Хозиты Яков. «Сабит? ?м? ф?зз?г» I. Х?дзарм? куыст сб?р?г к?нын. 1. ?мдз?вг? з?рдыв?рд?й радзурын. 2. ?мбис?ндт? й?м ?рх?ссын. II. Ног ?рм?г. 1. Нывим? куыст: – Цы уынут нывы? – Цав?р ахор?нт?й спайда кодта нывг?н?г? – Цы хуызы равдыста нывг?н?г ф?з


Хозиты Яков. «Сабитæ æмæ фæззæг»
I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
1. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй радзурын.
2. Æмбисæндтæ йæм æрхæссын.
II. Ног æрмæг.Нывимæ куыст: – Цы уынут нывы?
– Цавæр ахорæнтæй спайда кодта нывгæнæг?
– Цы хуызы равдыста нывгæнæг фæззæджы æмæ цæмæн?
2. Дзырдты нысаниуджытæ бацамонын: æлгъин, домын.
3. Скъоладзаутæ сæхинымæр, стæй та хъæрæй кæсынц уацмыс.
4. Фæрстытæ раттын:
– Цæмæн хонынц сывæллæттæ фæззæджы «бæркадджын, бурзачъе»?
– Цавæр лæвæрттæ æрхаста фæззæг йемæ?
– Стырдæр лæварыл цы банымадта æмæ цæмæн?
III. Скъоладзауты аив кастмæ бацæттæ кæнын:
– Цы зæрдæ дары фæззæг сабитæм?
Цæмæй бæрæг у?
– Йæ ныхæстæ йын цавæр хъæлæсы уагæй кæсын хъæуы?
– Сабиты ныхæстæ та?
IV. Рольтæм гæсгæ каст.
V. Англисаг фольклорæй зарæг бакæсын. Дзырдты нысаниуæг бамбарын кæнын: хъуылæгцæгъдæг, цæрвджын, нæлхæ.
Кæм дæ, кæм,
Кæм дæ, кæм?
Разын, нæлхæ, тагъддæр кæн!
Кæрты дуармæ Пит лæууы,
Уый цæрвджын гуылтæ хъæуы…
– Кæй номæй цæуы ныхас зарæджы?
– Худæг дæм дзы цы фæкаст?
– Сымахæй ничи федта, хъуылæг куыд фæцæгъдынц, уый?
Радзурут-ма йæ.
VI. Хатдзæгтæ скæнын:
– Цавæр уацмыс бакастыстæм? Чи у йæ автор?
– Цæмæн хонынц сывæллæттæ фæззæджы «царды хос хæссæг»?
– Стырдæр лæварыл цы банымадта фæззæг?
– Сымах та куыд хъуыды кæнут?
– Цы ма зонут фæззæджы лæвæрттæй?
VII. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ рольтæм гæсгæ кæсын зонын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.