Урочы тем?: ?мбалы хорз?х алк?й д?р у?д.


Урочы темӕ: Ӕмбалы хорзӕх алкӕй дӕр уӕд.
Грамматикон темае: Миногмитыл рацыд ӕрмӕг фаелхат каенын.
Урочы нысан: 1.Дзырдты растфыссынадыл ӕмӕ ныхасы рӕзтыл кусын.
2.Сывӕллӕтты удварны рӕзын кӕнын хъыг, рисс ӕмбарыны ӕнкъарӕнтӕ, ӕмбалӕн аргъ кӕнын ӕмӕ хъомыл кӕнын адӕмуарзондзинад.
Урок ифтонггонд цӕуы: хицӕн тексттӕй, нывтӕй, техникон фӕрӕзтӕй.
Урочы эпиграф: «Хорз ӕмбалӕн аргъ нӕй»
Урочы цыд.
1.Урочы актуализаци.
2.Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын. Скъоладзаутӕ кӕсынц сӕ радзырдтӕ «Мӕ хуыздӕр аӕмбал».
Фӕрстытӕ бакаст куыстытӕм.
- Цавӕр тексты хуызӕй спайда кодта ахуырдзау?
- Йӕ радзырды сӕйраг хъуыды цӕимае баст у?
- Кӕцы радзырд фӕцыд уӕ зӕрдӕмӕ? Цӕмӕй?
Ног ӕрмӕг
Уӕдӕ цымӕ абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?
Куыд бамбӕрстат, афтаемӕй уын ахӕм хӕдзармӕ куысты хуыз уымӕ гӕсгӕ радтон, ӕмӕ уый ӕнгом баст у нӕ абоны урочы темӕимӕ.
Адӕймаджы царды ацы фӕзынд у кӕддӕриддӕр ахсджиаг, актуалон, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн аенае ӕмбал цӕрӕн нӕй.
- Куыд ма схонаен ис ӕмбал ӕндӕр хуызон?
- Куыд хуыйнынц ахӕм дзырдтӕ лексикон ӕгъдауӕй? (синонимтӕ)
Уӕ хӕдзармӕ куыстытӕй бӕрӕг у, сымах хорз кӕй ӕмбарут ӕмбалдзинад ӕмӕ лымӕндзинад, аргъ ын кӕй кӕнут.
Уӕ алфамбылай цы адӕм ис, уыдон цы цӕстаенгас дарынц ацы рӕсугъддзинадмӕ. Суанг ма рагон таурӕгътӕй даер бӕрӕг у, хӕлардзинадӕн цы тых уыди, уый.
Ныртӕккӕ уӕ базонгӕ кӕндзынӕн нӕ рагфыдӕлтӕ – скифты цардӕй ист цауимӕ. Сымах лӕмбынӕг байхъусут ӕмӕ мын-иу зӕгъут, цавӕр аргъ кодтой уыдон та ӕмбалӕн. Таурӕгъ хуыйны «Амизок ӕмӕ Дӕндӕмид».
Дзырдуатон куыст: балхон–раздзӕуӕг,
фырадӕргӕй – тынг фӕтӕрсгӕйӕ
Кӕсын таурӕгъ «Амизок ӕмӕ Дӕндӕмид».
Иу рӕстӕджы скифты иу хай цӕугӕдон Доны фӕйнӕ фарс ӕрбынат кодта. Уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы галиуварсы цӕрджытӕм ныббырста фыдызнаг.Тынг фыдбылызтӕ сын скодта: иутӕ дзы мард фесты, иннӕтӕ уацары бахаудтой, аннӕтӕ фырадӕргӕй Доны иннӕ фарсмӕ лидзӕг фесты. Уацайрӕгтимӕ уыд Амизок дӕр. Цыппар боны йедтӕмӕ нӕ рацыд, ӕрдхӕрдтӕ кӕрӕдзийӕ куы загътой, уӕдӕй. Амизоччы ӕххуысмӕйы хъӕр фехъусгӕйае, Дӕндӕмид донӕн йӕ фалла г фарсмӕ баленк кодта. Фыдгӕнджытӕ йӕ ӕрцахстой. Сӕ балхонмӕ йӕ куы бакодтой, уӕд дзы лӕппу куырдта йе рдхорд Амизоччы уацарӕй суӕгъд кӕнын. Цы ратдзынӕ йӕ сӕрмӕ, зӕгъгӕ, йӕ знаг куы бафарста, уӕд ын Дӕндӕмид загъта: «Цы мӕм уыд, уыдон мын сымах байстат. Кӕд дӕ фӕды, уӕд мӕн йӕ бӕсты бауром». «Ды курӕг ӕрбацыдтӕ, ӕмӕ дӕ нӕ бауромдзынӕн, - загъта балхон, - фӕлӕ мын дӕ цӕстытӕ ратт». Дӕнӕмид дызаердыг дӕр нӕ акодта, разыйы дзуапп радта. Скъахтой йын йӕ цӕстытӕ ӕмӕ йын радтой йе рдхорды.
