Открытый урок по осетинскому языку на тему Дамгъуат (5 класс)


Темᴂ. Дамгъуат (Алфавит)
Куыд хорз, куыд кадджын дᴂ мᴂ цᴂсты,
Нᴂ ирон мадᴂлон ᴂвзаг!
(Чеджемты ᴁхсар)
Урочы нысан:
-1- 1. Фонетикᴂйᴂ цы сахуыр кодтой сывᴂллᴂттᴂ,
уый зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын фᴂрстыты руаджы.
2. Хъᴂлᴂсонтᴂ ᴂмᴂ ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ куыд бамбᴂрстой,
уый иумᴂйаг бакусинᴂгты руаджы сбᴂрᴂг кᴂнын.
3. Практикон хᴂслᴂвᴂрдтᴂ:
а). Грамматикон хъазт: «Мырон пропорцитᴂ»;
ᴂ). Чи тагъддᴂр ( иу минутмᴂ) дамгъᴂтᴂй
ныффыссын дзырдтᴂ;
б). Викторинᴂ.
-11- Ног ᴂрмᴂг. Дамгъуат зонынᴂн цавᴂр практикон нысаниуᴂг ис,
ууыл ᴂрдзурын.
Хъомыладон хᴂс. Сывᴂллᴂттᴂн уарзын кᴂнын мадᴂлон ᴂвзаг.
Цᴂстуынгᴂ ᴂрмᴂг. Таблицᴂтᴂ, дидактикон ᴂрмᴂг 5 къласᴂн,
дзырдуᴂттᴂ, техникон фᴂрᴂзтᴂ.
Урочы цыд.
-1- Организацион хай.
Ахуырг. -- Уᴂ бон хорз, сывᴂллᴂттᴂ! Абон нᴂ урокмᴂ ᴂрбацыдысты
уазджытᴂ ᴂмᴂ сын «ᴂгас цу» зᴂгъᴂм. (Алыбон ᴂгас нᴂм цᴂут!).
Сывᴂллᴂттᴂ, абон нᴂ урочы нысан уыдзᴂн: ᴂвзаджы хайᴂ цы
ахуыр кᴂнᴂм, ᴂмᴂ дзы цы базыдтам, уый зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын
ᴂмᴂ йᴂ ныффидар кᴂнын фᴂрстыты руаджы; скᴂндзыстᴂм
пратикон хᴂслᴂвᴂрдтᴂ, зᴂгъдзыстᴂм, цы у, ᴂмᴂ цᴂмᴂн хъᴂуы
зонын дамгъуат? Нᴂ урокᴂн эпиграфᴂн райстон Чеджемты ᴁхсары
ныхᴂстᴂ: « Куыд хорз, куыд кадджын дᴂ мᴂ цᴂсты, Нᴂ ирон
мадᴂлон ᴂвзаг!» Ацы ныхᴂстᴂм ма урочы кᴂрон ноджыдᴂр
раздᴂхдзыстᴂм.
-- Ныр та уал , сывᴂллᴂттᴂ, нᴂ зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнᴂм:
ᴂвзагзонынады хᴂйттᴂ цал сты?
Дзуапп: -- 4 - синтаксис, фонетикᴂ, лексикᴂ ᴂмᴂ морфологи.
Ахуырг. --Цавᴂр ᴂвзаджы хай ахуыр кᴂнᴂм?
Дзуапп: -- Ахуыр кᴂнᴂм ᴂвзаджы хай --- фонетикᴂ.
Ахуырг. -- Цы у фонетикᴂ ᴂмᴂ цы иртасы?
Дзуапп: -- Фонетикᴂ у ᴂвзаджы зᴂлты (мырты) ахуырад. Уый иртасы
мыртᴂн сᴂ равзрд, сᴂ классификации, сᴂ ивддзинᴂдтᴂ.
Ахуырг. -- Цы хуыйны графикᴂ?
Дзуапп: -- Фысгᴂйᴂ иу кᴂнᴂ иннᴂ ᴂвзаджы мыртᴂ бᴂлвырд нысᴂнттᴂй
(дамгъᴂтᴂй) бᴂрᴂггонд куы фᴂцᴂуынц, уᴂд уый хуыйны графикᴂ.
Ахуырг -- ᴁмᴂ нᴂ ныхас та цᴂмᴂй конд у?
Дзуапп: -- Нᴂ ныхас конд у хъуыдыйᴂдтᴂй, хъуыдыйᴂдтᴂ -- дзырдтᴂй,
дзырдтᴂ та -- мыртᴂй.
