Урок по осетинскому языку Кавказы фидауц (7 класс)
Темæ: Кавказы фидауц.
Нысан: Терк – хæлардзинады бæттæг цæугæдон.
1.Бакæсæм æмбисæндтæ. Бамбарын сын кæнæм сæ хъуыды.
- Дон кæм ис , цард дæр уым ис.
- Дон сæрæй ивылгæ рацæуы.
-Цæугæдоныл хъуына нæ хæцы.
Сыгъдæг дон –æвдадзыхос.
2.Фыццаг æмбисондмæ гæсгæ,нывтыл æнцойгæнгæ саразут чысыл радзырд , дон адæймаджы царды цы пайда у ,уый тыххæй.
НЫВТÆ.
3 Æмдзæвгæтæн бамбарын кæнут сæ хъуыды.
1).
- Кæцæй кæлыс ,Терк?
-Рагон дугты арфæй.
Æрхастон уын уæ дардфыдæлтæй арфæ.
-Кæдæм цæуыс , Терк?
-Рухсуынæн замантæм.
-Фæхæсс фæлтæртæн махæй дæр салæмттæ.
(Гæлуаты А.)
2). Там Терек издали кружит,
Меж скал пустынных протекает,
И пеной зыбкой орошает
Высокий берег….(М.Ю.Лермонтов).
- Цавæр цæугæдæттæ ма кæлынц дыууæ Ирыстоны?
4.Бакæсут-ма раст дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ. Ирон уырыссаг дзырдуатмæ гæсгæ сын бацамонут сæ нысаниуæг.
-цæстытыл ауайын кæнын
-гуылфгæнгæ æмæ абухгæ кæлын
Ралæбурын
-æнхъæвзын
-цардыхос-æфсадын
-змæст-къаддæр-æрдз хъахъхъæнын
5. Бакæсут текст.
ТЕРК.
Уæрæсейæн æнæ Волгæйæ , Украинæйæн æнæ Днепрæй цæстытыл ауайынгæнæн куыд нæй , афтæ Кавказ дæр нæ фидауы æнæ Теркæй.
Терк йæ цыд райдайы Дайраны комæй .Зилгæ хохæй.Йæ гуырæнтæ сты 3000 м бæрзæндæн Зилгæ хохы Цъититы ,Гуырдзыстоны зæххыл.
Гуылфгæнгæ æмæ абухгæ ралæбуры Терк Дайраны комæй.Куыд дæлæмæ Терчы донмæ кæлынц къаннæгдæр хохаг цæугæдæттæ. Æрджынæрæджы Теркимæ сæ цыд баиу кæнынц Æрыдоны дон ,Фыййаджыдон ,Джызæлдон ,Камбилеевкæйыдон æмæ Урсдон.
Терк куыд дарддæр , афтæ парахаттдæрæй кæлы цыппар республикæйы РЦИ- Аланииы , Кæсæг – Балхъары ,Цæцæн æмæ Дагестаны зæххытыл. Терчы доны дæргъæн у 623 км, кæлы ХЪаспийы денджызмæ.
Терк цардыхос у йæ фæйнæварс æнæнымæц бирæ хъæутæн æмæ горæттæн. Донæй æфсады хуымзæххыты сæдæгай мин гектартæ, дæтты алыхуызон арæзтадон æрмæг ,ис ыл гидроэлектростанцæтæ.
1. Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:
1). Кæцæй райдайы Терк йæ цыд?
2).Цавæр республикæтыл кæлы ацы цæугæдон?Географийы æмæ ЗОМ-ы уроктæй спайда кæнутæ
3).Цы пайда хæссы ацы цæугæдон адæмæн?
4.)Лæвæрд дзырдтæм ссарут синонимтæ æмæ зæгъут цавæр ныхасы хæйттæм хауынц къаннæгдæр ,кæлы , æнæнымæц, фæкъаддæр.
- Уæ бон у æмæ ацы дзырдтæй скæнат ног хъуыдыйæдтæ.
6. Æркæсæм РЦИ –Аланийы картæмæ æмæ лæмбынæг ахæссæм нæ цæст цавæр горæтты æмæ хъæутыл кæлы.
7. Ратæлмац кæнæм ирон æвзагмæ
…В трудах многих замечательных людей описан Терек , но особенно запоминаются слова известного грузинского поэта И,Г,Чавчавадзе из его путевых заметок: «Хвала сумасбродному ,шальному,непослушному бушующему Тереку! Вырываясь из скалистых теснин , он безудержно мчится ,ревет , сотрясая все окружающее .Люблю его за неумолчное клокатание ,ожесточенную борьбу и вечное движение. Терек - это выражение пробужденной жизни человека.Он волнует ,будит все окружающее и за это движении ,но попробуй остановиться ,и ты обратишься в зловонный водоем, а твой гневный рев смениться кваканьем лягушек!..»
(Б.М.Бероев)
8.Атасындзæг кæнут дзырдбæстытæ :змæст дон ,сау мигътæ цæугæдоны был.
9.Аифтындзæг кæнæм мивдисджытæ нырыккон афоны: найын , фæллад уадзын10. НЫВМÆ (нывтæм) ГÆСГÆ КУЫСТ.
(Сæрдыгон бонтæ Терчы был. Адæм улæфынц . Æрдзы рæсугъддзинад.
11. 10 хъуыдыйадæй радзырд ныффыссын.