Эссе на осетинском языке Мое педагогическое кредо



ЭССЕ
Мӕ дӕсныйад – мӕ зӕрдӕйы бӕллиц
Хуытъинаты Маринӕ
Фарныхъӕуы астӕуккаг
скъолайы ахуыргӕнӕг
Сабибонтӕ…Алӕмӕтаг ивгъуыд афон… Куыд хъӕлдзӕг ӕмӕ рог вӕййынц сабитӕ, куыд ӕнӕмӕт цард кӕнынц!Цас ӕмӕ цас цин хӕссы зӕрдӕйӕн уыдоны хъӕлдзӕг хъазт ӕмӕ худт.
Рӕстӕг иу ран нӕ лӕууы. Цард абухы гуылфгӕнгӕ донау. Сабитӕ рӕзынц. Æмӕ ӕрхӕццӕ вӕййы скъоламӕ бацӕуыны афон. Ныййарджытӕ мӕт кӕнынц, уӕдӕ куыд уыдзӕн скъолайы «мӕ къона»,зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы чысыл «къона» скъоладзауы ном хӕссы сӕрыстырӕй.
Æрцыд мӕ рад дӕр.Фыццаг нӕуӕндаг къахдзӕфтӕ бакодтон ӕз дӕр скъолайы къӕсӕрӕй. Уыцы ӕнӕныфсхаст цадӕггай бацыдӕй мӕ размӕ байгом ӕгӕрон ахуырады дуне , зонындзинӕдты денджыз.
Фыццаг ахуыргӕнӕг…Ацы дыууӕ дзырды хӕссынц семӕ цыдӕр ӕнахуыр ӕхцондзинад, зӕрдӕйы ӕвӕрынц ныфс, хонынц фидӕнмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ фыццаг ахуыргӕнӕджы чи нӕ хъуыды кӕны, чи ферох кӕны, ахӕм адӕмтӕ стӕм хатт ӕмбӕлынц, йе та ӕппындӕр нӕ.Уый мадау у сывӕллонӕн хӕстӕг.Саби-скъоладзау йӕ гыццыл зӕрдӕйы ног бӕллицтӕ раргом кӕны йӕ фыццаг ахуыргӕнӕгӕн, йӕ ахуыры фӕндагыл цы фыццаг ӕнтыстдзинӕдтӕ йӕ къухы бафты, уыдоныл дӕр йӕ уарзон ахуыргӕнӕгимӕ цин кӕны.Уайтагъд атӕхы цыппар азы. Цас зындзинад æрцæры сывӕллоны зӕрдӕйы, йӕ фыццаг ахуыргӕнӕгӕй куы фӕхицӕн вӕййы, уӕд.Æз дӕр бавзӕрстон ацы уавӕр, куы базыдтон, ӕндӕр ахуыргӕнджытӕ кусдзӕн немӕ, уый. Бирӕ рӕстӕг ӕппынӕдзухдӕр кодтон кӕугӕ. Афтӕ мӕм касти, цыма дуне ныттармылазон ис, мӕ зӕрдӕйы хастон ӕнкъард хъуыдытӕ.Скъоламӕ мӕ цӕуын дӕр нал фӕндыди. Фӕлӕ та дарддӕр бахаудтӕн фӕлмӕн ахуыргӕнджыты къухмӕ. Мӕ зӕрдӕйы бузныггад хӕссын ӕз абоны онг дӕр.
Царды цалх йӕ зилынӕй иу уысм дӕр нӕ лӕууы, размӕ тындзынц адӕм дӕр. Мӕн дӕр цард ахаста йӕхи фӕндӕгтыл. Æрлӕууыд царды ног дуг.Мӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ ӕмӕ рухс хъуыдытӕ сӕххӕст кӕныны фадат мын радта скъола, мӕхи скъола,йӕ дуӕрттӕ мӕнӕн ногӕй куы бакодта парахатӕй, уӕд. Йӕ къӕсӕрӕй ӕрбахызттӕн ныр ахуыргӕнæгæй.
Диссаг!.. Æз- Ахуыргӕнӕг…Зӕрдӕ риуӕй цыма ныртӕккӕ рагӕпп кӕндзӕн, афтӕ мӕм касти, мӕ фыццаг урок раттынмӕ куы бахызтӕн къласмӕ, уӕд. Æмӕ кӕд фыццаг къахдзӕфтӕ скӕнын уыд тынг зын, уӕддӕр сабиты фӕрцы, сӕ цӕхӕр цӕстытӕ , сӕ цымыдис, сӕ райдзаст цӕстӕнгас уынгӕйӕ, райдыдтам семӕ иумӕ мӕ фӕндаг ахуырады бӕрзӕндтӕм. Ацыдтӕн мӕ зӕрдӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, мӕ нысан сӕххӕст кӕнынмӕ. Цалынмӕ скъолайы къӕсӕрӕй нӕма бахызтӕн, уӕдмӕ мӕ хъуыдыкӕнынад , мӕ нысантӕ уыдыстӕ бынтон ӕндӕр. Фӕлӕ ам, скъолайы, ссардтон ӕз мӕ фӕндтӕн, мӕ бӕллиццтӕн сӕ хуыздӕртӕ, сӕ раргом кӕныны мадзӕлттӕ.