Тыхгӕнджытае уыцы цау фенгӕйӕ, бамбаерстой, цы адӕмимӕ сӕ схӕцын бахъӕудзӕн, уый, ӕмӕ ӕхсӕвы лидзӕг фесты.
Амизок та, ме рдхорд мӕн тыххаей бакуырм, ӕз та цӕсты рухсимӕ куыд цӕрон, зӕгъгӕ, йӕ цӕстытӕ скъахта.
- Таурӕгъ уӕ зӕрдаемӕ фӕцыд?
- Цы уӕм фӕкаст тексты диссаг?
-Амизок ӕмае Даендаемиды ӕцӕг ӕмбӕлттӕ схонӕн ис?
- Цӕмӕн? Куыд ӕмбарут ӕцӕг ӕмбал?
- Кӕмӕн уӕ ис ӕцӕг ӕмбал?
(Таурӕгъ кӕсынц скъоладзаутӕ хинымӕры)
- Чи радзурдзӕн таурӕгъ хи ныхӕстӕй? (Фӕрсын 2 скъоладзауы)
- Уӕдӕ цавӕр аргъ кодтой скифтае ӕмбалӕн?
- Цавӕр у таурӕгъы темӕ? Ома, цы ӕвдыст цӕуы таурӕгъы?
- Цавӕр дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ ӕргом кӕнынц уацмысы темӕ?
- Уӕдӕ таурӕгъӕн йае сӕйраг хъуыды та цавӕр у?
- Таурӕгъӕн йӕ сӕргонд йӕ темӕйыл дзуры ӕви сӕйраг хъуыды ӕвдисы ?
- Тексты хуызтӕй йӕ цавӕр хуызмӕ ахӕсдзыстӕм? Цӕмӕн?
- Цавӕр бастдзинадӕй баст ӕрцыдысты хъуыдыйӕдтӕ?
- Цавӕр бастдзинады хуызтӕ ма зонут ноджы дӕр?
- Рафыссут нысангонд дзырдтӕ уӕ тетраедтӕм ӕмӕ сӕ равзарут дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ.
(Дыууӕ скъоладзауы кусынц фӕйнаегыл)
- Ныр та ацы дзырдтимӕ саразут хъуыдыйадтӕ (дзургӕ куыст.)
- Цал хайы ис тексты? Куыд хонӕм уыцы хӕйттӕ?
- Куыд баст сты абзацтӕ грамматикон ӕгъдауаей?
-Ссарут тексты миногмитӕ ӕмӕ сӕ рафыссут.
- Цавӕр дзырдтӕ рафыстат?
- Ацы дзырдты ӕхсӕн синонимтӕ ис? Кӕцытӕ сты?
- Ныр та сын ссарут антонимтӕ.
- Цавӕр бирӕнысанон дзырдтӕ ӕмбӕлы тексты? (Цӕст, фарс, сӕр).
- Зӕгъут - ма сын сӕ иннӕ нысаниуӕг.
Ссарут тексты бӕрӕггонд хъуыдыйад. Рафыссут ӕй ӕмӕ йӕ равзарут хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ. (Фӕйнӕгыл кусы иу скъоладзау.)
- Тексты фӕстаг хъуыдыйадӕй саразут комкоммӕ ныхас ӕмӕ йӕ ныффыссут тетрӕдты.
-Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны ацы таурӕгъ?
- Уӕдӕ цаваӕр хатдзӕг скӕндзыстӕм нӕ куысты кӕрон?
(Адӕймаг канд йӕ хъуыддӕгтӕй, ӕгъдауӕй нӕу рӕсугъд, фӕлӕ йае дзыхы ныхасӕй дӕр.)
Рефлекси.
- Урочы хӕстӕй цымыдисаг дӕр кӕцы уыд.
- Чи сарӕхст ӕппӕты хуыздӕр, куыд уӕм кӕсы?
- Цы базыдтат абоны урочы ногаей?
- Абоны урокӕн уӕ куыстӕн цавӕр аргъ скӕниккат?
- Цӕуыл архайдзыстут амӕй фӕстаемӕ?
Барӕггӕнӕнтӕ.
Хӕдзармӕ куыст.
Таурӕгъ бацӕттӕ кӕнын дзурынмӕ; ныффыссын 5 ӕмбисонды ӕмбалы тыххӕй.
Хъусӕм зарӕг «Амбалы хорзӕх алкӕй дӕр уӕд!»- мӕ.