Открытый урок по осетинской литературе Ахуырм? тырнын ?м? чиныг?н аргъ к?нын.(Дзесты Куыдз?джы радзырд ?рдх?р?ны л?вар-м? г?сг?).


Гом урок ирон литературæйæ
5-æм къласы.
Темæ: «Ахуырмæ тырнын æмæ чиныгæн аргъ кæнын».( Дзесты Куыдзæджы радзырд «Æрдхæрæны лæвар»-мæ гæсгæ).

Бацæттæ кодта 40-æм
скъолайы ахуыргæнæг
Гогаты У.З.
Дзæуджыхъæу 2016 аз.
Урочы темæ: «Ахуырмæ тырнын æмæ чиныгæн аргъ кæнын».(Дзесты Куыдзæджы радзырд «Æрдхæрæны лæвар»-мæ гæсгæ.)
Урочы нысан:1.Радзырд «Æрдхæрæны лæвар» зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ равзарын;
2.Раст,аив кастыл æмæ ныхасы рæзтыл кусын;
3.Рæзын кæнын скъоладзауты зæрдæты ахуырмæ тырнындзинад,
ахуыр сæ кæнын чиныгæн стыр аргъ кæнын.
Цæстуынгæ æрмæг æмæ
техникон фæрæзтæ:слайдтæ (Къостайы ныв «Дурсæттæг сывæл-
лæтæ», Богданов-Бельскийы ныв «Скъолайы дуары раз» («У дверей школы»),сюжетон нывтæ (нырыккон скъоладзауты цард æвдисæг),Дзесты Куыдзæджы æмæ Къостайы хуызтстытæ),музыкæ.
Эпигрæф: «Чиныг-зонды суадон,
Рухсгæнæг цырагъ.
Алкæмæн дæр –уарзон,
Буц æмæ зынаргъ…
l.Бацæттæгæнæн рæстæг. Абон нæм хуымæтæджы урок нæ уыдзæн,абон мах абалц кæндзыстæм ивгъуыдмæ.
ll.Разныхас (беседæимæ) «Сывæллæтты цард нырыккон æмæ ивгъуыд дуджы». Сывæллæттæ хъусынц Кокайты Батрадзы музыкалон композицийы æртыккаг хаймæ.Сæ хъус сын æрдарын кæнын,фæйнæгыл цы нывтæ ис,уыдонмæ.
-Куыд уæм кæсы,ацы мелодии цавæр цард æвдисы,ивгъуыд (паддзахы заман) æви нырыккон цард?Цæмæн?Ивгъуыд заманы нывтæм та цавæр мелодии ис равзарæн?(Æнкъард,сабыр,хъарæг).
Сывæллæтты æргом раздахын нырыккон царды нывтæм.
-Цавæр фадæттæ ис ныртæккæ сывæллæттæн?Уæлæдарæс æмæ хæринаг хъуаг æййафынц,сæ гыццылæй сæ уæззау куыст кæнын хъæуы?Цавæр бартæ ис ныртæккæ сывæллæттæн?
Бакæсут –ма,ивгъуыд заманты,паддзахы рæстæг,сывæллæттæ цы уавæрты цардысты,уымæ.(Равзарын уал фыццаг Къостайы ныв «Дурсæттæг сывæллæттæ».Æрдзурын хохаг мæгуыр æвадат цардыл.
Базонгæ кæнын сыв-ты ныв «Скъолайы дуары раз»-имæ(«У дверей школы»).Зæгъын,æрмæст ирон сывæллæттæ кæй нæ цардысты æвзæр.
-Куыд уæм кæсы,уæды заманы сыв-ты фæндыд ахуыр кæнын?(Сывæллæтты æркæнын ахæм хъуыдымæ,бирæтæн кæй нæ уыд фадат скъоламæ цæуынæн).
lll .Темæ сбæрæг кæнын.Цæуыл дзурдзыстæм абон нæ урочы.
