Сценарий к мероприятию :Ирон ?взаджы б?р?гбон


Ирон æвзаджы бæрæгбон
Эпиграф «Æвзаг хиды хуызæн у фæлтæрты 'хсæн»
Галуанты Л. /Ирон æвзаг/
1 Амонæг:
Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ!
2 Амонæг:
Æгас нæм цæут, æмæ уыл рæсугъд бæрæгбæттæ цæуæнт!
1Амонæг:
Абон нæ республикæйы адæм ирон æвзаджы бæрæгбоныл цин кæнынц. 1899 азы 15 майы фыццаг хатт рацыд мыхуыры Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Уымæ гæсгæ 7-æм февралы 2003 азы нæ республикæйы уæды президент дзасохты Алыксандр бафыста ахæм указ – алы аз дæр фынддæсæм майы бæрæг кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.

2 Амонæг:
Къостайæ цасфæнды куы 'ппæлæм,
Уæддæр нæ уыдзæни æгæр.
Æрмæст йæ фæзмынмæ куы бæллæм,
Уæд та нæ уыдзæни æвзæр!
1 Амонæг:
Йæхи цардыл нæ хъуыды кодта,
Мæгуыр адæм – йæ цин, йæ мæт.
«Ирон фæндыр» æрхъуыды кодта,
«Ирон фæндыр» - æн нæй мæлæт.
2 Амонæг:
Дæумæ сидын, Къостайы фæдон!
Поэтæн ма рох кæн йæ ном!
Зæрдиагæй сæххæст кæн йæ фæндон,
Ирон адæмыл хæц æнгом!
1 Амонæг:
Къостайы ном тæмæн калы зæлдаг тырысайау, рухс нын кæны нæ царды фæндаг, хоны нæ рæсугъд цардмæ.
Æмдзæвгæ «Ирон фæндыр»
1 Амонæг:
Уæ хорзæхæй æмдзæвгæ «Балцы зарæг» - Къостайы фæдзæхст махæн нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм иумæ.
2 Амонæг:
Ныр та ныхасы бар нæ зарæггæнджыты къордæн. Йæ разамонæг нæ музыкæйы ахуыргæнæг ...
( 2 песни)
1 Амонæг:
Алы аз дæр Ирыстоны цæрджытæ, ирон æвзаджы рæзтыл чи кусы, уыдон уыцы бон сæ æнтыстдзинæдты тыххæй хорзæхгонд æрцæуынц. Абон нæ равдысты сымах дæр фехъусдзыстут не' скъоладзауты æнтыстдзинадты тыххæй.
2 Амонæг:
Кæм дын бæззон – дæу дæн мæ Ир!
Нæ сæтты мæн фыдох уа, сау низ,
Цæф арсау цъитийыл цæрин,
Æрмæст мын уæд дæ ном уæлахиз!
1 Амонæг:
Ныхасы бар нæ уæлахиздзаутæн.
Сывæллæтты библиотекæ расидтис конкурсмæ «Аив дзырды дæсны». Уым не 'скъоладзаутæ равдыстой сæхи иттæг хорз.
Апплодисментты хуызы доулийыл цагъд.
2 Амонæг:
Не'взаг – хæзнадон, бæркадджын къæбиц,
Не'взаг – нæртон лæджы рагон бæллиц,
Не'взаг у не'гъдау, нæ амонды сæр,
Не'взаг – Васойы хъуыдыты цæхæр.
1 Амонæг:
Нæ зындгонд ахуыргонд Абайты Васо афтæ фыста: ахуыргонд адæймаг æппæты фыццаг йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæны, стæй уæд æндæр адæмы 'взæгтæ.
2 Амонæг:
Æмæ уый тыххæй та , æнæмæнгæй , алы ныййарæг дæр хæдзары йæ сывæллонимæ хъуамæ дзура иронау .
(Сценка – сывæллон йæ куклайæн ныхæстæ кæны:)
Дзур, мæ къона, дзур иронау,Азтæ атæхдзысты бонау.Хорз лæг уыдзынæ кæддæр,
Бахъæудзæн дæ уæд мæ сæр.Базон кафын æмæ зарын,Зон дæ адæмы нымайын.
Ма у не'гъдæуттæн ызнаг.
Уарз дæ мадæлон æвзаг.
(Дауырæ «Мадæлон æвзаг»)
1 Амонæг:Ныртæккæ ныхасы бар дæттæм сывæллæттæн.
Сывæллæттæ се'мдзæвгæтæ дзурынц1 Амонæг:
Ацы аз ма не скъолайы хистæр кълæсты ахуырдзаутæ систы уæлахиздзаутæ фæсивæды наукон куыстыты равдысты. Ныхасы бар дæттæм уыдонæн.
1 Амонæг:
Мадæлтæй райгуырди не'взаг,
Рацыд фыдæлтæй нæ кадСе 'гъдау нæ кæстæртæн баззад,Хистæртæн – фарны лæггад!
Хъыгагæн, бирæ ирæттæ ферох кæнынц сæ мадæлон æвзаг, иронау дзурын сæ сæрмæ нал фæхæссынц. Ферох сæ вæййынц нæ рæсугъд æгъдæуттæ дæр.
2 Амонæг:
Ды уæларвон ратгæ Стыр-Хæзна дæ,Дæу никæуыл æсбарæн ис зæххыл!Ды аланты хурæмдых æвзаг дæ,
Æмæ дын нæй мæлæт дæр, зон, бæстыл!
1 Амонæг:
Куы нæ уа не'взаг, нал уыдзыстæм мах дæр,Нæхи сæфтмæ цæмæн бæллæм,зæгъ-ма?Фæдисонау цæгъдын дзæнгæрæг Ирыл:
О бахъахъхъæнæм не стырдæр хæзна!
Сценка - Фыд æмæ фырттæ уисоимæ.
1 Амонæг:
Ацы цыбыр ныв та нæ ахуыр кæны æнгомдзинадыл. Æмæ иумæ куы уæм, уæд не'взагæн фесæфынæй тас нæу.
-Дзурут иронау! – 2 Амонæг- Кувут иронау! – 1 Амонæг- Зонут нæ рæсугъд ирон кæфтытæ! – иумæ
1 Амонæг:
Бæрæгбон æнæ рæсугъд цагъд æмæ кафтæй нæ фидауы.
Гыццыл сывæллæттæ «Хонгæ»
- Бузныг уын! – 2 Амонæг- Цины бæрæгбæтты æмбæлут. – 1 Амонæг