?рдзыл аудыны тем? Джыккайты Шамилы ?мдз?вг? «Авд?ны зар?г назы талай?н».


Ӕрдзыл аудыны темӕ Джыккайты Шамилы ӕмдзӕвгӕ
«Авдӕны зарӕг назы талайӕн».
Эпиграф:
«Ирон дзырдтӕ мын хуртӕ сты…»
Урочы цыдУӕ бонтӕ хорз нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ! Ныртӕккӕ нын … бакӕсдзысты ӕмдзӕвгӕтӕ. Сымах сӕм лӕмбынӕг байхъусут ӕмӕ зӕгъут, цӕй тыххӕй сты ацы ӕмдзӕвгӕтӕ?
(« Хохаг дон», «Хосласӕнтӕ», «Сӕрдыгон хъӕд»)
-Уӕдӕ цӕй тыххӕй сты ацы ӕмдзӕвгӕтӕ?
Ацы рӕсугъд ныхӕстӕ, ӕрдзы нывтӕ чи ӕвдисы, уыдон сты Джыккайты Шамилы.
Абон на урочы ӕвзардзыстӕм Шамилы ӕмдзӕвгӕ.
«Авдӕны зарӕг назы талайӕн».
Эпирафӕн райстон нӕ абоны урокмӕ ахӕм ныхӕстӕ: «Ирон дзырдтӕ мын хуртӕ сты…»
Шамил райгуырд 1940-ӕм азы, ӕртхъирӕны мӕйы 25-ӕм бон Хуссар Ирыстоны хӕхбӕсты рӕсугъддӕр бынӕттӕй иу- Дзомагъгомы. Комӕн йӕ бацӕуӕнтӕ ӕмӕ рацӕуӕнтӕ уынгӕг сты, фӕлӕ дзы мидӕгӕй ис рӕсугъд, уындджын хӕхтӕ, цъӕх уыгӕрдӕнтӕ, бирӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ бынӕттӕ. Ацы диссаджы рӕсугъд комбӕсты, лӕджы зӕрдӕ зарын ӕмӕ уӕлвонг ныхас кӕм ӕрцагуры, уым схъомыл ӕмӕ йӕ сабибонтӕ арвыста ирон литературӕйы классик, номдзыд ахуыргонд, курдиатджын фыссӕг Джыккайты Шамил.
Хъуыстгонд хӕдзарвӕндагӕй рацыд Шамил, фыдӕлты номӕй сӕ Дауиттӕ хуыдтой. Йӕ фыд Федыр, йӕ мад Фаризӕт сӕ цӕхх ӕмӕ сӕ къӕбӕр ӕнӕвгъау дих кодтой канд Дзомагъы нӕ, фӕлӕ ма ӕгас комы дӕр.
Йӕ сабибонты тыххӕй Шамил афтӕ дзырдта: «Мах уыдыстӕм фондз ӕфсымӕры ӕмӕ дыууӕ хойы. Ӕз уыдтӕн кӕстӕры хистӕр. Хъуыды ма кӕнын, нӕ фыд нын-иу изӕрыгӕтты лампӕйы рухсмӕ,- лампӕ къулыл бӕрзондгомау ауыгъд, йӕ быны та бады нӕ фыд ӕд чиныг, - каст “Нарты кадджытӕ”, 1946 азы уагъд. Стӕй ма хъуыды кӕнын, нӕ хӕстӕджытӕй иу ус ,,Нарты кадджытӕ” гуырдзиаг дамгъӕтӕй мыхуыргонд чиныджы сыфтӕ йӕ сенӕйы къултыл куыд баныхӕста, уый. Ӕмӕ сӕм - иу куы ӕрбацыдтӕн, уӕд-иу уыдон кӕсыныл куыд фӕдӕн, уый дӕр.
Уӕдӕй нырмӕ чиныгӕй фылдӕр ницы уарзтон. Уыцы уарзондзинад рахастон абоны онг».
Фидӕны поэт не’фсӕст йӕ уарзон Дзомагъы рӕсугъддзинадмӕ кӕсынӕй: «Диссагӕй диссагдӕр мӕм каст ӕрдз, - зӕгъы Шамил, - сывӕллонӕй нырмӕ мӕ алыварс цы ӕрдз уарзтон, уый. Уалдзӕджы - иу бӕстӕ цъӕх - цъӕхид куы адардта, гъе уӕд ӕнкъарӕнтӕ куыд раргом кӕнон, цавӕр ныхӕстӕ сӕм ссарон?!”
