Конспект урока по осетинскому языку на тему Л?гдзинад дзыхы ныхас?й н?у. Асл?нбеджы зар?гм? г?сг?


Урочы темæ: Лæгдзинад дзыхы ныхасæй нǽу. Аслӕнбеджы зарӕгмӕ гӕсгӕ
Эпиграф урокмæ: «Ӕнусы царды бæсты,æнусы кад хуыздæр.»
Урочы нысантæ: 1. Зарæджы мидис райхалын,йæ сæйраг идейæ сæрибарыл тох кæныныл кæй у,уый бамбарын кæнын. 2. Рæзын кæнын цымыдисдзинад ирон адæмы историмæ .
1.Бацæттæгæнæн рæстæг.
2.Ног æрмæгыл бакуыст.
-Нæ урокæн эпигрæфæн райстон ахæм ныхæстæ :«Ӕнусы царды бæсты,æнусы кад хуыздæр», зæгъгæ. Эпигрæфмæ нæ хъус дардзыстæм нæ урокыл кусгæйæ. Уый фæстæ хатдзæг скæндзыстæм,эпигрæф нæ урокмæ исты бар дары æви нæ. Лæгдзинад дзыхы ныхасæй нæу. -Куыд æмбарут ацы ныхæстæ? -Дзуапп. –Ахæм зондахастыл хæст чи у,уыдонæн сæ кой цæй фæрцы баззайы адæмы хсæн? Дзуапп.(зарджыты,кадджыты) –Цавæр вæййынц зарджытæ? Дзуапп.(лирикон,хъайтарон)
Ахуыргæнæджы раныхас.
Ирон адæмон сфæлдыстад хъæздыг у æхсар æмæ лæгдзинады зарджытæй.Адæмон зарæг та цæуы зæрдæйæ-зæрдæмæ,фæлтæрæй-фæлтæрмæ.Зын сахат йæ адæмы уæлхъус чи æрбалæууы æмæ сæрибар бахъахъхъæныны тыххæй знаджы ныхмæ чи æрлæууы,зарæджы аккаг дæр уыдон сты,адæмы хуыздæр хъæбултæ.
-Абон мах кусдзыстæм Аслæнбеджы зарæгыл. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм,чи уыд Аслæнбег? Дзуапп.(Аслæнбег уыд Бæтæйы фырт) -Чи уыдысты Бæтæйы фырттæ та?

( Бӕтӕйы фырттӕн сӕ мыггаг уыд Алыккатӕй.Уыдон сты тыхджын,ныфсхаст,сӕрыстыр.Ӕгады царды бӕсты разы сты мӕлӕтыл.Тох кӕнынц ӕлдӕрттӕ ӕмӕ хъӕздгуытимӕ.Сӕ тох у сӕрибардзинад,кад ӕмӕ намысы сӕрыл.Сæ хъæбатырдзинад æмæ уæздандзинадæй сæ зыдтой æввахсцæрæг æмæ дæрддаг адæмтæ. -Ныр та байхъусæм зарæгмæ «Бæтæйы фырттæ». Зары йæ Хуымæллæггаг Кæсæбиты Митя.(зарæгмæ хъусынц) Кæсæм зарæг. Зарæг бакæсыны размæ дзырдуатон куыст сӕххӕст кӕнын.
Дзырдуат: уӕздӕттӕ-хъӕздгуытӕ, бонджынтæ стыр мадырвадӕлтӕ-фыды мады мыггаг бецау-мӕгуырӕг хорз нæ баузӕлыд-хорз цæстæй сæм нæ ракасти раргъӕвтой-рахизын кӕнын (слайд)
-Чи уыдысты Тæгиатæ,кæм цардысты? (Тæгиатæн сæ хистæр уыд Тæга.Уый фæхыл йе фсымæр Куыртта-имæ æмæ алыгъд Куырттаты комǽй йӕ кæстæртимæ . Тӕгиатӕ уыдысты бонджын,хъал адӕм.Абон дӕр ма сӕ мӕсгуытӕ лӕууынц фидарӕй.(слайд)

Тӕгиатӕм хаудтой фараст мыггаджы Хъобаны цардысты Хъаныхъуатæ æмæТлаттатæ, Санибайы Санатæ, Есенатæ, Куындыхатæ,

Тменыхъæуы-Тугъантæ) Дæргъæвсы Ӕддаттатæ,Мамсыратæ,Тхостатæ
Зарæг кæсгæйæ ахуыргæнæг хайгай æвзары текст ахуырдзаутимæ.
Фæрстытæ зарæгмæ.

