План открытого урока по творчеству Коцоева А.


МЕТОДИКОН БАКУЫСТ
ирон литературæйæ1496695115125500Темæ: Адæймаджы бæрзонд номы темæ Коцойты Арсены радзырд «Хæлæрттæ» - йы.
Ахуыргæнæг Хестанты А.К.
Елхот, 2014 аз.
Темæ: Коцойты Арсены цардвæндаг. Радзырд «Хæлæрттæ».
слайд №1
Урочы нысан:
 Ахуырдзауты базонгæ кæнын Коцойты Арсены цардвæндагимæ.
Бакæсын æмæ равзарын радзырд «Хæлæрттæ».
Бакусын ныхасы рæзтыл.
Хъомыладон хæс:
Адæймаджы бæрзонд номы темæ радзырд «Хæлæрттæ» - йы.
Техникон фæрæзтæ: компьтер, проектор, экран;
Урочы эпиграф:
«Рæстæг цæуы, афонтæ ивынц, ивынц эстетикон æмбарынад æмææнкъарæнтæ, фæлæ нæ ивайы Арсены уацмысты идейон-эстетикон хъару,
нæ сæм ивы йæ уарзт ироны зæрдæ. Ахæм у йæ курдиаты тых, йесфæлдыстады удджын фидауц».
/Джыккайты Шамил/
слайд №3
Урочы цыд:
Коцойты Арсены цардвæндаг.
Коцойты Арсены сфæлдыстад.
Радзырд «Хæлæрттæ». Текстимæ куыст.
Хатдзæгтæ.
Хæдзармæ куыст.
Ног æрмæг:
Ахуыргæнæджы разныхас:
(ахуырдзауты æргом аздахын эпигрæфмæ, куыд æмбарæм ацы хъуыдытæ?)
Коцойты Бибойы фырт Арсен райгуырд 1872 азы Джызæлы. Фарастаздзыдæй йæ радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам фылдæр ахуыр кодтой дины чингуытæ, фæлæ дзы зæрдæргъæвд лæппу чингуытæ кæсыныл фæци.
Фидæны фыссæг ахуыр кодта Æрыдоны семинары, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ. Уыцы ран ахуыр кæнгæйæ йæ фараст æмбалимæ иуахæмы фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайыуынынмæ.
Арсен сывæллонæй рахаста рынчынтæгæнаг, уый аххосæй каст нæфæци семинар дæр. Æрцардтæн Джызæлы, куы фæдзæбæх уон, уæд дарддæр исты фæндтæ кæндзынæн, зæгъгæ, - фыссы йæ автобиографийы. Адаргъ мыл сты удхары азтæ». Куыста ахуыргæнæгæй Цæгат Ирыстоны хъæуты. Скъолатæ уыдысты аргъуаны дæлбар. Уырдæм дины кусджытæ нæ уагътой наукæйы рухс æмæ сæрибар хъуыды. Арсен та сабиты ифтонг кодта уыдонæй, уымæ гæсгæ ахуыргæнæг æгуыстæй аззади. Бынтондæр схауæггаг ис. Куыста ахуыргæнæгæй Чысангомы хъæуты. Фыста уацхъуыдтæ газеттæм.
1902 азы куыста Бетъырбухы. Фæлæ та ам дæр йæ хъуыддæгтæ нæ ацыдысты æмæ фæстæмæ Калачы балæууыд. 1910 азы Калачы цæуын райдыдта ирон журнал «Æфсир». Редакторæй йын равзæрстой Арсены. Уагъта дзы йæ карикатурæтæ, цыбыр юморескæтæ, уацтæ, радзырдтæ. «Æфсир» бæлвырд ахъаз фæци ирон адæмы культурон рæзтæн. Журналæй рацыд 14 номыры æмæ æхгæд æрцыд. Арсен та ногæй схауæггаг. Ацыд та Бетъырбухмæ. Куыста редакциты корректорæй, газет «Правдæ»-йы дæр (1912 аз). 1920 азы сыздæхт Ирыстонмæ. Бирæ бакуыста мыхуыры хъуыддагыл. Фæлæ советон дуджы йæ сæйраг куыст уыди сфæлдыстад.
