СЦЕН? аив ф?лгонцгонд, къултыл ?взаджы тыхх?й базырджын ных?ст?, аст?у?й равдысты с?ргонд. ?ВЗАДЖЫ Х?Л?РТТ? ?М? ЗН?ГТ?






ЛТжРТЫ


















Жвзаджы хжлжрттж жмж знжгтж.
Хуыцау жмж Уастырджийы ныхас.
Хуыцау – урс дзаумжтты – урс худ, урс къахыдаржс, урс хждон, йж зачъета урс жмж даргъ, бады урс жврагъыл; хъуыдыты аныгъуылд.
Уастырджи – уый джр урс дзаумжтты-цухъхъайыл, уый джр бады урс жврагъыл, фжлж ныллжгджр.
Хуыцау: Жз иржтты зондджын, хъжбатыр аджмыл нымайын. Афтжмжй та уыдоны жхсжн, йж маджлон жвзагыл ржсугъд, аив жмж сыгъджг чи дзуры, ахжм аджмтж бирж нжй. Уый хыгъдмж дзы бирж ис, ирон – уырыссаг жвзагыл хжццж чи дзуры, ахжмтж, иннжтж та иронау сдзурын сж сжрмж нал хжссынц. Ехх, ирон аджм(паузж) хуызджр сжм кжсынц жнджр жвзагдтж.
Уастырджи: Диссимиляци аралло кжны ирон жвзаджы!
Хуыцау: Жвзаг у нацийы хуызджр хъжздыгдзинад. Ирон жвзаг фжлмжн, жхсызгон у. Ирон жвзаг нжу, цы фыдмитж жвзары, уыдоны аккаг.
Уастырджи: Жвжццжгжн, жппжт аджтты аххос у политикж джр. Фжлж, мжнмж гжсгж, иржттж зжрдигджржй куы архаиккой се ґвзаг бахъахъ-хъжныныл, йж сыгъджгдзинадыл, ужд уавжр хуызджр уаид.


(Хуыцау жмж Уастырджийы ныхас. Хуыцау урс дзаумжтты: урс худ, урс къахыдаржс, урс хждон, йж зачъета урс жмж даргъ, бады урс жврагъыл; хъуыдыты аныгъуылд. Уастырджи – уый джр урс дзаумжтты-цухъхъа йыл, уый джр бады урс жврагъыл, фжлж ныллжгджр.)

Хуыцау: Жз иржтты зондджын, хъжбатыр аджмыл нымайын. Афтжмжй та уыдоны жхсжн, йж маджлон жвзагыл ржсугъд, аив жмж сыгъджг чи дзуры, ахжм аджмтж бирж нжй. Уый хыгъдмж дзы бирж ис, ирон – уырыссаг жвзагыл хжццж чи дзуры, ахжмтж, иннжтж та иронау сдзурын сж сжрмж нал хжссынц. Ехх, ирон аджм(Паузж.) Хуызджр сжм кжсынц жнджр жвзагтж.
Уастырджи: Диссимиляци аралло кжны ирон жвзаджы!
Хуыцау: Жвзаг у нацийы хуызджр хъжздыгдзинад. Ирон жвзаг фжл-мжн, жхсызгон у. Ирон жвзаг нжу, цы фыдмитж жвзары, уыдоны аккаг.
Уастырджи: Жвжццжгжн, жппжт аджтты аххос у политикж джр. Фжлж, мжнмж гжсгж, иржттж зжрдигджржй куы архаиккой се ґвзаг бахъахъ-хъжныныл, йж сыгъджгдзинадыл, ужд уавжр хуызджр уаид.
Хуыцау: Жрбайхъус мжм, мж хжлар! Ды ирон аджмжн сж фжнджгты бардуаг дж. Уыдонжн се ґвзаг жнджр жвзжгтау кждджридджр фжндагыл лжуд у, цардимж иумж цжуынц размж. Гъе, жмж йын жххуысгжнжг у!
Уастырджи: Табуафси, фжлж ирон аджм сжхжджг джр хъуамж батых-сой се ґвзаджы дардджры хуызджр цардыл, йж суыгъдждзинадыл, кжннод иунжджы архайд бжллицаг фжстиужг не ґрхжсдзжн. (Паузж.) Ужджмж-ма абалц кжнжм, жркжсжм ужларвжй зжхмж жмж нжхи цжстытжй фенжм, цы уавжры ис ныртжккж ирон жвзаг, чи сты йе ґзнжгтж жмж йж хжлжрттж.
Иумж: Акжсжм, афжлгжсжм.

(Скъоладзаутж кжсынц жмдзжвгжтж маджлон жвзаджы тыххжй: “12 дзырды”, “Дзур-иу иронау”).

