Конспект открытого урока по осетинской литературе на темуХорз куыдз л??гн ?мбал у боситы Ирбеджы радзырд ?мбарг? куыдз — м? г?с?г


Сохъхъуырты Лаурӕ,
Змейкӕйы 2-ӕм астӕуккаг
скъолайы ахуыргӕнӕгКӔСЫНЫ УРОК 4-ӔМ КЪЛАСЫ
Урочы темӕ: «Хорз куыдз лæгæн æмбал у»
Боситы Ирбеджы радзырд «Ӕмбаргӕ куыдз»-мӕ гӕсгӕ.
Урочы нысантӕ:
Скъоладзауты базонгӕ кӕнын Боситы Ирбеджы радзырдимӕ.
Аив, раст, ӕмбаргӕ кӕсыны руаджы сбӕрӕг кӕнын радзырды сӕйраг хъуыды.
Сывӕллӕттӕм гуырын кӕнын уарзондзинад цӕрӕгойтӕм, ахуыр сӕ кӕнын ӕрдз хъахъхъӕныныл.
Универсалон ахуырадон архӕйдтытӕ урочы:
удгоймагон, регулятивон, логикон,коммуникативон, дунембарынад парахат кӕнын урочыУрочы хуыз: ног ӕрмӕгыл кусыны урок
Урочы фӕлгонц: фӕйнӕг, компьютер, интерактивон фӕйнӕг, презентаци, скъоладзауты конд нывтӕ, аудиоӕрмӕгУрочы эпигрӕф: «Мы в ответе за тех, кого приручили…»
Антуан де Сент -Экзюпери
Урочы цыдБацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, нӕ зынаргъ уазджытӕн ӕгасцу зӕгъӕм, цы зонӕм, уый равдисӕм ӕмӕ ма сӕм ног зонындзинӕдтӕ бафтауӕм.
Хъуысы музыкӕ (слова Ламма А., музыка Шаинского В «Пропала собака»)
Ахуыргӕнӕг: Зарӕгмӕ хъусгӕйӕ уӕ зӕрдыл цавӕр уацмыс ӕрлӕууыд? (Коцойты Арсены радзырд «Хъусой»)
Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, урокмӕ цӕттӕ кодтат радзырды уӕм зӕрдӕмӕхъаргӕдӕр цы бынӕттӕ фӕкаст, уыдонмӕ нывтӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ (сабитӕ иугай цӕуынц фӕйнӕгмӕ ӕмӕ дзурынц сӕ конд нывты тыххӕй)
- Ныв куы кодтат, уӕд цин кодтат ӕви ӕнкъард?
(Сывӕллӕтты куыстытӕй)
Куыдз хæдзарыл иузæрдыг у.

Пайда дзы нæй, йæ фыдæбон та ма — йæ уæлдай Хорз куыдз йæ мард быдырмæ хæссы.
Ахуыргӕнӕг: Цымӕ лӕппуты ныййарджытӕ раст уыдысты, къӕбылаты кӕй аппарын кодтой, уымӕй?
- Цӕмӕн ма баппӕрста Гаппо дыккаг хатт, мад удуӕлдайӕ цы хъӕбулы фервӕзын кодта, уый?
- Сымах та куыд бакодтаиккат Гаппойы бынаты?
- Сывӕллӕттӕ, уацмысы архайджытӕй кӕй фарс стут, дыууӕ лӕппуйы ӕви ныййарджыты? Цӕмӕн?
Ахуыргӕнӕджы хатдзӕг: «Госӕма фесӕфта къӕбылаты, уымӕн ӕмӕ йын ницы пайда сты, сӕ мад ын йӕхӕдӕг ӕгъгъӕд у. Ам фыссӕг ӕвӕры ахӕм хъуыды: адӕймагмӕ, цардмӕ ӕдзух пайдайы цӕстӕй кӕсын нӕ хъӕуы, тӕригъӕд зонын хъӕуы, рӕсугъдзинад хъахъхъӕнын хъӕуы, сафын нӕ фӕлӕ».
Улӕфты минут «Ныв сӕмбырд кӕн»
Алы къордӕн дӕр йӕ разы къонверты нывы хӕйттӕ. Сӕмбырд кӕнын хъӕуы хӕйттӕй куыдзы ныв.

