Урочы тем?: «Мад-з?ххы хур» Грамматикон тем?: Номдары тыхх?й рацыд ?рм?г бафидар к?нын.


Урочы темæ: «Мад-зæххы хур»
Грамматикон темæ: Номдары тыххæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.
Урочы нысантæ: 1.Номдарæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.
2.Ныхасы рæзтыл бакусын.
3.Ныййарæг мадæн аргъ кæнын.
Урочы фæлгонц: презентативон æрмæг, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ.
Урочы цыд:
I.Бацæттæгæнæн рæстæг.
Ахуырдзауты урочы архайынмæ сразæнгард кæнын (мотиваци)
Ахуыргæнæг: Афæдзы афонтæй уалдзæгæй рæсугъддæр нæй.
Уалдзыгон хурмæ быдырты , фæзты æмæ алы ран дæр апырх вæййынц алыхуызон дидинджыты хæрздæф.
Абон махмæ дæр уалдзæг йæ цъæх мидбылты бахудти. Мæргътæ дæр худын куы зониккой, уæд фæсте никæмæй баззаиккой, фæлæ ныр сæ рæсугъд зарджытæ кæнынц.
Мидбылхудт æмæ зарæг та хорз фидауынц иумæ, растдæр зæгъгæйæ та, - æнæ кæрæдзи нæ фидауынц, æмæ сын уалдзæг диссаджы уазæгуарзон фысым разынд.
Мах дæр абон нæ буц уазджытæм бахудæм æмæ нæ урок райдайæм.
II.Урочы темæйыл куыст.
1.Диалог скъоладзаутимæ
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, зæгъут-ма , æппæтæй фылдæр кæй уарзут уæ царды мидæг? (мады,нанайы)
Ахуыргæнæг: Æмæ цæй тыххæй уарзут уæ мадæлты? Уæ нанаты та? (Раст)
Ахуыргæнæг: Абон нæ урочы темæ баст уыдзæн….. мадимæ, уымæн æмæ мад у зæххы хур.
Слайд №1 Мад-зæххы хур.
Ахуыргæнæг: Уæдæ абон нæ урочы ныхас кæндзыстæм дунейы мидæг тæккæ зынаргъдæр, тæккæ æнкъарагдæр, тæккæ адджындæр, тæккæ фæлмæндæр æмæ æввахсдæр адæймаг- ныййарæджы тыххæй.
Ныййарæг мад. Цы у хур йæ разы? Хур зæххы уæлцъар иуырдыгæй бахъарм кæны, куы иннæрдыгæй. Уымæ хъулон митæ ис. «МАД-зæххы хур». Диссаг уымæй у, æмæ йæ хъарм æххæссы алкæуыл дæр. Уый уарзт, уый зæрдæйы куыст нæ уромынц æрдзы стыр тыхтæ: уадтымыгътæ, зæххæнкъуыстытæ,донивылдтытæ, артсирвæзтытæ.
Слайд №2.
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, фæйнæгмæ бакæсут, лæмбынæг байхъусут æмæ зæгъут, цавæр ныхасы хайы тыххæй дзы цæуы ныхас?
Дунетыл нæй мæнæй фылдæр,
Цæрын æмбæлттимæ æнгом.
Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр,
Хæссын æз предметæн йæ ном.
Гаппуаты Хъасболат (Дзуапп: Номдар)
3.Ахуыргæнæг: Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, номдары тыххæй цы базыдтам, уый.
-Зæгъут-ма, номдар цавæр ныхасы хаймæ хауы?
-Цы хонæм номдар?
-Куыд ивынц номдартæ?
-Ранымайут хауæнтæ.
-Цал нымæцы ис номдарæн?
-Хъуыдыйады мидæг арæхдæр цавæр уæнгтæ вæййынц номдартæ?
4.Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, номдары тыххæй рацыд æрмæг нæ зæрдыл æрлæууын кодтам, ныр та алыхуызон куысты хуызтæ бафæлварæм сæххæст кæнын.
1). Дзырдуатон куыст.
Ахуыргæнæг: Бакæсут фæйнæгмæ нывтæм æмæ сын ныффыссут сæ нысантæ уæ тетрæдты.
… кълас …хæхтæ … уарди… нæлгоймаг … сылгоймаг … скъоладзауАхуыргæнæг: -Ацы дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты? (Номдартæ)
-Раттæм ма сæм фæрстытæ.
-Уæдæ номдартæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæртæ? (удджын æмæ æнæуд)
2.Хæс. Дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнут. Фыццаг цæджындз – удджын, дыккаг – æнæуд.
