Н?ртон ф?ткъуы, м? мад?лон ?взаг. Мероприятие на День осетинского языка.


Нжртон фжткъуы- нж маджлон жвзаг.
Хъисфжндыр.
Амонжг. Жвдисжм музыкалон-литературон композиции «Нжртон фжткъуы-нж маджлон жвзаг».

Кжсжг : Нжртон фжткъуы-нж маджлон жвзаг ,
Йж къалиутыл та мин-мин дыргъы хуртау.
Ужрхжджы фырттау хъахъхъжнджытж- мах?
Фырхъалжй ужд фынжй цы кжнжм дуртау?
Хуыцауы лжвар-диссаг дзырдты хуртуан.
Фжлтжрты буржмждз, сж зжрин таг.
Кжд ма нын исты баззади жлутон,
Ужд иунжг уый- нж маджлон жвзаг.
Нж удтж дзы жрвон быркуытау дзаг
Куы уой, кжндзыстжм царддугъы фыццаг!

Амонжг:О, стыр хжзна кждджридджр хъахъхъжнинаг вжййы цжсты гагуыйау. Куыд нж хъуамж хъахъхъжнжм мах джр нж маджлон жвзаг, кжд жмж Нарты фжткъуыйау йж дыргътж жлутон сты! Кжд жмж жвзаг у аджмжн сж кувжндон, сж уд, сж ивгъуыд, сж царды уаг жвдисжг, сж развждамонжг.

Кжсжг: Цы удвидар басгуыхт нж дзырдты фарн уастжн! –
Мж уарзт мын , Мж маст мын жнусты фжхаста,
Фыстой йж сжрмжттж, ужд скифтж сж фжттжй.
Сж бжхты цжфхждтжн сж цъжхснаг цжхжртжй.
Йж дардыл хжтжнтж-Дон, Днепры гуылфжнтж.
Йж фарны кжлжнтж-Донбеттырты сжнттж.
Жвжрдтой йыл цъутта жрцжужг хжддзутж.
Цыфыдджр фыдгултж: агуыр уа, фыдгунтж.
Ржхуыстой йж арцжй, фжлвжрдтой йж артжй .
Жхстой йж мжнгарджй гадзрахаты фатжй.
Жппжрстой йж хъоргъы-куыд баззайа рохы.
Йж цот жй фыдохы ныууагътой-иу рохы.
Нж басаст ирон дзырд- куырыхонжй номдзыд,
Тыхы бон хжстон уыд: нж фегад нжртон цыт.
Жхсыстифжтыгау,куы буц уыд жрвыгау.
Уый ме лгъыст, мж ард у, мж денджыз, мж арв у.
Хъжуы мж йж арфж йж фжтжн йж арфы.
Куысты уа ,фждисы –мж монц мын,мж рис мын
Жвзжгты цждисы бжрзонд фарнмж сисы.


Амонжг: Цжмжй райдайы райгуыржн бжстж ?
Райгуыржн бжстж райдайы авджны заржгжй, мады алолайж. Аджймаг цы бжстжйы,цы зжххыл райгуыры,уый фжхоны фыдыбжстж,Фыдызжхх. Уымжн жмж фыд у райгуыржн зжхх- хъахъжнжг жмж амалгжнжг. Хъуамж уа фидар зжрджйы , стыр ныфсы хицау. Жмж кувы Уастырджимж.
Фжлж аджймаг сабийы бонтжй фжстжмж цы взагыл фждзуры,уый та фжхоны маджлон. Уымжн жмж йж райсы йж мады жхсыримж. Уымжн жмжкъонайы тавс фыццаджыджр мады зжрджйж цжуы , артдзжст уый хъахъхъжны. Бынаты Хицаужн мады архайд фылджр ахъаз у.
Жмж иугар афтж у,ужд маджлон жвзаг ис схонжн аджмы бынаты хицау , йж Сафайы ржхыс,йж къонайы тавс.
Фжлмжн,авджны заржджы хуызжн музыкж.

