Тем?:Мамсыраты Д?бе цыт литература


Темæ: Мамсыраты Дæбе "Цыт".
Нысан: 1.Мамсыраты Дæбе- зынгæ ирон фыссæг-æмбарынгæнæн беседæ.
2. Æрдзурын уацмысы мидисыл, цауты историон рæстæгыл, колхозты арæзтад. Ирыстоны куыд цыди, ууыл.
3. Рæзын кæнын сывæллæттæм адæймаджы удыхъæды хуыздæр миниуджытæ.
Урочы цыд.I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын .
Радзурын уацмысы хицæн скъуыддзæгтæ( сæйратг геройы хъæбатырдзинад кæм æвдыст цæуы,ахæмтæ) хи ныхæстæй.
Ирон адæмон сфæлдыстадæй Хадзы-Мураты тыххæй цы уацмыс бакастыстыскъоладзаутæ,уый радзурын хи ныхæстæй кæнæ бакæсын наизусть.
II.Ног æрмæг. Мамсыраты Дæбе-зынгæ ирон фыссæг.
? Цавæр уацмыстæ бакастыстут,сывæллæттæ, мамсыраты Дæбейы сфæлдыстадæй?
Ахуыргæнæджы раныхас .Мамсыраты Хабийы фырт Дæбе (райгуырдис 1909-æм азы 9 августы, Быдыры Дæргъæвсы — амардис 1966-æм азы 21 августы) уыдис ирон фыссæг, поэт, драматург. Мамсыраты Дæбе райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Быдыры Дæргъæвсы. 1919-æм азы йын бынат æркодтой Æрыдоны семинары цур пансионаты. Уым уый ахуыр кодта йæ сæхгæныны онг (1921).
1924-æм Дæбе адарддæр кодта йæ ахуыр хъæууон скъолайы.
1926-æм азы та бацыдис Ирыстоны педагогон техникуммæ. Ам Мамсыры-фырт уыдис, зындгонд педагог Гуыриаты Гагуыдз йæ сæргъы кæмæн уыдис, уыцы литературон къорды уæнг. Техникум каст куы фæцис, уæд 1930-æм азы райдыдта кусын ахуыргæнæгæй Заманхъулы хъæуы скъолайы. Уыциу рæстæг ма фæсаууонæ ахуыр кодта Ростовы педагогон институты литературон факультеты. 1933-æм азы Мамсыраты Д. бацыдис Ленинграды истори, философи æмæ литературæйы институтмæ, фæлæ æртыккаг курсы фæстæ йе ’нæниздзинады уавæры фыдæй ныууагъта йæ ахуыр æмæ раздæхтис Ирыстонмæ. Ам Дæбе куыста газеттæ æмæ журналты редакциты, уыдис Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар, иу рæстæг ма уый равзæрстæуыд ЦИ АССР-ы Уæлдæр Советы депутатæй.
Ирон литературæмæ стыр хайбавæрды тыххæй Мамсыраты Дæбе хорзæхджын æрцыдис Ленины орденæй, Хетæгкаты Къостайы номыл литературон премийæ. Мамсыраты дæбе амардис 1966-æм азы 21 августы.
Мамсыраты Дæбейы курдиат уыдис бирæвæрсыг æмæ рæдау. Ирон фысджытæй уый бæрц чингуытæ ничи рауагъта. Куыста алы жанрты: поэзи, прозæ, драмæ. Кодта тæлмац. Фыста нывæджытæ, критикон уацтæ.
Поэзи
Мамсыры-фырты сфæлдыстадон архайд райдыдта æмдзæвгæтæй. Ирон газетты фыццаг хатт фæзындысты 1927-æм азы, 1931-æм азы та уыдон мыхуыры рацыдысты хицæн æмбырдгондæй («Фыццаг къахдзæфтæ»). Дæбейы поэзи сæйраджыдæр æвзæрдис партион политикон домæнтæй æмæ у рифмæгонд газетон публицистикæ, нæ ахады ирон поэзийы историйы.
Драмон уацмыстæ
Сценæйы дзы цардхъом разындис æрмæст «Æфхæрдты Хæсанæ» — уæлмонц романтикон драмæ, уый цæры йæ сюжеты хъаруйæ. Дæбе йæ пьесæ «Зорттаты Майрæм»-ы тыххæй 1949 азы фыста:
«Пьесæйы ис химидбыцæутæ æмæ, æмткæй дзургæйæ, пьесæйы цы фæхъæуы, уыдон се ’ппæт дæр. Фæлæ дзы цы нæ ис, цæуылнæ бахаудта пьесæ сценæмæ? Уымæн æмæ дзы нæй ныртæккæйы царды æцæгдзинад. Пьесæйы цы быцæудзинæдтæ ис, уыдон уыдысты раджы кæддæр, колхозтæ ма сæ тæккæ аразгæйæ куы уыдысты, уæд, фæлæ дзы ахæм быцæутæ ныр нал ис».
