Гом урочы пълан, 2 къл.


Гом урочы пълан2 къласЧиныг: «Мах стæм æрдзы хъæбултæ»
Авт.: Хъæрджынты С.
Темæ: «Мæргътæ атахтысты»
Нысæнттæ: сывæллæтты дзырдуатон къæбиц фахъæздыгдæр кæнын. Ныхасы рæзтыл бакусын. Æрдз уарзын, æрдзы фæзындтæм, ивддзинæдтæм лæмбынæгдæр хъус дарын, ахуыр кæнын.
Урочы цыд:
Бацæттæгæнæн рæстæг
Рацыд æрмæгыл бакусын:
- Цæуыл дзырдтам раздæры урочы?
Цы радзырд бакастыстæм, уымæн йæ сæргонд цы хуыйны? («Æрдзæн феххуыс кæнæм»)
Чи ныффыста уыйы радзырд? (Хъæрджынты Симæ)
Цæмæй æрдзæн йæ рæсугъддзинад, йæ хъæздыгдзинад ма фесæфа, уый тыххæй мах цы кæнын хъæуы?
Куыд баххуыс кæнæм æрдзæн? (Къалиутæ сæттын не'мбæлы; дидинджытæ æд уидæгтæ тонæн нæй; мæргътæ марæн нæй; хъæдмæ улæфынмæ куы ацæуай, уæд дæ фæстæ бырæттæ бафснай; арт ахуыссын кæн; бæлас куы ралыг кæнай, уæд йæ бынаты ног тала ныссадз)
Æмæ бæлас та цæмæн акалынц?
Нæ фыдæлтæ бæласæн стыр аргъ кодтой. Уымæн æмæ хъæды æрмæгæй арæзтой хæдзары дзаумæттæ: къæрта, къус, уидгуытæ, дзыкказмæнтæн, халамæрзæн; арæзтой авдæнтæ, сынтæджытæ, æртæкъахон фынгтæ…
Æнæ бæласææй цæрæн нæй
Адæймагæй уæлдай ма кæмæн у пайда бæлас? (сырдтæн æмæ мæргътæн та мА у цæрæн бынат)
- Байхъусут ма ацы уыци-уыцимæ, цавæр афæдзы афоныл дзы цæуы дзырд?
«Мæргътæн уазалы у зын æмæ хъарм бæстæм тæхынц. Адæм бафснайдтой тыллæг, ома ралæууыд …» (фæззæг)
Цавæр рæнхъытæй йæ базыдтат, фæззæгыл дзырд цæуы, уый?
Цавæр тыллæг бафснайынц адæм фæззæджы?
Хъазт: - Хъарм бæстæм атæхыны размæ нæм æрбатахт иу маргъ уазæгуаты, фæлæ йæ къалатийы бакодта цуанон. Фервæзын æй кæнæм.
Цæмæй йын баххуыс кæнæм,уый тыххæй нæ хъæуы фæззыгон æрдзы цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы, уыдон радзурын.(Бæлæсты сыфтæр згъæлы; хур тынг нал тавы; къæвда арæх уары; бон фæуазалдæр; мæргътæ хъарм бæстæм тæхынц; сцæттæ вæййынц дыргътæ æмæ халсартæ)
Цы хуыйны ацы маргъ?
Æмæ зæрватыкк та кæм цæры? Цы хуыйны йæ хæдзар?
Ног æрмæг:
- Уæдæ ацы уыци-уыцийæн та цавæр дзуапп ратдзыстут?
«Æнæ фæрæт, æнæ дзæбуг хæдзар амайы»
Куыд уæм кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм?
Цавæр мæргътæ зонут?
Ракæсут фæйнæгмæ, ацы мæргътæй кæцы зонут?
Кæцы маргъыл дзы ахуыр кодтам æмдзæвгæтæ? Чи цæ ныффыста? («Зæрватыкк», «Дзывылдар»)
(Улæфты рæстæг)
– Абон бакæсдзыстæм Хъæрджынты Симæйы радзырд «Мæргътæ атахтысты»
Цæмæй радзырды мидис хуыздæр бамбарат, уый тыххæй сбæрæг кæнæм дзырдты нысаниуæг
Дзырдуатон куыст: æнусон – вековые
хицауиуæг кæны – хозяйничает
уыгæрдæн – луг
сæлфынæг кæны – моросит
хуссар – юг
сауцъиу – скворец
сырддонцъиу – воробей
цъиах – грач
(Ахуыргæнæг кæсы текст)
- Дзуапп мын раттут ацы фæрстытæн; чиныджы сæ ссарут, афтæмæй (текстмæ гæсгæ раттын фæрстытæ).
Текст кæсынц сывæллæттæ.
Кæронбæттæн:
Цы радзырд бакастыстæм, уый цы хуыйны?
Æмæ афтæ та цæмæн хуыйны?
Иухатт ма мын зæгъут, кæдæм атæхынц мæргътæ фæззæджы?
Цавæр мæргътæ атæхынц хуссармæ?
(Фæйнæгыл мæргъты нывтæй æвзарынц)
Баззайынц ам Хуссармæ атæхынц
Уæдæ хуссармæ атæхынц?.............(сыв-тæ иумæ дзурынц мæргъты нæмттæ)
Абон мах зæгъæм хуссармæ тæхæг мæргътæн иумæ…..(фæндараст, æнхъæлмæ уæм кæсæм уалдзæджы).