Музыкалон – литературон урок 7б къласы. «Ф?ндыр куыд ф?зынд»
Музыкалон – литературон урок 7б къласы.
«Фæндыр куыд фæзынд»
Кабинеты фæлгонц.
Ирон фæндыр, фæндыр дыл зары.
Фæйнæгыл галиуырдыгæй фыст:
« Адæмы зæрдæ базонын дæ куы фæнда, уæд ын йæ музыкæ сахуыр кæн ».
Фæйнæгыл рахизæрдыгæй фыст:
« Музыкæ равзæрд адæмы цин æмæ мастæй, уарзт æмæ фыдæхæй».
Фæйнæгыл астæуæй:
« Ирон фæндыр!
Сфæлдыста дæ Иры зæхх йæ удæй.
Йæ хъыгтæ æмæ йæ цинтæй уыд дæ гуырд.
Йæ адæмы хæзна æмæ ныфс ».
Стенд – равдыст.
Тугъанты Махарбеджы нывтæ Нарты кадджытæм.
Сывæллæттæн сæхи конд нывтæ: хъисын фæндыр, Сырдоны конд фæндыр, ирон тæнджын фæндыр æмæ æнд.
«Иуыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион» Нартæ
Ахуыргæнæг«Иуыл цагъды куы фæуæм, уæддæр айы фæндырæн мА уæд фесæфæн. Уый чи цгъда, æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион» - Сырдонæй фæндыр исгæйæ загъдтой Нарт.
Музыкæ, сабыргай хъуысы фæндырыл цагъд.
1-аг скъоладзау ( Ибрагим)
Ирон фæндыр нын баззади фыдæлтæй.
У махæн та нæ хæзнаты хуыздæр.
Ирон фæндыр! Кæсуыд зæрдæйы фæндтæй
Уый равзæрди, уый райгуырди кæддæр!
2-аг скъоладзау (Кларæ)
Æнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон.
Æнæ фæндыр мæгуырдæр кæны зæхх.
Фæндырдзæгьдæг! Дæ зардмæ дын ныхъуыстон.
О исты мын йæ цины зæлтæй зæгъ!
Ах-г Фæсарæнты, нæ бæстæйы алы адæмы хæттытæ сæ цæст æрæвæрынц ирон кафтыл. Кафæн та æнæ фæндыры цагъдæй нæй.
Зæгъут – мА мын, уæ царды цæмæн хъæуы фæндыр? Исты ахъаз у адæймаджы царды? Уæ царды?
3-аг скъоладзау 1. Цæмæй нæ цин равдисæм.
2. Цæмæй уæнгронгдæр уæм.
3. Цæмæй зæрдæ срухс уа.
4. Цæмæй æнкъард хъуыдытæ равдисай.
Ах-г. Ирон фæндыр æвдисы цин æмæ хъыг. Фыдæлтæй нын баззади. Фехъуыстам Нарт ын цы аргъ скодтой, уый. Уæдæ чи уыдысты Нарт? Цавæр хорз миниуджытæ сæм уыд?
4-æм АмыранНарт уыдысты нæ зондджын рагфыдæлтæ. Ныфсджын, хъæбатыр, сыгъдæгзæрдæ, кæрдзындæдтон, æргомныхас, уазгуарзон адæмæй æвдыст цæуынц Нарты кадджыты. Ацы кадджытæ ирон адæмы царды ахстой æмæ ахсынц абон дæр стыр бынат.
5-æм Тимур
Сидынц нæм хъæбатырдзинадмæ, æхсар æмæ лæгдзинадмм райгуырæн зæххы сæраппонд. Кад æмæ сæм намыс уыдысты бæрзонд æвæрд.
Æгадæй дæргъвæтин царды бæсты æвзæрстой кадимæ, намысимæ мæлæт. «Фыдвæды бæсты – æвæд», - загътой Хуыцауæн.
6-æм Руслан
Уырызмæджы фæстаг фæдзахст
Хæрхбон ут, - фæсивæд, - загъдта сын Уырыгмæг«Цæрут – иу кадимæ, цæрут – иу æхсаримæ.
Фыдæлты кæрдтæ – иу згæйæн ма раттут.
Фыдæлты намыс – иу 'гадмæ ма 'руадзут.
Хæддзу тыхгæнæг уын тых макуы бакæнæд.
Кадджын мæлæт – иу æгады цардæй баивут!»
