Номы цыт. Дзесты Куыдз?джы радзырд «Хур ск?с?нырд?м н? ныгуылы»


Урочы темæ:   Номы цыт.
Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хур скæсæнырдæм нæ ныгуылы»
Эпиграф:        Зæххыл нæ фыдæлтæ бындурæн
Ныууагътой махæн ном----ИронСæ ныфс ,сæ кадыл абон дзурæм,
Æгъдауыл аразæм нæ бон.
                     Брытъиаты Аслæнбег.
          Урочы нысантæ:
1.Дуджы æууæлтæ бамбарын кæнын скъоладзаутæн.
Æгад цард æви хъæбатыр мæлæт.Дзанджы фæлгонцы бындурыл.
Æрдз æмæ адæймаг.
Æххæст æмæ мидисджын  дзуаппытыл фæлтæрын.
Райгуырæн Бæстæмæ  уарзондзинад гуырын кæнын.
  Урочы  æххуысгæнæн  æрмæг.:компьютер,интерактивон фæйнæг..
          Урочы цыд:
Мотивацион уавæр:
Интерактивон  фæйнæгыл фæзыны хъама æмæ нырыккон хæцæнгарз(автомат)
Ахуыргæнæг: Цы  у уæ бон зæгъын ацы  хæцæнгæрзты тыххæй?
-Хъама у рагон хæцæнгарз, иннæ та –нырыккон.
-Цы нысан кодта хъама?
-Чи дардта хъама?
(Проектон куыст баххæст кодтой  скъоладзаутæ,се мбæлттæн  дзурынц, хъамайы тыххæй  сæ къухы  цы æрмæг бафтыд,уый.
-Уæдæ хъама канд хæцæнгарз нæ уыд,фæлæ лæгдзинад,намыс,æгъдау æвдисæг дзаума дæр.
Уæдæ ,нæ урочы темæ:Адæймаджы,номы  кад,цыт.
(слайд №2)
Ахуыргæнæг:Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм 
Дзесты Куыдзæджы радзырд»Хур  скæсæнырдæм нæ ныгуылы».
(Революцийы фæстæ Хуссар Ирмæ  бабырстой меньшевиктæ.Иу хъæуы ном дзы хуынд Фугæджын.Хъæуы цæрджытæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ.Фæлæ иу  зæронд лæг-Дзанг йæ ном,нæ ракуымдта.Сфæнд кодта  баиргъæвын уыцы  бал бирæгъты , æнхъæлдта йæ уæздан,æгъдауджын ныхæстæй баиргъæвдзæн  лæбурджыты.
Фæлæ хъыгагæн ,сырд лæджы взаг не мбары.
-Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта  уацмыс?
-æнкъард хъуыдытæ.
-сæрыстырдзинад.
-æнæуынондзинад.
-тæригъæддзинад
Ссарут ма тексты,сæрыстырдзинад уæм цы рæнхъытæ сæвзæрын кодтой,уыдон.
Æнкъард хъуыдытæ уæм  кæм сæвзæрынц,уыцы рæнхъытæ  ссарут..
Æнæуынондзинад уæм цы рæнхъытæ сæвзæрын кодтой,уыцы рæнхъытæ бакæсут.
Слайд 3.
Кусæм слайдимæ. Цы дæ бон у зæгъын,ацы къаммæ кæсгæйæ.(скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ:)
Слайд4.
Цы ахадындзинад ис  æрдзы нывтæн  уацмысы.
Æгады  цард ,æви хъæбатыр  мæлæт? Кæцы  фæндагыл ацыд Дзанг?
Цæмæ схуыдта фыссæг йæ уацмыс «Хус скæсæнырдæм нæ ныгуылы»
Слайд5.
Тестытимæ куыст.Дзанг уыд  хуымæтæг зæронд лæг,æцæг ирон лæг,большевик.
Дзанг баззад хъæуы ,цæмæй   (бамбæхса,радзура, бахъахъхъæна.)
Æз Дзангимæ  (разы дæн,  нæ дæн разы)
Хæс: Ранымайын  Дзанджы фæзминаг миниуджытæ  æмæ меньшевикты фауинаг миниуджытæ.
Сæрыстыр,хъæбатыр,кадджын,æдас,сæрæн,хæдзардзин
Æгъатыр,æнæгъдау,хиуарзон,хиппæлой..
Дзанджы фæлгонц ма зæгъæм синквейны  руаджы      ДзангКадджын,сæрыстыр
Хъуыды кæны,хъахъхъæны,фæдзæхсы.
Хус скæсæнырдæм нæ ныгуылы.
Лæг!
Рефлекси.
Абон æз базыдтон:…………..
Мæ  зæрдæмæ фæцыд……………….
Мæн фæнды ………….
Хорз мæм фæкаст……………..
Мæ  зæрдæмæ фæцыд…………
Бæрæггæнæнтæ.
Бузныг.Хæрзбон.