Н? иры л?ппут?!Къостайыл ныззар?м!


«Нæ иры лæппутæ!Къостайыл ныззарæм!»
(Литературон-музыкалон композици)
Ахуыргæнæджы разныхас: Хъоцты А.Д.
1.Хъуысы «Къостайы зарæг»
2.Зарæг æрмынæг.
Ахуырдзау:Бесаты Х.
Къостайы зарæгæй скъуыддзаг.
Нæ Иры фæсивæд!Къостайыл ныззарæм,
Ирон лæг кæй уарзы фылдæр?
Нæ хуыздæр ныхæстæй йæ хорз ном ыссарæм,
Уый махæн æгас у нырдæр.
3.Хорз адæймагæн мæлæт нæй,фæзæгъынц.Ис ын æрмæст райгуырæн бон.Уый свæййы Адæмон барæгбон.Ахæм кадджын æмæ цытджын бон Ирыстоны дзыллæтæн ссис 15октябрь-Къостайы райгуырæн бон.Уый у иттæг хорз æвдисæн,йæ кадджын ном кæй нæрдзæн Ирыстоны кæмтты,уымæн.
Ахуырдзау:Джыгкайты Т. «Ныстуан»
4.Дардæй мæ салам æрвитын æз Нарæн,æ
Нарæн-хæххон хъæуæн,амонды ранæн!
Кувын мæ сæрæй æз уыцы хæдзарæн,
Саби кæм райгуырдис иухатт Леуанæн!
Ахуырдзау:Гуыриаты А. зары «Æ-ло-лай!»
Ахуырдзау:ДжиотыВ.
5.Адамы рыст æмæ циныл йæ цард æвгъау чи нæ кодта,уый æнæныгуылгæ хур у адæмæн.
О, ахæм гуырд рантыст Хетæгкатæм,сау айнæджы рындзыл,Нары хъæуы,сызгъæрин бæркадджын фæззæджы1859 азы,Леуаны хъæдкъул скъæты.Иры хæхтæй,Иры кæмттæм,тыгъд быдыртæм схъиугæ хсæрдзæнтæ хæрзæггурæггаг тахтысты: Ирыстоны арвыл хур-стъалы ссыгъдис,æнустæм иу уысм æрхуыссæн кæмæн нæй,ахæм нартон стъалы.
6.Къоста …. Ацы ном тæмæнтæ калы,зæлдаг тырысайау пæр-пæр кæны,фæйлауы нæ сæрмæ нæ райгуырæнæй нæ амалæты бонмæ.
Экраныл-Къостайы портрет
7.Кæсын дæ хуызистмæ æдзынæг.

Хъуыдыты аныгъуылди сæр,
Фæтагьд мыл,цыма их-тæдзынæг,
Æз афтæ баризын куыддæр .
Æмæ дыл уымæн ризы зæрдæ,
Кай уыд дæ царды дуг æфхæрд,
Кæй калдта рæстæгæн цæхæртæ,
Кæй нæу дæ кад та хцайа лхæд.
Ахуырдзау:Хуыгаты С.
8.Къостайы фыд,зæгъы,иу æхсæв,йæ паддзахадон службæ æрвитгæйæ, федта арвы дуар гомæй. Бадынц дауджытæ æмæ тæрхон кæнынц.Леуан бафæдзæхста Къостайы, цæмæй хорз лæг суа, адæмæн уарзон. Афтæ кæй рауад, уымæн æвдисæн стæм не ппæт дæр.Къостайы цард æгасæй дæр сси Кавказы мæгуыр дзыллæтæн ныфсдæттæг.
Киноныв Къоста
Экраныл-Къостайы портрет
Ахуырдзау:Дзгойты С.
9.Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,
Арвмæ Куы хъуысид мæ фæндыры цагъд,
Дунеты се ппæт мæхимæ æрхонин,
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.