Алы дӕсныйадӕн дӕр ис йӕхи домӕнтӕ, йӕхи кодекс. Зӕгъӕм, дохтырты кодексыл нымад у Гиппократы номӕй ард бахӕрын. Йӕ фыццаг фӕдзӕхст у : «Зиан ма рхӕсс адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн». Ӕмӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныйадмӕ дӕр ис ахӕссӕн ацы кодекс: «Ма рхӕсс зиан сабийы рӕзгӕ удӕн». Мӕ сӕйрагдӕр хӕсыл нымайын уый, ӕмӕ сывӕллонӕн, скъоладзауӕн йӕ миддуне бамбарын, йӕ зӕрдӕмӕ йын фӕндаг ссарын, ӕмӕ макуы бамынӕг кӕнын цӕхӕркалгӕ зынг сабийы зӕрдӕйы, макуы бауромын рӕзгӕ удты абухгӕ суадон.
Скъолайы къӕсӕрӕй бахизгӕйӕ, мӕ размӕ цингӕнгӕ куы ратӕхынц сабитӕ, уӕд куыд хъуамӕ ма цин кӕнон ӕз дӕр?! Адӕймаг цыфӕнды тыхст ӕмӕ фӕллад куы уа, уӕддӕр сӕ рӕвдауӕн ныхӕстӕй, сӕ хуымӕтӕгдзинадӕй, сӕ зӕрдӕхӕлардзинадӕй, сӕ цӕхӕрцӕст цӕстытӕй йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы.
Къласмӕ бахызтӕн. Бӕстӕ ныссабыр. Сӕ райдзаст цымыдис цӕнтӕгасыл бӕрӕг у, ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц ахуыргӕнӕджы разныхасмӕ. Ӕмӕ ӕрвылбон дӕр афтӕ… Æппынӕдзух дӕр мӕ зӕрдыл дарын уый, ӕмӕ мӕ разы кӕй бады Ирыстоны рӕзгӕ фӕсивӕд, Ирыстоны фидӕн, нӕ нӕртон адӕмыхатты фидӕн, нӕ сомбон. Абон нӕ сабитӕ скъолайӕ хъуамӕ рахӕссой сӕрыстырдзинад сӕ ирондзинадӕй, сӕ сахъгуырд рагфыдӕлтӕй, сӕ кадджын ӕмзӕххонтӕй. Ме 'стыр хӕстӕй иуыл нымайын ахуыр кӕнын нӕ рӕзгӕ фӕсивӕд ирон ӕгъдау ӕмӕ ирон ӕвзагӕн аргъ кӕнын, цӕмӕй йыл макуы сыстырзӕрдӕ уой, цӕмӕй сӕрыстыр уой сӕ чысыл нацийы хъӕздыг историйӕ, цӕмӕй сӕ зӕрдӕты гуыра цымыдисдзинад нӕ национ ӕмӕ историон бынтӕ иртасынмӕ ӕмӕ сӕ бӕхъахъахъхъӕныныл архайой.
Æппынӕдзухдӕр мӕ зӕрдыл дарын, скъола ахуыргӕнӕгӕй кӕй райдайы, уый, ахуыргӕнӕгӕй,кӕцыйӕн йӕ уарзондзинадӕн кӕрон нӕй, кӕцы йӕхӕдӕг фыццаджыдӕр тырны зонындзинӕдтӕм, скъоладзауы циныл цин кӕны, йӕ мастыл маст, сывӕллӕттӕм дары кӕддӕриддӕр фӕлмӕн цӕстӕнгас. Ахӕм сты мӕнӕн дӕр мӕ принциптӕ.
Кӕд ӕмӕ скъолайы къӕсӕрӕй бакасттӕн ӕрӕджы, ӕмӕ мӕ бон нӕу бирӕ ӕнтыстдзинӕдтӕй раппӕлын, уӕддӕр зонын фидарӕй - ӕз дӕн мӕ бынаты. Мӕ размӕ цы стыр хӕстӕ ис, уыдонмӕ бонӕй-бон ныфсджындӕр къахдзӕфтӕ кӕндзынӕн. Æз «хуымӕтӕг» ахуыргӕрӕг нӕ дӕн, ӕз дӕн мадӕлон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг. Мӕ алы ныхасӕй дӕр, мӕ алы фӕзилӕнӕй, мӕ алы къахдзӕфӕй дӕр хъуамӕ сабийы зӕрдӕйы гуырын кӕнон мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад, фӕндондзинад уыцы ӕвзагыл дзурынмӕ. Патриотизмы мотивтӕ гуырын кӕнын кӕстӕр фӕсивӕды зӕрдӕты- уый у мӕ хъомыладон хӕстӕн сӕ сӕйрагдӕр .
«Если учитель соединяет в себе любовь к делу и к ученикам, он- совершенный учитель»,- загъта кӕддӕр Лев Толстой.Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕтӕй ӕххӕст адӕймаг нӕй, нӕ уыдзынӕн ӕз дӕр.Фӕлӕ сӕрыстырӕй абон мӕ бон у зӕгъын: «Æз иу уысм дӕр нӕ фӕсмон кӕнын, мӕхимӕ кӕй райстон хӕс сабиты ахуыр кӕнын,ууыл.Мӕ куыст у мӕнӕн уарзон, кӕй ахуыр кӕнын , ӕрвылбон мӕ рӕстӕджы фылдӕр хай цы сабитимӕ ӕрвитын, уыдон та мын сты уӕлдай уарзондӕр».