Ирон аив дзырды з?рингуырд
Ирон аив дзырды зæрингуырд
Коцойты Арсены цардвæндаг
æмæ йе сфæлдыстад.
Коцойты Арсены сфæлдыстад у ирон литературæйæн йæ райдайæн стыр къабузтæй, йæ кад æмæ йæ сæрыстырдзинад. Арсен ирон культурæйы историмæ бацыд аив дзырд æмæ реалистон радзырды зæрингуырдæй. Уый лæмбынæг æркаст адæмы цардмæ, мæгуыр адæймаджы хъуæгтæ æмæ тырнындзинæдтæм, йæ удыконд æмæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæм, æркаст ын йе ̕хсæнадон уавæртæм – æмæ сæ нывæфтыд кодта йæ уацмысты.
Арсен тынг хорз зыдта ирон адæмы цард, национ характеры миниуджытæ, йæ рæстæджы æхсæнадон ныхлæуджытæ. Ахсджиаг проблемæтыл бæрзонд идейон-аивадон уацмыстæ нывæндгæйæ, уый æвдыста хъæууон адæмы социалон дихдзинад, сæ ахастытæ, цардыуаг. Ныв кодта, адæймаджы идеалтæ, йæ хуыздæр фæндиæгтæ кæм сæфтысты, уыцы уавæртæ, æргом кодта аххосджынты æмæ сын сатирæйы мадзæлттæй хаста карз тæрхон.
Уый мидæг ис Арсены сфæлдыстады æнæцудгæ тых. Уымæн æрцахстой йæ литературон бынтæ ирон культурæйы историйы зынгæ бынат.
Коцойты Габоци (йæ аргъуыди ном Арсен) райгуырди Джызæлы. Йæ фыд Бицо (Арсен æй фыста Бибо кæнæ Барис) йæ бинонты дардта зæххы куыстæй. Даринæгтæ та чысыл нæ уыдысты – æртæ фырты: Малсæг, Гадæццо, Арсен, стæй дыууæ чызджы: Фатка æмæ Налевкæ.
Сæ мад Ханбечер уыди Бæцæзаты чызг, Зæронд Бæтæхъойы хъæуæй. Арсен куыд фыста, уымæ гæсгæ амарди 1891 азы.
Арсены биографийы нырма ис къахыр бынæттæ æмæ сбæлвырдгæнинаг хъуыддæгтæ. Дызæрдыггаг у суанг йæ райгуырды аз дæр. Чингуыты йæ фыссынц 1872 азы гуырд, фæлæ йæ цардыл дзурæг документтæ æмæ хабæрттæй цалдæр сты уый ныхмæ.
Зын æмæ удхайраг уыд Арсены цард. Рынчын хаста, афтæмæй ахуыр кодта хъæууон скъолайы. Ницы федта сабийы цинтæй. Скъоладзаутæ æййæфтой над æмæ æфхæрд. Фылдæр ахуыр кодтой дины чингуытæ, уыдон та хорзæй ницы лæвæрдтой зонд æмæ зæрдæйæн, афтæмæй ахуырад сабитæн уыдис æхсызгондзинад нæ, фæлæ удхар. Уæддæр Арсен уарзта чингуытæ кæсын, уыдис зæрдæргъæвд, тырныдта дунейы диссæгтæ зонынмæ.
Арсен Джызæлы скъолайы фæстæ фынддæсаздзыдæй экзаментæ радта Æрыдоны дины училищæмæ æмæ ахуыр райдыдта фыццæгæм къласы. Училищæйы уыди æртæ къласы, алкæцыйы дæр дзы ахуыр хъуыди дыууæ азы. Ахуырыл æнувыд уыди Арсен.
