Конспект урока на тему: Барахъты Гино Залимхан
БАРАХЪТЫ ГИНО
«ЗÆЛИМХАН».
5 КЪЛАС
2015
03.12.15.
ТЕМÆ: Барахъты Гино «Зæлимхан».
НЫСАН: Скъоладзауты базонгæ кæнын не ’мзæххон Барахъты Гинойы царды хабæрттимæ. Радзырд «Зæлимхан» бакæсын, равзарын.
ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Æгомыг фосæн тæригъæд кæнын, узæлын, ауæрдын
ыл.
ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: Литературæйы чиныг, Барахъты Гино «Уæлладжыры кадæг», «Ирон æмбисæндтæ», презентаци.
ДЗЫРДУАТОН – ФРАЗЕОЛОГИОН КУЫСТ: Рæтæнагъд, гузитæ, рагъбос,
æрæфтауц кæнын, цинк.
УРОЧЫ ЦЫД:
« ÆГОМЫГ ФОС ТÆРИГЪÆД У»
/ Æмбисонд/
Орг.хай.
Ног æрмæг.
а) АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАЗНЫХАС ПРЕЗЕНТАЦИИМÆ.
«… Йæ тох, йæ куыст, йе сфæлдыстад æппæтæй дæр уыдысты адæм, сæрибар æмæ рухс царды сæраппонд»
/Джыккайты Шамил/
Барахъты Гино райгуырд 1890 азы 19 февралы Салыгæрдæны,
зæхкусæджы хæдзары. Фондз сывæллоны æнахъомтæй баззадысты сидзæрæй. Сæ бон цы уыд, уымæй æххуыс кодта цот сæ мадæн.
Гино ахуыр кодта Салыгæрдæны дины скъолайы, стæй ацыд Тихорецкмæ. Дарддæр ахуыр кодта Æрыдоны дины семинары. Каст æй фæци 1911 азы. Куыста ахуыргæнæгæй Хъæдгæроны. Уый фæстæ бацыд Мæскуыйы коммерцион институтмæ, фæлæ йæ каст нæ фæци, æфсадмæ йæм фæсидтысты 1915 азы. Уырдыгæй йæ арвыстой Калачы æфсæддон скъоламæ, ссис афицер. Уæдмæ райдыдта Турчы хæст. Гино дзы архайдта. Гино зыдта, хæст кæй у пайда хъæзгуытæн, фæллойгæнæг адæмæн та у æрмæст зиан.
Февралы революцийы фæстæ Гино сыздæхт Ирыстонмæ. Æвзæрст æрцыд Уæлладжыры районы комиссарæй.
Гино фыссын райдыдта, Турчы хæсты куы уыд, уыцы рæстæджы.
Гинойы алывæрсыг куыст райдыдта дыууынæм азты: уыд поэт æмæ публицист, артист æмæ театралон критик, композитор æмæ зарæггæнæг.
Æнаххосæй фесæфт фыдæвзарæн бонты (1937 азы). Уый фæстæ бирæ хъизæмæрттæ баййæфтой йæ бинонтæ дæр.
Дардддæр дзурдзыстæм йæ радзырд «Зæлимхан»-ыл. Уый у бæхы ном. Бакæсæм ма уал йе ’мбисонд «Лæг æмæ бæх». Стæй абарст скæндзыстæм радзырды архайæг Бимболимæ.
æ)Чиныгимæ куыст. Дзырдуатон – фразеологион куыст.
Рæтæнагъд – уæрдоны хай.
Гузитæ, рагъбос – бæх ифтындзæн дзаумæттæ.
Æрæфтауц кæнын – æфтауц, æфтауцуат – хæхбæсты сугдон кæнæ хосдон.
Цинк – æрвхуыз урсхæццæ æфсæйнаг.
АУЛÆФТ. «Светофор»
б)Радзырды мидисы æвзæрст касты фæстæ.
ФÆРСТЫТÆ: Цавæр хæдзарон фос зонут?
Цавæр куыстытæ кодтой раздæр бæхыл?
Цавæр уыд Зæлимхан? Ссарут тексты йæ æрфысты бынæттæ.
Цавæр адæймаг уыд Бимбол? Ссарут тексты уыцы бынат.
Цæмæн бакодта ахæм ми йæ бæхæн?
Чи тæригъæд кодта зæрдæйæ Зæлимханæн?
в)Æмбисæндтæ бæхы тыххæй.(тетрæдты ныффыссын)
Бæхæй уæздандæр фосæй нæй.
Бæхæн йе знаг – йæ къæхтæ.
Бæх лæгæн знаг у: хуыснæджы бын тынгдæр цæуы.
Хорз бæхы ехс нæ хъæуы.
Бæх лæджы бынатмæ фæхæццæ кæндзæн.
Бæх нард куы уа, уæд хæдзар цола вæййы.
Хорз бæх лæджы аргъ у.
Хорз бæх бирæ нæ цæры.
ФАРСТ: Хæдзары уæм цавæр хæдзарон фос ис?
Сымах та сæм куыд зилут?
Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы радзырд?
Хатдзæгтæ скæнын.Хæдзармæ куыст. Радзырды мидис дзурын зонын. Ныв скæнын.
Бæрæггæнæнтæ.