Открытый урок по осетинской литературе по произведению А.Коцоева «?мб?лтт?».


Темæ: Æмбæлтты хæлардзинад Коцойты Арсены радзырды«Æмбæлттæ».
Урочы нысан:
1. Адæймаджы аиппытæ иртасыныл ахуыр кæнын сывæллæтты, цæмæй ма фæцудой сæ царды.
2. Ахуыр кæнын скъоладзауты цы сты æцæг æмæ мæнг хæлардзинад, гуырын сæм кæнын, сæ миддуне сын рæсугъддæр чи кæны, ахæм æнкъарæнтæ, æмгардзинадæн аргъ кæнын.
3. Ныхасы рæзтыл кусын.
Урочы фæлгонц: 1. Коцойты Арсены уацмысты чиныг.
2. Н.А.Некрасовы æмдзæвгæ «Вор».
3. К. Арсены карикатурæтæ æмæ иллюстрацитæ
уацмыстæм.
4. Компьютерыл презентаци.
I. Бакæсын таурæгъ – æмбисонд æмбæлтты тыххæй. (Урочы интригæ)
Æрдзурын йæ сæйраг хъуыдыйыл.
II. Хæдзармæ куыстæн уын лæвæрд уыдис:
1. Бакæсын радзырд «Æмбæлттæ»
2.Ныффыссын æмбисæндтæ æцæг æмæ мæнг хæлардзинады тыххæй.
Ахуыргæнæджы разныхас:
Коцойты Арсен у ирон литературæйы ахъаззагдæр цæджындзтæй иу, ирон аив прозæйы зæрингуырд. Арсен аивадон арæхстдзинадыл ахуыр кодта зындгонд уырыссаг классик А.П.Чеховыл. Уый лæууы радзырды дæсны А.Куприн, сатирикон радзырды дæсны Салтыков –Щедрин æмæ ма иннæ классикты æмрæнхъ.
Абон урочы нæ ныхас уыдзæн радзырдыл «Æмбæлттæ». Уацмысы идейон ахадындзинадыл дзургæйæ, хъуамæ сбæлвырд кæнæм, цы сты æцæг æмæ мæнг хæлардзинад. Æрдзурдзыстæм, хорз хæлар уæвынæн адæймаг хъуамæ, фыццаджыдæр, йæхæдæг уа æххæст удыхъæды рæсугъд миниуджытæй: рæстуд, сæрыстыр, сыгъдæгзæрдæ. Рæстуд уæвынæн та хъуамæ алы адæймаг дæр хайджын уа удыхъæды рæсугъд миниуджытæй.
Арсен уыдис курдиатджын карикатурист. Радзурын цыбырæй Арсены карикатурæты тыххæй.
III. Иу скъоладзау дзуры, цы карикатурæ бацæттæ кодта, уый тыххæй.
(Проектон куыст).
Арсен уыдис курдиатджын карикатурист. Йæ карикатурæты темæтæ сты бирæвæрсыг. Æвдисы дзы бынæттон хицæутты, алыхуызон чиновникты, дины кусджыты æмæ æндæр хицæн адæймæгты æнæуаг митæ. Æнæуынон ын сты гадзрахатдзинад, козбаудзинад, карьеризм, магусаты æмæ æнд. Йæ карикатурæты хурмæ хæссы, нæ фыдæлтæм æппæты æгаддæр чи уыд, уыцы хъуыддаг - давыны хъуыддаг: («Диссаг, дæ давд, дам, ныууадз, худынц, дам, дыл, къух дæм ничиуал дæтты. Сæ къух мæ ницæмæн хъæуы, худæнт, цас сæ фæнды, уыйас. Æз иунæгæй дæр фæцæрдзынæн»).
Ацы карикатурæйы Арсен кæй равдыста, уый тынг хæстæг æвæрд у Батырбеджы фæлгонцмæ радзырды «Æмбæлттæ». Чи сты, цавæр хæлæрттæ сты, Арсен йæ радзырды кæй равдыста, уыдон? Цы ис сæ хæлардзинады бындуры. Æцæг æви мæнг у сæ хæлардзинад?
Ахуыргæнæг. Ныр уал байхъусæм уæ хъуыдытæм хæлардзинады тыххæй. Зæгъут-ма, цавæр æмбисæндтæ зонут хæлардзинады тыххæй?