1-аг арх .(амоны дзурджытжм жнжрвжссонжй): Маджлон жвзаг, мадж-лон жвзаг! Жз уын амжлон, цыма жгас дуне ууыл лжууы, цыма дуне уый фыджй цин кжны, афтж банхъжлжн ис.
2-аг арх: Уый базон, маджлон жвзаг йемж хжссы жгъдау, ужздандзи-над. Уым ис аджмы царды ржстдзинад, сж хорз зонд, сж хъыгтж, сж цин.
1-аг арх (йж былтж акъуырдта): Хжссы, хжссы! Куыннж стжй, хжссы, тжбжгъы жвжрджй. Диссаджы ныхжстж фжкжныс жмж тобж джр нж зжгъыс.
2-аг арх: Джужн та, алцыджр дж размж тжбжгъы жвжрджй куы хжссиккой, уый дж фжфжнды.
1-аг арх: Омж хорз, мжсты ма кжн, фжлж ма мжнмж джр байхъус! Кжм ма ис ирон жвзаг? Ужртж Хуссар Ирыстоны схжццж гуырдзиаг жвзагимж. Акас ма дж алыварс, байхъус ма, хждзары уа, уынджы уа – куыд дзурынц, уымж.
(Равдыст-сценкж “Вовочка”.)

1-аг арх: Цжй, ныр та ма цы зжгъдзынж?
2-аг арх: Жмж ныр дыууж аджймаджы тыххжй афтж зжгъжм, ирон жвзаг нал ис, зжгъгж, ужд уый раст нжу. Фжлтау ма байхъус, Цжрукъаты Алыксандр куыд загъы, уымж:

Ирон зыланг ныхас, джу айс мжнжй,
Ужд баззаин къуырма жмж куырмжй,
Нж арв, нж зжххжн нал уынин сж хуызтж,
Жнж джу мын мж къжхтыл ацжужн джр нжй!

1-аг арх (йж къух ауыгъта): Уый Цжрукъаты Алыксандрмж афтж кжсы. Биржтжм та афтж касы ныртжккж, жмж ирон жвзаг ардыгай Елхотмж, стжй никжйыуал хъжуы.
2-аг арх: Алцыджр хистжртжй аразгж у.
1-аг арх: Хистжртжй? (Ахъуыды кодта.. Уый бжргж афтж у, фжлж нж хистжртжй биржтж куыд дзурынц уымж никуы жрыхъуыстай? Иубон автобусы дыууж зжронд усы ныхас кодтой, жмж сжм куы байхъуыстаис.
2-аг арх: Сыгъджг ирон жвзагжй дзырдтой, жмж сж нж бамбжрстай жвжццжгжн.
1-аг арх: О, о, Байхъус ма сжм джхжджг.

(Сценкж “Ужржседзаутж” автобусы.)

1-аг арх: Кждджр А.С.Пушкин уырыссаг аджмжй афтж загьта: “Гово-рим по-русски, заикаемся по-французски”. Ныр та ирон аджмжй афтж зжгъ-жн ис: “Говорят по-осетински, заикаются по-русски”.
2-аг арх: Ахжм “ужржседзауты” тыххжй нж маджлон жвзаг бирж иржттжн жцжгжлон ссис, жнжрвжссонжй йжм кжсынц, иронау дзурын сж сжрмж нж хжссынц, фжлж йжхи жцжг ирон чи хоны, ирон жвзаджы сыгъджг-дзинадыл чи тох кжны, уыдон сты бирж фылджр, ржсугъд ирон жгъджуттж фжстжмж царды рауадзынмж чи хъавы, уыдон джр гжзжмж не сты.

(Чысыл ныв “Хждзаронтж”. Зарынц, арфжтж кжнынц,
нжмгуытж згъалынц, басылтж курынц. Кувынц бжгжныйы къусимж).

3-аг арх (хждзаронтжй): Кжсы жмдзжвгж, авт. Галуанты Зоя.

Мж аджмуарз – Ирыстон,
Мж фжндиаг дж аз.
Ызнаг фжужд гжныстон,
Ыскжнжд ыл фыдаз.
Дж къонайл цъжхахст куыд
Дж ноггуырдау хъуысжд.
Дж ужзжгыл къжрццжмдзжгъд
Фжндыримж зжлжд.
Мж рждауарм Ирыстон,
Ждыхст, жнжмаст у.
Дж саумжр зжхх – дыргъыстон,
Тыллжг, ржгъаудзаг уа.
Дж хистжртж сжрыстыр
Сж кжстжртжй куыд уой.
Лжбурды ныхмж ґгъатыр
Жнжсжттон куыд уой.
Дж фиджн азтж дардджр
Зжрджрухсджр кжнжнт,
Дж бжллицты ржсугъдджр –
Нж бжстж сабыр ужд!

