Урок Гадиаты Секъа Азау



Урочы темж: Сылгоймаджы хъысмжт Гждиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы.
Урочы нысан: Бжстонджр жрлжууын жмж бакусын Азауы фжлгонцыл, раргом кжнын сжйраг хъайтары трагикон хъысмжты аххосжгтж, йж миддуне; ахуыр кжнын скъоладзауты сыгъджг зжрджйы жнкъаржнтжн аргъ кжныныл, сжрибар, кад жмж намыс хъахъхъжныныл, ивгъуыд цард абоны цардимж абарын; ныхасы ржзтыл бакусын.
Цжстуынгж жрмжг: 1. Фыссжджы къам.
2. Гом чиныг «Гждиаты Секъайы сфжлдыстад».
3. Чингуыты равдыст – Секъайы уацмыстж.
4. Докладтж, рефераттж.
5. Спектакль «Азау жмж Таймураз»-ы афишж, программж.
6. Скъоладзауты конд нывтж радзырд «Азау»-мж: Ганисы хъжу, Азау жмж Таймуразы фембжлд, сывылдз бжлас Азау жмж Таймуразы ингжныл Ганисы хъжуы зжронд ужлмжрдты.
7. Жнкъард мелодитж (ирон фжндыр)
Эпиграф урокмж: Цыфжнды хуызы сжрибардзинаджн джр йе 'цжг жвдисжн у сылгоймаджы уавжр. К Маркс.

Зжгъон ныр хъуамж барджыны ныхжстж
Уж номжй джр уж куырм жгъджуттжн жз.
Зжгъон ныр хъуамж амонд жмж уарзтжн
Кжй ныййардта ирон чызджы джр жрдз.
Хостыхъоты Зинж.
Урочы цыд: 1. Хъуысы сабыр жнкъард мелоди. Дзуры скъоладзау зжронд усы даржсы: «Жз ужм жрцыдтжн аивгъуыд жнустжй,
Мж уд дзынжзта, мин азы куыдта
Жз рагон Иры хъаржггжнжг ус джн»
(жнкъарджй бандоныл жрбады).
2. Скъоладзау лжууы йж разы жмж дзуры Гждиаты Цомахъы жмдзжвгж «Сылгоймаг»
Йж фжлурс уадултыл йж цжссыг жрцжуы:
Уый рагон цжссыг у, жнусон цжссыг.
Сылгоймаджы хъаржг кжй зжрдыл нж лжууы,
Кжй цжстыл нж уайы сылгоймаджы хъыг?
Жхгжд у сылгоймаджы фжндаг, хжрзжхгжд:
Чызг уа жви ус уа! – жмхуызон жхгжд.
Хъыгдард у, ыссжст у, йжхжджг фыджфхжрд.
Кжд уыдзжн сылгоймаджы рухсы дуг, кжд?
Фжллойгжнжг усжй, фжллойгжнжг чызгжй –
Жппжтджр жнжскаст: бжржг у сж зын.
Цжй, равдисут абон уж фжндтж ныфсджынжй.
Цжй, равдисут абон жфхжрды бжллын.
Ахуыргжнжг: Уждж цжй Гждиаты Цомахъы курдиат «Равдисут жфхжрды бжллын» сжххжст кжнжм жмж нж абоны урочы бжлвырдджр жрлжуужм ирон аив дзырды джсны, курдиатджын фыссжг, ирон прозжйы бындуржвжрджытжй иу – Гждиаты Куыцырийы фырт Секъайы радзырд «Азау»-мж гжсгж Азауы фжлгонцыл. Раргом кжнжм сыгъджгзжрдж, йж миддуне хъжздыг, фжлж царджй жфхжрд, жбар сылгоймаджы хъысмжт, абаржм сылгоймаджы ивгъуыд цард абоны цардимж.
