КОНСПЕКТ УРОКА ПО ОСЕТИНСКОМУ ЯЗЫКУ НА ТЕМУ: ЧИСЛИТЕЛЬНОЕ


Методическая разработка урока по осетинскому языку
на тему:
Зонд мæсыг у. Нымæцон.
Разработала: Преподаватель осетинского языка и литературы
МАРГИЕВА ЗИТА ВАСИЛЬЕВНА.

Владикавказ 2012г.
Темæ : Зонд мæсыг у. Нымæцон.Эпиграф
Номдартæ н сæ хыгъд æ вдисын,
Стæй сæ рæнхъæвæрд дæр раст,
Иуварс сæ мæ хи нæ исын,
Алкæд дæр дæн демæ баст.
Гаппуаты ХъасболатУрочы цыд:
I. Мотиваци.(Хæдуагвæрд)
-Уæ бон хорз, сывæллæттæ !
Кæд абон æнкъард бон у, уæддæр уæ зæрдæтæ хъуамæ цинæй дзаг уой, уымæн æмæ уæм æрбацыд бирæ уазджытæ . Ирон хæдзармæ та уазæг куы æрбацæуы, уæд ыл хур ракæсы æмæ фæзæгъынц: «Уазæг- Хуыцауы уазæг", уымæ гæсгæ азилут нæ уазджытæм, уæ мидбылты сæм бахудут æмæ сын уæ сæртæй уæздан акувут!
- Бузныг, сбадут!
II. Урочы темæйыл куыст.
- Сывæллæттæ , сымах зыдтат уазджытæ уæм кæй уыдзæн æмæ райсомæй, æвæццæгæн, тынг тагъд кодтат скъоламæ ?!
- Ничи байрæджы кодта? æмæ тагъд цæмæн кодтат скъоламæ : тарстыстут, куы байрæджы кæнат, уæд уæм хæццысты æви цæмæн?
- Цæмæн нæ хъæуы ахуыр кæнын?
- Бирæ зонындзинæдтæ цысывæллонмæ вæййынц, уыцы сывæллон куыд фæхонынц ?(Зонды къуыбар)
- Абон нæ урочы темæ йæн дæр йæ иу хай баст уыдзæн….(Зондимæ ) , уымæн æмæ зонд у… (СЛАЙД №2). Раст! Зонд мæсыг у – у нæ урочы темæйæн йæ иу хай.
- Чи зоны, цы у мæсыг? Цæмæн хъуыд?
- Куыд хъуыды кæнут, мæсыг æнцон амайæн уыд? (Мыггаг иумæйагæй амадта мæсыг)
-Абон мах дæр бафæзмындзыстæм нæ фыдæлты æмæ самайдзыстæм нæхи къласы мæсыг. Разы стут? Иууылдæр?
- Ис нæм амайæн æрмæг - дуртæ . Фæлæ цæмæй дур амады ныффидар уа, уый тыххæй йæ фæстæ цы хæслæвæрд фыст ис, уый сæххæст кæнын хъæуы.-Уæ ныфс хæссут?
-Тынг хорз! Æппæт хæслæвæрдтæ баххæст кæнынæн уæм фаг зонындзинæдтæ нæй. Математикæйы куыд вæййы, «уравнение с двумя неизвестными»: ома, нæ темæ йы иу хай базыдтам- «Зонд мæсыг у», иннæ та - грамматикон темæ нæ . Нæ хæс у базонын ног ныхасы хай. Уый тыххæй нæ сæххæст кæнын хъæуы 1-аг хæслæвæрд.- Уæдæ бавналæм нæ мæсыг амайынмæ , ома хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ :
1-аг хæслæвæрд: Дзырдтæ ныхасы хæйттæм гæсгæ къонвертты нывæрут. (Раттын 4 алыхуызон къонверты. 3 къонверты дзы афтид.) СЛАЙД №3
- Бакæсын: номдартæ (1-аг къорд), миногонтæ (2-аг къорд), мивдисджытæ (3-аг къорд). Сбæлвырд кæнын дзуæппытæ .