Если б запеть мне,как нарту умело,
Если б звучал до небес мой фандыр,
Пусть мое горе услышит весь мир.
Ахуырдзау:Дзгойты С.
Стихотворение Коста «Мне вашего счастья не нужно»
Ахуырдзау:Лалыты Д. «Растаться не трудно»,Пухаты В.
Ахуырдзау:Гуыбаты А.
10.Æвæдза, куыд зын æмæ уæззау цард бавзарста ирон адæмы сæууон стъалы, Иры цæугæ мæсыг, мæгуыр адæмы сæрибарыл тохгæнæг, Ирыстоны зындгонддæр фырттæй иу-Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.
Ахуырдзау:Далов С.
Да, действительно,тяжелая и полная борьбы жизнь выпала на долю великого сына осетинского народа, основоположника осетинской литературы-Коста Левановича Хетагурова.
Ахуырдзау:Джыкайты Д.
12.Нæ фæци амонд Иры уарзон хъæбулы ныййарæгæй дæр.
Зарæг «Ныййарæгæй амонд».
13.Мах амондджын стæм нæ рагфыдæлтæй, ис нын æмбисонды тырыса-Къоста.
Ахуырдзау:Далов С.
14.У истоков осетинской литературы возвышается могучая фигура ее родоначальника и первого классика Коста Левановича Хетагурова,чья литературная и общественная деятельность составила целую эпоху в истории культуры Осетии.
Коста- знамя,перед которым мы преклоняем колени.
Коста- горная С.
лира горной страны.
Æмдзæвгæ, Айларты Михал «Къостамæ»
15. Къоста йа фыдæлты фæтк нæ хæлдта,куывта Хуыцаумæ,йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм: «Хетæджы уастырджи! Табу дæхицæн! Де фсургъы барцæй мын иу сыгъзæрин æрду ме взæр фæндырæн куы ратонис хъисæн».
16.Уастырджи балæвар кодта иу сыгъзæрин æрду Къостайæн æмæ дзы сарæзта «Ирон фæндыр». Бæлцæттæ сæ дойны цы «Ирон фæндыр»-æй уадзынц!
Хъуысы æнкъард музыкæ
Ахуырдзаутæ:Хъæцмæсты Милена,Хъæцмæсты Георгий, Хуыбылты Артур.
«Халон æмæ рувас»
Ахуырдзау:Хуыбылты Л.
17.Хæххон адæммæ ис ахæм таурæгъ. Цардис иу мæгуыр лæппу.
Хъæздыгдзинадæй йын хуыцау балæвар кодта æрмæст æхсарджын зæрдæ. Нæ бауарзтой лæппуйы фыдгултæ, гадзрахатæй йæ багæрах кодтой, йæ риуæй йын стыдтой йæ зæрдæ. Фехстой йæ зæхмæ æмæ йыл стыр дур ныффæлдæхтой.Дыккаг бон хъæуы цæрджытæ кæсынц,æмæ дур йæ бынаты нал ис.Дур кæм уыд, уым дымгæ фæйлауы диссаджы рæсугъд дидинджытæ. Æхсæвы тары та фыдгултæ дидинджытæ сæбындзарæй срæмыгътой æмæ сæ сæ къæхты бын ныккодтой.
О, фæлæ диссаг! Райсомæй дидинджытæ,цы уыдысты,уымæй авд ахæмы хуыздæр фестадысты. Сæ сырх-сырхид сæртæ сæрыстырæй хæрдмæ ивæзтой.Адæм дидинджытæ рахуыдтой «æхсарджын зæрдæ».
Балцы цæуæг лæппу-иу уый балæвар кодта йæ уарзон чызгæн. Ахæм ардæй карздæр нæ уыдис хæхты адæммæ.
Ацы тауырæгъ у Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайыл.
Цал æмæ цал ирон лæппуйы балæвар кодтой сæ уарзон чызджытæн Къостайы æмдзавгæты чингуытæ.Цал ирон гуыппырсары ахаста тохы быдырмæ Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр».
