Гом урок Судздз?н йе стъалы ?нуст?м. (Плиты Грисы сф?лдыстадм? г?сг?)


Судздзœн йе стъалы œнустœм.
(Плиты Грисы сфœлдыстадмœ гœсгœ)
Нысан:
Аив литературон уацмысты фœрцы ахуырдзаутœн Райгуырœн бœстœмœ œхсидгœ уарзт œвзœрын кœнын.
Хъœбатыр хœстонтœн, нœ кадджын хистœртœн, ныййарджытœн аргъ кœныныл ахуыр кœнын, ахуырдзаутœн аивады œмœ царды бастдзинад œмбарын кœнын.
Аивадон уацмысты фœрцы ахуырдзаутœм рœзын кœнын тырнындзинад се `нкъарœнтœ сфœлдыстадон куысты равдисынмœ.
Лирикон уацмыс - балладœйы, драмœйы фœрцы поэт хъайтары мидуавœр куыд œвдисы, уый œргом кœныныл ахуыр кœнын.
Фœлгонц: Плиты Грисы портрет, йœ œмдзœвгœты, œмбырдгœндтœ: «Атакœ», «Салдат» œмœ œндœртœ. Фыдыбœстœйы Стыр хœсты темœйыл аив литературœйы уацмыстœ: «Хорзœй баззай, Ир!», Б. Васильев «А зори здесь тихие…», К. Симонов «Живые и мертвые», Шолохов М. «Судьба человека». Плиты Грисы портрет, Санахъоты Сергейы цыртдзœвœны ныв «Гœздœнты авд œфсымœрœн». Тематикон нывтœ.
Техникон фœрœзтœ : компьютер, проектор, зарджытœ: «Плиты Иссœйы зарœг», Гœбуты Жаннœ «Мад», Медойты Светланœ «Зœххыл цы стырдœр хœст œрцыд, гъе уым ирон туг дœр ныккалд», Я. Френкель «Священная война», «Журавли».
Изœры цыд: С.Медоева «Æз сылгоймаг…»
1 - ахуырдзау.
Мады амонд.
Амондджын мад уœд вœййы,йœ хъœбул адœмы хсœн барджын ныхас куы ракœна, йœ адœмœн хъœбулœн чи фœбœззы. Нœ рагфыдœлтœ – иу афтœ дзырдтой : «Фыдвœдœй œвœд хуыздœр» Грис йœ фœстœ ныууагъта рœсугъд œмœ сыгъдœг фœд.Хœсты быдыры фесгуыхт,œрлœууыд Райгуырœн зœхх хъахъхъœнынмœ. Нœртон хъœбатырау йœ риу майдантœй байдзаг,йœ хœцœнгарз раивта фыссœнгарзœй. Æрлœууыд йœ мадœлон œвзаджы гœнахы цур œмœ йœ хъахъхъœдта амœлœты бонмœ. Байдзаг кодта ирон литературœйы къœбиц бœркадджын тыллœгœй. Абон дœр ма кœстœртœ ахуыр кœнынц йœ хъœбатырдзинадыл, арвы айдœны кœсœгау у йœ царды алы фœзилœн, фœзминаг йе сконд сурœттœ. Сныв сœ кодта, удтœ сœ бауагъта.
2 - ахуырдзау.
Плиты Дзамболаты фырт Грис райгуырд Ручъы хъœуы Хуссар Ирыстоны Кœфты мœйы 15-œм боны 1913 азы. Мидхœсты заман Плиты бинонтœ гуырдзиаг меньшевиктœй ралыгъдысты Цœгат Ирыстонмœ œмœ œрцардысты Ногиры. Ам Грис каст фœци Астœуккаг скъола.
Йœ фыд уыд мœгуыр зœхкуысœг œмœ бацыд колхозмœ. Йœ мад амард 1921 азы.
