Открытый урок по осетинскому языку
Темӕ: Рагон фӕндыры зӕлтӕ. Номдары тасындзӕг.
Урочы нысан: Ныхасы рӕзтыл бакусын. Хауӕнтӕ, сӕ фӕрстытӕ, номдары тасындзӕг бацамонын. Скъоладзауты базонгӕ кӕнын рагон кадӕггӕнджытимӕ ӕмӕ нырыккон фӕндырдзӕгъдӕгтимӕ.
Эпиграф:
«Цы у йӕ бон?»-Фӕндыры ма фӕрс,
«Цы нӕу йӕ хъару?»-Уӕд дӕ фарст.
I Бацӕттӕгӕнӕн хай.
1. Нӕ абоны урочы тема цӕмӕй базонат, уый тыххӕй бахынцут ацы здырдбыд:
ф ӕ н д ы р ы
ӕ х с ы з г о н дз и н а д
д ӕ с н ы
б а л а л а й к Ӕ
к а ф Т
м у з ы к ӕ
а) Куывдты, чынздӕхсавты цӕй цӕгъдын фыхъуысы?(ныффыссын ӕй хъӕуы гуырынон хауӕны)
ӕ) Цы хӕссы адӕмӕн фӕндырдзагъд, цавӕр ӕнкъарӕн?
б) Хорз чи фӕцӕгъды, уымӕй куыд фӕзӕгъынц?
в) Ӕртӕтӕнон уырыссаг инструмент, фӕкӕнынц ыл ирон цӕгъдтытӕ дӕр.
г) Зилахары быдыры фидауц уыд...
д)Фӕллад адӕймаг ӕм куы фӕхъусы, уӕд ын ӕрхӕссы ӕнцонздинад.
-Уӕдӕ нӕ абоны темӕ у «Рагон фӕндыры зӕлтӕ». Дзурдзыстӕм ирон музыкалон инструменттыл. Уымӕй уӕлдай ма сфидар кӕндзыстӕм нӕ зонындзинӕдтӕ номдары тасындзӕгыл.
-Нӕ абоны урокӕн эпиграфӕн райстон ахӕм рӕнхъытӕ: … .-Ратӕлмац ӕй кӕнут, куыд ӕй ӕмбарут?
II Ног ӕрмӕг.
2. Ирон музыкалон инструментты тыххый ӕмӕ кадӕггӕнджыты тыххӕй байхъусын ирон телевизион равдыстӕй скъуыддзагмӕ (4-5 минут).
-Цы базыдтат ногӕй ацы равдыстӕй? (Скъоладзауты дзуӕппытӕ)
3. Иу ахуырдзау дзуры таурӕгъ Ацӕмӕзы диссаджы цагъды тыххӕй «Нарты кадджытӕй»
Иннӕ та дзуры, дыууадӕстӕнон фӕндыр куыд фӕзынд, уый тыххӕй.
Ӕртыккаг скъоладзау дзуры ӕмдзӕвгӕ «Фӕндыр».
4. -Хӕслӕвӕрд ма уын уыдис ссарын ӕмбисӕндтӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ музыкӕимӕ баст.
(Зарӕг хъырнӕгӕй фидауы.
Зараг адӕймаг- Хуыцауӕй арфӕгонд.
Зарӕг дӕр зӕрдӕйӕ цӕуы ӕмӕ хъарӕг дӕр.
Зарӕг- базырджын.
Зарӕг ныллӕджытӕй бӕрзӕндтӕм тырны.
Зарӕг уӕлӕрвтӕм тындзы.
Зарӕг- куыстӕмбал, зарӕг- фидиуӕг.
Заргӕ дӕр зӕрдӕ кӕны, кафгӕ дӕр.
Мӕгуыр зараг у.
Зарын чи уарзы, уый фылдӕр цӕры.
Зарын чи уарзы, уый амондджындӕр у.
Ӕнӕ зарӕгӕй цард ӕнкъард у.
Зарӕг тыхдӕттӕг у.
Зарӕг циныл ӕфтауы.
Хӕрӕг кӕм уаса, уым булӕмӕргъ нӕ зары.
Кадӕн- кады зарджытӕ, ӕгадӕн- ӕгады.
