Ирон ?взаджы урок 5-?м къласы. Урочы тем?: «Аф?дзы афонт?» Грамматикон тем? :Номдарт? ?м? миногонт? ф?лхат к?нын


Ирон æвзаджы урок 5-æм къласы.
Урочы   темæ: «Афæдзы афонтæ»
Грамматикон темæ :Номдартæ æмæ  миногонтæ фæлхат  кæнын
Эпиграф:Фæззæг та зæхмæ-йæ ныййарæг мадмæ,
Дардта йæ дзаг армЗымæджы худти йæ къабæзтæй дардмæ
Миты фыццаг уард.(Козаты   Исидор)
 
Урочы  нысан:Скъоладзауты зæрдыл  æрлæууын  кæнын номдар æмæ миногон.
Хъомыладон  хæс :Ахуыр кæнын  скъоладзауты ,æрдзы рæсугъддзинад æмæ ахадындзинад алы рæстæджы дæр ахсджиаг кæй у ,ууыл,æрдз хъахъхъæнын.
Урочы  æрмæг.Зарæг»Афæдзы афонтæ»,презентаци,чингуытæ,тетрæдтæ,дзырдуæттæ, æмбисæндтæ
Урочы  цыд:Скъоладзаутæ бадынц  къордгайСæрд»,»Зымæг»,»Уалдзæг»,»Фæззæг»
Уæ бон хорз.
Æгас цу.
-.  Дзырдуатон куыст.
Нæ зæрдыл ма æрлæууын  кæнæм,  цы дзырдтæ ахуыр кодтам ,уыдон.
гуыппырсархаттæй-хатт
курдиатджыннывгæнджытæ
райсомраджыазгъордтаахуыр кæндзынæн
ъæх чылауитæ
фæткъуытæ
къæвдатæ
алыхуызонтызмæг цæстæнгас
фефсæрмы
алыгъдис.
(Мотивацион  уавæр)
Сывæллæттæ ,зæгъут ма ,Ирыстоны адæм цавæр  бæрæгбон бæрæг кодтой  æрæджы
-Джеоргуыба(слайд 1)
-Йæ хорзæх уæд алкæй дæр æмæ цавæр  афæдзы  афон вæййы Джеоргуыба?
-Фæззæджы!
Æмæ  ныр та цавæр  бæрæгбонмæ  цæттæ кæндзыстæм  нæхи?
-Ног азмæ(слайд 2)
-Æмæ уæд  та цавæр  афон  вæййы?
-Зымæг-Уæдæ нæ нанаты  æмæ мадæлты  бæрæгбон та кæд у?
-Уалдзæджы.
-Уæдæ нæ урочы  темæ цавæр уыдзæн  абон?
-Афæдзы  афонтæ.
Иу хатт ма сæ нæ зæрдыл æрлæууын  кæнæм..Зымæг,Уалдзæг.Сæрд.Фæззæг..
Бадгæ дæр кæнæм 4 къордæй .Цæй  нæ иутæ уыдзыстæ сæрды мæйтæ ,иннæтæ уалдзæджы,зымæджы æмæ фæззæджы.
Уæ бон цы зæгъын у?Чи хуыздæрафон у?Цæмæ? Сабитæ фылдæр кæй уарзынц?
Мах стæм сæрды мæйтæ :Хурхæтæны мæй.Сусæны мæй æмæ  Майрæмы мæй.(слайд 4)
Мах стæм æппæтæй хъармдæр ,ирддæр уарзондæр.
Мах та стæм фæззæджы мæйтæ:Рухæны мæй,Кæфты мæй,Джеоргуыбайы мæй.Мах стæм æппæтæй хъæздыгдæр,бæркадджындæр æмæ  рæсугъддæр.
Уæдæ цы зæгъдзыстут Уалдзæджы мæйтæй?Тæргæйтты мæй,Хуымгæнæны мæй æмæ Зæрдæвæрæны мæй.
Æппæтæй æрыгондæр,фæлмæндæр,аивдæр.(слайд 5)
-Мах  кæд уазал,урс æмæ хъызт  стæм,уæддæр бирæ хъæлдзæгдзинад.удæнцой æмæ хорздзинад хæссæм адæмæн..(слайд 6)
Цæй руаджы равдисæм ,хуыздæр стæм,уый?
-Миногонты руаджы.
-Цавæр фарстытæн дæтты дзуапп?
Цавæр……………………………
Кæсæм текст.
Ссарæм ма дзы   миногонтæ
Хъармдæр……
Бакæсæм ма текст»Нывгæнджытæ»
Ратæлмац æй кæнæм:
1-аг къорд ссарут тексты  номдартæ
2-аг къорд  ссарут тексты миногонтæ
3аг къорд ссарут тексты   мивдисджытæ
4-æм къорд  1-аг хъуыдыйады ссарын сæйраг уæнгтæ
Диалог»фембæлдысты 2 æмбалы»
Ног дзырдтæ цы хъуыдыйæдты ис уыдон рафыссын.
Фыссæм 12-æм фæлтæрæн
Æз дæн æнусонты Афæдзбег.Дунейы фарн мын балæвар кодта 4 диссаджы фырты.Зымæбег.Сæрдыбег.Уалдзыбег  æмæ Фæззæбег.Уæ иуæй иннæ рæсугъддæр,аивдæр.æмæ ма быцæу кæнут. Сымах иууылдæр стут тынг ахъаз адæмæн.
Рефлекси.
Абон æз…….
Урочы бакуыстон………
Урочы  архайдтой………
Хæдзармæ куыст.Текст  кæсын.миногнтæ  æмæ номдартæ ратæлмац кæнын.