Сылгоймаджы хъысмат Брытъиаты Елбыздыхъойы драма дыууа хойы-ма гасга







Г О М У Р О К И Р О Н Л И Т Е Р А Т У Р Ж Й Ж



Темж : С Ы Л Г О Й М А Д Ж Ы
Х Ъ Ы С М Ж Т





Брытъиаты Елбыздыхъойы драмж
«Дыууж хойы»- мж гжсгж.






38 –жм скъолайы ахуыргжнжг
Ч Е Х О Й Т Ы З Ж Л И Н Ж












Урочы нысан.
-Равдисын сылгоймаджы цардвжндаг.
-Равзарын драмжйы сжйраг мидис.
- Дунейы фидауц-сылгоймагжн аккаг аргъ кжнын.
Цжстуынгж жрмжг:
– ахуыргжнжн чиныг
- фжйнжг
- видеожвдыстытж
- стендтж
- чингуыты равдыст
- жмбисжндтж
- цыбыр равдыст (сценкж)
Хицжн плакатыл

-Темж
-Разныхас.Сылгоймаджы равзжрд.
-Тауржгъ «Кжлмжрзжн»
-Брытъиаты Е. Драмж»Дыууж хойы» анализ.
-Равдыстытж -«Осетинская легенда»
- «Чермен'' -«Фатимж»-
Кжронбжттжн.

Урочы цыд.

Зжлы «Ханты цагъд»-ы мелоди.
Тауржгъ»Сылгоймаджы равзжрд»

Ахуыргжнжг:
«Хуыцау жрбайста худгж хуры тынтжй цалджр,жрттиваг мжйы сонт жнкъарддзинад,мжлхъы сжрыстыр ужздандзинад жмж уарди дидинжджы жмбисонды тжфаг.Цжмжй жгжр жлутон ма фжуа,уый тыххжй ма йжм бафтыдта ноджы уад дымгжйы жнжсжрфат зилдухжнтж, рувасы хиндзинад,тжрхъусы тжппуддзинад, мигъты цжссыгкалындзинад уарыны агъоммж жмж гжркъжраджы талф-тулфдзинад дзургжйж.Чысыл ахъуыдыйы фжстж ма йжм бафтыдта ноджы хъаймжты жппжт бжллжхтж, арт, зжй,жрвжрттывд, тымыгъ, тжрккъжвда. Жмж жппжт уыдонжй саржзта сылгоймаг.Радта йж сжумжйж нжлгоймагжн жмж заъта:
«Ауд ыл,уымжн жмж дыккаг ахжм скжнжн нал исСтжй йж дзжгъжлы жнджр хуызы рацаразын джр ма архай- сылгоймаг у.»

Ахуыргжнжг:
Сылгоймагцас миниуджытж йын балжвар кодта сфжлдисжг,куыд ирджй йж сфжлыста,цас ахоржнтжй йыл бакуыста, цы кад ын скодта. Гъай-гъайджр,сылгоймаг у кады аккаг. Жмж куыннж? Чи,кжцы аджмыхатт нж раппжлдзжн йжхи
-Амагж - сарматаг фжтжгжй
- Зжринж - сакты ус паддзахжй
- Сатана - нарты нжржмонжй.
Сылгоймагмж бирж миниуджытж жмж йын стыр ахадындзинад ис: ( фжйнжгыл цы жмбисжндтж ис, уыдонимж куыст,ома сж бакжсын)
Ахуыргжнжг:
-Сылгоймаг йе фсармжй фидауы.(дардджр скъоладзаутж)
-Сылгоймаг лжгжн йж хъаруйыл жфтауы.
- Сылгоймаг зжд у.
- Сылгоймаг Сатана джр уыд жмж Нарт йж зонджй цардысты.