Тетрждты скъоладзаутж фыссынц фжйнжгыл фыст темж, йж бынмж фыст пълан. Урок куыд цжуа, афтж скъоладзаутж фыссынц пъланы фжрстытж. Хждзары йыл бакусдзысты жмж сочинени ныффысдзысты.
Дзырдуатон куыст: Концепци – авторы хъуыды царды фжзындты тыххжй. Символ – нысан. Ам «сау калм» - жнамонддзинады калм, фыджлты фыджгъдау – иржд фенамонд кжндзжн дыууж уарзон уды.
Цыбыржй равдисут хжххон сылгоймаджы уавжр ивгъуыд ржстжджы.
II. Равзаржм уждж Секъайы уацмыс жмж бамбаржм, куыд жвдисы фыссжг сылгоймаджы хъысмжт.
Фронталон бафарст:
Уацмыс «Азау» цавжр литературон жанрмж хауы?
У радзырд, литературон тауржгъ.
Гждиаты Секъайы уацмысты сюжеттж цжй бындурыл аржзт сты?
Йж радзырды сюжеттж фыссжг амадта жхсжнадон царды цауты бындурыл, пайда кодта историон тауржгътжй, жцжг хабжрттжй, жмбисжндтжй.
Цы у тауржгъ, йж сжйраг миниуджытж? ( Скъоладзаутж дзурынц тауржгъы сжйраг миниуджытж.)
Секъайы тауржгътж куы кжсай, ужд джм афтж кжсы, цыма фыст ныхжстж нж кжсыс, фжлж демж чиджр ныхас кжны жмж йын хъусыс йж фжлмжн, фжлж барджын хъжлжс.
Тауржгъгжнжг радзуры ахжм хабар, царды жцжг чи ’рцыд, йжхжджг кжй федта кжнж кжй фехъуыста, чи йж федта, уыдонжй. Жцжг хабар, дам, уыдис Таймураз жмж Азауы трагикон уарзондзинад джр. Уымжн жвдисжнжн абон джр ма Ганисы хъжуы сжрмж зжронд ужлмжрды астжу сж ингжныл цы стыр сывылдз бжлас. лжууы, уый.
Секъа йж тауржгъты цы аджмы кой фжкжны, уыдонжн сж хъысмжт, сж царды фжндаг равдисы кжронмж, мжлжты бонмж.
Тауржгъгжнжг жрмжст хабжрттж дзуржг нжу, фжлж ма у дуджы, аджмы, хабжртты тжрхонгжнжг джр. Секъа дзы кжмжн йж хорзы кой ракжны, кжй та жгъатыржй бафхжры.
Тауржгъы цаутж кжрждзи ивынц, жмж уацмыс асжй-чысыл, фжлж хабжрттжй та хъжздыг вжййы.
Секъайы тауржгъты хъайтартж самайынц хъжбатыр тох царды жнжраст хъуыдджгты ныхмж. Хъжбатыржй мжлгж джр акжнынц.
Сылгоймаг ужлдай ссжст жмж жбар кжм уыд, йж тыхст, маст, хъизжмжрттж жвдыст кжм цжуынц, Секъайы уыцы радзырдтж-тауржгътай ма цавжртж зонут?
Скъоладзаутж нымайынц уацмыстж:
«Мад жмж фырт», «Арагуийы Ерыстау жлдар», «Айссж», «Дыса», «Саударжг ус», «Сафиат» , «Зжлда» ,» Хо жмж жфсымжр», «Садуллж жмж Манидзж»
- Жрлжуужм тауржгъ «Азау»-ы сюжетыл.
Скъоладзаутж цыбыржй дзурынц радзырды сюжет:
Ахуыргжнжг: Сюжетжй бжржг у, цы цжстжй кжсы автор патриархалон дунемж. Жмж уый у царды концепци. Мулк, исбон аивтой аджмы психологи, сж зондахаст. Намыс жмж ржстдзинадыл фжтых мулкмж бжллын. Хъыгагжн, ацы хъуыддаг ис абаржн нж абоны цардимж.