Ахуырг.-- Мыртᴂ та куыд равзᴂрынц? Цᴂй руаджы ᴂмᴂ цᴂй ᴂххуысᴂй?
Дзуапп: -- Мыртᴂ равзᴂрынц уᴂлдᴂфы руаджы – дзурᴂн буары хᴂйтты
ᴂххуысᴂй. ( Равдисын слайд № 1 - дзурᴂн буары хᴂйттᴂ).
( 1 – рᴂуджытᴂ, 2 – улᴂфᴂн хурх, 3 – хурх/хурхуадындзтимᴂ/, 4 – дзых,
5 - ᴂвзаг, 6 – былтᴂ, 7 - дᴂндᴂгтᴂ, 8 – фындз).
Ахуырг. – Цᴂмᴂй хицᴂн кᴂны мыр дамгъᴂйᴂ? Сᴂ равзᴂрдмᴂ гᴂсгᴂ та
цавᴂртᴂ сты?
Дзуапп: -- Мыр - хъусᴂм ᴂмᴂ дзурᴂм, дамгъᴂ - уынᴂм ᴂмᴂ фыссᴂм. Мыртᴂ
сᴂ равзᴂрдмᴂ гᴂсгᴂ сты: хъᴂлᴂсонтᴂ ᴂмᴂ ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ.
Ахуырг. – Куыд сᴂвзᴂры хъᴂлᴂс?
Дзуапп: -- Дзургᴂйᴂ уᴂлдᴂф рᴂуджытᴂй улᴂфᴂн хурхыл рацᴂуы хурхмᴂ.
ᴁнгомгонд хурхуадындзтыл сᴂмбᴂлы ᴂмᴂ сᴂ ратоны. Хурхуадындз-
тᴂ ныззыр-зыр кᴂнынц ᴂмᴂ раттынц зᴂл, хонᴂм ᴂй хъᴂлᴂс.
Уыцы хъᴂлᴂсы руаджы сᴂвзᴂрынц мыртᴂ [а, ᴂ, е, и … ]
Ахуырг. – Цал ᴂмᴂ цавᴂртᴂ сты ирон ᴂвзаджы хъᴂлᴂсон мыртᴂ?
Дзуапп: -- Ирон ᴂвзаджы хъᴂлᴂсон мыртᴂ сты - 7 - [ а, ᴂ, е ,и, о, у, ы]
Ахуырг. – Цавᴂртᴂ сты тыхджын ᴂмᴂ лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсонтᴂ?
Дзуапп: -- Тыхджын хъᴂлᴂсонтᴂ сты – 5 – [а, е, и, о, у]
лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсонтᴂ - 2 - [ ᴂ, ы ]
Ахуырг. – Хъᴂлᴂсонтᴂ -е,- о - йᴂ цы дзырдтᴂ райдайынц, уыдоны растфыс-
сынады ᴂмᴂ растдзурынады та цы хицᴂндзинᴂдтᴂ ис?
Дзуапп: -- Хъᴂлᴂсон - е – дзырды райдайᴂны загъд куы цᴂуы, уᴂд йᴂ разᴂй
хъуысы ᴂмхъᴂлᴂсон - й – имᴂ, фᴂлᴂ йᴂ нᴂ фыссᴂм.
Ахуырг. -- ᴁрмᴂст цавᴂр дзырдты райдайᴂны ᴂмбᴂлы -Й – имᴂ фыссын?
Дзуапп: -- (Фиппаинаг: 3 дзырды: - йе, - йемᴂ, - йеддᴂмᴂ)
Ахуырг. -- Хъᴂлᴂсон - о – йᴂ цы дзырдтᴂ райдайынц, уыдон та?
Дзуапп: -- Хъᴂлᴂсон - о – дзырды райдайᴂны загъд фᴂцᴂуы -У –имᴂ,
фᴂлᴂ йᴂ нᴂ фыссᴂм.
(Фыссᴂн фᴂйнᴂгыл баххᴂст кᴂнын дзырдуатон – орфографион куыст:
й егъау, й ерыс, й ехс, й ердо, й егар, у охх, у обау, йемᴂ, йе,
йеддᴂмᴂ, у оуу , у онг , у оммен , й ефс).
Ахуырг. -- Ныр та рахизᴂм ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂм. Зᴂгъын, ᴂмхъᴂлᴂсон мыртᴂ
куыд равзᴂрынц?
Дзуапп: -- Хурхуадындзтᴂ лᴂмᴂгъ куы уой, уᴂд се хсᴂн вᴂййы зыхъхъыр.
