Открытый урок по осетинскому языку. Тем?: Ф?лхат к?ныны урок номдар?й.


Темæ: Фæлхат кæныны урок номдарæй.Урочы нысан: Сбæрæг кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ номдарæй.Хъомыладон хæс: Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын, ирон æвзагæн аргъ кæнын, ирон дзырды рæсугъддзинад æнкъарын.Цæстуынгæ æрмæг: Ныхасы рæзтыл куыстæн нывтæ, райуаргæ æрмæг (карточкатæ).
Урочы цыд:
I Ахуыргæнæджы разныхас абоны урочы тыххæй, зонгæ кæны ахуырдзауты урочы хæсимæ. Фæйнæгыл фыст сты урочы темæ æмæ хæс. Сывæллæттæ фыссынц абоны нымæц, темæ…
(Дуар чидæр бахоста æмæ къласмæ æрбахызт «Номдар». «Номдар» салам радта сывæллæттæн, йæхи бацамыдта æмæ сбадти).
II Ахуыргæнæджы разныхас- Сывæллæттæ , уæдæ ма равдисæм нæ зынаргъ уазæгæн, куыд хорз зонæм иронау дзурын, куыд уарзæм нæ мадæлон æвзæг, куыд базыдтам номдар!
Скъоладзаутæ фыссынц цыбыр дзырдуатон диктант, амонынц дзырдтæн сæ растфыссынад:
НЫЙЙАРÆГ, ХЪУЛОНДЗИНАД, ÆМБÆЛТТÆ, ÆВЗАГЗОНÆГ, НЫВНАЛЫН,НЫББЫНÆЙ КÆНЫН.
1). –Уæдæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цал сты ныхасы хæйттæ?
2). –Цавæр дыууæ къордыл дих кæнынц?
3). –Кæцы къордмæ хауы номдар æмæ цы у?
(Скъоладзаутæ дæттынц дзуапп дæнцæгтимæ)
Сывæллæттæ , фæйнæгыл цы хъуыды йад фыст ис, уый уæ тетрæдтæм рафыссут, ссарут дзы номдартæ æмæ сын сæ быны бахахх кæнут, сæ сæрмæ та сын сæ хауæнтæ фæбæрæг кæнут.
1). Дæ мады æвзагыл кæд дзурыс, кæд зарыс- дæ фыдгулæн, знагæн йæ сау зæрдæ марыс.
(Æлборты Х.)
Ахуыргæнæг дзуры дзырдты къордтæ:æвзаг- æвзæгтæныййарæг- ныййарджытæзæрдæ-зæрдæтæ-Цы у уæ бон зæгъын ацы дзырдты тыххæй?
-Уæдæ цал нымæцы ис номдарæн?
(Дыууæ нымæцы: иууон æмæ бирæон нымæцтæ).
Дæнцæгтæ æрхæссын.Ахуыргæнæг рæстæгæй-рæстæгмæ уæ хъус æрдары уазæгмæ дæр, сныхас æм кæны.-Цæвæр ивддзинæдтæ æрцæуы бирæон нымæцы ?(Дæнцæгтæ).
Фæйнæгыл куыст.
Фæйнæгыл фыст æмдзæвгæ:«Мадæлон æвзаг»
Цы рæстæг базыдтон æдæрсгæИронау чиныджы кæсын;Уæдæй нырмæ рæсугъд нывæстæйМæ риуы царды цин хæссын
(Чеджемты Æх.)
Скъоладзаутæ агурынц скъуыддзаджы номдартæ, дзурынц кæцы нымæцы сты, аразынц номдартæй бирæон нымæц.рæстæг- рæстæджытæчиныг-чингуытæриу-риутæцард-цæрдтытæцин-цинтæ(Сбæлвырд кæанын ацы куыст).
Ныхасы рæзтыл куыст.
Фæйнæгыл конд ис ныв:
1). Цавæр афон æвдыст цæуы нывы?