Кжсжг: О, мж ахсджиаг, о, ме взаг о, мжфыджлты хъжлжс!
Джу лжджы ном жмж фарнау хизын сжфты къахжй жз!
Узта цаджггай мж авджн , зарыд алолай мж мад.
Хъуыстон й аргъжуттжн жнайжн- жз ужд бамбжрстон дж ад.
О мж ахсджиаг,мж уидаг! Уджн диссагджр цы ис!
Зонын, сонтжй нырмж зонын, жз джцин жмж дж рис.
Мысын,зонгуытыл фыццаг хатт жз зжрджбынжй куывтон:
Де вджид о, Хуыцау нж сжртж , знагжн мацы ужд йж бон!
Маджлон жвзаг-дзыллжйы ахсджиагджр тугдадзин.
Маджлон жвзаг-ужле исгж, бынжй ахадгж къжбиц.
Жвжрд дзы нж дзыллжйы историон жмж культурон бынтж.
Арвы айджнау дзы зынынц нжфыджлты цин жмж маст, нж аджмы национ удыхъжд.


Ныфсдаттаг музыка.

Кжсжг: Ирон жвзаг! Мж зынджы хай,мж арт!
Жрттив ,жхсид жнус бонтжм ждасай.
Дж цжрайа,дж рухс жмж дж тавсжй.
Цардзынан аз ама хардзынан ард..
Да норст цахарай равзардысты нарт,
Ахсидавта архастой Анахарсай.
Да фарны хъар, да маст ама да уарзтай
Нахи Къостайан санусон йа цард.
О ме намонд!Герарийы быдартжй
Кжнынц фждисхъжр удисгж нж дзырдтж.
Мж уды хжзна хаужггаг фжцис.
Джу чи хъыгдара-урс ужрыкк дын фестжд!
Дж фыджлтж –санскрит жмж авестж.
Цжр се рцыдмж! Мж ржзжнтж! Мж ис!

Музыкж:

Амонжг: Жвждза, цал буц номы сжвжрдтам не взагыл! «Нж хжзнадон, нж быркуы. Цыкурайы фжрдыг. Нж зынджы хай хуыцауы лжвар жмж бирж жнджртж. Фжлж ном сжвжрын диссаг нжу. Стжй номжвжржгыл йжхиуыл джр хжс кжй ис, уый нж рох кжнын куы райдыдта. Жнджра, жцжгджр буц дариккам нж маджлон жвзаг жмж ахжм уавжрмж не рхаудаид. Жнджра йж сыгъджг хъомыс жнкъариккам зжрджйж.
Ужвгж нын уый жрмжст абоны низ нжу.
Мжнж куыд уайдзжф кодта 20-жм жнусы тжккж райдиан Иры фжсивжджн Гждиаты Секъа.

Кжсжг. Худинаг ужм куыд нж кжсы
Жнцад бадын фыдджраджн?
Иу уж лжгау куыд нж тжрсы
Фесжфынжй Иры взагжн!
Паузж
Ирон аджм цытж сысты?!
Чи гуырдзиаг,чи- уырыссаг.
Чи тжтжйраг, чи-кжсгон.
Никуы федтон ахам диссаг
Ныр куыд сжфы Ирыстон.

Амонжг: Жмж 80-ам азмж уавжр ноджы фжфыдджр. Ууыл не мдугон поэты маст:
Ирон жвзаг, ирон кжрдзын
Уж сжрмж джр куы нал хжссут!
Дзжбжх мын ут ,фжлж тыхстжй
Иронау джр куы нал хъжрзут.
Йжхи дуржй , йж бындуржй
Жргъжу мжсыг цжмжн кжлы?
Мж сау нымжт ,мж сау саргъыл
Мж цжстысыг цжмж згъжлы?

Кжсжг: О, мах фжстаг ржстжг тынг аржх дзуржм ирон жвзаг сжфы, зжгъгж. Уыимж уыцы ныхас фылджр фжкжнжм уырыссагау. Хъыгагжн ,ржзы, маджлон жвзаг кжмжй ферох жмж уырыссаг жвзаг , йе та гуырдзиаг жвзаг джр хуызжнжн чи нжма базыдта, уыцы иржтты нымжц. Уыдонмж байхъусын диссаг вжййы, афтжмжй сж мжгуырдзинад не мбарынц.
Бжргж, бжргж мжнж ацы ныхжстж алы ироны бон джр зжгъын куы уаид:
-Сты зонджн уацхжссжг жппжт дунейы взжгтж,
Нж дзы взарын хжстжг жмж джрддаг.
Фжлж ныххойыс зжрджйы къжсжртж
Жрмжстджр ды,мж маджлон жвзаг.

