Урок «Дамгъ? ?, мыр ?».
Черчесова Виктория Касполатовна
учитель осетинского языка и литературы,
МБОУ СОШ №3
г. Владикавказ
РСО - Алания
Научно- методическая разработка урока
для 1 класса
Урочы темæ: «Дамгъӕ Æ, мыр ӕ».
Урочы нысантæ:
1.Сывæллæтты базонгæ кæнын дамгъӕ Æ, мыр ӕ.
2. Бакусын ныхасы рæзтыл.
Сабитæм гуырын кæнын мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад .Урочы фæлгонц: «Абеты» нывтæ, дамгъӕ Æ–имӕ предметон нывтæ, магнитафон.
Урочы цыд:
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Мотивацион рӕстӕг.
ХЪУСЫНЦ ЗАРÆГМÆ ИРОН ÆВЗАГЫЛ.
Хӕс:
Ахуыргӕнӕгимӕ иумӕ сывæллæттæ дзурынц цыппаррӕнхъон:
Цӕй уал , хӕрзбон уӕдӕ ,
Хъазӕн цъӕх фӕз.
Абетӕ кӕсынмӕ
Тагъд кӕнын ӕз!
***** Ахуыргæнæг: Сывӕллӕттӕ ӕз ӕвдисдзынӕн ныв. Сымах та нывы цы предмет фенат уымӕн дзурдзыстут йӕ ном.
Бӕх Хӕрӕг Хъуг ФысАбон нӕм уазӕгуаты ӕрбацыд дамгъӕ «Æ»? Уый фӕнды немӕ балымӕн уӕвын.
******Бакӕсын ӕмдзӕвгӕ Æ-йы тыххӕй:
«А» - йӕн, «Æ» йӕ хо, йӕ фаззон,
Саби тагъддӕр дамгъӕ базон.
******Дзурӕм иумӕ: Æ – Æ - Æ,БÆ ВÆ ГÆ ДÆ ЗÆ ЛÆ МÆ НÆ
РиНи нӕ
Мӕ
Уасӕг кӕркдон хӕрӕг уӕлӕ дӕлӕ мӕнӕ
Æнцонтӕй йӕ раулӕфӕм, Æ- Æ-ÆУый у хъӕлӕсон.
******ТАГЪДДЗУРИНАГ
Æхсӕрӕг ӕхсӕрыл ӕхсыны ӕхсӕртӕ.
******Аулӕфт скӕнын:
Мах цæуæм,
Цæуæм,
Цæуæм.
Зокъотæ æмбырд кæнæм:
Иу зокъо,
Дыууæ зокъо…
Зокъотæ та хин сты,
Кæрдæджы нымбæхстысты.
2.Реуа.
Дзедз ӕмӕ дзедз.
Куыд цӕрут?
******Ахуыргӕнӕг сывæллæттæн кӕсы цыбыр текст:
Агуындӕйы лымӕнтӕАгуындӕйӕн ис дыууӕ лымӕны. Куыдз ӕмӕ гӕды. Мила ӕмӕ Гида. Чызг рӕвдауы Милайы. Рахӕссы йын стӕг ӕмӕ дзидза. Бафсады Гидайы ӕхсырӕй. Мила ӕмӕ Гида цӕуынц Агуындӕйы фӕдыл.
Радгай кӕсынц сывӕллӕттӕ текст. Дзуапп дӕттынц ахуыргӕнӕджы фарстатӕн.
1. Кӕмӕ уыдис куыдз ӕмӕ гӕды?
2. Куыд хуындысты куыдз ӕмӕ гӕдыйы нӕмттӕ?
3. Кӕй рӕвдауы чызг?
4. Цы ратты Милайӕн?
5. Гидайӕн та?
6. Кӕдӕм фӕцӕуынц Мила ӕмӕ Гида?
7. Цӕмӕн сты Мила ӕмӕ Гида стыр дамгъӕйӕ фыст?
8. Цал хъуыдыйады ис тексты?
Ныффыссын къухфыстыты.
Хатдзӕгтӕ
Хӕдзармӕ куыст.