Зарынмӕ- булӕмӕргъ.
Цы фӕнды тыхст уавӕры дӕр йӕ ныфс нӕ сӕтты, йӕхицӕн цыдӕртӕ зары.
Зараджы бинонтӕ ӕххормаг заман фервӕзтысты, кӕуаджы бинонтӕ фесӕфтысты.
Хъантӕн- хъанты цагъд, хантӕн- ханты.
Ӕнӕуаг зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ хъӕдгӕроны дӕр нӕ фидауынц.
Алы дзугӕн дӕр- йӕхи аккаг зарджытӕ ӕмӕ хъарджытӕ.
Ӕнкъард зарӕг дӕр зӕрдӕйӕ цӕуы, хъӕлдзӕг зарӕг дӕр.)
-Зӕгъут ма, ацы ӕмбисӕндтӕн сӕ хъуыды цы у? (Адӕймагӕн музыкӕ, зарӕг, кафт хӕссынц ӕхсызгондзинад, удӕнцой. Адӕймагӕй ферох вӕййынц фӕллад, маст, рыст, цард уарзын ӕй кӕнынц).
5.-Ӕркӕсут ма дзырдбыды цы дзырдтӕ ис, уыдонмӕ, зӕгъут, цавӕр ныхасы хӕйттӕ сты, фарст сӕм раттут.
6. Нывтӕм гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕнут дзырдбӕстытӕ:
Номдар+ номдар (фӕндыры зӕлтӕ)
7620011678305ӕхсызгондзинад00ӕхсызгондзинад Мивдисӕг+ номдар(хӕссы ӕхсызгондзинад)
Миногон+ номдар
(хъӕлдзӕг музыкӕ)
Миногон+ номдар(дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг)
2667000552450Калинка, калинка, калинка моя…
00Калинка, калинка, калинка моя…
Миногон+ номдар
( уырыссаг балалайкӕ)
Миногон+ номдарн(рӕсугъд кафт)
Скъоладзаутӕ фыссынц тетрады дзырдбӕстытӕ, сӕйраг дзырдӕй дӕлбар дзырдмӕ дӕттынц фӕрстытӕ.
-Ныр та дыууӕ нывы баиу кӕнгӕйӕ ӕрхъуыды кӕнут хъуыдыйӕдтӕ.
(Фӕндыры зӕлтӕ адӕймагӕн хӕссынц ӕхсызгондзинад.
Дӕсны фӕндырдзӕгъдӕджы цагъдмӕ фӕсивӕд рӕсугъд кафы.
Уырыссаг балалайкӕйӕ азӕлыди хъӕлдзӕг музыкӕ.)
-1-аг хъуыдыйад равзарут ныхасы хӕйттӕм гӕсгӕ.
7.-Ныр та нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм хауӕнтӕ. Атасындзӕг кӕнӕм дзырд фӕндыр иууон ӕмӕ бирӕон нымӕцы.
8. Презентациимӕ куыст:
а) рагон инструмент у уадындз- Ӕфсатийы лӕвар. Фыййӕуттӕ иу ыл арӕх цагътой.
ӕ)уый фӕстӕ фӕзынд дыууадӕстӕнон фӕндыр- Сырдоны лӕвар.
б)ацы хӕзнаты фӕрцы нӕм ӕрхӕццӕ сты «Нарты кадджытӕ»
в) кадӕггӕнджытӕ иу бахъуыды кодтой сӕдӕгай зарӕджы, кадӕджы ӕмӕ иу сӕ дзыхӕй- дзыхмӕ, фӕлтӕрӕй- фӕлтӕрмӕ лӕвӕрдтой.