- «Æцæг хæлар уый у, дæ хъæндзинæдтæ дын дæхицæн чи дзуры, дæ хорздзинæдтæ та адæмæн».
- «Æнæууæнк лæг цард не ссардзæн»
- «Æвзæр хæлар знагæй фыддæр у: знагæй дæхи хъахъхъæндзынæ, æвзæр хæлар та дæ æууæнкæй фесафдзæн»
- «Араз æнæкæрон хорздзинад æмгарæн, æмæ дæ йæ хорзæх уа».
Цы у сатирикон радзырд?
Сатирæ у бердзенаг дзырд (злая,едкая насмешка). Сатирикон вæййынц алыхуызон аивадон уацмыстæ, кæцыты автор хурмæ хæссы хицæн адæймæгты кæнæ æхсæнады хъæнтæ, аиппытæ. Зæгъæм Гоголы сатирикон уацмыстæ «Мертвые души», «Ревизор», Салтыков –Щедрин «История одного города», Некрасовы æмдзæвгæ «Размышления у парадного подъезда», В.Маяковскийы сатирикон æмдзæвгæтæ.
IV. Дзырд «æмбал» - мæ ссарын синонимтæ - æмгар, лымæн, æрдхорд, хæлар. (Алы дзырды нысаниуæг дæр æвзарын.
Ссарут æм антоним - знаг.
Дзырдуатон куыст - бæзæрхыг, магазинкæ, хъатара, кæвдæс.
Фæрстытæ: Цавæр дыууæ персонажы æрæвæрдта Арсен ныхæй - ныхмæ радзырды «Æмбæлттæ»?
Арсен ныхæй- ныхмæ æрæвæрдта абырæг Батырбег æмæ æртыккаг зылды пъырыстыф Иван Кузьмич Топтыгойы фæлгонцтæ.
Куыд арæзт у радзырд?
Радзырд арæзт у Батырбег æмæ пъырыстыфы конфликты бындурыл.
Цæмæн хуыйны радзырд «Æмбæлттæ»? Цы ис сæ хæлардзинады бындуры?
Арсен сатирæйы миниуджытæй арæхстджынæй пайда кæнгæйæ, абырæг æмæ къæнцылары хицауы рахуыдта æмбæлттæ. Сæ хæлардзинад та равзæрд бæхтæ давын æмæ æндæр алыхуызон æнаккаг хъуыддæгты бындурыл.
Цæмæн сси Батырбег абырæг? Цавæр уацмыстæ зонут давджыты, абырджыты фæлгонц æвдыст кæм цæуы?
Тугъанты Б. «Бæхдавæг», Н.А.Некрасов «Вор»
Бакæсæм ма Некрасовы æмдзæвгæ «Вор» æмæ йæ равзарæм.
Ацы æмдзæвгæйы автор равдыста, адæймаг ахæм уавæрмæ йæ царды уагæвæрдæй кæй æрцæуы, уый.
Афтæ зæгъæн ис Батырбеджы тыххæй дæр - кæд фыдгæнæг, абырæг у, уæддæр æй уыцы митæм, чи зоны, уавæртæ æркодтой, пъырыстыф та йæ бартæй пайда кæнгæйæ, йæхæдæг сси фыдгæнæг.
Кæд Батырбег хуыснæг у, уæддæр æм раиртæстаиккат хорз миниуджытæ. Цавæртæ?
Ныфсхаст, æргомдзырд, æмбалæн аргъ кæны, дзырдыл фидар хæцын æмæ æнд.
Фарст: Цы зæгъæн ис пъырыстыфы тыххæй та?
Уый у æппæрццæг персонаж. Йæхи цæмæй равдиса, ахæм йæм мур дæр ницы ис: нæдæр зонд, нæдæр удыхъæды миниуджытæ.
Радзырды фыццаг рæнхъытæй дæр æнæгуырысхойæ бæрæг у пъырыстыф магуса, закъонтæ æмæ хъуыддæгтæ халæг кæй у, уый. Куысты мидæг ыл цы æхсæнадон хæстæ æвæрд ис, уыдон йæ фæсонырхæджы дæр не сты, йæ хъуыдытæ уæлæнгай:
«Иван Кузьмич Топтыго æнкъард у абон. Бады стъолы фарсмæ. Сисы йæ къухы фыссæн æмæ йæ фæстæмæ æрæвæры…»
Йæ рæстæг арвиты къамæй хъазгæйæ. У æнæгъдау, мæстыгæр, йæ ныхасы хъæд – æнæуаг:
« Æхсæвы дыууæ сахаты онг Топтыго къамæй хъазыди … «Куыдзы фырт, областы дохтыр». Кæнæ «…Чысыл ма бахъæуа, æхсагард дохтыры сæры фарсыл ма æрхæсса….»