Ахуыргæнæг
Уæдæ куыд фæзынд фæндыр? Хъисын фæндыр? ( Нарты кадджытæй иу скъоладзау дзуры сæргонд « Фæндыр куыд фæзынди» цыбырæй) Стыр фыдбылызæй, æвирхъау цауæй равзарди фæндыр. Сырдон бамбæрста, фыддзинад цы ад кæны, уый æмæ æрфæсмон кодта йæ митыл. Нарт ын цæмæй йæ бирæ хинтæ, йæ бирæ кæлæнтæ æмæ фыдбылызтæ ныххатыр кæной, уый тыххæй сæм бацыд м бацыд Ныхасмæ æмæ зæгъы:
«Ай уын мæ лæвар, Нарт, æмæ мæ уемæ цæрын бауадзут».
Рæдыдыл басæттын дæр лæгдзинад у. Уымæн зонд æмæ хъару хъæуы. Сырдонмæ уыдон разындысты. Рæстдзинад фæуæлахиз фыддзинадыл. Фæндыр та баззад циндзинады æнусон æвдисæндарæй. Уымæ гæсгæ: « Цин æмæ зиан ( хъыг) æфсымæртæ сты» - ныр бамбæрстат æмбисонды мидис.
7-æм скъоладзауДы фæрсыс цæмæн мæм цæуы кусын?
Æз цæмæй, цæмæй фæдæн уæнгрог?
- Донбылæй фæндыры зæлтæ хъусын.
- Æмæ уымæй дæн æвзонг.
8-æм скъоладзауДы фæрсыс цæмæ мæм цæуы зарын?
Афтæ цин цæуыл кæнын æмбонты?
Арвæй мыл фæндыры зæлтæ уарыд.
Уадзы сæ скъуыдтæ зæхх йæ дæтты.
9-æм скъоладзауДы фæрсыс цæмæн райы мæ зæрдæ?
Уарзондзинад цæмæн ссыгъд мæ риуы?
- Фæндырæн æрцахстон æз йæ зæлтæ,
- Стыхтон сæ зæрин тынтау мæхиуыл.
АхуыргæнæгАрæх хъусæм абон мах Нартон симд, нæртон кафт, нæртонзард, нæртон дзырд. Нарты адæм стырæй – чысылæй, зæрондæй – ногæй, сылгоймагæй – нæлгоймагæй уарзтой кафын, симын, зарын, аив дзурын, рæсугъддзинад, æрдзы аивдзинад – цыбыр дзырдæй тынг æнгом уыдысты аивадæм.
Абон ирон адæм стыр аргъ кæнынц зарæг æмм кафтæн, бæрзонд æвæрд нæм у фæндыр æмæ фæндырдзæгъдæг, бæллæм аивдзырдмæ.
10-æм скъоладзау АлинæФæрныг у ИрыстонЙæ фыртты ныфсæй.
Рæдау у Иры зæхх курдиæттыл.
Йæ алы къуыпп – цæргæсбадæн,
Йæ алы дзыхъхъ – суадонгуырæн.
11-æм скъоладзау КаринæАм фыдæй – фыртмæЗарæг уыд кад æмæНамысы хъуыддаг.
Аив ныхас уыдКуырыхоны исбонБæллиццаг хъæздыгдзинад.
12-æм скъоладзау Фаризæт
Абон ирон хæдзары ноггуырд куы фæзыны, уæд ын фæкувынц цæмæй нæртон лæг суа, нæртон лæгау кадджын æмæ намысджын уа, нæртон лæгау ныфсджын æмæ æхсарджын уа!
Фæлæ йын никуы фæкувынц хъæздыг лæг суа, исбон æмæ мулкыл фæхæст уа, зæгъгæ. Ирон адæм мæгуырæй уæзданмæ бæллыдысты. Хъæлдзæгдзинад та сын сæ фыдæлтæй баззад æмæ уыцы хъæлдзæгдзинады руаджы уæнгног æмæ зæрдæрайгæйæ сæ цард æрвыстой, фæндыр та сын уыди сæ царды хорз æмбæлццон.
13-æм скъоладзау Азæмæт« Ирон фæндыр!»
Ирон фæндыр! Цы взагæй дын,
Цы дзырдтæй дын сныв кæнон
Дæ зарæг ном, мæ хуры тын?
Дæуæй мæ цин æнæкæрон!
14-æм скъоладзау Альберт
Фæкафынц дæм нæ хъæубæстæ.
Дæ цагъд нæм уад æрбаскъæфы.
Мæстдисын лæгæн дæ хъæлæстæм
Йæ судзаг маст æрбайсæфы.
Лæппулæгæн йæ къабæзты
Домбайы тых ды бауадзыс,
Фæтæхынæн ын базыртæЙæ зæрдæйы ды бауадзыс.
15-æм Тамерлан
Ирон фæндыр! Мæ хуры тын!
Нæ базырджын, нæ царды цин!
Зæлланггæнгæ ныхæстæй дынДæ кадджын ном куы равдисин!
