Сценарии М? ирон мад?лон ?взаг


«Мæ ирон мадæлон æвзаг»
(Бæрæгбоны изæры сценари).

Бæрæгбоны изæры сценари.
«Мæ ирон мадæлон æвзаг»
(Хъуысы æнкъард музыка).
Мадæлон æвзаджы ивгъуыд:
О, цæй дард æмæ зын фæндæгтыл фæцыдтан…Цæй фæллад дæн… фæлæ цы стырыст æмæ фæллад, нæ адæмæн цы стыр хæзна бахъахъхъæдтон, уый раз! –Мадæлон
æвзаг! Ирон æвзаг.
Ǣмдз. Куы нæ уа не взаг,нал уыдзыстæм мах дæр,
Нæхи сæфтмæ цæмæн бæллæм,зæгъ-ма?
Фæдисонау цæгъдын дзæнгæрæг Ирыл:
О,бахъахъхъæнæм не стырдæр хæзна.
Мадæлон æвзаджы абон.(æнкъардæй зары)
Мæй сабыр фæтулы æврæгъты хъæбысы,
Цæмæн у,цымæ æнкъард?
Кæд уый дæр мæ хуызæн йæ ивгъуыд фæмысы,
Фæлæ у йæ ивгъуыд дард…
Мадæлон æвзаджы ивгъуыд.
Цæй æнкъард зарæг кæныс, мæ хо?
Мадæлон æвзаджы абон.
Хъæлдзæг зарæг мæ зæрдæ нæ агуры.Ǣз абоны мадæлон æвзаг дæн, æмæ мæ уавæр куыд у, мæ зарæг дæр афтæ нывæндын.
Мадæлон æвзаджы ивгъуыд: Уæдæ æз дæ хистæр хо дæн , дæ ивгъуыд. Ǣз цы зындзинæдтæ бавзæрстон , уыдон дын хуыцау дæ цæсты кæронæй дæр макуы фенын кæнæд , фæлæ мæ ныфс никуы асаст … Ме ххуыс дæ кæд хъæуы уæд табуафси.
Абон: Ǣцæгæй зæгъыс? Цы хсызгон мын у! Куыд рагæй бæллыдтæн дæуимæ фембæлынмæ! Цæмæй мæ ныфс бауадзæй æмæ нæ абоны фæлтæрæн бамбарын кæнон: У иу æвзаг дæр а дунейыл фаг , Фæлæ нæ ивыц мады риу æндæры!
Ивгъуыд : Тыхсгæ мам а кæн ,мæ хо! Мæлæн дын нæй ,мæ мадæлон æвзаг, Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мары?! Абон : Куыд дæм тæхуды кæнын! Ды незамантæ ацы боны онг Нæ фесæфтæй дæ уæз хъæлæс , дæ намыс Ǣнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст . Ивгъуыд : Ныфс , ныфс , мæ хо! Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори , Ǣмæ куы сæфай (мæ зæгъæд ызнаг) Дæуимæ сæфы дунейы истори! Абон: Фæразон дæн, æнхъæлмæгæс , мæгуыр! Кæд мын ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг! Ивгъуыд: Уæдæ ма кæс! Мæ фæдыл цу! Ǣрмæст дæ сæрыл бæрзонддæр схæц! Дæ базыртæ фæйнæрдæм аиваз. Ǣз дын бæллиц , зæрдæйы фæндон æмæ æцæгдзинад фенын кæнон , æмæ уал уыдоны ныфсæй цæрæм, тох кæнæм!
Зарынц:
Иры зæххыл, Иры зæххыл ды ме стыр цин разындтæ,
Ратт мын, ратт мын дæ базыртæ.
1-аг сценка. Мад æмæ йæ гыццыл лæппу. Мадæлон æвзаджы ивгъуыд. Уыныс, ирон мад йæ сабийæн иронау зары. Цин кæн æмæ зар, афтæмæй нæ фæндаг дарддæр кæнæм (заргæ фæцæуынц).
2-аг сценка.Зæронд лæг æмæ сабитæ.
Дада хъисын фæндырæй цæгъды кадæг «Нарты æмбырд».
Дада. Ныр та ма мын ,мæ хуртæ , сымах радзурут аргъæуттæ.
Сабитæ. Мах дын нæ уарзон фыссæджы æмдзæвгæтæ бакæсдзыстæм /радыгай кæсынц Хетæгаты Къостайы æмдзæвгæтæ /. Дада. Уæ рынтæ уын бахæрон! Ǣхсызгон мын у ,Къостайы æмдзæвгæ кæй зонут уый . Уый махæн нæ мадæлон æвзаджы фарн у , æмæ йæ рох кæнын нæ хъæуы.
Сабитæ. Дада , иннæ хатт та нын заргæ кæндзынæ?
Дада. О, Дадайы хуртæ!
Ǣз зарыдтæн – нæ агуырдтон хæрзиуæг.
Нæдæр цыт , ном…
Ǣз зардзынæн уæд дæр,
Иронау ма куы дзура рмæстæр иу лæг,
Кæд уыцы иу мæхæдæг уон, уæддæр.
Мадæлон æвзаджы абон.
Мæ хистæр хо , мæ зæрдæ мын йæ рыстæй фенцайын кодтай æмæ мæ фæнды зæгъын:
Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ.
Нæ дзы взырын хæстæг æмæ дæрддаг.
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртыæ
Ǣрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг.
Ǣмдзæвгæ: Худинаг уæм куыд нæ кæсы
Ǣнцад бадын фыддæрадæн.
Иу уæ лæгау куыд нæ тæрсы
Фесæфынæй Иры взагæн!
Ирон адæм цытæ сысты?!
Чи гуырдзиаг , чи-уырыссаг.
Чи тæтæйраг, чи-кæсгон.
Никуы федтон ахæм диссаг.
Ныр куыд сæфы Ирыстон.
Ивгъуыд: Ǣгъгъæд æнкъарддзинад! Схæц-ма дæхиуыл, мæ хо! Уæртæ цы уынын!
Сывæллæттæ кæсынц æмдзæвгæтæ.Нæ дæ мбарын , мæ кæстæр хо! Ахæм «къæдзæх-лæгтæ» кæмæ ис,уый цæмæн хъуамæ кæна æнкъард?
Абон. Нæ! Мæ зæрдæ мын бахъæлдзæг кодтай,ныфс мæ бауагътай.Фæнды мæ фидæныл æууæндын, цин кæнын,кафын…..
Кафынц «Хонгæ кафт».
Дзурынц æмдзæвгæтæ Хъуысы хъæлдзæг ныфсдæттæг музыка!