Фарст: Цæмæй хъал у Топтыго? Цы зæгъынмæ хъавы уымæй фыссæг?
Арсен сатирæйы хуызы равдыста, пъырыстыф æнæфенд, æдылы кæй у, уый. Йæхи хъал кæны йæ бæхæй, уымæн æмæ йæм адæм цæмæй бахæлæг кæной, ахæмæй æндæр ницы ис :
« Уыцы бæхы тыххæй Топтыгойы æгас областы дæр зонынц.
Куы йыл рацæйцæуы, йæ сæр бæрзонд сисгæйæ, йæ къух йæ сины асадзгæйæ… Суанг облæсты хицау дæр хæлæг кæны Топтыгомæ йæ бæхы тыххæй.
Уый дæр йæхи хуызæн – æнæфенд.
«Нæ, фæлтау пъырыстыф йæхи Терчы дæр басхойдзæн, уæртæ хæстæгдæр кæрдо бæласыл дæр ацауындздзæн йæхи!..»
Фарст: Къæнцылары хицау йæхи хуыснæгимæ кæй сбаста, уымæй цы зæгъынмæ хъавы фыссæг?
Топтыго хъуамæ абырджыты ныхмæ куса, фæлæ уый æлгъ ницæуыл кæны, уымæн æмæ у зыд, æнæфсис. Дæс æмæ ссæдз туманы фембылды ис æмæ ныр йе стырдæр бæллиц искæй хардзæй сæ фæстæмæ самал кæнын. У цыбырзонд: æхцайы азарæй йæ пъырыстыфы сæрыстырдзинад дæр æрбайсæфы:
«…нал фæлæууыди æмæ йæхæдæг ауади Батырбеджы размæ. Фæлæбурдта йын æй дыууæ къухмæ æмæ йæ цингæнгæйæ бакодта кабинетмæ»
« Алы давæггаг бæхы гæххæттæн йæхæдæг авд сомы саргъ кодта, стæй йæ туманмæ систа, уый фæстæ фынддæс соммæ. Ныр дæр та мæнæ цыдæр сфæнд кодта».
Фарст: Цæй фæрцы бафтыд фыссæджы къухы ноджы тынгдæр раргом кæнын пъырыстыфы ницæййаг миддуне.
Арсен Батырбеджы æргом дзырдæй бынтондæр раргом кодта Топтыгойы миддуне, давæг, абырæг, стигъæг (текстимæ куыст)
Фарст: Цавæр æфхæрæн ныхæстæ ма ноджы загъта Батырбег пъырыстыфæн? Цæмæн бауæндыд? (Бакæсут ма текстæй).
«Æз дæн хуыснæг,æвзæргæнæг. Фæлæ уæд ды та дæ дыууæ хуыснæджы, дыууæ æвзæргæнæджы… Æвзæргæнджытæм дæр ис сæхимидæг æууæнк. Дзырдыл хæцын хъæуы .Фæхыл дæ де 'мбалимæ, уæддæр дзырдыл хæц, æмбалыл комдзог ма цу!..»
Батырбег – фыдгæнæг, хъуамæ пъырыстыфæн – закъоны лæгæн - йе 'мгæрæтты дæр ма цæуа. Фæлæ пъырыстыфæн йæ фыдракæндтæ, йæ æнаккаг митæ хорз зыдта. Батырбег æмæ йæм уымæн баууæндыд ахæм æфхæрæн н ыхæстæ. Пъырыстыфы бон æй нæу æрцахсын - «йæхицæн фæхъæрæй тарсти»
Хатдзæг.
Фыссæг Батырбеджы дзыхæй снывæзта пъырыстыфы, хæдхæцæг паддзахы администрацийы æнаккаг моралон сурæт. Паддзахы хицæуттæ сты «мæнгард æмæ уæййаг». Уыдон ныууæй кодтой сæхи абырджытæн дæр. Нæй сæм, æвзæргæнджытæм, хуыснæджытæм сæхимидæг цы æууæнк ис, уый дæр.