райдзаст æхсарджын сырх рæсугъд бæрзонд фæзминаг
3. Хæс. Ацы дзырдтæй пайдагæнгæйæ саразут дзырдбæстытæ.
Ахуыргæнæг: -Зæгъут – ма,исчи уæ йæ мадæн кæнæ йæ нанайæн æххуыс фæкæны?
-Куыд сын феххуыс кæнут?
4.Ахуыргæнæг: Бакæсут чысыл сценкæмæ.
Хæслæвæрд: сбæрæг кæнут ын йæ темæ æмæ йын раттут сæргонд.

Æвзæр отличник.
Абон Æхсар скъолайæ куы ´рцыдис, уæд йæ нанайæн загъта:
- Нана, æз абон фондз райстон уырыссаг æвзагæй. Ахуыргæнæг мæ тынг раппæлыдис, стæй мæ отличник схуыдта.
- Мæ къона Æхсар, дæ нывонд фæуон, - загъта зæронд ус,- æз дын ныртæккæ фæткъуыджынтæ акæндзынæн, ды та, мæ хур, дуканийæ сæкæр æрбадав.
- Æндæр ма мæ цы мæт ис! - зæронд усыл йæ къухтæ сцагъта лæппу. - Мæн ныр рауай – бауаймæ нал æвдæлы. Æз отличник дæн.
Ахуыргæнæг: - Кæуыл цæуы ныхас?
-Цавæр сæргонд ын ратдзыстæм?
-Куыд уæм кæсы, раст бакодта Æхсар?
- Æмæ сымах та куыд бакодтаиккат?
-Сымахмæ та уæ мадæлтæ, уæ нанатæ цавæр рæвдауæн дзырдтæй фæдзурынц?
-Уæ зæрдæмæ цы фæцыд æмæ цæимæ не стут разы?
Хатдзæг: Мах хъуамæ архайæм ,цæмæй нæ мадæлтæн сæ зæрдæтæ рухс кæной не гъдауæй, ахуырæй,коммæ кæсынæй.
5.Хæслæвæрд: Ссарут тексты бирæон нымæцы номдартæ.
(Фæткъуыджынтæ, къухтæ.)

6. Ахуыргæнæг: Мады тыххæй æмдзæвгæтæм байхъусæм (кæсынц æмдзæвгæтæ ).
Баситы Мысост « Мæ мадæн».
Мæ мадæн Фырбуцæй
ЛæварæнÆууылдæй
Мæ уд дæр дæттын…Мыдимæ кæрдзын!
Мæ мад у КæннæуæдÆппæтæй Йæ дæндаг
Зæрин хуры тын!Фæриссы æдзух…
Мæ мадæн Мæ мадæн
ЛæварæнБæмбæгæй
Æз ноджы дæттынФæлмæндæр йæ къух!
Уырымты Петр «Мад»
Мадæй мын ма хъаст кæ, Мадыл куыннæ зарæм,
Мацы мын дзур.Мад у зынаргь.
Мадæн йæ ракаст дæрМачи уæ бавзарæд
Махæн у хур.Мады зынад.
Ахуыргæнæг: Æмдзæвгæтæм байхъуыстам æмæ ма мын зæгъут:
- Цы дæтты мадæн лæварæн?
- Мады цæимæ бары?
-Йæ къух та йын цæимæ бары?
- Мад цавæр у?
7.Слайд № (дидинæг)
Ахуыргæнæг:Хæслæвæрд. Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, мадæн цавæр миниуджытæ ис? Ахъуыды кодтат? Алчи дæр дзуры иу миниуæг йæ мады тыххæй.
Мад - дидинæгАмондджын сæрæн æгъдауджын уæздан рæсугъд фæлмæнзæрдæ хæларзæрдæ
8.Къордты куыст.
Ахуыргæнæг:- Дарддæр кусæм къордгай. Алы рæнхъ дæр у хицæн къорд.( æртæ къорды)
- Алы рæнхъæн дæр - хицæн хæс(хæслæвæрдтæ райуарын)
1 – аг рæнхъы хæс: Сæвæрут номдартæ хъæугæ хауæнты.
Мад … хъомыл кæны сывæллоны.
Мад… коммæ кæсут!
Адæм бирæ уарзон зарджытæ скодтой мад… .
Мад… зæрдæйæ фæлмæндæр нæй дунейыл.
Мад… йæ бæллиц – цоты хур.
Мад… фæлмæн ныхас кæнут.
Мад… адджындæр æмæ зынаргъдæр зæххыл нæй.