Амонжг: Ирон жвзаг абон ахжм жмвжзадыл цжмжн ис, уый аххосжгтыл: паддзахадон функцитж йын нжй, бинонты хсжн ыл нж дзуржм, ржвдаужнджттж жмж скъолаты йж жмбжлгж хуызы нж амонжм ржзгж фжлтжржн. Ирон равдыстыты нымжц тынг гыццыл у нж телеуынынады-жмж иннж аххосжгтыл аржх фжцжуы ныхас. Фжлж махжн абон жнджр у нж нысан-сымахмж фжхжццж кжнын, ирон жвзагжн табу чи кодта жмж кжны,уыдоны хъуыдытж.

Кжсжг: Цард афтж у-иутж сжхи артмж джр сугтж нж фжхжссынц,суанг мА разыны хжмтж джр,жмж йыл дон чи ауадзы. Иннжтжм та уыйбжрц хъару разыны,жмж искжй артмж джр фжхжссынц сугтж, фжархайынц цжмжй цыренжй судза,ууыл. Гъемж французаг ахуыргонд Жорж Дюмезиль джр хауди уыцы куырыхон аджймжгтжм.

Амонжг: Жорж зыдта 30 жвзаджы: галлаг жмж санскритжй ироны онг. Нарты кадджытжм йе ргом азджхта кавказаг жвзжгтж ахуыр кжнгжйж жмж сын банкъардта сж ратждзжн. Уымжн ын стыр ахъаз фесты йж арф зонындзинждтж историйы, философийы,мифологийы.
Йе взаг жмж йж фольклор жнусты фыджвзаржнты чи бахъахъхъждта, уыцы аджмтыл дзургжйж,Дюмезиль фыста:

Кжсжг: Иржттжн сж къухы бафтыд дывжр жнтыст: уыдон абоны онг канд се взаг нж бахъахъхъждтой , куыд культурон мидис хжссжг агъуд, фжлж уыцы мидисжн йжхи джр. Уыцы мидисы айджнау зыны скифты цивилизацийы уавжр йж ржзты фжстаг къжпхжнты. Сжйрагджр та-цжрынц, аргъ кжмжн нжй , ивгъуыджй се мыдзаг чи у, уыцы кадджытж. Жмж уыцы дзыхжй дзургж уацмыстж алы ржстжджыты райстой сыхаг аджмтж,бжгуыджр,скифаг жмж дзы ирон цы уыд, уый фенджрхуызон кодтой, афтжмжй.


·Музыкж.

Амонжг: Ирон нывжфтыд ныхас , ирон литературж куы фжзжгъжм,ужд нж цжстытыл фыццаджыджр ауайы Къоста. Куыд биржвжрсыг уыд йж курдиат, куыд сахадыдта йж алы дзырд джр. Хетжджы-фырты уацмыстж бацыдысты дунеон культуржйы хжзнадонмж,кжсынц сж джсгай фжсаржйнаг жвзжгтыл.
Къоста ирон литературжйжн радта базыртж, бацамыдта йын кжджм тжхгжу,уый. Поэт жппжты ужлджр жвжрдта Сжрибар,йж аджмы амонд,ирон дзырды фарн. Жмж йж бон уыдис зжгъын:

Кжсжг : Нж мжлжм кжд фыдызжхх жмж кадыл,
Хуырым галау цагъары фсондз хжссжм.
Кжд сагъуыдыстжм исбоныл, бынатыл .
Гуыбыны цжстжй алцжмж кжсжм.
Хждмжл бжхжн джр чи лвыны йж барц.
Хъуынахор зулкъау чи алжст йж хъузджы.
Фжхатынц мжм, цжмжй кжнон жмбалц
Жз ахжмтимж
Хилын нжй мж туджы!
Фжлтау мж хонжнт зонджй цух-
Быдзжу.
Фжлывд, бийжг, козбаугжнжг нж уыдтжн.
Мж дзыллжйы сжр аппарон!
Фжлжуу!
Фжлтау мж зжрдж аппардзынжн куыйтжн.
Жз зарыдтжн-нж агуырдтон хжрзиужг.
Нжджр цыт,ном
Жз зардзынжн уждджр.
Иронау ма куы дзура рмжстджр иу лжг.
Кжд уыцы иу мжхжджг уон ,
Уждджр.

Сжрыстыр музыкж.