2). Цамæй йæ бамбæрстат зымæг æвдыст дзы цæуы, уый?
3). Цæмæй хицæн кæны зымæг уалдзæгæй?
4). Ныртæккæ та цавæр афæдзы афон у?
5). Сывæллæттæ куыд конд сты?
Нывмæ гæсгæ, стæй-иу уынгмæ дæр акæсут, æрдзы рæсугъддзинад банкъарут æмæ ныффыссут чысыл радзырд (4-5 хъуыд.)
Ахуыргæнæг хъусы цалдæр радзырдмæ æмæ сывæллæттæ сæхæдæг аргъ кæнынц, кæй радзырд фæцыд тынгдæр сæ зæрдæмæ.(Хъусын 2-3 скъоладзаумæ).
Фæйнæгыл куыст.
Раздæр уал фæйнæгыл фыст:
1). ÆвзагахуырадБафæрсын, куыд арæзт у:
æвзаг+ахуырад-Куыд хонæм ахæм дзырдтæ?
(ахæм дзырдтæ хонæм вазыгджын).
(Цалынмæ уыцы хæс æххæст кæны кълас, уæдмæ 3 скъоладзауæн ис раттæн карточкæтæ хæслæвæрдтимæ, 3 мин. фæстæ сæ райсын).
Скъоладзаутæ кæсынц карточкæтыл фыст дзырдтæ æмæ сын амонынц сæ растфыссынад.
Æвзаггонд-æвзаг+кондÆвзагзонæг- æвзаг+зонæгÆвзаджыхъад- æвзаг+хъæдÆвзагахуырад- æвзаг+ахуырадФæйнæгмæ рахонын 1скъоладзауы, цæмæй æмдзæвгæйы ссара номдартæ. Цалынмæ уый фæйнæгыл кусы, уæдмæ иннæтæ сæ тетрæдты фыссыну сæ мыггаг, ном æмæ фыды ном.
Сбæрæг кæнын æмдзæвгæйы куыд раиртæста номдартæ, бафæрсын цæмæн сты иутæ фыст стыр дамгъæйæ, иннæтæ гыццыл.
Æз кастæн Нигеры, Секъайы…
Цомахъы уацмысты цæхæрМæ зонды хурзæринау райы Мæ хъусты зæлы «Тохы хъæр».
Уый фæстæ скъоладзауты фæрсын:-Куыд ныффыстат уæ нæмттæ, уæ мыггæгтæ, уæ фыды нæмттæ?
(Стыр дамгъæйæ)
-Цæмæн?
-Уæдæ мæ мын зæгъут, цавæр дыууæ къордыл дих кæнынц номдартæ?
(Иумæйаг æмæ сæрмагонд)
Æвзаргæ диктант.
Чи?Цы?
Чызг, бандон, кæсаг, фыссæг, куырой, мыдгæс, алтъами, мæлдзыг, пысыра, хъæдхой, чиныг, кæсæндон, сыхаг.
Бафæрсын кæд дæттæм фарст Чи? Цы?
Хъуыдыйад равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.Баба хорз дзуры ирон æвзагыл.
(хуымæтæг даргъ, дывæрсыг, таурæгъон)
Урокæн хатдзæгтæ скæнын-Уæдæ, мæ зынаргъ сабитæ, ныр нæ урокæн хатдзæгтæ скæнæм, иу хатт ма афæлгæсæм номдарыл:
1. Цы хонæм номдар?
2. Цавæр номдартæ зонæм?
3. Цал нымæцы ис номдарæн?
4. Цал хауæны ис ирон æвзаджы?
5. Цы хонæм тасындзæг?
6. Вазыгджын номдартæ та цы сты?
(дæнцæгтæ)
Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас:
- Хорз, мæ хуртæ, мæ зæрдæ уæ барухс, фæлæ ма байхъусæм нæ буц уазæджы ныхасмæ.
(«Номдары» ныхæстæ)
Ахуыргæнæг æвæры бæрæггæнæнтæ комментаритимæ.