Уᴂлдᴂф уыцы зыхъхъырыл хурхᴂй дзыхмᴂ рацᴂуы, фембᴂлы
къуылымпыдзинᴂдтыл. Уыдоныл уᴂлдᴂф йᴂхи рахафы, ратоны
се хсᴂнты ᴂмᴂ афтᴂмᴂй сᴂвзᴂры зᴂл – сыбыртт. Сыбыртты
руаджы сᴂвзᴂрынц мыртᴂ [к, п, т, ц … ]
Ахуырг. -- Цал ᴂмхъᴂлᴂсон мыры ис ирон ᴂвзаджы? Ранымайын сᴂ.
Дзуапп: -- Ирон ᴂвзаджы ис 31 ᴂмхъᴂлᴂсоны : [б, в, г, гъ, д, дж, дз, ж, з, й, к,
къ, л, м, н, п, пъ, р, с, т, тъ, -у-, ф, х, хъ ,ц, цъ, ч, чъ ,ш, щ ] –30 + 1 (У)
Ж, -Ш, -Щ,- ᴂмбᴂлынц ᴂрмᴂстдᴂр уырыссаг ᴂвзагᴂй ᴂрбайсгᴂ
дзырдты. ( Дзырдуатон куыст: журнал, шифер, штукаткр, жюри,
щёткᴂ … )
Ахуырг. – Цавᴂр дыууᴂ къордыл дих кᴂнынц ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ? Куыд сᴂвзᴂ-
рынц? Цᴂмᴂй хицᴂн кᴂнынц?
Дзуапп: -- ᴁмхъᴂлᴂсонтᴂ дих кᴂнынц зылангонтᴂ ᴂмᴂ ᴂзылангонтыл.
Зылангон мыртᴂ сᴂвзᴂрынц хъᴂлᴂс ᴂмᴂ сыбырттᴂй, ᴂзылан –
гонтᴂ та - ᴂрмᴂст сыбырттᴂй.
зылангонтᴂ: [ б, в, г, гъ, д, дж, дз, ж, з, л, м, н, р, й, у ] – 15
ᴂзылангонтᴂ : [ п, ф, к, х (хъ), т, ч, ц, ш, с, къ, пъ, тъ, цъ, чъ,щ ] --16
Ахуырг. – Зылангон ᴂмᴂ ᴂзылангон ᴂмхъᴂлᴂсон мыртᴂй иутᴂ сты -
ᴂмкъᴂйттᴂ, иннᴂтᴂ та -- ᴂнᴂкъᴂйттᴂ. Зᴂгъут ма сᴂ.
Дзуапп: -- ᴁмкъᴂйттᴂ: -- [ б в г гъ д дз дж ж з ] -- 9
[ п ф к х (хъ) т ц ч ш с ] -- 10
ᴁнᴂкъᴂйттᴂ: - зылангонтᴂ: [ л, м, н, р, й, у ] -- 6
ᴂзылангонтᴂ: [ къ, пъ, тъ, цъ, чъ, щ ]—6
Аулᴂфт. Сывᴂллᴂттᴂн хᴂдзармᴂ цы тагъддзуринаг уыд
(«Дыдта быдта, Цы быдта? …), уый иумᴂйагᴂй найзусть дзургᴂйᴂ,
хъᴂлдзᴂгᴂй, ᴂххᴂст кᴂнынц (физминуткᴂ).
а). Ныффыссын дзырдуатон диктант: бᴂхтᴂ, мᴂргътᴂ, хъазтᴂ, мигътᴂ,
рывта, цавта, сᴂгътᴂ, ивᴂзта, нывтᴂ, дыргътᴂ, марзта …
ᴂ). Ныффыссын: - дзырд - дзырдбаст - семᴂ саразын хуымᴂтᴂг
даргъ хъуыдыйᴂдтᴂ; равзарын сᴂ хъуыдыйады уᴂнгтᴂм гᴂсгᴂ.
1. Сывᴂллᴂттᴂ. 2. Сывᴂллᴂттᴂ хъазынц .
3. Сывᴂллᴂттᴂ хъазынц пуртийᴂ скъолайы кᴂрты.

Практикон хᴂслᴂвᴂрдтᴂ (презентаци):
-1- Хᴂслᴂвᴂрд.
Сᴂххᴂст кᴂнут грамматикон хъазт «Мырон пропорци». Фарсты бᴂсты
сᴂвᴂрут хъᴂугᴂ ᴂмкъай зылангон кᴂнᴂ ᴂзылангон мыртᴂ.
-1-
Б : П = Д : ?
Ф : ? = К : ?