Амонжг: Ирон жвзаг куы фжзжгъжм,ужд нж цжстытыл фыццаджыджр ауайы Васо. Зын фжнымайжн сты, Абайты Васо жвзагзонынаджн цы хжрзты бацыд,уыдон. Йж наукон куыстытжй иу иннжмжй ахадгжджр,иу иннжмжй нжртонджр.

Кжсжг: Уасо. Ныййирд йж цжсгом уарзт жмж хъуыдытжй.
Уый махжн судзы знжт тары цырагъ.
Йж хъуыды –арт , йж зжрдж та-гжнах.
Кжсы сыгъджг уд цжстыты жрфытжй
Уый рухс ыссыгъта сау дугъы фыстытжй,
Уый райхжлдта къуыбылойы жндах
Фжрныг аджмы Стыр Ныхасмж мах
Хжссжм нж дзырд историйы цъжссытжй.
Уым мах дзыхъхъы нж лжудзыстжм уырдыг:
Нж фыджлтж сж удты рухс кжм сыгътой.
Ыстжм ныр уыцы уаз бынтжй хъжздыг.
Нж саукусжг, нж хжстон лжг.! Жвзыгъджй.
Ды иугай дуртж арф кжмтты фжуыгътай
Жмж сж рындзыл амадтай мжсыг.

Амонжг:
Зжххы цъарыл ис тынг бирж жвзжгтж жмж алы жвзаг джр у жнжхъжн дуне. Алы аджмжн джр йж царды сжйраг нысан у национ хждбындурдзинад агурын. Аджмы культурон хждбындурдзинад жнцайы жртжцжджындзыл- историон, жвзаджы жмж психологон факторыл. Жмж кжд уыцы жртжйж алкжцы джр тынг ахсджиаг у, уждджр дзы жвзаджы жуужлжй вазыгджынджр нжй, уый дзыккубыдау йжхимж райста иннж дыууа джр.
Цалынмж аджм нж фесжфтой се взаг,уждмж йж фарн цжры, уждмж ис жуужнк.
Хион,дам,цжсты нж ахады, фжлж нын дзжнжты бадинаг Уарзиаты Вилены загъдау, у бамбарын афон нж маджлон жвзаг кжй у фжстаг царджгас индоирайнаг жвзаг. Уый нж кжй иу кжны европаг скифтж жмж сжрмжттимж,азиаг сактж жмж массагеттимж жмж жппынфжстаг нж фыджлтж алантимж. Жмж нын кжд нжхицжн ужлдай ужзы хос у, уждджр жй цжсты гагуыйау хъахъжнжм дунеон цивилизацийжн, хъахъхъжнжм жй иунжг жвжджиау хжзнайау.
Кжсжг:
У иу жвзаг джр а дунейжн фаг,
Фжлж нж ивынц мады риу жнджрыл.
Мжлжн дын нжй,мж мж маджлон жвзаг
Кжд ма жрбайсжфт хоры нжмыг мжры?!
Ды не замантжй ацы боны онг
Нж фесжфтай дж уаз хъжлжс,дж намыс.
Жнус-жнус дж сыгъджг уды конд
Цырен арт жмж карды комыл бахсыст.
Тыгъд быбдыры дыл дымгжйы ныхмж
Лжхурдта скиф йж тызмжджы ныхжстж.
Тох.. тох -сжрмжттаг сабийы дзыхжй
Ысхаудта дзырд-лжг у,жрцыд йж ржстжг!
Гуыпп.. мыхъхъ.. тъжпп джнг-
Ныффжсус и дж хъуыр.
Ныццарыдта алайнаг мады хъаржг.
Фжразон дж ,жнхъжлмжгжс,мжгуыр.
Кжд дыл ныккжндзжн иу фжрныг та заржг!
Фжлж дж ржстжг а фарнжй хызта.
Дж сыгъзжрин жй ракалын нж фжндыд.
Ныззарыд ужд ирон лжппу-Къоста.
Жмж дж тулдз йж уиджгтжм нызмжлыд
Мжлжн дын нжй,мж маджлон жвзаг.
Дж зжронд мад у ацы зжххы къори.
Жмж куы сжфай ,ма зжгъжд ызнаг,-
Джуимж сжфы дунейы истории.

Музыкж.

Маджлон взаджы тыххжй дзургжйж куыннж хъуамж рахиза нж ныхас чиныгмж! Чиныг у ахжм жвидигж мигжнжн жмж нын жхцонжн сжтты нж уды дойны, афтжмжй йж жлутон къадджр нж кжны. Ирон мыхуыржй,ирон чиныгжй цжуынц уды хъомысы хжрзтж.