Ахæм карз тæрхон Дæбе йæхицæн хæссы æнæконфликты теоримæ гæсгæ. Пьесæйы æвдыст цæуы колхозы сæрдар — «йæхи расай-басай чи кодта хæстæй фервæзыны тыххæй, уыцы Додти, расыггæнаг æмæ тынг хæлд адæймаг». Соцреализмы домæнтæм гæсгæ уацмысы архайæг у типикон, Додти у æппæт сæрдарты иугонд фæлгонц. Ахæм персонажæн бынат нæ уыдис советон сценæйы 40-æм азты. Пьесæйы «нæй нырыккон царды æцæгдзинад» — уый уыдис хицауады хатдзæг, æмæ йæ тыхбар ныббаста Дæбейæн дæр. Ахæм уавæрты рæзæн нæ уыдис æцæг драмон аивадæн.
Прозæ
Йæ радзырдтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1937-æм азы («Царды къæпхæнтыл»). Фæстæдæр мыхуыры рацыдысты йæ чингуытæ: роман «Фæлтæртæ» (1949), сывæлæттæн фыст радзырдты æмбырдгонд «Джерихан» (1941), пьесæ «Хъæбатыр лæппу» (1944), æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты æмбырдгонд «Суадæттæ» (1942), радзырд «Адæмы мæт» (1943) æмæ æндæртæ.
Фыдыбæсты Стыр хæсты азты кæй ныффыста, йæ уыцы уацмысты фылдæр хай æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйыл.
1946-æм азы мыхуыргонд æрцыдис драмон поэмæ «Чермен». Фыссæджы уацмысты æххæст æмбырдгонд æхсæз томæй рацыдис 1965–1971-æм азты.
Йæ чингуытæ (презентацийы)
3.Радзырд "Цыт".
Радзырды темæ – коллективизации-колхозтæ аразын.Зын цард кодтой адæм,кулактæй иуæй-иутæ,хъæздгуытæ алыхуызы ардыдтой талынг,æнахуыргонд адæмы ,"иумæйаг хъæццулæй" сæ тæрсын кодтой,æмæ мæгуыр адæм сæнæууæнк сты.Фæлæ фæуæлахиз зонд-цард йæ гаччы сбадт.Радзырды сæйраг темæ уколлективизаци,кусæг лæджы ахаст æхсæнад æмæ куыстмæ куыд ивы,уый. Фыссæг нын дзуры дыууæ царды истории.Кæрæдзиимæ æнгом баст у \дзынга æмæ Цолайы цард,кæд сын хицæн хъысмæттæ ис, уæддæр. Цола уыдис мæгуыр гæвзыкк лæг,царди йæ сахъари къæсы(автор æй "хæдзар " дæр нæ хоны йæ фырмæгуырæй).
Уый æмæ дын йæ сыхаг Дзынга-йæ хъæздыгдзинæдтæн,йæ зæххы хæйттæн кæрон дæр нæ уыд,йæ цæрæн-галуан.Дыууæ хæдзары æвдисæн сты социалон быцæуæн. Хъæздыг цъиры мæгуырты туг æмæ уымæй фылдæр кæны йæ мулк, мæгуыр уыцы уавæрæн нал быхсы æмæ се 'хсæн сæвзæры тох.
Хин æмæ фыдлæг у Дзынга-Хъуыдæберд. Йæ ном дæр йæ уæлæ-тугцъир Дзынга. Уый хъæздыг кæны адæмы куыстæй,фæлæ йæхæдæг дæр магусатæй нæу,кусаг æмæ хæлардзинадæй йæ æвдисы Дæбе,у æрхъуыдыджын,архайы уавæртæм гæсгæ. Ног цард куы æрбалæууыд, уæд козбау кæны,раздæр кæуыл не 'рвæссыд,уыдонæн дæр. Йæ хин ,бæмбæг æвзаджы фæрцы Цолайæбазоны æппæт хабæрттæ дæр æмæ йæ хъуыддæгтæ уымæ гæсгæ аразы…
Хуымæтæг æмæ уæздан лæг у Цола. Цард æй ссæнды,æвирхъау уавæрты йæ æвæры,фæлæ уæддæр фидар у. Архайы æрмæст кусæнгарзæй,фæлæ йæ сæр куы бахъæуы, уæд æвæджиауы лæгдзинад равдисы.Судзгæ хæдзарæй рахаста сабиты. Мидхæсты заман фехæлдта æфсæнвæндаг æмæ адæмыфервæзын кодта урсгвардионты æфхæрдæй. Бирæ сагъæсты фæстæ Цола ахызт гуырысхоты сæрты æмæ сси хъазуатон колхозон. Цолайæ суанг газеты дæр мА раппæлыдысты йæ хорз куысты тыххæй. Фæстагмæ Цола сси заводы кусæг…
4.Дзырдуатон куыст.
Цæд-дыууæ галлы иумæ ифтыгъдæй
Сахъари къæс-кауын къултæ кæмæн ис,ахæм хæдзар
Гуызанæ кæнын-гуырысхо кæнын
III. Аулæфт.
IV.Æрмæг ныффидар кæнын.
Радзырд бакæсын.
Дзуæппытæ раттынахæм фæрстытæн:
Цавæр заманы цаутыл фыссы автор?
Цы зонут колхозы тыххæй?
Чи сты уацмысы сæйраг архайджытæ æмæ кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц?
Куыд рæзтис Цолайы миддуне æхсæнадон царды?
Цæмæн схуыдта фыссæг йæ уацмыс " Цыт" ?