Конспект ЧКР: Хаст ама уалахиз


«ХÆСТ ÆМÆ УÆЛАХИЗ»
1 – аг амонæг (Тохсырты Б.): Фашистты æрдонгтæ нæм куы æрбалæбурдтой, уæд Ирыстоны фысджытæ дæр æрлæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фарсмæ. Æртиссæдзы бæрц дзы сæ цард нывондæн æрхастой Фыдыбæстæйы сæраппонд.
2 – аг амонæг (Тауаситы А.): Хæсты райдайæны се ’ппæты хистæр Гутнаты Хъанымæтыл цыд 36 азы, сæ тæккæ кæстæртæ Елехъоты Мурат æмæ Хайманты Георгийыл та – 17 - гай азтæ. Уыдон æфсис нæ зыдтой уалдзæджы цъæхæй, сæ риутæ дзаг уыдысты уарзондзинадæй, рухс фæндтæй.
Гобаты Зæлинæ: Æлборты Хъазмæхæмæт «Сидт»., Агънаты Виленæ: Баситы Дзамболат «Æнæфыст цырт»,
Тыджыты Андрей: Елехъоты Мурат «Фыстæг хæсты
рæй».
1 – аг амонæг: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фронты хæцыди нæ республикæйы алы фæндзæм адæймаг дæр, 1941 – 1945 азты Цæгат Ирыстонæй тохы быдырмæ ацыди 90 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæн се ’мбисæй фылдæр(45500 адæймаджы) сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд.
2 – аг амонæг: Хæст æвирхъау бæллæхтæ кæмæн æрхаста, уыцы ирон бинонтæ сты бирæ.Тохы быдырæй нал æрыздæхтысты Гæздæнты 7 æфсымæры (Дзуарыхъæу), Кобеккаты 7 æфсымæры (Доныфарс), Хестанты 6 æфсымæры (Хæтæлдон), Темырты 6 æфсымæры æмæ Тохъайты 5 æфсымæры (Цыкола), Хъалæгаты 5 æфсымæры, Гуыриаты 5 æфсымæры æмæ Тургиты 5 æфсымæры (Хъæдгæрон).
1 – аг амонæг: Бясты 5 æфсымæры, Бæлоты 5 æфсымæры (Сырх Дыгур), Сеойты 5 æфсымæры (Черноярскæйы станицæ), Дзоблаты 5
2
æфсымæры (Чырыстонхъæу),Тахохты 5 æфсымæры (Хъарман – Сындзыхъæу), Бæройты 5 æфсымæры, Басаты 5 æфсымæры (Елхот), Уазæгты 5 æфсымæры (Дур – Дур), Дыгуры 5 æфсымæры (Даргъ – Къох), Хъесаты 5 æфсымæры (Алагир), Дзебойты 5 æфсымæры (Дæргъæвс).
2 – аг амонæг: Цыппæргай хъæбултæ кæмæй фæхъуыд, уыцы бинонтæ та сты 52.
------- «Гæздæнты авд æфсымæры зарæг» --------
1 – аг амонæг: Хæсты рæстæг Цæгат Ирыстон Райгуырæн бæстæйæн радта: Советон Цæдисы хъæбатыртæ – 72 ( уыдонæй дыууæ Плиты Иссæ æмæ Иван Фесин – уыцы ном райстой дыгай хæттытæ), инæлæрттæ æмæ адмиралтæ – 50. Намысы ордены æртæ хатты кавалертæ систы 9 ирыстойнаджы. Нæ республикæйы хæстон сгуыхтыты тыххæй ордентæ æмæ майдантæ чи райста, уыдоны нымæц схæццæ 60 минмæ.
--------- «Иссæйы зарæг» ----------
2 – аг амонæг: Николай Гастеллойау фесгуыхтысты дыууæ ирон сахъгуырды: чырыстонхъæуккаг Акъоты Лазæр æмæ дзæуджыхъæуккаг Дзанайты Иван.
Дзугаты Руслан: Калоты Хазби «Ныгуылæнмæ»,
Къорнаты Солтан: Кочысаты Мухарбег «Хæрзбон».
1 – аг амонæг: 150 немыцаджы ныццагъта Иры сæрыстыр хъæбул Милдзыхты Хадзымырзæ. Капитан Хъазийы-фырт немыцы дæрæн кодта 1915 азы Варшавæйы бын, 1918 азы та Режицæйы цур.
2 – аг амонæг: Александр Матросов цы сгуыхтдзинад равдыста, ахæм сгуыхтытæ равдыстой 4 ирыстойнаджы: лейтенант Дзотты Лазæр, сержант Иван Недвижай, сержант Калоты Алыксандр ( æртæйæ дæр сæ риутæй бахгæдтой знаджы дотты амбразурæтæ) æмæ гвардийы сержант Хъайтыхъты Азæмæт (абон дæр у цардæгас).
3
1 – аг амонæг: Фашизмыл фæуæлахизы хъуыддагыл æнувыдæй чи архайдта æмæ йæ хæдзарыл сæрæгасæй чи сæмбæлд, уыцы ветерантæй, хъыгагæн, абон бирæ нал у цардæгас. Чи ма дзы у сæрæгас, уыдонæн нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ цæрæнбон.

-------«Журавли»(Э. Дауыраты) -----------