МАДЫ СУР?Т ХЕТ?ГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ?МДЗ?ВГ? « А -ЛОЛ — ЛАЙ » — Ы. (5 къл.)


2. Т Е М Æ : МАДЫ СУРÆТ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ÆМДЗÆВГÆ « А -ЛОЛ - ЛАЙ » - Ы. (5 къл.)
НЫСАН : 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын .
2. Авдæны зарджытимæ базонгæ кæнын скъоладзауты . 3. Ныййарæг æмæ Фыдыбæстæн иу аргъ кæй ис , уый
бамбарын кæнын у урочы сæйраг хъомыладон хæс.
ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ : Чиныг , нывтæ , магнитофон .
УРОЧЫ ЭПИГРÆФ : …Уарз нæ бæстæ ,
Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ ,
Ма сæ бафæллай!
А- лол- лай !...
Дзырдтæ дзырдуатон куыстæн : Æрчъитæ – цармæй хуыд дзабыртæ , Æргъомæй- æккойæ
Зындон - мæрдты бæсты тæригъæдджын
адæмы бынат .Ахургæнæг бæрæг кæны 5 къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ адæмон сфæлдыстадæй.
АХУЫРГÆНÆГ: Цы хонæм , аргъæуттæ?
АХУЫРДЗАУ: Аргъæуттæ æвзæрыдысты мингай азты дæргъы . Æвдыст сæ фæцæуы адæмы цард йæ алы хузты суанг незамантæй нæ рæстæгмæ . Адæм сæ æрхъуыды кæнынц сæхæдæг . Аргъæуттæн хауынц адæмон сфæлдыстадмæ.
АХУЫРГÆНÆГ : Адæмон сфæлдыстады кой скодтат æмæ ма мын зæгъут : цы хонæм адæмон сфæлдыстад ?
АХУЫРДЗАУ : Адæм сæ царды хабæрттæ кæрæдзийæн дзырдтой . Уыцы цаутæ иу иннæмæн дзырдта , фыд йæ фыртæн , фырт йæ фыртæн . Афтæ иу фæлтæрæй иннæмæ цы хабæрттæ цыдысты дзыхæй дзыхмæ , уыдон систы адæмон сфæлдыстад .
АХУЫРГÆНÆГ : Аргъæуттæ адæмон сфæлдыстады иу хуыз кæй сты , уый сымах загътат .
Цавæр хуызтæ ма зонут адæмон сфæлдыстадæн ?
АХУЫРДЗАУ : Мах зонæм адæмон сфæлдыстадæн цалдæр хуызы .
Сæ иу - аргъæуттæ . Иннæтæ сты : кадджытæ , таурæгътæ , зарджытæ , æмбисæндтæ , уыци - уыцитæ .
АХУЫРГÆНÆГ : Адæмон сфæлдыстады дихдзинад сбæрæг кодтам , ныр та аргъæутты дихдзинадыл æрдзурæм .
Аргъæуттæ сæ хъуыдымæ гæсгæ куыд дих кæнынц , цал къордыл ?
АХУЫРДЗАУ : Аргъæуттæ сæ хъуыдымæ гæсгæ дих кæнынц æртæ къордыл :Цæрæгойты тыххæй аргъæуттæ .
Цардуаджы аргъæуттæ .
Алæмæты аргъæуттæ .Хæссынц дæнцæгтæ , æвзарынц сæ .
АХУЫРГÆНÆГ : Аргъау адæймаджы цæуыл ахуыр кæны , цавæр хъуыдытыл нæ бафтауы , нæхицæн дзы цы райсæм .
АХУЫРДЗАУ : Аргъау мах ахуыр кæны , сæрибарыл æмæ рæстдзинадыл куыд тох кæнын хъæуы , ууыл. Аргъауы тохы бацæуынц хорздзинад æмæ æвзæрдзинад . Æнæмæнг фæуæлахиз вæййы хорздзинад .
Аргъауы зæрдæхæлардзинад бацахсы ахсджиаг бынат .
Царды дæр хъуамæ уымæ тырнæм , уымæн æмæ цард æнæ сæрибар , æнæ рæстдзинад , æнæ зæрдæхæлардзинад цард нæу .