Æхсарджын зæрдæйæ æвзæрынц æхсарджын рæнхъытæ:
Мæ аргъуан- зæхх,
Мæ дзар у уарзондзинад,
У Дун-дуне Фыдыбæстæ мæнæн!
Къостайæн йе сфæлдыстады ныхасы сæр сты хохаг мæгуыртæ,урссæр цъититæ, æмыр бæлæстæ.Поэтæн кæнынц сæ зарджытæ æмæ йын дæттынц ныфс.
Барзонд урс хæхтæ,
Æнкъард къæдзæхтæ,
Фыййауы уарзынц,
Æмæ йын зарынц сæ сусæг ныхас.
Æмдзæвгæ «Чи дæ?»
Ахуырдзау:Уарзиаты Дз.
4 æнусы скифаг паддзахы фырт Анахарсис афтæ загъта: «Мадау уарз дæ Райгуырæн бæстæ».Къоста йæ райгуырæн бæстæ бирæ кæй уарзта,уымæн стахтысты йæ зæрдæйы арфæй мæнæ ацы ныхæстæ:
Ахуырдзау:Головченко А.
Люблю я целый мир, люблю людей бесспорно,
Люблю беспомощных,обиженных сирот,
Но больше всех люблю, чего скрывать позорно,-
Тебя, родной аул, и бедный наш народ.
За вас отдам я жизнь, все помыслы и силы,-
Всего себя лишь вам я посвятить готов…
Вы так мне дороги, так бесконечно милы,
Что сил нет выразить, что высказать нет слов!
Къоста æнувыд уыд йæ ирон адæм йа уарзон Ирыстоныл. Уымæн-иу ыл сæмбæлд йæ алы æрбаздæхты дæр цæссыгтимæ:
Фæххæссон ма,-загътон,-уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Нæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм!
Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фыр цинæй рызти,-
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.
Къостайæн йе стыр уарзондзинад къаддæр нæ, фæлæ тыхджынæй тыхджындæр кодта. Ирыстонæй дард уæвгæйæ,йæ зæрдæ кæуæгау уымæн дзуры.
Ахуырдзау:Тедеты М. «Додой»,Оганесян Г. «Æнæ хай»
Къоста уарзта йæ адæмы, уарзта ирон аив дзырды ныхас, уарзта кафт æмæ зард.
Ахуырдзаутæ: Дзгойты С.,Къаджаты А. ,Танделаты А.,ДжиотыВ.,Гуриаты А.,Тедеты М.
«Хонгæ кафт»
Ахуырдзау:Хуыгаты С.
Къоста йе мзæвгæ «Зонын»-ы фыста:
Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæ мард,
«Рухсаг у, рухсаг,- зæгъдзыстут,-
Ницæмæн уал уыд дæ цард!»
Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн,-
Ничиуал зондзæн мæ цырт.
Къоста йæ цыбыр царды рæстæджы йæ куырыхон зонды руаджы рæдийгæ никуы кодта. Æрмæстдæр фæрæдыд иу хъуыддаджы- ирон адæм нæ ферох кодтой сæ уарзон хъæбулы.
Хъуысы æнкъард мелоди.
Ахуырдзау:Кулешова Я.
Бирæ хъуыддæгтæ нал бантысти Къостайæн:йæ хадзар æрдæг арæзтæй баззад,йæ уарзон чызг- куырдуаты, йе скъола,-æхгæдæй,фæлæ йе ппæт сфæлдыстадæй абон дæр лæггад кæны Иры дзыллæтæн, рухс кæны фæлтæрты фæндæгтæ кад æмæ намысæй.
Азтæ цæудзысты, æнустæ цаудзысты, ирон аив литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайæн йæ ном кæндзæни кадджынæй-кадджындæр,намысджынæй- намысджындæр, цытджынæй- цытджындæр.