Ахуырдзауы ныхас:
Арсен у ирон радзырды дæсны. Фыссæгмæ уыд курдиат æмæ зыдта цардæй ахъаззаг цау райсын. Царды фæзындтæ куыд алыхуызон сты, афтæ хъæздыг æмæ алыхуызон у фыссæджы радзырдты мидис дæр. Фыссæг æмхуызон трагикон æмæ комедион цаутæ, йæ бон у цæссыг калгæ æмæ худгæйæ дзурын, мæсты кæнын æмæ тæригъæд кæнын. Фæлæ цыфæнды хъуыддагыл куы дзура, уæддæр йæ ныхасы сæр вæййы гуманистон хъуыды, вæййы хорз æмæ рæстдзинады сæраппонд. Йе сфæлдыстады сæйраг темæтæ: зианхæссæг æгъдæуттæ («Сæумæрайсом», «Фынддæс азы», «Афтæ дæр вæййы»), дины кусджытæ æмæ дæснытæ («Дадолты мæт», «Ханиффæйы мæлæт», «Гигойы куадзæн»), æлдарад æмæпаддзахы хицауад («Æнхъæл нæ уыдысты», «Цуанонтæ», «Тохы бон», «Хæлæрттæ») æмæ а.д. Хрестоматион систы Арсены радзыродтæ «Хъусой», «Саломи», «Хæлæрттæ» æмæ æндæртæ.
Ахуыргæнæджы раныхас:
Махæн нæ урочы хæстæй иу у бакæсын æмæ равзарын Арсены радзырд «Хæлæрттæ» . Дзырд «хæлæрттæ» уырыссаг æвзагмæ куы ратæлмац кæнæм, уæд амоны друг, приятель, преданный. Смах та куыд æмбарут дзырдтæ «хæлар», хæлардзинад?
Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц:
- Кæрæдзимæ хорз цæстæй кæсын.
- Кæрæдзийы æмбарын.
- Зын сахат кæрæдзимæ фæкæсын, баххуыс кæнын.
- Гадзрахатæй макуы рацу дæ хæларыл.
Уæдæ бакæсæм æмæ базонæм Коцойты Арсен та нын цавæр хæлардзинад равдыста йæ радзырды.

Ахуырдзаутæ кæсынц радзырд «Хæлæрттæ».
Ныхасы рæзтыл куыст:
Фæрстытæ:
Дзуапп дæтгæйæ пайда кæнут текстæй.
Чи сты «хæлæрттæ». Цы ис пъырыстыф Иван Кузьмич Топтыго æмæ Батырбежды хæлардзинады бындуры?
Арсен йа радзырды равдыста сæйраг дыууæ фæлгонцы, уыдонæй иу у Батырбег, иннæ Иван Куьмич Топтыго . Уыдон нымад сты хæлæрттыл. Фæлæ се хсан æцæг хæлардзинад нæй. Кæрæдзийæн уыдысты пайда. Пъырыстыф Батырбегæн лæвæрдта бæхты билеттæ, ама афтæмæй давæггаг бæхтæн зынаргъыл уæйгæнæн уыди.
«Æз дæн хуыснæг, æвзæргæнæг. Фæлæ уæд ды та дæ дыууæ хуыснæджы, дыууæ æвзæргæнæджы». Райхалут ацы ныхæсты хъуыды, бамбарын кæнут, æцæг афтæ кæй у, уый.
Батырбег абырæг у, саæтты йе ‘взæрдзинæдтыл, йæхи нæ раст кæнны, фæлæ æмбалæн бæззы. «…куы зæгъæм, уæд æмбалæн дæр нæ бæззыс. Æвзæргæнджытæм дæр ис сæхи мидæг æууæнк . Дзырдыл хæцын хъæуы. Фæхыл дæ де ‘мбалимæ, уæддæр дзырдыл хæц, œмбалыл комдзог ма цу!..»