(Бжгжныйы къус джтты кжстжрмж, уый аходы, джтты йж фжстж-мж).
2-аг арх: Ирон аджммж ис бирж арфхъуыдыджын ржсугъд жгъджуттж, цымыдисаг жмбисжндтж, куырыхон “Н.К” Уыдон махжн бахъахъхъждтой нж фыджлтж, жмж сж дардджр та хъуама мах ахжццж кжнжм, жмж сж хъахъ-хъжнжм цжсты гагуыйау.
1-аг арх: Ууыл жз разы джн демж.
2-аг арх: Маджлон жвзаг мадау адджын у, ржвдаужг. Махжн нж нанатж жмж дадатж цас ржсугъд ржвдаужн ныхжстж фждзурынц. Мжнж ма байхъусжм, ацы чысыл сабитжн сж нанатж цы буц ныхжстж фжкжнынц, уымж.
(Кжстжр кары ахуыргжнинжгтж дзурынц ржвдвужн ныхжстж).

(Сценка ”Цъиусур жмж халон”)
Жмбисонд: Цъиусур жмж халон фысыл сжмбжлдысты.
“Дж хорзжхжй, фжлжу-ма, бафжрсжм дж.”
“Цжмжй мж фжрсут?”
Халон жм йжхи баласта жмж зжгъы:
“ХуыцАуы тыххжй, дж хъуын афтж фжлмжн цжмжн у?”
Фыс сын загъта:
“Сымах мж нж зонут, мж хуры чысылтж. Мжнжн мж зжрдж джр афтж фжлмжн у.”
Йа зжрдж йын куы базыдтой, ужд жй ныттыдтой. Фыджлтжй уымжн баззадис ахжм ныхас:
“Фысау (кжнж уыгау) дж зжрдж макжмжн базонын кжн.”
2-аг арх: Абон нжм жрбацыдысты 2 чызджы 9-жм къласжй, уыдоны фжнды азарын сатирикон куплеттж.

(Зарынц дыуужйж:)

Аджмжн сж хжрд – сж мжт,
Стонгжй куы амжлой сж куысты
Охай, хъжздгуытжм ма ужд
Чи цжудзжн жххуырсты?
Иу ран сжвжрын хъуыди
Хъуыдыйады къждзыгой.
Депутаттж йыл къуыри
Думжйы фждзырдтой.
Фыртжн горжтжй хъжумж
Жруайын йж бжллиц.
Мж ныййарджытжн сж къух
Жз фжрог кжндзынжн.
Афтжмжй жрвылкъуыри
Дзыппытж фжрог кжны.
Царджн ис дыууж цжсгомы:
Иу дзы сау у, иннж урс.
Иу дзы сау хъуыдджгтжм хоны,
Иннж йемж ’рхжссы рухс.

(Фжндыры цыгъд, кафт.)

2-аг арх: Нж дыууж Ирыстоныл тохы бонтж куы скодта, ужд ирон фжсивжд равдыстой стыр хъжбатырдзинад. Сж хъжбатырдзинады тыххжй сыл фыст цжуы зарджытж, жмдзжвгжтж. Уыдоны зжрджмж хъарынц жрмжстджр маджлон жвзагыл.

(Жмдзжвгжтж “Реквием”, ”Ир – цжргжстж” – Уалыты Л.)

Хуыцау: Раппжлинжгтж ис, Уастырджи, ирон зжххыл, фжлж ма дзы бафхжрын жмж бафидисы аккжгтж джр ис. Уыдон жрмжст ирон жвзаджы нж, фжлж ирон аджмы, райгуыржн бжстжйы ужйгжджытж джр сты!
Уастырджи: Мжнмж гжсгж, ирон авзаджды хжлжрттж фылджр сты йе знжгтжй. Жмж уыцы знжгтжн та жз афтж зжгъын: жмбисонд фос сты, фжлж жз никуыма фехъуыстон, бжх сжгъы уаст кжна, кжнж сжгъ бжхы мыр-мыр кжны, сымах та аджм стут, афтжмжй уж маджлон жвзаг сафынмж хъавут.
Хуыцау: Жнджр жвзжгтж, жвжццжгжн, тынджр уарзынц
Уастырджи: Нж мж уырны! Цжмжй жнджр жвзаг дж бон бауарзын суа, уыйтыххжй фыццаг хъуамж дж маджлон жвзаг уарзай.
Хуыцау: Дж хорзжхжй, баххуыс кжн ирон фжсивжджн, раст фжндагыл сж бафтау!
Уастырджи: Табуафси, бацархайдзынжн. Фжлж фылджр сжхицжй аразгж у. Жнгомджр жрбалжуужд кжрждзимж жвзаджы хжлжрттж жмж сж нымжц фылджржй – фылджр кжндзжн.
(“Ирон цагъд. Кафт “Симд”)

К ж р о н!








СЦЕНЖ
аив фжлгонцгонд, къултыл жвзаджы
тыххжй базырджын ныхжстж,
астжужй равдысты сжргонд.


ЖВЗАДЖЫ ХЖЛЖРТТЖ ЖМЖ ЗНЖГТЖ





[ Cкачайте файл, чтобы посмотреть картинку ]






Г.Алагир









Заголовок 1 Заголовок 2 Заголовок 3 Заголовок 4 Заголовок 5 Заголовок 6 Заголовок 7 Заголовок 815