АХУЫРГÆНÆГ : Аргъæуттæ нæ цардмæ кæд æрбацæуынц ?
АХУЫРДЗАУ : Аргъæуттимæ базонгæ вæййæм нæ сабибонтæй фæстæмæ .
АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС : Аргъæуттимæ базонгæ вæййæм нæ сабийы бонты . Аргъау нын ратты фыццаг бæллицтæ , фыццаг царды нысæнттæ , фыццаг æнæуынондзинад , фыццаг уарзондзинад … Фæлæ адæмон сфæлдыстады ис ахæм фæзынд , ахæм хуыз , кæцы нæ цардмæ æрбацæуы царды фыццаг бонæй …
Нæ цардмæ та нын æй бахæссы ныййарæг мад .( ам ахуыргæнæг æвдисы « Мадоннæ Литæйы »)
Ныййарæг йæ хъæбулы йæ къухмæ куы райсы , уæд зæрдæйы цы æгæрон уарзт райгуыры , уый уды дадзинтыл ныццæгъды диссаджы мелоди æмæ дунемæ райхъуысы сабыр зæрдæйы зарæг .
Чи нæ хъуыды кæны йæ мады хъарм хъæбыс , фæлмæн хъæлæс , уарзæгой къухтæ æмæ зарæг …
Зæгъæм :
Ацу , гица , ма рбацу …
Нæхи бæппу фынæй у…
А-а-а
А- лол - лай …
Ацу , бирæгъ , ма 'рбацу …
Нæхи бæппу тыхджын у …
А-а-а…
А – лол – лай …
Афтæ зарыдысты æмæ зарынц ирæттæ .
Афтæ зарыдысты æмæ зарынц æппæт дунейы адæм …
( Скъоладзаутæ хъусынц зарæг « Спи , моя радость , усни …»)
Ахæм зарджытæ хуыйнынц « Авдæны зарджытæ » .Нæ фидæны цардмæ нын дæттынц тых , ныфс , хъару , уарзондзинад , лæгдзинадыл нæ ахуыр кæнынц … Царды фæндагмæ нын æдасдзинад лæвар кæнынц, уымæн æмæ уыцы лæвары хæзнадон у ныййарæджы уарзт .
Хъыгагæн афтæ вæййы , æмæ мады уарзты стыр хæзнайæ чидæр цухгонд æрцæуы …
Ахæм хъысмæт æнхъæлмæ каст Хетæгкаты Къостамæ дæр .Цард - цæрæнбонты нæ номдзыд фыссæг агуырдта уды хъарм . Æххуыс кодта мæгуыр адæмæн , йæ цард сын нывондæн æрхаста …
Фæлæ уыд Иунæг . Адæймаджы зæрдæйы мад цы къуым батавы , схус кæны , йæ уарзтæй цы къуым байдзаг кæны , уыцы къуым Къостайæн уымæлæй баззад . Мад æй никуы æрбахъæбыс кодта , мад æй никуы барæвдыдта реалон царды , афтиддæр йæ сæнтты ардта нæ гени ацы хæзна .
( хъуысы Сагкаты Валерийы зарæг Къостайы « Сидзæргæс»-ыл фыст , хъусынц фыццаг куплетмæ .)
Ахæм æхсæв райгуырд Хетæгкаты Леуаны хæдзары лæппу . Цины хъуыддаг .
Рагæй цы хабармæ æнхъæлмæ кастысты , уый æрцыд … Фæлæ сывæллоны мад Гуыбаты Марго ( Марийæ ) æнæнхъæлæджы амард.
Хетæгкаты Нафирæт æмæ Хæблиаты Сафар сæ роман « Къостайы кадæг » - ы фыстой , зæгъгæ , уыцы æхсæв æрдз йæхиуыл дæр æмæ адæмыл дæр гадзрахатæй рацыд . Дæттæ раивылдысты , æмæ сылгоймагæн афоныл æххуыс нæ фæцис .
Сывæллон сидзæрæй баззад . Марго куы мард , уæд æй бафæдзæхста
Чендзейæн.
Чендзе йын нæ бавгъау кодта йæ зæрдæйы уарзт , йæ уды хъарм , йæ дадзинты зарæг .