-Радзурут уӕ нывты тыххӕй. Кӕцы къордӕн рауад йӕ ныв Хъусойы хуызӕн?
Ног ӕрмӕгыл куыст.
Интерактивон фӕйнӕгыл презентацийы фӕрцы ахуырдзаутӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ сбӕрӕг кӕной урочы темӕ.

- Цавӕр куыйтӕ уынут нывы?
Дзуапп: Нывты ӕвдыст цӕуынц алыхуызон куыйтӕ.
- Цы ӕххуыс сты адӕймагӕн?
Дзуапп: Адӕймаджы хъахъхъӕнынц, ирвӕзын кӕнынц алыхуызон фыдбылызтӕй.
- Куыд уӕм кӕсы, абон цы уацмысимӕ базонгӕ уыдзыстӕм, уым цӕуыл цӕудзӕн ныхас?
Дзуапп: Мӕнмӕ гӕсгӕ, уацмысы ныхас цӕудзӕн куыдз адӕймаджы ӕмбал кӕй у, ууыл.
- Ахуыргӕнӕг: Иттӕг хорз, абон нӕ ныхас адарддӕр кӕндзыстӕм, куыдз адӕймаджы хорз ӕмбал, иузӕрдыг, ӕнувыд ыл кӕй у, уый тыххӕй.
2. Ахуыргӕнӕг райдайы текст кӕсын, хуыздӕр кӕсӕг ахуырдзаутӕ дарддӕр кӕнынц.
- Цӕмӕн схуыдта фыссӕг йӕ радзырд «Ӕмбаргӕ куыдз»?
3. Текст ӕвзарын - Кӕцы ран лӕууыди ӕфсӕддон хай?
-Кӕдӕм фӕцӕйцыдысты лӕппутӕ? Цал ӕмбалы уыдысты?
-Цы рахабар кодта зӕронд ус лӕппутӕн?
Ахуыргӕнӕг: Моряк йӕ цард ратта чызджы сӕраппонд, фӕлӕ йӕ фӕстӕ баззад хорз ӕмбал ӕмӕ лӕппутӕ ӕрсагъӕс кодтой исты амалӕй фервӕзын кӕнын куыдзы. --Лӕппутӕй чи разынд ӕрхъуыдыджындӕр? Цы фӕци куыдз?
- Сымах та куыд бакодтаиккат Хъамболаты бынаты?
Интерактивон фӕйнӕгыл электрон зарядкӕ цӕстытӕн «Наутӕ ӕмӕ кӕсагдзаутӕ» сабыр музыкӕимӕ.

4.Ног ӕрмӕг бафидар кӕныныл куыст Радзырдӕн иумӕйагӕй пълан аразын
Пълан:
Тиссӕйы доны был .
Ӕрдузы астӕу ног ингӕн.
Зӕронд ус рахабар кодта.
Хъамболат Пираты ног хицау.