- Цавæр дзырдтæ уын баззад урс къонвертты? Бакæсут ма сæ .( 1-аг къорд)
- Ацы дзырдтæ хауынц, абон цы ног ныхасы хай базондзыстæм уымæ .- Цы нысан кæнынц ацы дзырдтæ ? (нымæц)
- Уæдæ куыд хъуыды кæнут, предметæн йæ нымæц цы ныхасы хай æвдисы, уый куыд хуыйны? (нымæцон)
- Сывæллæттæ , сымах базыдтат нæ грамматикон темæ дæр – Нымæцон! СЛАЙД №4
- 2-аг къорд, бакæсут ма, сымахæн та цавæр дзырдтæ баззад урс къонвертты?
-Уыдон дæр нымæцонтæ сты?
Бабæттут ма сæ номдартимæ . Номдарæн цы æвдисынц? (бæрц)
- Куыд схонæн ис бæрц цы нымæцонтæ амонынц, уыдон.(бæрцон)
- 3-аг къорд, бакæсут ма, сымахæн та цавæр дзырдтæ баззад урс къонвертты?
-Уыдон дæр предметы нымæц нысан кæнынц? Уæдæ цы? (рæнхъæвæрд)
- Куыд схонæн ис предметы рæнхъæвæрд цы нымæцонтæ амонынц, уыдон та?
-Сыв-тæ , чи зæгъдзæн раиртæст?
Фæйнæгыл дæр йæ бакæсын.СЛАЙД №5
-Сыв-тæ , уæдæ нæ грамматикон темæ дæр базыдтат. Уый у Нымæцон. Нæ хæслæвæрдтæ дарддæр дæр баст уыдзысты ацы ныхасы хаимæ .
Нæ мæсыг амад куы фæуæм, уæд уæ хæс уыдзæн раттын дзуапп ахæм фарстæн: «Нымæцон хорз зонын нæ царды кæм бахъæудзæн?»
- Ныр та къодтæ иууылдæр се ххуысы хай бахастой нæ фыццаг хæслæвæрд сæххæст кæнынмæ , æмæ сын ис бар мæсыгæн бындур сæвæрын.- Нæ темæ бæлвырдгонд æрцыд. Фыссæм абоны нымæц, къласы куыст.СЛАЙД №6
2-аг хæслæвæрд. Дзырдуатон куыст. СЛАЙД № 7. Нымæцтæ ныффыссут дзырдтæй:
Бæрцон: 2,4,15
Рæнхъон: 3,12,1
Дыууæ , цыппар, фынддæс, æртыккæгæм, дыууадæсæм, фыццаг.
- Иудзинадæй цы ис ацы дзырдты?
- Уæ зæрдыл бадарут сæ рæстфыссынад.- Ацы хæслæвæрд дæр та сæххæст кодтат. Ацамайут мæ сыджы 2-аг рæнхъ.3-аг хæслæвæрд. СЛАЙД №8 Æмбисонд баххæст кæнут нымæцонтæй:Æдылы хъæдмæ _____ цыды кæны._____ мыдыбындз чыргъæд нæ кæны.Къодах йæ ______ цæфæй бæрæг у.
- Сæ нысаниуæг сын бамбарын кæнут.- Ацы æмбисæндтæй нæ темæ : «Зонд мæсыг у»- мæ кæцы æмбисондтæй хæстæгдæр лæууы?
- Амайæм нæ мæсыг.4-æ м хæслæвæрд. Базон-базон уый та циу?