9. Абоны текст дӕр у кадӕггӕнджыты тыххӕй. Тексты ӕмбӕлынц ахӕм дзырдтӕ:
а) Ӕнтъыснӕг-син. ӕрхӕндӕг, ант. зӕрдӕрухсдзинад, хъӕлдзӕг (хандра, тоска, грусть, подавленность, мрачный, тоскливый, грустный)
ӕ) Уӕлмонц- син. ныфсджын, зӕрдӕргъӕвд, разӕнгард (вдохновление, воодушевление, вдохновенный)
б) Хӕдахуыр (самообразование, самоучка)
в) Цӕгъдын- уничтожать, истреблять;
вытряхивать
играть
г) Уӕздандзинад (благородство, вежливость, учтивость, деликатность) ант. ӕнӕгъдаудзинадд) Фидауц (красота, изящество, стройность)
10. Дзырдтимӕ ӕрхъуыды кӕнын хъуыдыйӕдтӕ
( Тыхджын ӕнтъыснӕг мыл бахӕцыд. Уӕлмонц поэт фыссы рӕсугъд ӕмдзӕвгӕтӕ. Хӕдахуыр музыкант хорз цӕгъды уадындзыл. Уӕздандзинад у хорз адӕймаджы миниуӕг. Сывӕллӕттӕ сты царды фидауц.)
11. Аудирование. Ахуыргӕнӕг кӕсы текст.
Ирон фӕндыры зӕлтӕ.
Ирон фӕндыры ӕрдхӕрӕны зӕлтӕ… Царды ӕнтъыснӕгӕй ма зӕрдӕйы тӕгтӕ уыдонмӕ райхӕлынц. Диссаг сты: уӕнгрог, сӕрыстыр ӕмӕ уӕлмонц кӕнынц адӕймаджы.
Фӕлтӕрӕй- фӕлтӕрмӕ ӕлутон мырты фӕхастой хӕдахуыр музыканттӕ ӕмӕ нӕм ӕрхӕццӕ кодтой ирон зӕливылӕнты уӕздандзинад, фидауц, адӕмы зӕрдӕйы ӕмбӕхст монцтӕ. Уадындз, дыууадӕстӕнон ӕмӕ хъисын фӕндыры фӕрцы нӕм ӕрхӕццӕ сты ӕнусты арфӕй нӕ фыдӕлты рагон кадджытӕ. Уыдоныл цӕгъдгӕйӕ фыдӕй- фыртмӕ фӕдзӕхстой ӕмбал кӕмӕн нӕй зӕххы къорийыл, уыцы ӕртхӕрӕны эпос, нӕ ирон адӕмы царды ӕмӕ дунеӕмбарынады энциклопеди- Нарты кадджыты эпос. Чи зоны цал куырыхон, курдиатджын кадӕггӕнӕджы уыд ӕнусты дӕргъы нӕ фӕлтӕртӕм, фӕлӕ уый ӕтӕппӕт хӕзнатӕ абонмӕ кӕй ӕрхӕццӕ сты, ууыл дзурӕг у, кӕддӕриддӕр нӕм кӕй уыд тынг бирӕ курдиатджын адӕм, уымӕн ӕмӕ иу сӕ бон уыд бахъуыды кӕнын сӕдӕгай зарджытӕ, аргъӕуттӕ, ӕмбисӕнддӕ, таурӕгътӕ, ӕмӕ ма сӕ зарын, хъисын кӕнӕ дыууадӕстӕнон фӕндырыл цӕгъдгӕйӕ.
Фыццаг хатт ахуыргӕндтӕ ӕмбырд кӕнын ӕмӕ фыссын куы райдыдтой ирон адӕмы дзыхӕй дзургӕ сфӕлдыстад 19 ӕнусы ӕмбисӕй фӕстӕмӕ, уӕдӕй абонмӕ историйы баззадысты сӕдӕ фӕндзай кадӕггӕнджыты нӕмттӕ. Уыдонимӕ уыдысты Зыгъуытаты Бибо, Хъалӕгаты Иналдыхъ, Текъойты Хъуыбады, Туаты Заурбег, Гусаты Хату, Цопанты Арсӕмӕг, Цӕгӕраты Созырыхъо, Сланты Гаха, Саппиаты Бесо, Таутиаты Грис ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уыдон сӕ зӕрдыл бадардтой хистӕртӕй цы диссаджы кадджытӕ ӕмӕ зарджытӕ фехъуыстой, уыдон ӕмӕ иу сӕ афон куы рцыд, уӕд сӕ иу уыдон дӕр райдыдтой зарын. Ныхас кӕнӕ хӕдзары къонайы алыварс иу куы ӕрӕмбырд сты адӕм, уӕд даргъ изӕрты хъуыстой кадӕггӕнӕджы нывӕфтыд зарджытӕм.