Ирон чиныг.

Ирон чиныг,сыгъзжрин фестай,уастжн!
Ды басгуыхтж Ирыстонжн мжсыг.
Джу жз ыстыр хуыцауы фыстау кастжн.
Фырцинжй тагъд мж уадултыл цжссыг
Дж фжрцы хохы базыдтон Къостайы.
Ыссыгътой мин ныфсы цыржгътж нарт.
Ныр рыджы удау де стыр намыс тайы.
Ысласта джм жгъатыр ржстжг кард.
Ирон лжджы джр нал хъжуысйж царды.
Зынаргъджр уымжн уаз дзырджй къжбжр.
Мжлы сынджггай н аджмы фар нарты,-
Нж адзалыл нжма сжттжм уждджр
Ирон чиныг, дж сау марой,дж фждис
Жхсины лжгтжм нал хъуысы жппын.
Фыджлты кад,фыджлты фсарм цы фжцис?
Нж лжгджрты цжмжн ныххафы рын?
Ирон чиныг,сыгъзжрин фестай уастжн!
Ды басгуыхтж Ирыстонжн мжсыг.
Джу жз ыстыр хуыцауы фыстау кастжн.
фырцинжй тагъд мж уадултыл цжссыг

Музыкж.

Амонжг:
Афтж уждж. Кжд дзырд у кжй дзыхжй схауд, уый халдих,кжд лжгжн йж ныхас йж намысы жмсжр у, ужд аджмжн та йе взаг у йж намыс, йжуд, йж хъысмжт.
Дуне, дам,никжуыл банцад. Джуан джр иуырдыгжй сты дж мад жмж дж фыд, иннжрдыгжй та дж фырттж жмж дж чызджытж. Жмж дж мады гуыбынжй равзжрдтж дж маджлон жвзагжн.

Кжсжг:
Нал ис мж фыд, фжлж ис фыдыбжстж!
Нал ис мж мад,фжлж ис маджлон жвзаг!
Жмж искуы мах куынжуал ужм,
Уждджр-иу ужнт нж кжстжртжн,
Нж кжстжртжн мыггагсж
Фыдызжхх жмж маджлон жвзаг.

Музыкж.

Гъе афтж уждж-алы аджймаг джр йе взаг фжзоны,цас жй уарзы,уыйбжрц.цы нж схуыдтам нж маджлон жвзаг фырбуцжн,фжлж цжмжй уыцы ныхжсты фарн уа, уый айдагъ ахуыргжндтж жмж фысджытжй, айдагъ ахуыргжнджытж жмж журналисттжй аразгж нжу. Уый аразгж у не ппжтжй джр,алы иронжй джр. Жмж ныууадзжм цъиувждис,фжлж скжнжм зиуцждис нж маджлон жвзаджы,нж фиджны сжраппонд. Жгъджуттж джр жмж ржсугъддзинад джр иууылджр жвзагжй цжуынц. Жмж нж маджлон жвзаг, ирон жвзаг Елхотжй дардджр нж хъжуы, зжгъгж, чи дзуры, уыдон не мбарынц сж мжгуырдзинад.



Кжсжг:
Жрмжст Елхотмж дж кжмжнджр
Мжнжн та –хуры уазмж.
Мж уды азжлы тжмжнтжй
Дж алы мыр хъувтазау.
Кжмжнджр дж жрмжст Елхотмж,
Мжнжн –зжххы кжржттжм
Йж ардхжржн дж хуры цотжн.
Джу музеймж нж джтты.
Елхоты онг дж ды кжмжнджр,
Мжнжн та нарты бжстжм.
Сжрмжтты,аланты хжтжнтжм.
Ужнт арфжйаг сагъжстж!

Кжмжнджр дж жрмжст Елхотмж,
Мжнжн та дж парнасмж.
Мжнжн та стъалытжн сж кондмж.
Къостайы дзырды тавсмж.
Кжмжнджр дж жрмжст дыуужмж.
Мжнжн та дж жрдзжмж.
Жрмжст гуыбынмж дж кжмжнджр
Мжнжн та дж зжрджмж .
Кжмжнджр дж жрмжст къжсжрмж.
Мжнжн та дж Хуыцаумж!
Кжмжнджр дж айдагъ изжрмж.
Мжнжн- тъымы-тъымамж!

Музыкж.
15