Училищæмæ сæм къухфыстæй æфтыдысты Хетæгкаты Къостайы тохмæсидæг æмдзæвгæтæ. Лæппутæ уыдон сæ кæрæдзийæ фыстой, сусæгæй сæ кастысты æмæ зарыдысты. Хатгай сæм æфтыди газет «Северный Кавказ». Ахуыргæнинæгтæ дзы кастысты Къостайы публицистон уацтæ. «Ректор куы базыдтаид, мæнæ, зæгъгæ, ахуыргæнинæгтæй исчи «Северный Кавказ» кæсы, кæнæ Къостайы æмдзæвгæтæ декламаци кæны кæнæ зары, кæнæ та йын йæ искæцы æмдзæвгæтæ фыстæй искæмæ куы ссардтаид,- зæгъы Арсен,- уæд, æвæццæгæн, ахæм ахуыргæнинаг æрмæст асырдыл нæ баззадаид, фæлæ йын стырдæр æфхæрд æрхъуыды кодтаид». Ахуыргæнинæгтæн сæхицæн газет рафыссыны бар нæ уыди, «рафыссыны бар нæ, фæлæ – иу джигулы рæстæг газеты гæбаз дæр кæмæ ссардтаиккой, ууыл – иу стыр æфхæрд уыди».
Æвæццæгæн Къостайы фæзмгæйæ райдыдта Арсен уыцы азты æмдзæвгæтæ фыссын. Чи зоны, адæмы мæгуыр цард æмæ се̕хсæнадон уавæртыл, уый публицистикæмæ гæсгæ райдыдта фæстæдæр газеттæм фыссын.
Уыцы азты Арсен бирæ касти уырыссаг æмæ дунеон литературæ, хорз базыдта уырыссаг æвзаг. Уый йын стыр æххуыс фæци йе сфæлдыстадон куысты. Йæ ахуыры уæлдай рæвдздæр уыди ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæм, фысгæ куыстытæм. Журналты йын уыцы предметтæй ис æмæст «хорз» æмæ «тынг хорз» бæрæггæнæнтæ.
1895 азы уалдзæджы Арсен бахызтаид семинары (уыцы аз училищæ скодтой семинар) æртыккæгæм къласмæ, фæлæ уæззау рынчын фæци æмæ мартъийы йæ ахуыр бынтондæр ныууагъта. Царди Джызæлы, йæ райгуырæн хæдзары.
Коцойты мыггаджы хистæртæ куыд дзурынц, афтæмæй Арсен уыди гæрзарм. Иухатт сарæзта хъисфæндыр. Къæвда рæстæг – иу æм йе ̕мгар лæппутæ æрæмбырд сты. Арсен – иу йæ хъисфæндырæй цагъта, иумæ зарыдысты, сæ зæхбын хæдзары кафыдысты.
Хъæды лыггæгтæй арæзта чындзытæ. Къæхтæ, къухтæ сын-иу телтæй бафидар кодта. Дæрддзæф-иу йæхи æрæмбæхста æмæ ивазгæ босты руаджы чындзыты кафын кодта. Сыхбæстæ сæм стырæй, чысылæй кæсынæй не ̕фсæстысты.