Шамил фондз къласы бакаст Дзомагъы, стӕй 1952-ӕм азы йӕ бинонтӕ ралыгъдысты Цӕгат Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕрцардысты Камбилеевкӕйы хъӕуы. Ам йӕ ахуыр адарддӕр кодта, ӕмӕ йӕ ӕнтыстджынӕй каст фӕцис 1958-ӕм азы. Ардыгӕй райдыдта йӕ литературон куыст дӕр. Ам бакодта фыццаг къахдзӕф газет «Ленинон тырыса» - мӕ. Фӕзындысты йе мдзӕвгӕты ӕмбырдгӕндтӕ: «Бонвӕрнон», «Ӕфсарм», «Цӕф сӕгуыты маст», «Амыраны зӕрдӕ», «Сагъадахъ», «Ӕхсӕвы ӕртытӕ», «Саст дзӕнгӕрӕг» ӕмӕ ӕндӕртӕ. (Сывӕллӕттӕ кӕсынц скъуыддзӕгтӕ ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгӕндтӕй).
Кӕд Шамил Дзомагъы дыууадӕс азы йеддӕмӕ нӕ фӕцард, уӕддӕр йӕ райгуырӕн хъӕу Дзомагъмӕ уарзондзинад рахаста йӕ царды фӕстаг сулӕфтмӕ. Ӕмӕ йӕм, йӕхимӕ гӕсгӕ, хорздзинадӕй цы уыди, уыдонӕй дӕр афтӕ дзырдта, Дзомагъӕй рахастон, зӕгъгӕ.
«Ӕртӕ урс дуры Дзомагъӕй ӕрхастон.
О, ме скӕнӕг, цӕй амондджын дӕн ӕз.
Нӕ зӕххӕй мӕм ӕртӕ хорзы ӕрхаудта
Йӕ рыст, йӕ маст ӕмӕ йӕ уарзт».
Абон бӕлвырддӕр ӕрдзурдзыстӕм йе’мдзӕвгӕ.
Поэтӕн йӕ царды мидӕг ӕппӕты зынаргъдӕр сты дыууадӕс дзырды. Лӕмбынӕг ма байхъусут мӕнӕ ацы ӕмдзӕвгӕмӕ.
Цымӕ цавӕртӕ сты уыцы дыууадӕс дзырды?
(Ӕмдзӕвгӕ кӕсы иу скъоладзау)
«Дыууадӕс дзырды»
Ирон дзырдтӕ мын хуртӕ сты… Уӕддӕр
Дыууадӕс дзырды - се’ппӕты хуыздӕрЛӕууы сӕ сӕргъы фарны дзырдтӕн Цард;
Йӕ фидауц уымӕн – арвы стъӕлфӕн – АртНӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад,
Цӕуы йӕ армӕй адӕмыл Бӕркад.
Нӕ дзыллӕйӕн йӕ рухсдӕр бӕллиц – Фарн,
Уӕздан лӕгӕн йӕ уӕлдӕр цин – Ӕфсарм.
Сыгъдӕг удӕн йӕ мӕты сӕр – Хӕлар,
Ыскӕны мах Хуыцауы ’мсӕр Ӕхсар.
Лӕджы нысан – Сӕрибар ӕмӕ Кад.
Сӕ сӕрвӕлтау хъӕуы хӕцынӕн Кард.
Ӕппӕт хӕрзтӕн Ирыстон у бындур,-
Ӕнӕ уый мӕн нӕ тавдзӕни сӕ хур.
Ацы дыууадӕс дзырды сты нӕ царды бындур.
Поэт уыны, адӕмӕй ис ӕнӕфсарм, ӕнӕуӕздан, Ирыстонӕн нӕбӕзгӕ адӕймӕгтӕ ӕмӕ сыл зӕрдӕрыстӕй фыссы (1995 азы)
Ӕрцыдис ахӕм рӕстӕг, ахӕм,-
Нӕ хъиутӕ стонг фосау хӕрӕм;
Бӕлас гуыппы тыххӕй фӕлдахӕм
Нӕ хъалӕй къӕдзӕхтыл бырӕм.
«Бӕлас гуыппы тыххӕй фӕлдахӕм», - зӕгъы поэт. Ӕвӕццӕгӕн ын рагӕйд ӕр, йе’рыгон бонтӕй фӕстӕмӕ, ацы хъуыды хӕры йӕ зӕрдӕ. Уый бӕрӕрг у йӕ иннӕ, 1968-ӕм азы 2 январы фыст ӕмдзӕвгӕ «Наз»-ӕй:
Уый рӕзыд айнӕгыл.
Цъӕх къабайы, чызгау,
Дымгӕйы зардмӕ кафыд мигътыл,
лӕдӕрст мыдау ӕвзонг буарӕй хӕрздӕф,
ӕмӕ ыстъалытӕ, фӕллад цъиутау,
ӕхсӕв уыдтой рӕсугъд фынтӕ, йӕ хихтыл…
Ыстӕй, чындзау,
кӕйдӕр уаты фӕлладӕй
йӕ бибиты бын фӕздӕджы ӕвзыди.