1927 азœй 1931 азмœ Грис ахуыр кодта Цœгат Ирыстоны педтехникумы. Уый фœстœ ацыд Мœскуыйы аивадон институты артистты хайадмœ. 1932 азы Грис бацыд фœскомцœдисмœ, куыста театры актерœй, литературон хайады сœргълœууœгœй, журнал «Мах дуджы» бœрнон секретарœй, республикœйы радиойы литературон-драмон редакцийы сœргълœууœгœй.
Грис фыссын райдыдта 1929-1930 азты педтехникумы ма Гуыриаты Гагуызмœ куы ахуыр кодта, уœд. 1930 азты йœ уацмыстœ фœзындысты мыхуыры, 1933 азы рацыд йе `мдзœвгœты фыццаг œмбырдгонд «Базырджын азтœ». Ацы чиныджы Грисœн сбœрœг сты йœ поэтикон курдиат, йœ оптимизм райсомы боныл, йœ цардбœллондзинад.
1938 азы фœзынд Грисы ног œмбырдгонд «Æмдзœвгœтœ», зœгъгœ. Ацы чиныджы сбœрœг сты поэты арф хъуыдытœ цардыл. Ацы чиныджы фœстœ, зœгъœн ис, Грис сси зындгонд поэт.
3 - ахуырдзау.
1939 азы Плиты Грисœн œмœ Коцойты Арсенœн хицауад куы саккаг кодта кады ордентœ, уœд Грис йœ мид былты бахудт œмœ загъта:
- Арсенœн œй йӕ литературон куысты тыххœй радтой, мœнœн та ме` взонгдзинады тыххœй.
Фыдыбœстœйы Стыр хœст куы райдыдта, уœд бирœтœ радтой сœ цард райгуырœн бœстœйы сœраппонд. Уыдоны `хсœн уыдысты ирон адœмы хъœбултœ дœр. Бирœ ирон поэттœ œмœ фысджытœ ацыдысты хœсты цœхœрмœ хибарœй: Агънаты Батырбег, Баситы Дзаххот, Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег, Хъаныхъуаты Майрœм, Наниты Васо œмœ œндœртœ. (Равдыст)
(Байхъусын Медойты Светланœйы зарœгмœ. «Зœххыл цы стырдœр хœст œрцыд, гъе уым ирон туг дœр ныккалд».)
Плиты Грис дœр Фыдыбœстœйы Стыр хœсты райдианœй йœ кœронмœ уыдис афицерœй хœсты быдыры. Йœ хъœбатырдзинады тыххœй йœ сœйраг командœйад схорзœхджын кодта цалдœр орденœй œмœ майданœй. 1946 азы сыздœхт майоры цинимœ. Райдыдта кусын ирон театры директорœй. 1948 азœй 1952 азмœ та «Мах дуджы» редакцийы.1955 азы Грис каст фœцис уœлдœр курсыты М. Горькийы литературон институты.1948 азы œрцыди Грисы царды зынгœ цау. Рацыди мыхуыры йе `мдзœвгœты œмбырдгонд «Салдат», хœсты темœ сси йе сфœлдыстады сœйраг темœ.
Грисы курдиат райхъал хœсты уынœрœй, бахсыст хœсты цœхœры, срухс и хœсты трагизмœй.
4 - ахуырдзау.
Ирон хœстон поэзийы ис бœлвырд œнтыстытœ. Грисы хœстон œмдзœвгœтœй бирœтœ систы хрестоматион œмœ œцœг адœмон уацмыстœ. Фыдыбœстœ œмœ патриотизмы идейœ поэт «Уœлахизы кадœджы » скодта базырджын:
«Зœххыл рœсугъд цœрынœн фидарДыууœ стыр ныфсы ис лœгœн:
Фыдыбœстœ œмœ сœрибар, -
Циу цард œнœ сымах – Ингœн. »
Хœсты фыццаг мœйты советон поэзийы сœйраг мотивтœ уыдысты адœмы ныфс œмœ энтузиазм, маст œмœ патриотон œнкъарœнтœ. Фœлœ хœст уыд дœргъвœтин, œмœ уавœртœм гœсгœ ивта поэзийы мидис. Фœзынд дзы трагикон нывтœ. Арфдœр œвдыста адœмы хъизœмар œмœ хъазуатон тох. Фœстагмœ иртасын райдыдтой адœмы психологон уавœр œмœ хœсты философи. Уыцы къœпхœнтыл цыд œмœ рœзт Грисы лирикон сфœлдыстад дœр.