Фарст: Батырбеджы ныхæстæ раст кæй уыдысты пъырыстыфы тыххæй, уый фыссæг цавæр нывæй бафидар кодта?
«Пъырыстыф куыд уыдис, афтæмæй æруагъта йæхи цъыф зæххыл, уым ныддæлгом ис æмæ куыдта, æрдиаг кодта».
Арсен ацы нывæй арæхстджынæй равдыста, хуы æмæ пъырыстыфæй кæй ницы хъауджыдæр ис, уый.
Фарст: Цæмæй йыл уыцы фидиссаджы ном хуыздæр сбада, уый тыххæй цавæр сатирикон мадзалæй спайда кодта Арсен?
«Дæ бæх дын ласын: æгæр хорз у дæуæн. Дæ хуызæн хуы ууыл куы бауа, уæд уый стыр тæригъæд у. Дæ разы дон цы бæхыл фæласут, уый дын æгъгъæд у, уыимæ хуыздæр фидаудзыстут. Хæрзбон.»
Фарст: Батырбег пъырыстыфмæ ныууагъта бæхдоны фыстæг ацы ныхæстимæ. Цæмæн бакодта афтæ Батырбег? Цы зæгъынмæ хъавы уымæй Арсен?
Бæх у адæймаджы хуыздæр хæлар, æххуысгæнæг, дарæг. Аргъæутты ма у суанг зондамонæг дæр. Хорз бæхæн хъæуы хорз хицау , кусаг лæг бæхыл хъуамæ йæ хицау æнувыд уа, уарза йæ, зæрдиагæй йæм зила. Топтыгойы та бæх хъуыдис æрмæстдæр йæхи хъал кæнынæн, стæй йæхи хуызæн æнаккаг адæймæгты мæстæй марынæн.
Хатдзæг: Топтыгойы хуызæн æввонгхорæн та, Батырбеджы загъдау, донласæг бæх дæр – «æгъгъæд».
Фарст: Кæй равдыста пъырыстыфы фæлгонцæй Арсен?
Арсен пъырыстыфы фæлгонцæй равдыста «йæ рæстæджы типикон паддзахы, хицæутты, чиновникты, æмæ æндæр æхсæнадон кусджыты. Уыдоны аххосæй свæййы адæймаг æвзæргæнæг, абырæг. Сæхи фыдракæндтæ æмбæхсгæйæ мæгуыр лæгыл фидиссаджы гакк æвæрдтой, æртардтой-иу æй сæ митæй ахæм уавæрмæ, æмæ-иу систы давджытæ, марджытæ, абырджытæ. »
Фарст: Цавæр аивадон мадзæлтты фæрцы сарæзта Арсен Батырбег æмæ Топтыгойы ирд фæлгонцтæ?
Арсен арæхстджынæй спайда кодта сатирæйы миниуджытæй.
Уымæй уæлдай ма:
фразеологизмтæй: «йæ туг йæ сæрмæ ныццавта», «йæ сæр бæрзæндты хаста»
барæнтæй: «тарст цъиуты дзыгуырау», «сагъдау баззади», «цикъæйæ фæлурсдæрæй»
эпитеттæй: «уæззау хъуыдытæй», «æбуалгъ хъуыдытæ», «цъыф зæххыл» æмæ æнд.
Кæронбæттæны скъоладзауты æргом раздахын фæйнæгыл фыст дзырдтæм:
- Ранымайут-ма иу хатт пъырыстыфы æппæрццæг миниуджытæ.
(халæг, æнæгъдау, æдылы, зыд, тæппуд, мæнгард)
Синквейн ныффыссын.
- Ссарут-ма сæм антонимтæ:
(аразæг, æгъдауджын, зондджын, рæдау, уæндон, рæстдзæвин)
Рефлекси.
Ахуыргæнæджы хатдзæг:
Ахæм миниуджытæй æххæст чи у, æрмæст уый у рæсугъд удысконды хицау æмæ æцæг адæймаджы ном хæссыны аккаг. Ныфс мæ ис, сывæллæттæ, ахæмты Иван Кузьмичы хуызæтты ныхмæ карз тохгæнæг сымах кæй уыдзыстут, уый. Уымæн æмæ стут фидæны цардаразджытæ, æхсæнады рæстдзинад æвæрджытæ.
Ууыл нæ урок фæци.
Хæдзармæ куыст. Ныффыссын сочинени «Æцæг æмбал».