(Цыбыр хъомыладон куыст ахуыргжнжджы фжндонмж гжсгж)
Секъа йж тауржгъ «Садуллж жмж Манидзж»-йы афтж фыста:
«Ирон жгъджутты ржхыс-бжттжнтж сжттын нж комынц. Зындзинад хъуырмж схжццж, цжсты рухс баталынг кодта. Фосмж бжлгжйж, ирон лжджы зжрдж ферох кодта зжнжджы уарзондзинад. Хуыцауы стыр лжвар –зжнжг ужй кжнын жфсжрмы нж кжнынц».
Ахъуыды кжнут жмж зжгъут, чи сты тауржгъы сжйраг фжлгонцтж?
Тауржгъы сжйраг фжлгонцтж сты Азау жмж Таймураз. Азау – трагедийы сжйраг у. Уымжн зынджр уыд фыджлты жгъдауы ныхмж рацжуын. Азау жмж Таймураз агурынц ржстдзинад. Секъа, куыд фыссжг, афтж у жрыгжтты фарс, сж уарзондзинады фарс жмж сж ныв кжны иттжг уарзонжй, сж уавжрыл сын хъыг кжны зжрджбынжй.
Тауржгъы райдиан Азау жмж Таймуразы трагикон уавжр цавжр символикон нывжй жвдисы автор? Чиныджы йж ссарут жмж йж бакжсут.
Скъоладзау кжсы чиныджы :
Таймураз жмж Азау Биботы кжрты хъжбыс-хъжбысы бафынжй сты
Ам и стыр сау калм – фыджлты мжлинаг жгъдау –иржд дыууж жрыгон зжрджйы ахицжн кодта.
Зжгъут, цавжртж сты Азауы характеры сжйраг миниуджытж?
Азауы характеры сжйрагжй зыны сыгъджгзжрдж, амондмж бжллын, уарзондзинады сжрыл хжцынхъом ужвын, ржстдзинадуарзаг.
Амонд, кжнж мжлжт! - ахжм у дыууж уарзон аджймаджы тжрхон.
2 скъоладзауы: Азау жмж Таймуразы фембжлд (инсценировкж). Чызг жмж лжппу ирон дзаумжтты.
Хъуысы мелоди (диалог хрестоматийы,166 фарс)
Ахуыргжнжг: Таймураз жмж Азау жнж кжрждзи нж бафжржзтой цжрын. Фыссжг жнахуыр зжрджмжхъаргж ахоржнтжй пайда кжны Азауы тыхст уавжр, йж маст, йж зжрджйы катай равдисынжн.
Ссарут тексты уыцы бынжттж жмж сж бакжсут.
Азаужн-ма йж фидауцджын сау цжстытж арф кжцжйджр сж сау жнджрг хастой, йж тжнжг былтж ныххус сты, дзжгъжл змжлд кодтой, йе взаг басур, комы нал хатти, йж уадултж цъити хъжпжнау ныффжлурс сты
Азаужй хиуаг йжхицан ус скодта, залиаг калмы хъжбысы зындоны артжй сыгъди. Хиуаджы цур хуссынжй мжрдтжм цыд, йж зжрдж тъжппытж хаудта. Иу дзырд йж дзыхжй нж цыд. Таймуразы уарзон монджгтж хуры тынтжй иста, йжхи сж ржвдыдта. Жмж-иу йж салд зжрдж батжфсти, бахъарм, йжхинымжры-иу дзырда: «Чи зоны, ужлжуыл куы нж баиу ужм, - мжрдты уждджр кжрждзи фендзыстжм»
Азаужн йж зжрдж атыппыр, аджнгжл, цжсгом ацъжх ис, хурхуадындзтж адымстысты, цжстытж батартж сты, сжры магъз ихы къжртт фестад
Ам жртж скъоладзауы ролтжм гжсгж кжсынц (автор, Азау, Магда)
Азау бирж азты фжстж йж хистжр фыртимж Ганисмж жрцыд. Хъжугжрон фембжлд иу ус Магдайыл. Азауы базыдта, фжцинтж йыл кодта. Бацыдысты Азауы фыды хждзармж, тыргъы жрбадтысты. Азау Магдайжн афтж зжгъы:
Дж фжхъхъау фжуон, Таймураз цы фжци, Таймураз?