Хœст… Хœрз цыбыр, фœлœ уœззау дзырд. Зœрдœ ныккœрзы, уœнгтœ баризынц, сœрыхъуын арц сбады œрмœст йœ койœ дœр.
1941 аз… 22 июнь….
5 - ахуырдзау.
Æвœццœгœн, уыцы сœрдыгон бон алчи дœр куывта амондджын бонмœ, алчи œнхъœлмœ касти боны хорзœхмœ. Фœлœ цард мœнгард у. Фыдбылыз кœцœй кœсы, уый ничи зоны. Æмœ œрвнœрœгау айхъуысти нœ бœстыл: «Райдыдта хœст!»Байхъусын зарœгмœ «Священная война» Я. Френкель.
Хœст…Уый у тызмœг фœлварœн, хъœбатырдзинады œмœ фрœазондзинады фœлварœн.
Плиты Грисмœ ис œмдзœвгœ «Иунœг». Ам œвдыст œрцыд œрыгон Габи. Тынг œй фœндыди цœрын, œмœ йœхи бамбœхста хœсты цœхœрœй. Хъœубœстœ дœр œмœ автор йœхœдœг дœр нœ ныххатыр кодтой Габийœн йœ тœппуддзинад. Суанг ма йœ иннœ адœмимœ ныгœнын дœр нœ уадзынц.
6 - ахуырдзау.
Ацы уацмысы диссаджы ныхœстœ ис ныййарœг мады тыххœй:
Йœ мад дœр уым œввахс лœууыд
Цœуылдœр мид-зœрды кœрзыдта,
Фœлœ бœлвырд цыма нœ зыдта,
Хъœбул ын уыд, œви нœ уыд.
Уœд ма йœ райгуырд та цœмœн хъуыд?
Куыд кœнœм ахœмтыл œнкъард?
Нœ радта дзыллœйœн йœ цард,
Йœ мард дœр дзыллœйы нœ фœхъуыд
Кœцœй нœу иунœг уœд мœгуыр,
Сынтау œрмœст йœхицœн царди,
Фœцис, œмœ йын иу дœр нырЦœстысыг не`ркалдта йœ мардыл…
«Кœмœй уыд? – адœммœ дзырдтон –
Кœй ном у фœстагœттœн худœн? »
Нœ мын œй рахуыдтой ирон,
Æмœ уœд фенцондœр мœ удœн.
7 - ахуырдзау.
Æвœдза, уый царды стырдœр трагеди у, мад йœ хъœбулы ингœны уœлхъус куы слœууа, уœд. Æмœ куыд кœна, иу хъœбул куы нœ уа, фœлœ… авд.
Æвœццœгœн , Ирыстоны ахœм адœймаг нœ разындзœн, Алагирœй Дзœуджыхъœуы `хсœн фœндагыл Дзуарыхъœуы Гœздœнты œдзард авд хœстонтœн цы цыртдзœвœн ис, уый чин нœ федта. Авд œфсымœры дзыназгœ ныууагътой сœ ныййарœг мады œмœ фœцыдысты тугкалœн хœстмœ œмœ дзы иу дœр йœ фыды уœзœгыл нал сœмбœлд.
Фыдохы сау гœххœтыттœ иу иннœйы фœдыл фœцыдысты Гœзœдœнты хœдзармœ. Атахтысты урс рœубазыр зырнœджытœй œнусон «уазал» бœстœм. Баззад сœ ныййарœг œрхœндœг œмœ сœркъулœй.