- Цавӕр хорз миниуджытӕй хайджын уыд моряк? Куыд схонӕн ис ахӕм адӕймагӕн?
Ахуыргӕнӕджы хатдзӕг: «Зынаргъ уыди морякӕн адӕймаджы цард. Неляйы фервӕзын кодта. Уый Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты йӕ Райгуырӕн зӕхх бахъахъхъӕныныл тох кодта хъӕбатырӕй. Хӕсты быдырӕй сыздӕхт ӕнӕ къахӕй, йӕ бинонтӕ фесӕфтысты, фӕлӕ уыцы стыр зындзинадӕй дӕр йӕ уды конд нӕ фендӕрхуызон, йӕ ныфс, йӕ лӕгдзинад нӕ фӕдӕлдӕр. Ахӕмтӕй фӕзӕгъӕм ( раст загътат) ӕцӕг адӕймаг, сӕ цӕргӕйӕ сын хъӕуы кад кӕнын, сӕ амӕлӕты фӕстӕ та - мысын, сӕ ныфс, сӕ хъӕбатырдзинад - фӕзмын».
- Зӕгъут-ма, ацы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ цавӕр ӕмбисонд ӕрлӕууыд уӕ зӕрдыл?
«Хӕстон лӕг адзалӕй нӕ тӕрсы»
- Сымах та цавӕр сӕргонд раттиккат радзырдӕн? (Ирвӕзынгӕнӕг)
IV. Ӕрмӕг куыд бамбӕрстой, уый сбӕрӕг кӕнын (рефлекси)
- Нӕ урочы нысан цавӕр уыди? - Сӕххӕст ӕй кодтам? - Цы базыдтат ногӕй урочы? Дзуапп дӕттгӕйӕ, пайда кӕнут ацы хъуыдыйӕдтӕй:
Абон ӕз базыдтон …
Уыдис цымыдисаг…
Ныр ӕз зонын …
- Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны уацмыс? - Цардмӕ дзы уӕхицӕн цы райстат?
Ахуыргӕнӕг: Диссаг у ӕмбаргӕ куыйты ӕнувыддзинад адӕймагыл. Уымӕн ӕвдисӕн сӕ цыртдзӕвӕнтӕ алы бӕстӕты.

Франц (Париж) Япон ( Токио)

Тольятти Воронеж
V. Кӕронбӕттӕн.
Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, байхъусӕм ма зарӕгмӕ. (Ахуырдзаутӕ цалдӕрӕй зарынц тӕлмацгондӕй зарӕг «Фесӕфт мӕ куыдз»)

Быруйыл ауыгъд, дымгӕйӕ змӕлы Дымгӕйӕ змӕлы гӕххӕтты гӕбаз Фесӕфти мӕ куыдз, фесӕфти мӕ куыдз, Фесӕфти мӕ куыдз, йӕ ном та ӔмбалКъӕвда хылкъахӕг, гӕххӕтт ӕртагъди Дамгъӕтӕ рӕнхъыл ныккуыдтой ӕваст Ссарут ма куыдзы, ссарут ма куыдзы, Раздӕх мӕм тагъддӕр, мӕ чысыл хӕлар.
Ахуыргӕнӕг: Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди зарӕг иронау дӕр? Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрд зарӕгмӕ хъусгӕйӕ?
2. Эпигрӕфмӕ раздӕхын.
- Сывӕллӕттӕ, сымахӕй та куыдз кӕмӕ ис? Цавӕр куыст ӕххӕст кӕнынц? Уӕ хъус сӕм куыд дарут?
Ахуырдзаутӕ дзурынц куыд зилынц сӕ чысыл хӕлӕрттӕм.
- Нӕ урочы темӕ раргом кодтам?
- Уӕ зӕрдыл бадарут зындгонд францаг фыссӕг Экзюперийы ныхӕстӕ « Мах дзуапп дӕттӕм, ӕрмахуыр кӕй скодтам, уыдоныл »
- Раздӕхӕм ма нӕ урочы райдианмӕ. Сымахмӕ гӕсгӕ, Сугъараты бинонтӕ ӕххӕст кодтой Экзюперийы фӕдзӕхст? -Нӕ урокмӕ уӕм исты фӕндӕттӕ ис?
Дзуапп: Мӕн фӕнды цӕмӕй нӕ республикӕйы (хъӕуы) дӕр уа цыртдзӕвӕн ӕмбаргӕ куыдзӕн.
–Куыд ӕй схониккат?
Дзуапп: «Адӕймаджы хорз ӕмбал».
Ахуыргӕнӕг: Мах абон дзырдтам ӕцӕг ӕмбалы тыххӕй ӕмӕ мӕ урок фӕнды фӕуын арфӕйы ныхӕстӕй: «Царды уыл ӕрмӕстдӕр ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ,мбӕлӕд».
VI. Хӕдзармӕ куыст.
Текст хи ныхӕстӕй дзурын зонын.
Ныффыссын цыбыр нывӕцӕн «Хорз куыдз лæгæн æмбал у»