Хъæуы къæнцылармæ хæрз хæстæг цардысты Коцойтæ. Арсен уыдта, хицауад æмæ бонджынтæ мæгуыр цæрджыты кæй æфхæрынц, сæ дæлбар сæ кæй кæнынц уый, æмæ хæцыд йæ хъæуы æнæбон адæмы сæрыл. Иуахæмы цæрæгдæртæй иу бавнæлдта хæдзар аразынмæ. Фундамент йæхи зæххы арæны сæрты айста æмæ йе ̕мкъул цæрæг мæгуыр лæджы цæхæрадонæй иу уадздзæг æрхаста. Сыхаг йæ зæхх нæ лæвæрдта æмæ схъауга кодта, фæлæ цы йæ бон уыди – хъæуыхицау йæ арм хъæздыгыл дардта. Цалдæр боны фæстæ уыцы хъуыддаджы фæдыл горæтæй Джызæлы къæнцылармæ æрцыди дыууæ лæджы. Хъæуыхицауимæ ацыдысты хæдзары бынат фенынмæ, фехалын кодтой фундамент. Куыд рабæрæг, афтæмæй чидæр горæтмæ хъаст ныффыста. Хъæуыхицау агурын райдыдта: чи хъуамæ бауæндыдаид ныффыссын! Арсен уый азарæй нæ фæтарсти, загъта: «Æз уыдтæн». Хицауадæн уыдæттæ æхсызгон кæм уыдаиккой. Джызæлы куы царди, уыцы заман Арсен иузæрдионæй райдыдта литературон куыст. Зæхкусæг адæмы ̕хсæн уæвын, уыдоны тыхст цард, се ̕намонд хъысмæт, сæ мæстытæ, се ̕фхæрд уавæр йе сфæлдыстадон куыстæн уыдысты хъæздыг æрмæг. Сæрдыгон – иу цæхæрадоны, бæлæсты бын аууон ран, йæхи конд бандон æмæ стъол сæвæрдта, саударæй-иу æрбадти, уымæй изæрмилтæм йæ сæр не схъилгæнгæйæ фыста æмæ фыста. Сыхбæстæй йæ чи уыдта, уыдонмæ æндæр кой нæ уыди: «Цымæ уый бæрц цытæ фыссы ацы лæппу, йе ̕мгæрттау æгæр-мæгуыр уынгмæ дæр куы нæ рауайдзæн».
Рынчынæй Джызæлы цæргæйæ фидæны зындгонд фыссæг бавзæрста мæстытæ, зæрдæнизтæ – низæфхæрд, хъуæгтæ, адæмы зул цæстæнгас, сæ гæдыдзинад, адæймагмæ пайдайы цæстæй кæсын. Фæстæдæр уыцы хъизæмары цæрдтытæ равдыста йæ автобиографион уацмысты («Æнæном радзырд», «Цыппар æмæ ссæдз боны»).
Арсен чысыл йæ сæрæн куы фæци, уæд кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны хъæуты райдайæн скъолаты ахуыргæнæгæй. 1897 азы куыста Хъæдгæроны. Уыцы аз сентябры 25 бон хъæуыхицау Æрыдоны семинары ректормæ барвыста рапорт, Арсенæн æфсæддон службæйы цæуын афон кæй æрхæццæ, уый фæдыл. Рапортæй дыууæ мæйы фæстæдæр кусын райдыдта Дæргъæвсы скъолайы. Зын уавæрты ахуыр кодтой сывæллæттæ уæды рæстæджы, уæлдайдæр та хæхбæсты. «…занятия начинались во вверенной мне Даргавской цековноприходской школе только с 17 ноября, так как до этого времени я должен был хлопотать о наеме вместо прежнего неудобного классного помещения более удобного»,- хъусын кодта Арсен семинары ректорæн. Зæрдыл æрбалæууынц Къостайы ныхæстæ: «… там школьные занятия похожи скорее на хлев, чем на просветительское учреждение».
Уæлдай зын та уыди ахуыргæнæджы куыст. «Скъæты хуызæн» къласы Арсен Дæргъæвсы ахуыр кодта цалæр æмæ æртиссæдз сывæллоны. Йæ заманы ахуыргæнæджы материалон уавæрыл сагъæсгæнгæйæ Къоста афтæ фыста: «Труд, которому эти сеятели «разумного, доброго, вечного» посвящают все свои лучшие годы, оплачивается каким-то нищенским подаянием в 120 руб в год»
Арсен Дæргъæвсы куы куыста, уæд йæ царды æрцыди дыууæ зынгæ цауы, мыггагмæ йын зынаргъ чи уыди, ахæмтæ. Æмæ сылÆртынæм азты ныффыста мысинæгтæ. 1898 азы Куырттаты – Дæллагхъæуы цалдæр æмбалимæ уазæгуæты уæвгæйæ йæ фысымтæм базонгæ Брытъиаты Елбыздыхъоимæ. Уæд Елбыздыхъо уыди хæрз æрыгон лæппу, ахуыр кодта реалон скъолайы. Арсен йемæ аныхæстæ кодта «куыд ахуыргæнæг ахуыргæнинагимæ», лæппу йæ зæрдæмæ тынг фæцыди йе ̕фсармæй, йæ дзуæппытæй. «Уый æнхъæл та чи уыди, æмæ мæнæ ам лæууы фидæны ирон драмæйы фыд. Нæ фæстæмæ цæуыны сахат дæр Елбыздыхъо уыди нæ разы, фæкасти бæхтæ ифтонг кæнынмæ, кæмæндæр æгъдæнцойыл дæр фæхæцыди». Афтæ базонгæ сты фидæны дыууæ стыр фыссæджы.