Къоста хъомыл кодта æгъдауджынæй , æфсармджынæй , фæлæ лæппуйæн куыд æмбæлы , афтæ фыдуаггондæй дæр . Йæ фыдуагдзинады æдзæсгом æмæ æнæгъдаудзинад никуы уыд . Йæ бон цас уыд , афтæ сывæллонæй лæггад кодта адæмæн . Зыдта хистæрæн æгъдау скæнын , лæмæгъæн баххуыс кæнын , æмбалæн йæ рæдыд зæгъын . Йæ уд сыгъдæгæй дардта . Тырныдта ахуырмæ . Йæ сабидуджы нæ уыд æрмæст мад .
Бирæ азты фæстæ Къоста сныв кæндзæн , йæ бæллицты – иу кæй уыдта, уыцы сылгоймаджы - йæ мады . Ныв схондзæн « Донхæссæг »
( ахуыргæнæг æвдисы ныв )Йæ мад Марго йы чи хъуыды кодта , уыдон загътой , зæгъгæ , Къоста сныв кодта йæ мады сурæт .
Ныр ауайын кæнæм нæ цæстытыл уазал зымæгон æхсæв , дымгæ æддейæ нынниуы , æххормаг бирæгъау . Лæппу нымæты бын хуыссы , йæхи ныннуæрста … Тæрсы . Зонæм æй иууылдæр , ахæм фыдæхсæв мады хъарм хъæбысы атымбылтæ уæвынæй ницы ис хуыздæр , уый .
Къоста хуыссы иунæгæй , йæ хъуыдыты ацыд дард кæдæмдæр , йæ хъустыл уайы кæйдæр фæлмæн ныхас …
АХУЫРГÆНÆГ : Кæуыл хъуыды кæны Къоста , кæй хъæлæс уайы йæ хъустыл?
АХУЫРДЗАУ : Къоста хъуыды кæны йæ мадыл , йæ хъустыл уайы Маргойы хъæлæс .
( хъуысы зарæг « А – лол – лай » , ахуыргæнæг зарæг сæвæрдта сабыр , хъус æй куыд ахса , афтæ ,)

АХУЫРГÆНÆГ : Раст загътат , уый хъуысы йæ мады зард . О , фæлæ , цыма, цавæр у уыцы зарæг ?
АХУЫРДЗАУ : Йæ хъустыл уайы æнкъард зарæг , уымæн æмæ йын у зын . Фæнды йæ , цæмæй йæ исчи барæвдауа .
АХУЫРГÆНÆГ : Афтæ у . Æнкъард зарæг ауад йæ хъустыл .
Фæллад у . Абондæргъы миттæ фæсæрфта , фæлæ йыл уæддæр хуыссæг нæ хæцы . Райсом раджы йæ сугмæ цæуын хъæуы , йæ рад у скъоламæ артæн суг хæссын.
Зарæджы зæлтæм хъусгæйæ баззад . Æвиппайды дымгæ йæ ниуынæй фенцад , бæстæ ныссабыр . Лæппу сыстад , æддæмæ рацыд æмæ йæ фырцинæй сулæфын дæр айрох : Мæнæ куыд рæсугъд у … Бæстæ ныййирд. Мæй уæлиау арвыл стылд æмæ цалхыдзагæй æрттывта . Стъалытæ йæ алыварс симд кафæгау æртымбыл сты , зæхмæ сæ цæстытæй сыгъдæг рухс æрвитынц . Рухсмæ , мæйы рухсмæ , дуне æмæрттывд кæны .
О , уæлæ стъалы æрдзы рæсугъддзинадмæ нал фæлæууыд , æмæ йæхи ам дæлæмæ рауагъта , ирд фæд уадзгæйæ …
Æмæ ныронг Готтайы зæрдæйы цы æнкъарддзинад уыд , уый цыдæр фæци , хъустыл ауад :

…Уарз дæ бæстæ ,
Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ ,
Ма сæ бафæллай ! А – лол – лай !...Уæнгрогæй бахызт фæстæмæ мидæмæ æмæ бафынæй . Фыны уыдта уарзон ныййарæджы . Уый йæ рæвдыдта , тæригъæд ын кодта , зарыдис ын зарæг , авдæны зарæг .