АхуыргæнæгИрон фæндыры зæлтæ адæймаджы зæрдæмæ бахъарынц хæрз чысыл сывæллонæй, йæ мады 'хсыримæ, йæ авдæны зарæгимæ. Ирон фæндыры зæлтæ разæнгард кæнынц адæмы сгуыхтмæ, уæлахизмæ. Рох кæнын кæнынц тухитæ, зындзинæдтæ. Карз, мæлæтдзаг низты къухтæй стонынц рынчынты. Дыууæ æрыгон адæймаджы фæндыры руаджы бамбарынц сæ сусæг æнкъарæнтæ, стыр уарзондзинадХетæгкаты Инæлар куыд фервæзт.
Плиты Иссæйы фæндырæй куыд дзæбæх кодтат?
Алардыйæ – иу чи фæрынчын, уымæн цагъдтой фæндыр цæмæй тагъддæр адзæбæх уа.
АхуыргæнæгНæу бауырнинаг уый, æмæ ирон адæм сæ фæндыр æндæр искæмæй райстой. Уымæн фидар æвдисæн сты нæ адæмы сфæлдыстад, нæ диссаджы кадджытæ хъисын фæндыримæ, нæ æмбисонды зарджытæ фæндыры цагъдимæ. Æвæццæгæн Къоста дæр йæ зæрдæйы сагъæстæ æмæ зарджытæ «Ирон фæндыр» уымæн рахуыдта.
16-æм скъоладзау Кристинæ«Ирон фæндыр»
«Ирон фæндыр»- зæрдæйы уадындз.
Зæрдæйы тæгтæй у дæ конд.
«Ирон фæндыр»- адæмдыл зарынцДæ хурæмдын адæмтæн зонд.
«Ирон фæндыр»- фæндыр дыл зарыНæ дунейыл айхъуыст дæ кой,
Ныффыста дæ сахъ Къоста Нары,
Уый тохы нæ зыдта æнцой.
(Сценæйы къуымы Терезæ цæгъды фæндырыл симд)
1-аг скъоладзауИрон адæм сæ хъæбатыртыл хъарæг нæ кодтой æмæ нæ кæнынц абон дæр, фæлæ сыл арæзтой зарджытæ. Мæнæ куыд зæгъы Нигер мæлæг æфсæддоны дзыхæй уыцы зынгхуысты фæдзæхст.
(Скъуыддзаг кадæгæй).
2-аг скъоладзау КларæБирæ зарджытæ арæзт æрцыд нæ зынгхуыст лæппутыл æмæ чызджытыл. Уыдоныл мах хибарæй æрдзурдзыстæм, фæлæ – ма байхъусæм Хъайтыгты Георы æмдзæвгæмæ.
3-аг скъоладзауДæ зарæг цæуыл у мæ фæндыр, цæуыл?
Мæ зарæг? Æз адæмты æмрæнхъ цæуын.
Нæ адæмы сæрыл кæмæн уыд йæ тох,
Æз уыцы солдаты нæ фæкодтон рох…
Нæ хъæубæстæн чи хаста зæрдæйы рухсГъе уыцы хъæбатырты мысын æдзух.
4-æм АмыранИрон фæндыры ахъаз, ирон фæндыры нысан, йæ бирæ диссæгтæ арф æмæ зæрдæбын ныхæстæй загъта Хуссар Ирыстоны ирон театры артисткæ Галуанты Людмилæ йе 'мдзæвгæ «Ирон фæндыр»-ы.
5-æм скъоладзау Тимур
Ирон фæндыр ( Галуанты Людмилæ)
Ысфæлдыста дæ Иры зæхх йæ удæн,
Йæ хъыгтæ æмæ йæ цинтæй уыдтæ гуырд,
Цæрæнбонты нын зарыс ды рæсугъдæй.
Нæ адæмы хæзна дæ æмæ цыт.
Ирон фæндыр – мæ зæрдæйæн йæ зæрдæ.
Мæ минмырон мæ удæнцой, мæ цинДæ хъæлæсмæ – тæхынæввонг мæ уæнгтæ.
Ды – Иры къуымты – аивады 'фсин.
6-æм скъоладзау Руслан
Дæ цагъдмæ ркалы урс цъити йæ цæссыгДæ зæлтæм уарди райхалы йæ сыф.
Ныннæрсы хуымты æфсирæн йæ нæмыг.
Сæрбахъуыды дæ алкæмæн йæ ныфс.
Зæрдæйы тас – ирон фæндырæн арфæ.
Кæнæм дын мах цæрæнбонты æмдзагъдДæ риуыдзаг, дæ мин-мин зæлты арфæйИрыстонæн йæ номы цагъд æрцæгъд.
Кæронбæттæны Терезæ цæгъды «Рагæй кæй мысыдтæн»-ы зарæг.