Мад œмœ хœст…
Дыууœ алыхуызон œмбарынады. Кœрœдзийœн ницы хœстœг сты. Нœ зœрдыл œрлœууын кœнœм Горькийы уацмыстœй иу скъуыддзаг.
Ахуырдзаутœй иу кœсы œмдз. Найзусть. «Мад»
8 - ахуырдзау.
М. Горький. Отрывок «Сказки об Италии»
- Слушай! – сказала она
- Что бы ты ни сделал , ты только человек, а я – Мать! Ты служишь смерти, я – жизни. Ты виноват передо мной и вот я пришла требовать, чтобы ты искуил свою вину, - мне говорили, что девиз твой «Сила – в справедливости», - Я не верю этому, но ты должен быть справедлив ко мне, потому что я – Мать!
Прославим женщину – Мать, неиссякаемый источник всепобеждающей жизни!
Поклонимся женщине!
Поклонимся той, которая неутомимо родит нам великих! Аристотель сын Ее, и Фирдуси, и сладкий, как мед, Саади, и Омар Хайям, Подобный вину, смешанному с ядом, Искандер и слепой Гомер _ это все Ее дети, все они пили Ее молоко, и каждого Она ввела в мир за руку когда они были ростом не выше тюльпана, - вся гордость мир – от Матерей!
Мад – царддœттœг, хœст – лœгмар.
Цас актуалон у уый абон?
- Хъœбултыл сагъœс кœнын. Уыдонœн абон дœр сœ цард аскъуындзœн, œмœ мад куры, цœмœй йœ сывœллон œрмœст й œцард ма бахъахъхъœнœ, фœлœ йœ цœсгом, йœ кад, йœ намыс дœр.
- Ныййарœг мадœн йœ бон у хъœбулы œфхœрын, уымœн œмœ йыл йœ зœрдœ риссы. Ныййарœгœй тынгдœр никœй фœнды, цœмœй йœ хъœбултœй исчи тœппуд разына, œгаддзинад йœ сœрмœ œрхœсса, уый.
(Байхъусын Медойты Светланæйы зарœгœй скъуыддзагмœ «Мадæлты фæдзæхст…»)
9 - ахуырдзау.
Плиты Иссœ.
Плиты Иссœйы сгуыхтдзинœдтыл скодтой зарджытœ, фыстой йыл œмдзœвгœтœ, поэмœтœ, романтœ œмœ пьесœтœ. Фœлœ бœгъатырœн поэтикон цыртдзœвœн бантыст ацы чысыл уацмыс. Поэт нœ нымайы номдзыд инœлары сгуыхтытœ. Грис ын йœ цардœй райста иунœг уысм, иу скъуыддзаг, œмœ уым равдыста геройœн йœ хœстон курдиат дœр, йœ царды философи дœр. Нœ разы – хъуыдыгœнаг инœлар. Уый исдуг фœкомкоммœ хуымœтœг дзаумамœ - œртхутœгдонмœ. Поэты цœстœнгасœй алœмœтау хуымœтœг œрмœг фесты поэзи. Æртхутœгдон фестад царды айдœн. Уым нын байгом геройы мысинœгты дуне – поэтикон, фœлœ тызмœг дуне.
10 - ахуырдзау. «Æртхутœгдон».
(Байхъусын Плиты Иссёйы зарœгœй скъуыддзагмœ.)
11 - ахуырдзау.
О, œцœгдœр, хœсты темœ Грисы сфœлдыстады сси сœйрагдœр. Цымœ цœй тыххœй?
- Хœстимœ баст уыди йœ цард. Фœнды йœ, цœмœй хœсты хабœрттœ зоной адœм се `ппœт дœр, цœмœй ма рох кœной, аргъ кœной, хъахъхъœной сабырдзинад, афтœ зынтœй нœ къухы кœй бафтыдис.
Хœсты фœстœ цы уацмыстœ сфœлдыста, уыдон сты тынг ирд œмœ рœсугъд. Цард, уалдзœг, уарзондзинад, амонд, цин – афтœ цыбырœй схонœн ис ацы периоды сфœлдыстад.
