Урок по осетинскому языку на тему Хъуыдыйад(7 класс)


Темæ: Хъуыдыйад.Нысан: 1. а) Хъуыдыйады тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæхкæнын.æ) Ирыстоны тырысайыл æрдзурын.2. Ныхасы рæзтыл бакусын.II. Ахуыргæнæджы разныхас:(Ахуыргæнæг дзуры нæ республикæйы гимны фыццаг куплет)Зæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæнНæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй. . .Арвы бын калы, фæрдыгау, тæмæнИрыстон йæ адæмты фарнæй.(Магнитафоныл фыст зарæг «Дидинæг калы нæ бæстæ...» -йæ 2 куплеты)Æмæ Иры сæрмæ фæйлауы Ирыстоны тырыса.Ацы бонты та йæ ном та ногæй æмæ ногæй кæмæн арæм, уыцыуарзон фыссæг Къостайы рæнхъытæ райстам эпиграфæн:«Скæнæм нæ тырысаДзыллæйы номæй, -Рухсмæ æнæзивæгЦомут æнгомæй.»Уæдæ, сывæллæттæ, цомут æнгомæй хъуыдыйады сусæгдзинæдтæахуыр кæнынмæ.(Сывæллæттæ фыссынц нымæц æмæ темæ)48III. Таблицæимæ куыст:(Фæйнæгыл таблицæйыл текст «Тырыса» ;иу скъоладзау кæсы текст) «Иронадæмæн ис æртæхуызон урс - сырх - бур тырыса. Ацыхуызтæ сты удварны сыгъдæгдзинад (урс хуыз), хæстон æхсар (сырххуыз), фарн æмæ бæркады (бур хуыз) нысантæ.Нæ тырысайы хуызтæ æмæ символты æмбарынæдтæ баст стыфыдæлтыккон ирон (скифаг æмæ алайнаг) æхсæнады арæзтимæ, кæцыдихгонд цыди æртæ социален къордыл: æфсæддон аристократи(уæздæттæ), дины кусджытæ æмæ æхсæнады рæнхъон уæнгтæ(фосдарджытæ æмæ зæхкусджытæ).»1. Фонетикой æвзæрст ракæнын дзырд тырыса.Т - [т] - æмхъ.(æзыл. (д)Ы - [ы] - лæм. хъ.Р — [р] — сон. æмхъ., зыл.Ы — [ы] — лæм. хъæл.С - [с] - æмхъ., æзыл. (з)А - [а] - хъæл. тыхдж.6д. 6м.2. Текстæй рафыссын ирон тырысаимæ баст дзырдбæстытæ.Урс хуыз, бур хуыз, сырх хуыз.Фарст. Цы у дзырдбаст? Цавæр дзырдтæй арæзт æрцæуы?49Дзуапп. Дзырдбаст бæрæг кæны предмет æмæ йæ архайд. Дзырдтæ сæкæрæдзимæ бает цæуынц мидисмæ гæсгæ æмæ грамматикойæгъдауæй. Дзырдбаст арæзт æрцæуы сæйраг дзырдæй æмæ дæлбардзырдæй.Кæрæдзийыл бает сæйраг æмæ дæлбар дзырдтæ иумæхуыйнынц дзырдбаст.3. Равдисын, нæ фыдæлты ирон æхсæнады арæзт æмæ тырысайы хуызтæкæрæдзийыл куыд баст сты, уый.Æфсæддон аристократи - сырх хуыз;Дины кусджытæ — урс хуыз;Æхсæнады рæнхъон уæнгтæ - бур хуыз.4. Нæ тырысайы 3 хуызæй уæхицæн равзарут иу хуыз, уæ риуыл æй бакæнут.(Партæтыл уæ разы тырысайы 3 хуызы.)IV. (Хъусæм зарæг «Фарн» -мæ)- Мæнмæ гæсгæ уын зонгæ у ацы зарæг.Хæс. Чи фылдæр хъуыдыйæдтæ ныффысдзæн зарæджы текстæй?(2 — 3 скъоладзауы бакастысты сæ хъуыдыйæдтæ)- Сбæрæг кæнæм, кæцы хуыз фæуæлахиз не.(Бур хуыз... )Фарст. Зарæггæнæг уын не скъолайы ахуырдзаутæй уæ цæстытыл никæйауайын кодта?Дзуапп. Уый у нæхи скъолайы 11—æм къласы ахуырдзау ДжихатыРомæ.50Фарст. 1. Цы хъуыдыйæдтæ рафыстат, уыдон уæлдæр дзырдбæстытæйцæмæй хицæн кæнынц? 2. Цы у хъуыдыйад?Дзуапп. Хъуыдыйады æвдыст цæуы æххæст хъуыды, дзырдбасты тахъуыды нæй.Хатдзæг. Уæ хъуыдыйæдтæ иууылдæр сты раст, æххæст хъуыдыйæдтæ.Хъуыдыйæдтæ ма арæзт вæййынц иугай дзырдтæй дæр.Зæгъæм, Фарн, фарн, фарн; Фæззæг. Æрбауазал. æмæ а. д.V. Чиныгимæ куыст:1) 1 скъоладзау кæсы раиртаст 7-æм §.2) æххæст кæнынц 53 -æм фæлтæрæн.VI. Нарты кадджыты текст:- Нæ рагфыдæлтау Нартæ дæр дих кодтой æртæ мыггагыл.Хæс. Уæ разы текст. Уыцы тексты цухгонд æрцыдыстыНарты мыггæгтææмæ сæ баххæст кæнут. (Иу скъоладзау хъæрæй кæсытекст).Скифтау Нартæ дæр дих цыдысты æртæ мыггагыл:Æхсæртæггатæ (хæстонтæ), Алæгатæ (дины кусджытæ) æмæБорæтæ (æхсæнады рæнхъон уæнгтæ). Фыццаг къордмæхаудысты: Уырызмæг, Хæмыц, Батрадз, Сырдон. Дыккагкъорды уæнгтæ æххæст кодтой нарты æгъдæуттæ, сæ хæдзарыæвæрд уыдис къус Уацамонгæ. Борæтæ та51уыдысты нарты бæркад æмæ фарны фæлдисджытæ.Фарст. Уæдæ уæ риуыл цы хуызтæ ис, уьгдонмæ гæсгæ уæ чикæцымыггагмæ хауы?Дзуапп. Æхсæртæггатæй, Алæгатæй,Борæтæй.Грамматикой хæс:1. Текст цал хъуыдыйадæй арæзт у? (цыппар)2. Алæгаты мыггаг хицæн кæнынц фыццаг хъуыдыйадыномдартæ,æмæ сын сæ сæрмæ фæнысан кæнынц кæцы хауæны исномдар,уый.(Фыссынц сæ сæ тетрæдты)3. Борæтæ — мивдисджытæ ссарын æмæ сæ бахахх кæнын.Сæсæрмæ сын фæнысан кæнын цæсгом, нымæц, афон.4.