Ахуыргæнæг: Цавæр хауæнæй не спайда кодтам? ( хуызæнон хауæнæй)
2 –аг рæнхъы хæс : Дзырдты кæрæттæм бафтаут уидæгтæ.
… мæ … æн … ы
… ыл … ау … æй
3- аг рæнхъы хæс: Текстæй рафыссут бæрæггонд хъуыдыйад æмæ йæ равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
МАД
Зæххыл ис бирæ рæсугъд æмæ фæлмæн ныхæстæ. Фæлæ сæ диссагдæр, уарзондæр æмæ зынаргъдæр дзырд у Мад!
Мады зæрдæ у уарзты суадон. Мады рæвдыд у уалдзыгон хурау, йæ хъæлæс та нын уæлахизы тырысайау дæтты ныфс нæ царды фæндæгтыл.
Ныййарæг! Уый у æппæт сабиты царды райдайæн. Уый амоны йæ хъæбултæн : «Царды сæйрагдæр сты Рæстдзинад, Хæлардзинад æмæ адæммæ Уарзондзинад».
Мад! Уый уарзтæй сыгъдæгдæр нæй, уый æдзухдæр хъахъхъæны йæ сабиты,йæхицæн сæ ницы домы, афтæмæй.
Хъахъхъæнут ныййарæджы! Уымæй зынаргъдæр, уарзондæр ничи ис зæххыл.
9.Ахуыргæнæг: Ныртæккæ та баххæст кæндзыстæм ахæм хæслæвæрд.
Хæс. Дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнут. Фыццаг цæджындзы - сæрмагонд предметты нæмттæ, дыккаджы та - иумæйаг.
Дзæуджыхъæу, Таймураз, кълас, уалдзæг, боныг, Терк, дур, Ирыстон, хох, Фатимæ.
10.Ахуыргæнæг : Ацы дзырдтæм фæсæфтуан т æфтаугæйæ саразут ног дзырдтæ. Таблицæ баххæст кæнут.
Иууон нымæц Бирæон нымæц
цæсгом
къух бæрæгбон
уарди чиныгАхуыргæнæг: Цæй руаджы æрцыдысты арæзт ног дзырдтæ? (фæсæфтуан –т)
11. Ахуыргæнæг: Саразут дзырдтæй хъуыдыйæдтæ æмæ бæрæггонд номдар морфологон æвзæрст ракæнын.
Дидинджытæ, сырх, мæ, радтон, мадæн.
Æрбацыдис, нана, уæззау, хызынимæ.
12. Ахуыргæнæг: Фæйнæгмæ –слайдмæ лæмбынæг бакæсут æмæ дзы ссарут уæлдай дзырдтæ бæлас
судзын зæрдæхур хъæдзæхх сыф уæздан
Ахуыргæнæг: Бакæсут сæ. Цæмæн сты уæлдай?
(судзын у мивдисæг, уæздан та миногон уымæн æмæ сты æндæр ныхасы хæйттæ)
13. Ахуыргæнæг : Ныртæккæ та баххæст кæндзыстæм ахæм хæслæвæрд: съæлфыты бæсты æмбисæндты ныффыссут номдартæ.
… зарын куы райдайынц, … уæд ралæууы.
Мады… - зонаг.
Сывæллон йæ … æхсыры ад кæны.
Мады зæрдæ сабийæн - … , фыды зæрдæ - мæй.
14.Ахуыргæнæг: Хæс. Уæдæ уæ нанатæн, уæ мадæлтæн уæ зæрдæйы рæсугъд æнкъарæнтæ ныффыссут арфæйы ныхæстимæ.
-Æрæджы цавæр бæрæгбон сбæрæг кодтам?
Урочы кæронбæттæнБеседæ:
- Абоны урочы цавæр ныхасы хайыл æрдзырдтам? (номдарыл)
- Нæ ныхасы темæ кæимæ баст уыд? (мадимæ)
- Уæдæ цавæр хатдзæг скæнæн ис? (мады хъæуы уарзын; аргъ ын кæнын хъæуы; коммæ кæсын æм хъæуы; тырнын хъæуы, цæмæй йын алчидæр йæ фыдæбæттæ бафида)
Хъуысы Хуытыгаты Маринæйы зарæг «Мадæн нæй аргъ».
Слайдтæ - сывæллæтты мадæлты къамтæ
Ахуыргæнæг : Сывæллæттæ, абоны урок уæ зæрдæмæ фæцыди? Цæмæй? Цы дзы райстат уæхицæн?
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
Хæдзармæ куыстАлчидæр йæ мады тыххæй ныффыссæд чысыл нывæцæн.