С : ? = Ш : Ж
Д : Т = ? : Х
ДЖ : ? = ДЗ :
1 2 3 4 5
Т В/Г З ГЪ Ч / Ц
-2-
З : С = Ж : ?
П : ? = Ф :
Г : К = ? : Т
? : Б = Ч : ДЖ
Т : ? = Ц :
1 2 3 4 5
Ш Б / В Д П Д / ДЗ

-3-
К : ? = Х (ХЪ) :
ДЗ : Ц = ? : Ч
Ш : ? = С : З
П : = ? : Д
? : ДЖ = Ф : В
1 2 3 4 5
Г/ гъ ДЖ Ж Б / Т Ч
-2- Хᴂслᴂвᴂрд
ᴁмхᴂццᴂ дамгъᴂтᴂй чи фылдᴂр ныффысдзᴂн дзырдтᴂ иу минутмᴂ
у ы
а х Дзуапп: ахуыр, хур, хуы, хуыр, хырх, уары, арх
р
Ног ᴂрмᴂг. -- Баххᴂст кᴂнын 179 - ᴂм фᴂлтᴂрᴂн. Зᴂгъын: цᴂмᴂй хицᴂн
кᴂнынц фыццаг къорды дамгъᴂтᴂ дыккаг къорды дамгъᴂтᴂй.
Дзуапп: - 1-аг цᴂджындзы дамгъᴂтᴂ ᴂмхᴂццᴂ ᴂвᴂрд сты,
2-аг цᴂджындзы та дамгъᴂтᴂ ᴂвᴂрд сты кᴂрᴂдзийы фᴂдыл.
Ахуырг. – Уᴂдᴂ цавᴂр хатдзᴂг скᴂнᴂн ис ᴂмᴂ цы хонᴂм дамгъуат?
Дзуапп: --Дамгъᴂтᴂ кᴂрᴂдзийы фᴂдыл ᴂвᴂрдᴂй хонᴂм дамгъуат.
(Сывᴂллᴂттᴂ кᴂсынц чиныджы раиртᴂст): дамгъᴂтᴂ бᴂлвырд
фᴂткыл ᴂвᴂрдᴂй хонᴂм дамгъуат кᴂнᴂ абеты рᴂнхъᴂвᴂрд
(алфавит).
Ахуырг. – Сывᴂллᴂттᴂ, уᴂ зᴂрдыл–ма ᴂрлᴂууын кᴂнут: райдиан кълᴂсты
уырыссаг дамгъуаты тыххᴂй цы сахуыр кодтат ᴂмᴂ цᴂмᴂй хицᴂн
кᴂны ирон дамгъуатᴂй?
Дзуапп: -- Уырыссаг дамгъуаты ис - 33 дамгъᴂйы: 10 - хъᴂлᴂсонтᴂ,
21- ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ, 2 дамгъᴂйы - Ъ, Ь та сты ᴂгомыг дамгъᴂйы.
-- Ирон дамгъуаты та ис - 43 дамгъᴂйы:
11- хъᴂлᴂсоны (а ᴂ е и о у ы ё э ю я); уыдонᴂй:
7– ирон хъᴂлᴂсоны ; 5 – тыхджын (а е и о у ) ;
2 – ламᴂгъ (ᴂ ы) ; 4 хъᴂлᴂсоны ( ё э ю я) –
ᴂмбᴂлынц ᴂрмᴂстдᴂр уырыссаг ᴂвзагᴂй ᴂрбайсгᴂ дзырдты
( ёлкᴂ, экскурси, юрист, яхтᴂ, январь, юмор, экран, экспорт …)
31- ᴂмхъᴂл., 2 - ᴂгомыг дамгъᴂйы ( –ъ, ь ) мыр нᴂ нысан кᴂнынц;
-- ( гъ, дз, дж, къ, пъ,тъ, хъ,цъ,чъ) – 9 - сты дыууᴂ хайᴂ арᴂзт дамгъᴂйы.
-- Дамгъᴂ -У - у хъᴂлᴂсон дᴂр ᴂмᴂ ᴂмхъᴂлᴂсон дᴂр
( урс, судзы, сурᴂт, уᴂрыкк, уᴂрдон, уыры, уынг, ахуыр …) ;
-- Алкᴂцы дамгъᴂйᴂн дᴂр дамгъуаты ис йᴂхи бынат ᴂмᴂ йᴂхи нымᴂц.
Ахуырг. -- Уᴂдᴂ нᴂ цымᴂ, цᴂмᴂн хъᴂуы зонын дамгъуат, сывᴂллᴂттᴂ?