Байгом кæнын темæйы фыццаг хай.
Сыв-ты æргом раздахын Къостайы «Ирон фæндыр»-мæ.Кæд рацыд чиныг мыхуыры,цавæр аргъ ын кодтой адæм,бирæ чингуытæ уыд ирон æвзагыл?(Сыв-ты æркæнын хатдзæгмæ,чиныгæн стыр аргъ кæй уыд).Темæйы дыккаг хай равдисын.
Эпигрæф равзарын.
lV.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.Абонмæ хъуамæ бакастаиккат Дзесты Куыдзæджы радзырд «Æрдхæрæны лæвар».
-Чи уыд Гæбил?-Цал азы уыд сæ хъæуы скъола?-Цæуылнæ уыд Гæбилæн скъоламæ цæуыны фадат?-Цавæр лæппу уыд Гæбил?( «Хъæбысæй хæсты йыл уыдонæй ничи…)
-Кæй руаджы базыдта кæсын?-Куыд базонгæ Гæбил ахуыргæнæгимæ?Цæмæй баххуыс кодта Гæбилæн ахуыргæнæг?
-Цавæр чиныг каст ахуыргæнæг адæмæн?Цæмæн фæцыд сæ зæрдæмæ Къостайы чиныг?
Сымах та цавæр æмдзæвгæтæ зонут Къостайы сфæлдыстадæй?
-Цы загъта Гæбилы фыды æфсымæры лæппу?Бамбарын ын кæнут йæ ныхæстæ.
-Цы бауынаффæ кодтой æгас комы адæм?
-Цы хорздзинад ракодта Гæбил ахуыргæнæгæн?
Ныры царды дæр ахуыргæнæгæн ахæм кад ис?
-Цы балæвар кодта ахуыргæнæг Гæбилæн?Æхсызгон уыд Гæбилæн уыцы лæвар?
-Куыд æмбарут дзырдбаст «æрдхæрæны лæвар»?Ард-иу кæд æмæ цæмæй хордтой?
V.Байхъусæм ард хæрыны тыххæй проектон куыстмæ.Vl.Куыд фехъуыстам,афтæмæй ард хордтой, æппæты зынаргъдæр сын цы кæнæ чи уыд,уымæй.(Зæххæй,дзуæрттæй,мадæй æмæ афтæ дарддæр.)
Йæ ном куы æвзарæм радзырдæн,уæд цавæр хатдзæг скæндзыстæм?(Къостайы чиныг лæппуйæн тынг зынаргъ кæй уыд).
Зæрдыл æрлæууын кæнын «Фыййау Баде».
-Цæмæн бахауд Баде ахæстонмæ?(Тынг æй фæндыд кæсын сахуыр кæнын,зындзинæдтæй нæ тарстысты сæ бæллицмæ тырнгæйæ).
Vll.Æрмæг ныффидар кæнын.Чиныгæн цавæр кад уыд уæд,æмæ ныр та?
Цæмæн хъæуы чиныг царды,цы дзы ис базонæн?
Фыццаг чингуытæ цавæр уыдысты,цæмæй конд уыдысты?
Чиныг-цард нывгæнæг,
Чиныг-бонты уаг,
Чиныг –ахуыргæнæг,
Чиныг-рухс фæндаг.
Хæдзармæ куыст .Ныффыссын тетрæдты цыбыр нывæцæн
«Чиныджы ахадындзинад царды».Радзырд хи ныхæстæй дзурын.
Vlll.Скæнын синквейн дзырд чиныг-æн.ЧиныгЦымыдисаг,нывæфтыд
Кæсын,уарзын,хъахъхъæнын
Зонды суадон,цард нывгæнæг
Чиныгæн ис стыр аргъ.
lX.Рефлекси:
-Цы базыдтай ногæй ацы урочы?
-Цы нæ фæцыд дæ зæрдæмæ?
-Цы дæм фæкастис цымыдисаг?
-Цы дæм фæкаст зын?
Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.