Раджы куы амард, дж нывонд фон. Урс Туалты йж мады 'рваджлтжм. Арджм жй жрхастой жмж йж Бибойы фарсмж баныгждтой.
Цом-ма, дж нывонд фжуон, йж ингжн мын фенын кжн!
Азау Магдайы фжстж цух-мухтжгжнгж араст. Бацамыдта йын ингжн. Азау ингжныл аджлгом, йж дзыхыдзаг сыджыт фелвжста жмж базыр-зыр кодта, жрбатымбыл, стжй адаргъ ингжны ужлж жмж йж уд систа. Дыууж уарзоны кжрждзийы нал федтой, жрмжст ма Азау йж зжронд фжлмжцыд стджытж Таймуразы цур ингжны ныккалдта.
Ахуыргжнжг: Азау жмж Таймуразы ныхмж слжууыдысты фыджгъджуттж – (иржд, хъоды бакжнын) мжгуырдзинад, тугкалды тас, фжлж уждджр нж систой сж къух сж уарзондзинадыл. Хъазуат тохы бацыдысты жппжты ныхмж, фжлж сж бон нж баци «ржхыс - бжттжнтж» атонын. Кжй аххос у, Азау жмж Таймураз царджй кжй ницы федтой, афтжмжй сау мжрмж кжй бацыдысты, уый? Кжд, мыййаг, сжхи аххос у.
Скъоладзау: Нж, уый сжхи аххос нжу. Уый у се 'намонддзинад. Царды цжлхдуртж – мулкмж тырнындзинад, кжржфдзинад, зианхжссжг рагон жгъджутты сжрты ахизын кжронмж сж бон нж баци. Ницы рауад сж тохжй – ис сын трагикон хъысмжт. Фжлж сын кжсжм сж тауржгъ жмж стжм сж фарс – сж лжгдзинады, сж ржсугъд зжрдж, се стыр уарзондзинады фарс.
III. Кжронбжттжн.
Ахуыргжнжг: Мжгуыржг, ирон сылгоймаг! Цымж кжд фервжздзынж дж цагъары уавжржй?.. – фыста Хъаныхъуаты Инал. Фжлж нырма дард уыд сжрибары ржстжг. Сылгоймаджы сжрыл нырма бирж фждзурдзжн ирон литературж. Сылгоймаджы сжрыл тохгжнгжнжг уыдзысты ирон фысджыты хуызджртж . Уыдонимж Гждиаты Секъа джр.
Абайты Васо Секъайы рахуыдта «Иууыл аджмонджр фыссжг». Секъа рацыд аджмжй жмж аджмон сфжлдыстаджй. Секъа уыд жппжт хжхбжсты цжржг аджмы дугъон жмж фждисон. Йж тауржгъты фылджры кжд сылгоймаджы хъысмжтыл дзырдта, уждджр жй уырныдта, йж аджммж рухсджр фиджн кжй жнхъжлмж кжсы. Сжрибары дуг кжй жрцжудзжн, уый уыд йж бжллиц. Йж иу жмдзжвгжйы афтж фыссы:
Куы фенин жз хуржн йж тынтж:
Гъе искуы ирон лжджы царды
Куы фенин жцжгжй мж фынтж
. Секъайы бжллиц сжххжст жви нж?
Скъоладзау: Фыццаг ирон сылгоймаг-революционеркж Калоты Нагъо 1911 азы ахст куы жрцыд, ужд афтж загъта: «Мах сылтж не стжм, мах сылгоймжгтж стжм. Тох джр нж бартыл уымжн кжнжм. Тагъд жрцжудзжн ахжм ржстжг, жмж сылгоймаг джр аджймаджы жмржнхъ жрлжудзжн».