Байхъусœм ма дзы цалдœрмœ:
1 2- ахуырдзау. «Сœрдыгон œхсœв», «Хœхты зарœг», «Уалдзœг».
13 - ахуырдзау.
Бœзнаг œмœ ахадгœ у Грисы лирикœ. Фœлœ уœддœр поэты курдиат хъомысджындœр разынд драмон сфœлдыстады. Драмœ у дзырдаивады œппœт хуызты иудзинад. Æмœ мах раст нœ уыдзыстœм трагеди «Чермен» нœ зœрдыл куы нœ œрлœууын кœнœм, уœд.
(Байхъусын «Чермены зарœгœй скъуддзагмœ»)
Адœймаг куы райгуыры, уœд œй фœнды сœрибар цард кœнын. Йœ уавœртœ афтœ куы нœ амоной, уœд та кœны карз тох йœ сœрибары сœрвœлтау. Ахœм хъœбатыр тохгœнœг кœвдœсардты нœмттœ баззадысты адœмы зœрдœты, уыдонимœ Тлаттаты Чермен.
14 - ахуырдзау. «Чермен» - œй скъуыддзаг.
Ахуыргœнœг: Мœнмœ гœсгœ, цалынмœ ирон адœймаг зœххыл цœра œмœ йœ мадœлон œвзаг зона, цалынмœ ирон кœй у, уый тыххœй йœ сœр бœрзœндты хœсса, уœдмœ ахуыр кœндзœн Плиты Грисы уацмыстœ, цœудзœн театрмœ œмœ œхсызгонœй кœсдзœн Грисы пьесœтœй арœзт спектакльтœм.
Плиты Грис райгуырди Хуссар Ирыстоны, йœ цард та арвыста Цœгат Ирыстоны. Дыууœ Иры баиу сты йœ зœрдœйы œмœ дзы ссыгъди бœрзонд поэтикон стъалы. Цалынмœ зœххыл Ирон адœймаг цœра œмœ йœ фыдœлты хœзнатœ цœстыгагайау хъахъхъœна, уœдмœ, Бонвœрнонау, œрттивдзœн уыцы стъалы дœр.
15 - ахуырдзау.
Найзусть Къадзаты Станиславы œмдзœвгœ «Плиты Грис».
Æмœ, дам, нœй œнœхœлгœ мœсыг,
Вœййы, дам, ехх, йœхи дурœй йœ кœрон!
Фœлœ йœ дур цы мœсыгœн у дзырд,
Нœ йœм уœнды мœлœт œмгœрон.
Æнусты рындзыл – хурдалынг мœсыг,
Уый урс хохау – œвидигœ, фœрныг,
Рœсугъд у уым ирон дзырдœн йœ цœрœн
Нœ абоны, нœ фидœны фœлтœрœн.
У иухуызонœй минхуызон уœддœр –
Уый алкœмœн дœр раст цыма œндœр.
Æмбойны уым цы нœ диссаг цœуы:
Давид-Сослан йœхи мардыл кœуы.
Къоста дзы тарыл хурзœйœ цœуы.., Чермен дзы œлдœртты кœны зыгуым.., Нœры Балойы хъœлœс арвау уым.., Нœртон фысым дзы басгуыхтысты Ир –
Иронау дзуры Пушкин уым, Шекспир.
Сœфтœг – œртхутœгдон дзы – хœсты айдœн,
Иссœ та бœхыл – тохцœхœрмœ уайгœ..,
Кœуы, дзыназы авд зынгхуысты мад…
Уым алкœд фурдау абухгœ у цард,
О Грис, нœртон мœсыгамайœг , бузныг!
Дœ œрмœг дœр нœртон у – хурзынг – хурдзырд.
Æнусты рындзыл – хурдзалыг мœсыг,
Æврœгъты `хсœнты стъалытыл фœцыд.
Уый кувœндон, Рœстдзинады гœнах,
Йœ уындœй дœр цœрœццаг кœны мах!