Чызгон ӕфсарм куыдта
ӕмӕ йӕ хъыгтыл
кӕйдӕр цин кафыд расыгӕй…
Ыстӕй
ыскъуыдтӕ къабайыдомд ӕмӕ рыстӕй
уый рафтыд уынгмӕ
ӕмӕ бафтыд рыгтыл.
- Поэт нын нӕ цӕстытыл цы ауайын кодта?
(Поэт нын нӕ цӕстытыл ауайын кодта ӕвзонг назы цӕссыгтӕ, йӕ зын ӕмӕ йӕ рыст. Ног азы алчидӕр тырны наз бӕлас ӕрбахӕссынмӕ, стӕй йӕ ӕнӕвгъау аппарынц уынджы. Ацы ӕмдзӕвгӕ бакӕсгӕйӕ мах бамбарӕм ӕрдзы рис, ӕрдзы иудзинад нӕ алыварс ӕмӕ ӕрцӕуӕм ахӕм хатдзӕгмӕ: ӕрдз хъӕуы хъахъхъӕнын.)Ралӕууыд Ног аз, фӕлӕ поэт алы азы райдиан уыны уыцы иу ныв. Назы хъысмӕт ӕм кӕсы адӕймаджы хъысмӕты хуызӕн ӕмӕ фыссы 1 январы 1977-ӕм азы «Авдӕны зарӕг назы талайӕн».
Кӕмӕн фӕкӕнынц авдӕны зарджытӕ?
Чи фӕкӕны авдӕны зарӕг?
Цы фӕзарынц авдӕнмӕ сабийӕн?
Дзырдуатон – фразеологион куыстНаз- ель колючая).
Зазхӕссӕн- мардӕгъдау.
Хъӕз( камыш, тростник ) – доны кӕнӕ цъымарайы зайӕгой
Мамм- сывӕллӕтты тӕрсын кӕнынӕн.
Уаз-сыгъдӕг, (святой).
Кӕсын ӕмдзӕвгӕ.
Дыккаг каст кӕнынц сывӕллӕттӕ.
Цавӕр ӕрдзон нывтӕй райдайы ӕмдзӕвгӕ?
Цӕмӕн цӕгъды мӕй дзӕнгӕрӕг?
Цавӕр бӕрӕгбӕтты ӕрхӕссынц наз бӕлас?
Цавӕр фыдбылызӕй тӕрсы поэт наз бӕласӕн?
Бакӕсут уыцы бынӕттӕ ӕмдзӕвгӕйы.
«Хорзӕй цӕр»! «Тагъддӕр рӕз»! «Ма сӕмбӕл фыдлӕгыл»! Ацы арфӕтӕ ӕрмӕстдӕр талайӕн кӕны?
Тала та цы у?
Сымах дӕр рӕзгӕ талатӕ стут, ӕмӕ уын поэт цавӕр арфӕтӕ кӕны? Ссарут ӕмӕ сӕ бакӕсут.
Куыд абарӕн ис тала наз бӕласы хъысмӕт адӕймаджы цардимӕ?
Поэт йе’мдзӕвгӕйы спайда кодта алыхуызон аивадон мадзӕлттӕй.
Цавӕр аивадон мадзӕлттӕ зонут?
Цы сты эпитеттӕ? Ссарут ма сӕ тексты.
Цы у метафорӕ?
Цы у олицетворени?
Цы сты абарстытӕ?
Ахуырдзаутӕ кӕсынц чиныджы текст «Фӕсномыг хъуыды» ӕмӕ йӕ дзурынц хи ныхӕстӕй.
- Сымах та цы цӕстӕй кӕсут Ног азы наз бӕласы хъысмӕтмӕ? Цавӕр тӕрхон рахӕссиккат, цӕмӕй наз бӕласы талатӕ мауал лыг кӕной Ног азмӕ?
Нӕ урок кӕронмӕ ӕрхӕццӕ ӕмӕ ма сбӕлвырд кӕнӕм нӕ урочы эпигрfф.
- Разы стут ме’взӕрст эпиграфимӕ?
- Сымах та цавӕр ныхӕстӕ райстаиккат ацы урокмӕ?
Хатдзӕгтӕ рацыд ӕрмӕгӕй.
Аз абон базыдтон…
Урочы мӕм цымыдисаг фӕкаст…
Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд…
Мӕ зӕрдыл дардзынӕн…
Нӕхимӕ радзурдзынӕн…
Хӕдзармӕ куыстӔмдзӕвгӕ аив каст кӕнын.
Цыбыр нывӕцӕн ӕрдзы тыххӕй ныффыссын.
Дзырдбӕстытӕ спайда кӕнынӕн: дымгӕйы зард, сой кӕрдӕг, самайынц мӕкъуылтӕ, цъӕх быдыртӕ, сыгъзӕрин хур, сыгъдӕг арвыл.