Ирон музыкалон культурӕмӕ бӕркадджын ӕвӕрӕнтӕ бахастой адӕмон музукӕйы хӕдахуыр дӕснытӕ, кадӕггӕнджытӕ, фӕндырдзӕгъдджытӕ. Уыдоны фӕстӕ та профессионалон музыканттӕ, национ музыкӕйыл зӕрдиагӕй чи ауды, уыдон.
Уый фӕстӕ сколадзаутӕ кӕсынц фӕйнӕгыл фыст хъуыдыйӕдтӕ ӕмӕ амонынц тексты цы хъуыдыйӕдтӕ не мбӕлынц, уыдон.
Фӕлтӕрӕй- фӕлтӕрмӕ ӕлутон мырты фӕхастой хӕдахуыр музыканттӕ…
Хӕрз ӕрыгонӕй райдыдта фӕндырӕй цӕгъдын.
Ирон музыкалон культурӕмӕ бӕркадджын ӕвӕрӕнтӕ бахастой адӕмон музыкӕйы хӕдахуыр дӕснытӕ.
Текст ратӕлмац кӕнын . Скъоладзауты каст.Тексты бын цы фӕрстытӕ ис, уыдонӕн дзуапп раттын:
а) Рагон кадджытӕ, зарджытӕ, ӕмбисӕндтӕ цӕй фӕрцы ӕрхӕццӕ сты мах дугмӕ?
ӕ) Тексты ссарут кадджыты тыххӕй цы дзурынц, уый.
б) Кадӕггӕнджытӕй кӕй базыдтат?
в) Нырыккон дӕсны цӕгъдджытӕй кӕй зонут?
12.Хауӕнтӕ ӕмӕ сӕ фӕрстытӕ бацамонын, таблицӕ ӕрцауындзгӕйӕ.
4-ӕм хъуыдыйады ссарын номдартӕ, фарст сӕм ратгӕйӕ, сбӕрӕг кӕнын, кӕцы хауӕны сты, уый.
(Фӕлтӕрӕй- ирт. х., фӕлтӕрмӕ- ар. х., мырты- гу. х., музыканттӕ, уӕздандзинад, фидауц, монцтӕ- н. х., зӕрдӕйы- гу. х.)
13. Нывимӕ куыст. Тугъанты М. ныв «Ацӕмӕз» Иу скъоладзау дзуры нывыл цы предметтӕ уыны, уыдон. Иннӕ скъоладзау сӕ фыссы фӕйнӕгыл. Уый фӕстӕ дзырдтимӕ хъуыды кӕнынц дзырдбӕстытӕ, стӕй та хъуыдыйӕдтӕ.
Дарддӕр скъоладзаутӕ кӕрӕдзимӕ дӕттынц фӕрстытӕ. Зӕгъӕм: Чермен, цы уыныс нывыл? (Ацӕмӕзы.) Хасан, цы кусы Ацӕмӕз? (Бады ӕмӕ цӕгъды уадындзӕй) Светӕ, куыд цӕгъды Ацӕмӕз уадындзӕй? (Рӕсугъд.) Наринэ, Ацӕмӕзы раз чи сӕмбырд ? (Сырдтӕ ӕмӕ мӕргътӕ.) Дианӕ, цы кусынц мӕргътӕ? (Ацӕмӕзӕн хъырнынц сӕ алыхуызон хъӕлӕстӕй.) Ирӕ, цы кусынц сырдтӕ? (Симынц.)
14. Интерактивон фӕйнӕгыл бакӕсын нырыккон хъисын фӕндырдзӕгъдӕгмӕ.
III Урочы кӕронбӕттӕн Фӕйнӕджы раз стъолыл цы музыкалон инструменттӕ ис (уадындз, хъисын фӕндыр, балалайкӕ, нырыккон фӕндыр) уыдоныл цыбырӕй ӕрдзурын.
-Кадӕггӕнджытӕй кӕй базыдтат?
-Цавӕр лӕггад скодтой уыдон сӕ адӕмӕн?
-Ранымайут хауӕнтӕ сӕ фӕрстытимӕ.
Х/К Текст аив кæсын зонын, тæлмац кæнын зонын. Номдар фæндырдзæгъдæг фысгæйæ атасындзæг кæнын.