Дыккаг цау уыди ахæм: 1898 азы июлы Дзæуджыхъæуы цыди ахуыргæнджыты съезд. Уыцы бонты Къоста йе ̕рвад – Бетъырбухаг дохтыр Хетæгкаты Андухъапаримæ ссыди Ирыстонмæ. Ирон интеллигенцийы минæвæрттæ горæты сæрмæ, Сапицкæй будкæйы поэты кадæн сарæзтой банкет. Адæмы сæрыл тохгæнæджы фенынæн, йемæ аныхас кæнынæн уый хорз фадат уыди. Арсен дыккаг хатт уым фембæлди Къостаимæ.
1902 азы Арсен ацыд Петырбухмæ. «Авзарон, загътон, мæ тыхтæ, цард фыцгæ кæм кæны, уым», - фыссы Арсен йæ автобографийы. Стыр сахары бирæ бæллицтæ басыгъд, бирæ хъысмæттæ дзы фехæлд. Афтæ уыд Арсены уавæр дæр: «Кæм службæ, кæм фысгæ, афтæмæй дзы ацардтæн иу къорд азтæ. Куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ нæ ацыдысты мæ фæндтæ, æмæ та фæстæмæ Калчы балæууыдтæн. Куы куыстджын, куы æгуыст, куы стонг, куы æфсæст, афтæмæй дзы ацардтæн цасдæр рæстæг».
Арсен уыд рæстдзинадыл тохгæнæг. 1909 азы фыста: « Цыппар мæйы размæ «Тифлисский листок»-ы кусын куы байдыдтон, уæд æй æз прогрессивон газет æнхъæлдтон. Фæлæ уайтагъд фыдæнхъæл фæдæн. Мæ уацхъуыдтæй судзаг чи нæ у, уыдон æхсызгонæй мыхуыр кæнынц… Фæлæ чысыл нæ рæстæджы риссаг фарстытæм кæм февналын, уыцы уацтæ æвзæрыл банымайынц. Æркæсын газеты иннæ кусджыты фыстытæм – æнæпайда æмæ æнæсæрфат дзæнгæда…» («Фыстæг редакцимæ»).
1910 –æм азы Калачы цæуын райдыдта ирон журнал «Æфсир». Редакторæй йын равзæрстой Арсены. Уый равдыста стыр хъару. Уыди журналæн аивадон фæлгонцгæнæг. Уагъта дзы йæ карикатурæтæ, уацтæ, радзырдтæ. Ирон адæммæ фидар æвæрд уыди ирæд исыны æгъдау. Ирæды зианхæссæг фæстиуджытыл Арсен æрныхас кодта газеты, уый фæдыл цыбыр фельетонтæ æмæ карикатурæтæ мыхуыр кодта «Æфсир»-ы. Ам Арсены курдиат зыны æппæтвæрсыгæй. «Æфсир» бæлвырд ахъаз фæци ирон адæмы культурон рæзтæн.
