Нымӕцон тынг цымыдисаг ныхасы хай у, нӕ адӕмон сфӕлдыстады дӕр  ыл арӕх ӕмбӕлӕм, уӕлдайдӕр ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ уыци-уыциты.
Ахуыргӕнӕг:
-Раст зӕгъыс. Нымӕцонтӕй хъӕздыг у нӕ фольклор , нӕ фыдӕлты хӕзна...
Къордты куыст. Алы къорды раз дӕр-чингуытӕ(«Ирон адӕмон аргъӕуттӕ»,»Нарты кадджытӕ»). Рафыссын сӕ хъуыдыйӕдтӕ нымӕцонтимӕ.
1. Афтӕ ӕртӕ хатты дӕр Сосланы хал  систа. («Сослан ӕмӕ Тары фырттӕ»).
2. Сӕ кӕстӕр  ӕфсымӕр фӕлдахы авд гутонӕй  быдыртӕ.(«Уастырджи ӕмӕ ӕртӕ  ӕфсымӕры").
3. Арвы цыппар къабазӕй кӕдӕм нӕ фӕкаст, ахӕм нал баззад.(«Арвы айдӕн»).
4. Иннӕ лӕппуты зӕрдӕйы тӕгтӕй фӕндырӕн скодта дыууадӕс тӕны.(«Фӕндыр куыд фӕзынд»).
5. Мах уыдыстӕм авд ӕфсымӕры(«Сослан-тыхагур»).
6. Бауади, дыууадæс хъуджы дзы радыгъта æмæ сбадти аходæн хæрыныл. («Батрадз æмæ сохъхъыр уæйыг Æфсæроны фырт Алæф»)
Ахуыргӕнӕг:
-Тынг хорз сарӕхстыстут  ныр дӕр та. Цавӕр нымӕцонтӕ ӕмбӕлынц арӕхдӕр уӕ хъуыдыйӕдты?
Дзуапп:
-Ӕртӕ, авд, дыууадæс.
Ахуыгӕнӕг:
-Раст у. Ирон адӕмон сфӕлдыстады, стӕй нӕ уырнынады дӕр иуӕй-иу нымӕцонтӕ сты табуйаг, хӕццӕ сӕм кӕны дины тӕваг. Уый фӕдыл цалдӕр скъоладзауӕн бахӕс кодтон бацӕттӕ кӕнын , ирон адӕммӕ цымыдисаг цы нымӕцтӕ сты, уыдоны тыххӕй хъусынгӕнинӕгтӕ.Табуафси.
Ахуырдзаутӕ кӕсынц сӕ куыстытӕ нымӕцонтӕ ӕртӕ ӕмӕ авды тыххӕй.
Ахуыргӕнӕг:
-Нӕ урочы кӕрон мӕн фӕнды базонын, уӕ размӕ цы нысантӕ ӕрӕвӕрдтат, уыдон уӕ къухы бафтыдысты ӕви нӕ?
Дзуаппытӕ:
-Мӕнӕн ацы урок пайдайаг фӕци, уымӕн ӕмӕ нымӕцонты растфыссынад бафидар кодтон,ӕмӕ мӕ уырны, контролон диктант хорз ныффысдзынӕн.
-Урок мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Базыдтон, куыд рӕсугъд, куыд хъӕздыг нын кӕнынц нӕ фольлор нымӕцонтӕ.
Ахуыргӕнӕг:
-Бузныг. Куыд федтат, афтӕмӕй хъӕздыг у нӕ адӕмон сфӕлдыстад, не ҆взаг. Ӕмӕ уӕм ахӕм зонд разынӕд, нӕ адӕмон сфӕлдыстадон бынтӕ уӕ  фӕзминаг ӕгъдӕуттыл, ӕвзӕрдзинадӕй хи хъахъхъӕныныл куыд ахуыр кӕной, ӕмӕ сӕ сымах та ӕххӕст куыд кӕнат.
Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
Хӕдзармӕ куыст: Ӕрхъуыды кӕнын цыбыр аргъау, спайда дзы кӕнын нымӕцонтӕй.