Дзуапп: -- (Сыв-тᴂ кᴂнынц хатдзᴂг). -- Уымᴂн ᴂмᴂ дамгъуаты уагыл ᴂвᴂрд
вᴂййынц дзырдтᴂ дзырдуᴂтты, уыцы уагыл арᴂзт вᴂййынц алы –
хуызон номхыгъдтᴂ.
-- (Дзырдуᴂттᴂ равдисын, дᴂнцᴂгтᴂ дзы ᴂрхᴂссын).
-- (Баххᴂст кᴂнын 186 -ᴂм фᴂлтᴂрᴂн).
Ахуырг. – Нᴂ урокᴂн ᴂмткᴂй хатдзᴂгтᴂ скᴂнᴂм «Викторинᴂ» -йы руаджы:
(Экраныл равдисын презентаци – слайдтᴂ; сывᴂллᴂтты адих
кᴂнын 3 къордыл; алкᴂцы къордᴂн дᴂр
райуарын хᴂслᴂвᴂрдтᴂ). (Сывᴂллᴂтты дзуᴂппытᴂ).

Викторинᴂ.
-1- къорд
1. Фонетикᴂ ахуыр кᴂны?
А) Ныхасы хᴂйттᴂ
ᴁ) Хъуыдыйады уᴂнгтᴂ
Б) Мыртᴂ ᴂмᴂ дамгъᴂтᴂ +
В) ᴁрхᴂцᴂн нысᴂнттᴂ
2. Ирон ᴂвзаджы бындурон хъᴂлᴂсонтᴂ сты:
А) 9
ᴁ) 7 +
Б) 10
В) 11
3. Кᴂцы дзырдты ис ᴂрмᴂст тыхджын хъᴂлᴂсонтᴂ:
А) ᴂрдᴂг
ᴁ) ирон +
Б) быру
В) саби +
4. Рᴂдыдимᴂ фыст сты:
А) йерыс +
ᴁ) йемᴂ
Б) йегъау +
В) йеддᴂмᴂ
-2- къорд
1. Лᴂвᴂрд дзырдтᴂй кᴂцыты ис ᴂрмᴂст зылангон ᴂмхъᴂлᴂсонтᴂ?
А) скъола
ᴁ) лᴂппу
Б) адᴂм +
В) ᴂмгар +
2. ᴁмхъᴂлᴂсонтᴂ сты:
А) 26
ᴁ) 34
Б) 31 +
В) 29
3. Кᴂцы дзырдты ис ᴂрмᴂст лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсонта:
А) уызын +
ᴁ) уᴂзбын +
Б) ᴂвзаг
В) чиныг
4. Рᴂдыдимᴂ фыст сты:
А) ᴂгъдауджын
ᴁ) нывкᴂнᴂг +
Б) уобау +
В) онг
-3- къорд
1. Зылангон мыр нᴂу:
А) д
ᴁ) дж
Б) ф +
В) л
2. Хъуыдыйады уᴂнгтᴂ дих кᴂнынц:
А) 2 къордыл +
ᴁ) 3 къордыл
Б) 4 къордыл
В) 5 къордыл
3. Кᴂцы дзырдты - у- хъᴂлᴂсон у
А) уыры
ᴁ) нуры +
Б) хур +
В) уары
4. Ирон дамгъуаты ис:
А) 35 дамгъᴂйы
ᴁ) 33 дамгъᴂйы
Б) 42 дамгъᴂйы
В) 43 дамгъᴂйы +

Кᴂронбᴂттᴂн ныхас. ( Сывᴂллᴂттᴂ зарынц «Къостайы зарᴂг»;
аив кᴂсынц Чеджемты ᴁхсары ᴂмдзᴂвгᴂ
«Мадᴂлон ᴂвзаг»).
Ахуыргᴂнᴂг кᴂны хатдзᴂг.
Бᴂрᴂггᴂнᴂнтᴂ сᴂвᴂрын.
Хᴂдзармᴂ куыст: А). Дамгъуат зонын. ᴁ). Баххᴂст кᴂнын 187 -ᴂм фᴂлтᴂрᴂн.
Б). Ныффыссын къласы сывᴂллᴂтты номхыгъд
дамгъуаты фᴂткыл.


Гом урочы пълан – конспект
ирон ᴂвзагᴂй 5-ᴂм къласы
Темᴂ. - Д а м гъ у а т -
Беслᴂныхъᴂуы 2 - ᴂм атᴂуккаг
скъолайы ахуыргᴂнᴂг
-- Ц х у ы р б а т ы Ж.О. --
ᴁртхъирᴂны мᴂйы 25-ᴂм бон, дыццᴂг.
-- Беслᴂныхъᴂу, 2014 аз --