Пъырыстыф ахæм миниуджытæй хайджын нæу. Уый у къазнахор æмæ ма йын Батырбег цы æхца лæвæрдта, уыдон дæр ын нал фаг кодтой.
Зын сахат искæй равзариккат дыууæ «æмбалæй»?
Æмбалæн равзарин Батырбеджы, уымæн æмæ у лæгдæр: æмбалыл комдзог нæ цæуы, йæ дзырдыл хæцы, у ныфсхаст æмæ хъæбатыр, уæй дæ нæ акæндзæн.
Цы хуызы æвдыст цæуы радзырды кавказаг администраци?
Арсен æргом равдыста адæмæн кавказаг администрацийы чъизи митæ. Уыдон нæ ауæрстой мæгуыр адæмыл гæртам исынæй. Магусайы цард æрвыстой, адæмы стигъгæйæ æмæ æфхæргæйæ.
Абарут Топтыго æмæ Батырбеджы фæлгонцтæ.
Топтыгойæн ис йæ къухы тыхбар æмæ йæ цыдæриддæр фæнды, уый кæны. Йæ царды йæм нæй бæрзонд нысан. У хуымæтæг æнæмæт цардсудзæг. Стигъы адæмы, исы гæртæмттæ. Кусын нæ уарзы, хъазы къамæй.
«Уый уыди мæлæггомау, фæлæ уæхскджын, бæзæрхыг æмæ хъæддыхамад ирон лæг. Цыбыр цъæх цухъхъа хорз фидыдта хæрзконд уæнгтыл». Батырбег кæд абырæг уыд, уæддæр æй фыссæг чиныгкæсæгæн уайтагъддæр йæ зæрдæмæ æввахс айсын кодта. Уымæн æмæ у цæскоvджын, йæ дзырдыл хæцы, у æргом адæймаг. Пъырыстыфимæ абаргæйæ у æхсарджын æмæ хъæбатыр.
Хатдзæгтæ.
Саава Дангулов - советон дуджы фыссæг, дипломат йæ уацхъыдыйы «Слово об Арсене Коцоеве фыста:
«Чем меньше рассказ, тем напряженней его сюжет. Прочтешь такой
рассказ в десять страниц, и такое впечатление, что ты прочел
большую повесть. Удивительное впечатление! Все уместилось врассказе: и описание природы, и точные зарисовки героев, и мысль
автора! Будто писатель действует по некоему, только ему известному
закону, гласящему, что в лаконичности произведения его емкость.
Напряжение возрастает от строки к строке и, достигнув кульминации,
как бы взрывается; при этом решение, к которому приходит писатель
в конце рассказа, и закономерно, и в высшей степени неожиданно».

/ Савва Дангулов /
слайд №4
Арсенмæ гæсгæ, адæймаг цы фæнды куыстыл хæст куы уа, цы фæнды зын уавæрты куы бахауа, уæддæр хъуамæ архайа йæ ном хъахъхъæныныл, йæ кад дæлæмæ не ‘руадзыныл, адæймагæй баззайыныл.
Æркæсæм æмбисæндтæм æмбал æмæ хæлардзинады тыххай, бамбарæм æцæг æмбалдзинады бындуры цы ис, уый.
слайды /æмбисæндтæ/
Хæдзармæ куыст.
Зонын хи ныхæстæй дзурын Арсены царды хабæрттæ æмæ сфæлдыстад.
Ныффыссын нывæцæн:
« Батырбеджы æгад « професси» лæгдзинады сæр у, йæхæдæг та – «лæгаулæг»».
/ Джусойты Нафи/
Литература.
Ирон литературæ: Хрестомати 10 къласæн /Сарæзта йæ Хъантемыраты Р.С. – Дзæуджыхъæу: Олимп, 2006
Ардасенты Х., Хæдарцаты А.
Ирон литературæ: Ахуыргæнæн чиныг 9-10 кълæстæн.-Дзауджыхъау: Ир, 1993.
Уалыты Т.
Æххуысгæнæн æрмаг 10 къласы ирон литерæтурæйы уроктæм.