Тауржгъ «Кжлмжрзжн»
(скъоладзау кжсы тауржгъ)
«Бадынц Нарты урсзачъе зжрждтж ныхасы,тжрхон кжнынц.Ивгъуыд бонтж знонау аивгъуыдтой,нжй сын фжстжмж раздахжн.Нж фиджныл ахъуыды кжнжм.
Хъуыды ма кжнут,иу хатт ныл жххормаг аз куы скодта,ужд нж Сатана куыд фервжзын кодта, уый? Сатанамж та равитжм ныр джр.
Бафжрсжм жй зонджй.Цу,лжппу,фждзур жмАфтж жмж,зжгъ,афтж,нж хистжрты размж фжзын.Сатана жрбацыд, жмж сын загъта:
« Ме 'нжныййаргж фырт Сосланмж ис жнжкжрон хъару жмж ныфсУый ужларвжй джлжмж нал цжуы.Тжккж аизжр Ужларв Сафа куывд кжны зждтж жмж дауджытжн. Баддзысты дауджытж Сафайы хждзары, сау бжгжны нуаздзысты дзжбидыржй.Уырдыгыстжг та сын уыдзжн Сафайы буц хъан - Нарты Сослан. Уж туг, Жхсжртжккаты туг хъазы йе ужнгты.Абон жй фжндараст кжнынц арджм.Уый номыл у куывд джр.Жз ын йж хъусы бацжгъддзынжн, цжмжй уый ракура:
Уастырджийж-фжринк кард,тыхгжнжг уын тых куыд нж ара. Жфсатийж-бирж фос, Уациллайж-хоры нжмгуытжХоры нжмгуытжн афтид къухжй тонжн нжй.Сослан Курдагжлонжй ракурдзжн жфсжн дзывыр.Уждж Галжгон джр Сосланы жнж лжвар кжм уадздзжн.Нж хоры кжритж сыгъджг кжнынмж-иу нын рог дымгж рарвитдзжн.Жппынфжстаг ын номдзыд Донбеттыр зжгъдзжн: мж цжугжджттыл-иу куыржй- ттж саразут.Уый йж чызджытжн бафждзжхс- дзжн,цжмжй куыройы фыдтж ржвдз зилой
Гъе утжппжт хорздзинждтж нжм жрхжсдзжн уж буц кжстжр Сослан.Мж раныхасы сжр – фжллой
Нартж сыстадысты.Хистжр Сатанайы размж бацыд.Систа йж худ жмж загъта:» Амжй фжстжмж худ жмж кжлмжрзжн жмужзтж ужнт.Жмзонд жмж жмвжнд»
(худ жвжры тжрхжгыл кжлмжрзжны раз).

Ах-г: Худ жмж кжлмжрзжн жмужз систы.Фжлж ржстжг цжуы жмж цард ивы. Нж фжтжригъжд кодта ржстжг сылгоймагжн джр, жгъатыр жм разынд.
(Видеоравдыст«Осетинскаялегенда»-йж скъуыддзаг
(Залиханыл кжм фидауынц,уыцы ныв)

Ах-г:Цавжр фыджлтыккон жгъдау жвдыст жрцыд нывы?

- Скъуыддзаджы жвдыст жрцыд сылгоймагыл иржд фидыны жгъдау,сылгоймаг ужй кжныны жвирхъау жгъдау. Аргъыл нал фидауынц, чызгжн,дам, йж аргъ жрхауд аджмы дам-думты фждыл.Сж карзы бацыдысты,фжлж сж иуы зжрджйы джр не ржфтыд чызджы бафжрсын,цы зжгъы уый та.Цард, кжй зжгъын жй хъжуы,хъазжн нжу.Иу боны цжстжй йжм нж хъжуы кжсын.Бонтж куы адвргъ вжййынц,ужд йж хжссинаг ужз кжнын райдайы.

Ахуыргжнжг: Цавжр жнкъаржнтж ужм сжвзжрд ацы ныв фенгжйж?
(скъоладзауты хъуыдытж)
Ахуыргжнжг:Хъыг ужм фжкаст сылгоймаджы хъысмжт, йж уавжр?
Афтж хъыг жмж жнжзжрджмждзжугжйж ракаст Брытъиаты Елбыз-
дыхъо джр сылгоймаджы цардмж.
(сценкж-равдыст Хансиаты монолог.Бадынц
Хансиат жмж Асиат).
Хансиат:
Цы цард у ай? Кжннод хорз цард кжй хонынц,
Уый джр циу?Кжрджг джр кжрджг,жмж мах джр.Кжрджг зайы,сржзы,ацжры,йжхи хуызжнтж ныууадзы,уыйфжс-тж йыл уазал зымжг куы жрбаулжфы,ужд амжлы.Амжлдзстжм мах джр,жмж цы баззайдзжн нж фжстж,не намонд жмж нж ужгъуыры кой йедтжмж?
Ждзух мжт,сагъжс,фыджбон.Дж цжрынжй хжрынмж цжджындзау хъжддых аржзт у искжйы ныфсжй.Дж буар фаг ма аиваз. Ужлдай дзырд,ужлдай къахдзжф ма акжн,ма фжхуд.Дж фжндон баххжст кжнын еж.фжлж йж жрмжст радзурын джр ма сужнд.Уый цард у?Уымжн равзжрдтжн дунемж?Уый цард нжу.Кжд царды миджг жнджр ницы и,ужд мыл мж мад дзжгъжлы фжфыджбон кодта.Куыд уыдзысты дзжгъжлы утжппжт фыджбжттжНж зонынИс. Жвжццжгжн.исты жцжгдзинад,жмж йж жз не мбарын,мж зонд жй нж ахсыМжхи цард?Ницы у,мжнг у!
Ахуыргжнж:. Цавжр фыджбжтты кой кжны хъайтар, чи
у жмж кжцжй?
Нж хъайтар у Хансиат 22 аздзыд чызг
Брытъиаты Елбыздыхъойы драмж «Дыууж хойж»Йж фыджбонтж йж жбар цард,йж социалон уавжр.