Æртæ æфсымæрæн иу нымæт худ( фынг)
Уырызмæгыл фондзæссæдз хæдоны(къабуска)
Иу лæгæн дыууадæс фырты (афæдз)
Афыссут сæ уæ тетрæдты, бахахх кæнут нымæцонтæ .III. Релаксаци . Мæсыг амайын æнцон нæу. Кусджытæ фæллайгæ дæр бакæнынц. Иу минут аулæфæм. ( Дæсгæйтæй нымад) СЛАЙДТÆ № 9-18
5-æ м хæслæвæрд. Ныффыссут хъуыдыйæдтæ нымæцонтимæ кæцытыл фембæлæлæн ис… историйы, географийы, музыкæйы.-Бакæсут ма сæ . Ссарут дзы нымæцонтæ . Цавæр нымæцонтæ сты?
-Амайæм мæсыджы иннæ рæнхъ.6-æ м хæслæвæрд. СЛАЙД№ 19. Хинæйдзаг фарста: Ссыгътой 15 мыдадзын цырагъы, фæстæмæ дзы ахуыссын кодтой 10. Цал ма баззад цырагътæй æнæ сыгъд?
Раст дзуапп кæцы къорд радта, уый амайы рæнхъ.7-æ м хæслæвæрд. Базонут цавæр литературон уацмыстæй ист сты ацы рæнхъытæ :
1. Иу цæст ма фезмæлыд,Иннæ ныдздзагъыр…
2) - Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы,-
Авдæн исты зæгъ!- Авд сæры уæйыгыл зайы,
Зондæй та – къæдзæх!3) Иу бон куы уыдис, уæд мæнæЗæрватыкк йæ ахстоны раз
Сбадт ,цъыбар-цъыбур куы кæны.Ацамайæм иннæ рæнхъ.8-æ м хæслæвæрд. Баххæст кæнын 395-æм ф. Бæрæггонд дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.Самайын мæсыджы рæнхъ.9-æ м хæслæвæрд. Бамбарын кæнут хъуыдыйæдтæ .1) Дисныйы бæрц срæзыд.2) Уылынджы йас йеддæмæ нæу.3) Дыууæ мæрты ма нæм ис мæнæу.Сывæллæттæ къуылымпы куы кæной, уæд ахуыргæнæг амоны хъуыдыйадты нысаниуæг.Ахуыргæнæг авæры мæ сыджы фæстаг дур. – Æз дæр уын ме 'ххуысы хай бакодтон, зæгъгæ .
Сывæллæттæ , æрбакæсут ма, цы хъуаг у нæ мæсыг? Цæмæй бæрæг у нæ къласы мæсыг у, уый?
- Нæ мæсыг амад фæцис. Цæй фæрцы самадтам нæ мæсыг?
- Схонæн æй ис нæ «зонындзинæдты мæсыг» ?- Мæсыг амайын куы райдыдтам, уæд уын загътон, зæгъгæ , урочы кæрон уæ хæс уыдзæн дзуапп раттын ахæм фарстæн: Нымæ цонтæ хорз зонын нæ царды кæм бахъаудзæн?
-Уæдæ нымæ цонтæй нæхи иуварс айсын нæ бон у? Эпиграфмæ рахизын. Бакæсæм ма Гаппуты Хъасболат нымæцоны тыххæй куыд фыссы:
- Нымæцон алкæддæр у уемæ баст?
V. Рефлекси.-Урочы алцыдæр чи бамбæрста æмæ урок цымыдисаг кæмæ фæкаст, уыдон сисæнт- ! иннæтæ та -?
-Къуылымпыдзинадтыл никуы амбæлыдыстут?
VI.Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.- Сывæллæттæ , ныр цымæ нымæцонтæ куы нæ уаид, уæд уын бæрæггæнæнтæ куыд сæвæрин?!-Цавæр бæрæггæнæнтæ уарзут арæхдæр исын?
- Бакæсæм ма Къадзаты Станиславы æмдзæвгæ «5» æмæ «2».
VII. Хæдзармæ куыст .
Æрхъуыды кæнын аргъау, кæцыйы уыдзæн цавæрдæр зондамынд, спайда кæнут нымæ цонтæй. Саразут æмæ йæ ныффыссут чиныджы хуызы. Сфæлгонцæй кæнут нывтæй.