Арсен йæ фæстаг азты хæлар æмæ уарзонæй царди композитор Ефим Александрович Колесниковимæ. Иумæ сæмбæлды рæстæг ын фыссæг арæх касти цардыуаджы, лирикон æмæ хъазæн зарджыты тексттæ. Æмдзæвгæтæн-иу зарыди сæ мелодитæ, комозитор та сæ фысгæ кодта. «Он обладал хорошим музыкальным слухом и голосом. Песни его отличаются мелодичностью, чистым, ясным рисунком, выразительностью»,- дзуры Колесников æмæ, йæ архивтæй йæ разы цы тетрад æрæвæрдта, уый фæлдахгæйæ мынæг хъæлæсæй зары, цыппорæм азты Арсенæй цы мелодитæ ныффыста, уыдон иу иннæйы фæдыл, цалдæр та дзы пианинæйыл ацагъта. Арсены мелодитæй Е. А. Колесниковы фыстæй мыхуыры разынди æхсæз: «Куытайы зарæг», «Чабæханы зарæг», «Бæройты Бицойы зарæг», «Хуыцауы зарæг», «Гурджены зарæг», «Уациллайы зарæг».
Композитор куыд зæгъы, уымæ гæсгæ Арсен хъавыди музыкалон пьесæ ныффыссынмæ, йæ сюжет ын дзургæ дæр ракодта, Колесников та хъуамæ музыкæ ныффыстаид пьесæмæ. Фæлæ сын Фыдыбæстæйы стыр хæст сæ фæндтæ фехæлдта.
Дзæуджыхъæуы, Калачы æмæ Петырбухы газеты, журнал «Æфсир»-ы Арсены псевдонимтæ уыдысты ахæмтæ: Габойты Габо, Ботас, Хабос, Иунæг, Гауарда, А. Гизельдонов, А. Гизельдонский, А. Гизелький, Арсен Дарьяльский.
Арсен йæ цæргæбонтæ арвыста иунæгæй, бинонтæ не скодта. Амарди 1944 азы февралы 4 бон. Ныгæд æрцыди Хæтæгкаты Къостайы номыл ирон литæрæтурæйы музейы кæрты. Фæци йæ цардвæндаг, фæлæ мыггагмæ баззадысты йæ ном, йе сфæлдыстад.
«Арсен у ирон аивадон прозæйы разагъды минæвар… Ирон прозæйы раппæлинагдæр дæснытæй иу». (Гæдиаты Цомахъ)
«Æвзонг ирон литерæтурæйы мæсыгыл Коцойы фырты радзырдтæ зынаргъ дур æрæвæрдтой». (Тыбылты Алыксандр)
«Арсены сфæлдыстад у ирон литерæтурæйæн йæ райдайæн стыр къабузтæй, йæ кад æмæ йæ сæрыстырдзинад… Арсен ирон культурæйы историмæ бацыд аивдзырд æмæ реалистон радзырды зæрингуырдæй» (Джыккайты Шамил)
«Арсен! Ацы ном Ирыстоны цы ком, цы хъæу нæ зонынц, ахæм нæй. Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, уый у стыр курдиаты хицау. Йе сфæлдыстады æрмæг иста реалон цардæй, йæ адæмы бæллицтæ æмæ сагъæстæй. Йæ уацмыстæ амад сты, æцæгæй дæр чи уыдис, йæхæдæг кæй фæдта кæнæ кæй фæхъуыста, ахæм цаутыл». (Дзугаты Георги)
«Ирд æмæ аив æвзагæй радзырдта Коцойты Арсен, цы дуджы цард, уый тыххæй. Тыхджын ахорæнтæй сарæзта царды нывтæ. Цы юморон ахаст æм уыд, уый æмхасæнæй равдыста йæ заманы адæмты сæ сахъаттæ æмæ сæ хорз миниуджытимæ». (Ардасенты Хадзыбатыр)
Пайдагонд литературæ:
Тлаттаты Аннæ «Коцойты Асен»
Джыккайты Шамил «Ирон литерæтурæйы истории»
Газеттæ: «Рæстдзинад», «Северная Осетия», «Жизнь Правобережья»
Ардасенты Х. Н. «Очерк развития осетинской литературы»
Мамсыраты Дабе «Коцойты Арсены уацмыстæ».