–Архайд кӕм цӕуы? (Хъобангомы) -Цæмæн сфæнд кодтой Бæтæйы фырттæ Хъобанæй фæлидзын?. -Будзи æмæ Аслæнбег куыд исынц сæ маст æфхæрæг адæмæй? -Ссарут тексты Уæгъуыллæйы уавæр æмæ йæ бакæсут. Куыд уæм фæкаст,цæмæн ратардтой Бæтæйы фырттæ кæсгон æлдар Саулохы фос? –Ссарут тексты Аслæнбег æмæ Саулохы хæст кæрæдзиимæ?
«Аслæнбег,афтæмæй нæ фæцæудзынæ,- Ӕнæ схæцгæйæ дын мæ рæгъау нæ ратдзынæн, Дæ ныфс кæм бахастай,уым фæкæн фыццаг æхст!» Аслæнбег бадзуры: «Ӕфхæрды ды фæдæ Ӕмæ фехс.. Фыццаг æхст дæ бар у»
-Аслæнбегæн цавæр миниуæг рабæрæг ацы скъуыдздзаджы?
-Цæмæ бæллы Аслæнбег? Йæ фæстаг бæллиц цы у?
«Ныхас кӕнын мӕ бон куы нал у: Тӕхуды,Мызуры зӕрдтӕн ма Сӕ ныхасмӕ хъусынǽй куы бафсӕдин!..»
Цавæр хатдзæг скæнæн ис ардыгæй?
282130592583000Зарæг равзæрстам,фæрстытæн дзуап раттам. -Куыд уæм кæсы,æрмæст ирон адæммæ уыд Аслæнбеджы хуызæттæ? -Аслæнбег уын уæ цæстытыл цавæр дунеон хъайтар ауайын кодта? (Робин Гуд-ы.) Чи уыд Робин Гуд?(скъоладзау дзуры æмæ æвдисы презентаци)
Хатдзæг: Аслæнбег дæр æмæ Робин гуд дæр хъæздыг адæмæй истой мулк æмæ йæ уæрстой мæгуыртыл.
- Куыд уæм кæсы раст кодтой?
-Не хсæн,сывæллæттæ ис ахæмтæ ,чи нæ у Хъобангомæй,чи Уæлладжыры комæй,чи Хуссар Ирыстонæй.Уæ кæмтты та цавæр адæмтæ ис,кæцытæй стут сæрыстыр,кæцытыл скодтой зарджытæ? (Сывæллæттæ дзурынц сæ хъусынгæнинæгтæ æвдисынц къамтæ).

-Не скъола та кæй ном хæссы? (Дзебысаты Тайуразы) -Чи уыд Дзебысаты Таймураз?(сывæллæттæ дзуапп дæттынц). -Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттмӕ дӕр ис хъайтарон зарджытӕ. Ахъуыды ма кӕнут ӕмӕ зӕгъут ,цавӕр адӕммӕ ис ахӕм зарджытӕ? (Дзуапп).
Хатдзæг: -Нæ урочы Аслæнбеджы зарæг æвзаргæйæ цæуыл дзырдтам?( лæгдзинадыл) -Цавæр æмбисæнттæ зонут лæгдзинады тыххæй?(Сывæллæттæ дзурынц).
-Мæнмæ дæр ис æмбисæнттæ,фæлæ се хсæн хъуамæ ссарат лæгдзинадыл чи дзуры,ахæмтæ.
Лæгдзинад дзыхы ныхасæй нæу. Бахъуаджы сахат дӕ удыл ма бацауæрд . Райгуырæн бӕстӕ адджын у. Хæстæй æмæ фæдисæй лидзын худинаг у. Хæстон лæг адзалæй нæ тæрсы. Фыдыбæстæ-ныййарæг мадау-адджын-Абоны царды та лæгдзинад куыд равдисæн ис? -Цы у лæгдзинад нæ царды?
–Раздæхæм ма нæ эпиграфмæ æмæ ма йæ иу хатт бакæсæм.
«Ǽнусы царды бǽсты, ǽнусы кад хуыздǽр»
Раргом кодтам эпигрæфы хъуыды? ( Аслӕнбег ӕгад царды бӕсты равзӕрста мӕлӕт)
Хатдзæг: -Цæйнæфæлтау Аслæнбег æгадæй цӕра,уый бæсты равзæрста мæлæт,æмæ йыл адæм дæр зарæг уый тыххæй скодтой. Алы адæймагæн дæр йæ хæс у бахъуаджы сахат йæ уд ма бавгъау кæна.
3. Хæдзармæ куыст. Зæрдывæрдæй аив кæсын зарӕгӕй скъуыдздзаг.