Ахуыргжнжг:Жмж уыйас цы' рцыд уагжры уыцы жвзонг
удыл? Цы жфхжрд баййжфта?

- Драмжйы жвдыст цжуынц сидзжр дыууж хойы,кжцытж цжрынц сж фыдыфсымжр Тжтжрхъанмж.
Тжтжрхъан фыджлты жгъдаумж гжсгж чызджытжй мулк скжнынмж хъавы,ома сж аужй кжнын.Лакаты Саламджери жмж Касалы-фырты фыццаг фжкжнын Асиат жмж Хансиаты. Чызджыты нж фжнды. Тжтжрхъан, йж ус Мусон,сж фырт Буцж(йж ном йж ужлж)архайынц хъуыддаг саразыныл.Рауад сжм быцжу,ома конфликт.

Ахуыргжнжг: Конфликты фжархайынц дыууж къорды.Цавжр къордтж
сты ацы драмжйы жмж чи сты сж архайджытж?

-Архайджытж фесты 2 къордыл дих. Иутж сты чызджыты фарс:

Хъамболат- мады фсымжр,зондджын жмж раст лжг. Мжгуыр кусжг
лжг.
Сидахъон - Хъамболаты ус ужздан, сжрибар аджймаг
Хъылцыхъо – сж фырт,ис жм жгъдау,жцжг жфсарм, зоны аргъ
кжнын жцжг фарнжн.
Пупж - Асиаты уарзон,ног жгъдауыл лжуд аджймаг,сыгъджгзжрдж.


Иннж къорд рацыдысты чызджыты ныхмж.

Тжтжрхъан -фыдыфсымжр,хин жмж дзырдаржхст дзургж кжны иу,
аразгж та бынтон жнджр хъуыддаг.
Мусон - йж ус,йж лжджы дзжмбы бын цагъаржй цжрын чи сахуыр,
ахжм.Бауырныдта йж сылгоймаг нжлгоймаджы цур кжй
ницы у.
Буцж - сж фырт.Нжй йжм лжгдзинад, нжй йжм агъдау.
Касалы-фырт, Лакаты Саламджери
– Усгуртж,жлхжнынц сжхицжн устытж.Уарзондзинады
моралон бындур сжм фыст нжу.
Ахуыгргжнжг: Цавжр иумжйаг хатдзжг храктеристеристикж
раттжн ис ацы къотжн?
- Ирон сылгоймаджы цагъар сужгъд кжныныл
тохгжнджытж,ног зондахаст хжсджытж.
- Фыджлты мжлинаг,зжронд фжстжзад жгъджуттыл
ма чи хжцы,уыдон.

Ахуыргжнжг: Ужд Хансиат жмж Асиат та кжцы къодмж хауынц?
Хансиат жмж Асиат сты ирон сылгоймаджы ног
типтж. Аджмы хъжр чи бамбжрста,ног дуджы
комулжфт кжмж ба-
хжццж,ахжм жрыгон дыууж чызджы.Хан-
сиат жмж Асиат ног идеалтыл хжст кжй
сты,уыдон ног миниуджытж кжй до-
мынц аджймагжй, се'хсжнаджй бжрзонд-
джр кжй сты,уый у сж быцжуы аххос джр.
Ахуыргжнжг: Цжмж сж хонжм ног типтж?
Цавжр миниуджытж нымайы Хансиат
сжйрагджрыл?
Хансиат аргъ кжны лжгдзинад,жгъдау жмж
ужздандзинаджн.Лжгжн хъуамж йж рацыд
джр, йе'сдзырд джр,йж митж джр лжджы
хуызжн уый.
Ахуыргжнжг: Жмж Касалы-фырт цавжр у?
Ссарут ма тексты Касалы-фырт жмж
Хансиаты фембжлд.(13-14жм фарс чин)
Ахуыргжнжг: Цавжр хатдзжг скжнжн ис ацы скъуыддзаг
бакжсгжйж?
Фенжм ма ужд жххжст Асиат жмж Пупжйы
кжрждзиимж ахастдзинад джр.Ссарут тек-
сты сж фембжлд. ( 17-жм фарс чин.)
Ахуыргжнжг: Цавжр ныв уынжм ацы фембжлды та,цавжр
жнкъаржнтж.
- Сыгъд,жгцжг уарзондзинад. Жнж ужлдай
ми жмж ужзданжй. Фжлж сж размж ис цжлх-
дур,Пупж мжгуыр у жмж ницы пайда у Тж-
тжрхъанжн,уымж гжсгж сын иумж ужвжн
нжй.Аджймаджы цард у жхцатжй аразгж.
Ужййаг жмж жлхжнгж цард.Жбар жмж жф-
хжрд уавжр.Жнкъаржнтжн нжджр сж кой,
нжджр сын аргъ.