Къоста йæ лæджы кары куы бацæуа , уæддæр æй , æвæццæгæн , нæ ферох уыдзæн ацы æхсæв .
Ныффысдзæн уыцы æхсæв зарæг . Уый уыдзæн « А – лол – лай !...»
( ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ , аив , зæрдæмæдзæугæ , наизусть . )

Æмдзæвгæ æвзæрст цæуы строфагай .
Йæ композицимæ гæсгæ дих кæны æртæ хайыл .Фыццаг : Бахизæн , ис дзы дыууæ строфайы .
Къух дæ аузын фæразы …
Мæй дæ авдæнимæ хъазы . Стыр лæг мын æсуай !... А – лол – лай !... Ракæндзынæн дын мæ зарæг …
Искуы кæд æсуис мæ дарæг , Урс уæрыкк дын уон !... О , мæ бон !...
Ам мад йæ хъæбулыл авдæнмæ цин кæны . Зарæг зарын ын райдайдзæнис .
Фæлæ цы фехъусдзыстæм уый зарæг уыдзæн æви …
Бакæсут-ма мын мад йæ лæппумæ куыд дзуры , уый .

АХУЫРДЗАУ : Мад дзуры : …Стыр лæг мын æсуай …
Урс уæрыкк дын уон …
АХУЫРГÆНÆГ : Уыдон рæвдауæн ныхæстæ сты , кæй зæгъын æй хъæуы , нæ поэт сæ фаг нæ бафсæст сабийæ .
Дыккаг хайы ис зарæг йæхæдæг . Авдæны зарæг у , фæлæ ма йæ ис схонæн куыд ?
АХУЫРДЗАУ : Ис ма йæ хъарæг схонæн , уымæн æмæ дзы цæссыг ис , зæрдæтæ риссын кæны .
Зындонæй фыддæр нæ цæрæн …
Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн
Сау хæххон куыстæй …
Ахуысс, цæй !...
Искуы мын куы схъомыл уаис ,
Уæд ды дæр дзы цух нæ заис ,
Бирæ мын цæрай !... А – лол – лай ! …
Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ , Къахис митбынæй мæхъитæ , Стонг æмæ сыдæй …
Ахуысс , цæй ! …
Сугтæ мын хæссис æргъомæй …
Бадзурин дæм уæд æргомæй :
Мады зæрдæ зон , О , мæ бон !..
АХУЫРГÆНÆГ:
Ууыл æмдзæвгæйы дыккаг хай фæцис . Цæуыл æрдзырдта мад ?
АХУЫРДЗАУ : Мад дзуры абоны цардыл . Зын уымæй у , æмæ фидæны цард дæр ахæм ахорæнтæй сныв кодта .
АХУЫРГÆНÆГ : Цавæр ахорæнтæй ныв æрцыд фидæн ?
АХУЫРДЗАУ: Фидæн ныв æрцыд тар , æгъуыз ахорæнтæй . Уæззауу адæймагæн ахæм нывмæ кæсын , уымæн æмæ дзы цæст нæ исы циндзинад .

( ахуыргæнæг æнæмбæрст дзырдтæ æмбарын кæны )АХУЫРГÆНÆГ : Æмæ кæд цыфæнды зын цард æнхъæлмæ кæсы нæ хъайтармæ , уæддæр æмдзæвгæйæн йæ æртыккаг хай у æппæт зарæджы кульминаци . Уый у фæдзæхст .
Бадзурин дæм : уарз нæ бæстæ ,
Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ ,
Ма сæ бафæллай !... А – лол – лай ! …
Фæстаг строфа нын зæгъы :Фыдыбæстæн æмæ Ныййарæгæн ис иу уæз , иу аргъ кæй ис, уый. Цæмæн ?
АХУЫРДЗАУ : Уымæн æмæ нын Фыдыбæстæмæ уарзондзинад фыццаг балæвар кæны мад . Ныййарæджы куы уарзай , уæд Фыдыбæстæ дæр хъахъхъæд уыдзæн .
АХУЫРГÆНÆГ : Хæдзары æмдзæвгæ наизусть сахуыр кæнут . Æмдзæвгæ сныв кæнут .