Жрцыд ахжм дуг. Жлжууыд сжрибары ржстжг.
(Ахуыргжнжг фжйнжгыл цы эпиграфтж фыст ис, цы цжстуынгж жрмжг жрцжттж кодта, уыдон хъуыды жмбарын кжны тухгж чингуытж, нывтж, рефераттыл афжлгжст аразы).
Скъоладзау: Царды жмж ахуыры фжнджгтж байгом сты ирон сылгоймагжн джр. Абон сж къухы жфтынц сж ржсугъд бжллицтж. Нж Иры чызджытж ахуыр кжнынц, кусынц канд нж бжстжйы нж, фжлж ма бирж фжсаржйнаг бжстжты джр.
Се 'ппжты кой нж кжндзыстжм, нж фыццжгты нж зжрдыл жрлжууын кжнжм.
Саламты Софья – фыццаг хжххон ирон сылгоймаг – каст фжци С.М. Кировы номыл хжстон-медицинон академи.
Бутаты Фатимжйжн – фыццаг ирон сылгоймагжн – лжвжрд жрцыд Паддзахадон премийы лауреаты ном.
Дудараты Вероникж – фыццаг ирон сылгоймаг-дирижер.
Туаты Ольгж – фыццаг ирон сылгоймаг-профессор.
Калоты-Барахъты Еленж – фыццаг ирон сылгоймаг-прокурор жнжхъжн Цжгат Кавказы.
Фыццжгтж иунжгжй нж баззадысты. Бонжй-бонмж ржзы, нж чысыл Ирыстонжн кад жмж намыс чи хжссы, уыцы сылгоймжгты нымжц. Англисжй, Канаджйж жмж бирж жнджр ржттжй цжуынц Мжскуымж, цжмжй базонгж уой медицинон наукжты доктор, профессор Дзугаты Софьяйы наукон куыстытимж. Кубжйы, Сирийы, Турчы, Англисы зжрдиаг къухжмдзжгъд кодтой ирон чызг-балеринж Адырхаты Светланжйжн.
Чызг – скъоладзау дзуры йж хъуыдытж:
Сылгоймагжн сжрибар бжстжйы цы кад жмж намыс ис, уый иттжг бжржгжй зыны Ирыстоны сылгоймжгты уавжрыл.
Жз джр уыцы сылгоймжгтжм хауын. Нырма ныр цжуын царды стыр фжндагмж, жмж мж зжрдж дарын, мж бирж фжндтж мж къухы кжй бафтдзысты, уымжн жмж цжрын сжрибар дуджы. Хостыхъоты Зинжйы жмдзжвгж «Жз - сылгоймаг» у ирон сылгоймжгтжн гимны хуызжн, жмж йж лжвар кжнын нж абоны сылгоймаг – уазджытжн. (Хъуысы хъжлдзжг мелоди)
Жз – сылгоймаг – цардаразжг фарн джн,
Кувут , лжгтж, иууылджр мжнжн.
Жз бжллиц джн, дидинжджы тау джн,
Жз цъжх уалдзжг, цины заржг джн.
Жз жфсарм джн, нуазжн джн уж къухы.
Жз хждзары – мин бжркады фынг.
Жз ждзухджр – уе 'мдзу царды дугъы
Фарн – мж дзырд, ныххуыссын кжны зынг.
Сисут, лжгтж, баназут мж каджн,
Жз – уж радтжг, уе стыр мжт, уж хур.
Жз уж къухы бахъуаджы бон кард джн.
Жз – уж фиджн, уе 'нхъжлцау бындур.
Урокжн хатдзжг скжнын. Скъоладзауты дзуаппытжн аргъ скжнын.
Хждзары – ныффыссын сочинени «Азауы фжлгонц».
Заголовок 115