Драмжйы темж,идейж,проблемж.

Темж: Сылгоймаджы хъысмжтыл сагъжс.

Идейж: Брытъиаты Елб. Фжндыд равдисын

Проблемж: Драмж ''Дыууж хойы'' жвдыст жрцыд
революцийы агъоммжйы ржстжг. Ца-
лынмж революци не'рцыд.уждмж фы-
джлтыккон жгъджуттж:
иржд исын
туг исын
хъоды кжнын
жххжст кодтой карзжй.
Уыцы жгъджуттж жвжрдтой цжлхдур-
тж мжгуыр аджмы размж.Гъе уый у ацы
драмжйы проблемж джр- иржд фидын.
Ахуыргжнжг: Нж уацмыс драмж хонжм.Жмж ужд драмж
цы у?
-Драмж- грекъаг дзырд,амоны архайд,цард
жвдисы архайды хуызы.Драмжйы нж вжй-
йы авторжн йжхи ныхас,архайд аржзт
вжййы уацмысы геройты жхсжн ныхасыл-
диалогыл.
Ахуыргжнжг: Цавжр хъуыдыиж ужм сжвзжрд ацы драмж
бакжсгжйж?
( скъоладзауты хъуыдытж)
Ахуыргжнжг: Раст зжгъут,ахжм уавжрты цжрынжн хъж-
уы стыр тых жмж быхсыны хъару.Аджймаг
уыцы миниуджытжй хайджын куы нж уа,
ужд зын у кадимж фервжзынжн уыцы зындо-
нжй. ( скъуыддзаг ''Фатимж''-йж . Фатимж
жмж Джамбулаты диалог лидзынмж йж кжм
разы кжны,уыцы бынат.Фатимжйы дзуапп.)
Ахуыргжнжг:Фатимжйы дзуаппжн аргъ скжнын.Скъола-
дзауты хъуыдытж.
- Фатимж йе 'стыр уарзондзинад нж ферох
кодта,фжлж йж ныййаржджы хжс, йж цар-
ды сжйраг нысан нж баивта зжрджйы фжн-
дон,цыбырфжд жмж жнжрфат лжмжгъдзи-
надыл.Бафжржзта сжрыстыржй ныййарж-
джы ном кадимж рахжссын.
Ахуыргжнжг:Худ жмж кжлмжрзжн – жмвжнд.жмзонд,жм-
ужз.
(скъуыддзаг ''Чермен''-жй . Чермен Хъа-
сайимж хжцынмж кжм хъавы жмж сж
кжлжмжрзжнжй кжм ахицжн кодтой.
Сылгоймагжн кад кжнын.Кжлмжрзжны
нысан)

Ахуыргжнжг: Цы нын равдыста ацы ныв?
- Ацы нывы жвдыст жрцыд сылгоймаджы
кжлмжрзжны стыр нысаниужг.Дыууж зна-
гжн-иу кжлмжрзжн куы сж астау жржп
пжрстой,ужд хжст ахицжн.Ахжм стыр
аргъ кодтой сылгоймагжн.
Тжхуды жмж уыцы жгъдау куы уаид абон
джр йж тыхы,ужд маджлтж бамбжрзиккой
сж кжлмжрзжнтжй зжххы къори жмж хжс-
тжн сыскъуыниккой йж таг.
Сылгоймаг кжд ивгъуыд ржстжджы
жбар жмж зын уавжрты цард(нывты рав-
дыст: ахуыргжндтж,фысджытж)
ужд абон та у -- ахуыргонд
-- фыссжг
-- аивады кусжг
-- тжхжг
Абон сылгоймаг йе'ххуысы хай хжссы куыд хо,чызг,сыл-
гоймаг.ныййаржг.
Жмдзжвгж ''Ма бафхжр мады''. /Кучиты А.































Заголовок 1 Заголовок 3 Заголовок 4 Заголовок 515